СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

"Фарсдзырд" Конспект урока

Категория: Прочее

Нажмите, чтобы узнать подробности

Урок-повторение изученного материала по теме "Фарсдзырд" в 7 классе.

Просмотр содержимого документа
«"Фарсдзырд" Конспект урока»

Темӕ: Фӕрсдзырд .(Фӕлхат кӕныны урок).

Урочы нысан: Фӕрсдзырдӕй цы ӕрмӕг рацыдысты, уый сфӕлхат кӕнын ӕмӕ ныффидар кӕнын.

Фӕрсдзырдты растфыссынадыл бакусын.

Скъоладзаутӕм рӕзын кӕнын уарзондзинад ныййарӕг мадмӕ, йӕ зӕронды бонмӕйын аргъ кӕнын, тырнын мадӕн йӕ фыдӕбӕттӕ бафидынмӕ.

Урочы ӕрмӕг: текст «Мад», компьютер (презентаци), интерактивон фӕйнӕг,), ирон мелодитӕ,зонындзинӕдтӕ сбӕрӕг кӕнынӕн таблицӕтӕ.

Урочы цыд.

.Бацӕттӕгӕнӕн рӕстӕг: Уӕ бон хорз, сывӕллӕттӕ.(1 слайд).

Абон нӕ урокмӕ ӕрбацыд уазджытӕ, ӕмӕ сын, уӕ хорзӕхӕй , ӕгас цу зӕгъӕм.(2 слайд).

Ахуыргӕнӕджы ныхас:

Мад…Мады тыххӕй зын дзурӕн у, йемӕ ӕнус куы фӕцӕрай, уӕддӕр. Уымӕн йӕ зӕрдӕйы арфы ӕмбӕхст хъуыдытӕ, сагъӕстӕ, цин ӕмӕ рыст ӕппӕтӕй зӕгъын никӕй бон бауыдзӕн. Уымӕн уӕвӕн дӕр нӕй.

Мад! Цымӕ цавӕр рӕсугъд, зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕй ссарӕн ис дӕ ном!

Ныййарӕг мадӕн ис ӕппӕтӕй фӕлмӕндӕр ӕмӕ рӕвдауагдӕр къухтӕ, ӕппӕтӕй ӕнкъарагдӕр зӕрдӕ. Никӕцы хӕзнатимӕ ис абарӕн мадӕн.Никуы йын ничи бафыста йӕ фыдӕбӕттӕ.Ӕмӕ уыл цалфӕнды азы цӕуӕд- кӕддӕриддӕр уӕ хъӕуы мад, йӕ рӕвдыд, йӕ цӕстӕнгас.(Слайд 2)

Куыд зын вӕййы ныййарӕгӕй фӕхицӕн!

Мӕ уадултыл цӕйбӕрц цӕссыг фӕуад.

Ӕнусы бонтӕм дзурдзынӕн мӕхицӕн,

О ма амӕлӕд калмӕн дӕр йӕ мад!

(Дзасохты Музафер).

Ныййарӕг мад ӕрмӕст адӕймагӕн нӕй. Уый ис ӕппӕт удгоймаг цӕрӕгойтӕн ӕмӕ мӕргътӕн дӕр. Ӕмӕ Хуыцау алы удӕн дӕр балӕвар кодта ныййарӕг мадмӕ уарзондзинад. Уыцы ӕнкъарӕнӕй схайджын кодта раст ӕнӕмбаргӕ сырдты дӕр.(Слайд 3)

Ахуыргӕнӕг: Сывӕллӕттӕ, зӕгъут – ма, уӕдӕ кӕй номимӕ баст уыдзӕн нӕ урочы ныхасы сӕр.

(Дарддӕр дӕр дзурдзыстӕм мады тыххӕй).

Уӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдысты мады тыххӕй рӕнхъытӕ? Мӕнмӕ гӕсгӕ, сымах дӕр тынг бирӕ уарзут уӕ мадӕлты, аккаг аргъ кӕнынмӕ сын бӕллут ӕмӕ ацы радзырды рӕнхъытӕ уӕ зӕрдыл дардзыстут.

Хӕдзармӕ куыст уын уыдис:

1 .Ссарын ӕмӕ сахуыр кӕнын мады тыххӕй ӕмдзӕвгӕтӕ.(Хостыхъоты З «Мад»,)

2. Мады тыххӕй ныффыссын ӕмбисӕндтӕ.

- Кӕдӕ ма уын сӕ ӕз дӕр баххӕст кӕндзынӕн .(Слайд 4)

Мады хъæбыс адджын у.

Мады рæвдыдæй адджындæр ницы и.

Мады арм мæрдтырдыгæй дæр ауды.

Мады зæрдæ сабийæн — хур, фыды зæрдæ — мæй.

Мады зæрдæ — риссаг, фыды зæрдæ — мæтгæнаг.



3. Зӕгъын, Ирыстоны нывгӕнджытӕй чи равдыста йӕ куыстыты мады сурӕт.(Хетӕгкаты Къ)(Слайд 5)

4. Кӕй ӕмдзӕвгӕтӕ систы зарджытӕ мады тыххӕй?(Чеджемты Ӕ «Ныййарӕгӕй амонд» Илурты Риммӕ, Плиты Г «Мады ном» Суанты Ким.)

Ахуыргӕнӕг: Табуафси.(Сывӕллӕттӕ бакастысты ӕмдзӕвгӕтӕ, ӕмбисӕндтӕ, ранымадтой поэты, фысджыты, нывгӕнджыты нӕмттӕ, кӕцытӕ сӕ уацмысты равдыстой мады фӕлгонц.)

Мӕн уырны, сымах кӕй тырндзыстут уӕ мадӕлты фӕллӕйттӕ бафидынмӕ ӕмӕ кӕй разындзыстут аккаг хъӕбултӕ уӕ ныййарджытӕн.

Аргъ сын кӕнут, уарзут сӕ, ныллӕг сын уӕ сӕрӕй кувут! «Ныййарӕгӕй амонд, цӕй диссаг дӕ цӕ!».



Фыссӕм абоны нымӕц ӕмӕ темӕ: Фӕсдзырд.(Фӕлхат кӕныны урок)

Фӕрстытӕ рацыд ӕрмӕгӕй:

1.Цы хонӕм фӕрсдзырд?

2.Хъуыдыйады мидӕг цавӕр уӕнг у?

3.Сӕ нысаниуӕгмӕ гӕсгӕ цал къордыл дих кӕнынц? Цы ӕвдисынц?

4.Цавӕр ныхасы хӕйттӕй арӕзт сты?

Интерактивон фӕйнӕгыл ис текст мады тыххӕй. Сымах хъуамӕ текст бакӕсат ӕмӕ дзы ссарат фӕрсдзырдтӕ.

Рыфыссут сӕ уӕ тетрӕдтӕм ӕмӕ зӕгъут, сӕ нысаниуӕгмӕ гӕсгӕ цавӕр фӕрсдзырдтӕ сты. (Слайд 6)

Текст.

Мад… Зӕххыл тӕккӕ уӕздандӕр ӕмӕ кадджындӕр ном. Ӕрдзӕн алафон дӕр ӕхцон у мады сыгъдӕг ном хъусын.

Зӕгъ изӕрӕй мады ном, ӕмӕ арвыл стъалытӕ тыбар – тыбур сисынц. Мӕй та сыл уарзонӕй йӕ цӕст фӕхӕссы.

Зӕгъ боныгон, ӕмӕ зӕххон дидинджытӕ сӕ уӕздан сӕртӕ буц ӕмӕ сӕрыстырӕй сивазынц хурмӕ. Уый та сӕ ӕхцонӕй сбуц кӕны йӕ фӕлмӕн хъарм тынтӕй.

Мад зӕгъ, ӕмӕ рог уддзӕф рӕвдаугӕ атӕхы бӕлӕстыл. Сыфтӕртӕ райдайынц ӕнахуыр сыбар- сыбур. Хӕххон сыгъдӕг дӕттӕ сӕ цыд фӕсындӕгдӕр кӕнынц. Мады царддӕттӕг ном фехъусгӕйӕ.

О, фырбуцӕн ын ӕрдз уымӕн лӕггад кӕны. Цӕрӕд бирӕ мады царддӕттӕг уарзон ном! (Зӕххыл,алафон, изӕрӕй, арвыл, уарзонӕй, боныгон, буц ӕмӕ сӕрыстырӕй, фырбуцӕй, бирӕ).

Ахуыргӕнӕг: 1).Зӕгъут- ма, фӕрсдзырдтӕ зӕххыл ӕмӕ алафон – цавӕр ныхасы хӕйттӕй арӕзт цӕуынц?(Зӕххыл – номдар, алафон – номивӕг+номдар).

2) .4-ӕм ӕмӕ 5-ӕм хъуыдыйӕдтӕ равзарут синтаксисон ӕгъдауӕй.

Зӕгъ изӕрӕй мады ном ӕмӕ арвыл стъалытӕ тыбар- тыбур сисынц

Мӕй та сыл уарзонӕй йӕ цӕст фӕхӕссы.

3).Равзарут- ма фӕрсдзырдтӕ уарзонӕй ӕмӕ ӕхцонӕй.

Уарзонӕй – у фӕрсдзырд,арх.х.ф, бындурон бӕрц.Арӕзт у миногон ӕмӕ ирт. х. кӕронӕй.

Ӕхцонӕй – у фӕрсдзырд, арх.х.ф, бындурон бӕрцы.Арӕзт у миногон ӕмӕ ирт.х. кӕронӕй.

4).Фӕрсдзырдтӕ уарзонӕй ӕмӕ сӕрыстырӕй дзырды хӕйттӕм гӕсгӕ равзарут.







5).Уӕнгон- мырон анализ скӕнын номдар МАДӔН.

м (м )– ӕмхъ, зыл, сонор.

а (а) – хъӕл, тыхдж,цавдон.

д (д) – ӕмхъ,зыл, ӕмкъ (т).

ӕ (ӕ) – хъӕл,фӕлмӕн.

н (н) – ӕмхъӕл,зыл, сонор.

5 д, 5 м.

6). Лӕвӕрд фӕрсдзырдтӕн ссарут сӕ антонимтӕ.

Арвыл - зӕххыл

Боныгон – ӕхсӕвыгон

Сӕрыстырӕй – сӕркъулӕй

Бирӕ – цъус, гыццыл

Къордты куыст карточкӕтимӕ.

1 къорд.(Бахахх кӕнын фӕрсдзырдтӕ хъуыдыйӕдты)

Макуы ракӕс тарӕрфыгӕй мадмӕ.

Мады хӕстӕ никуы ничи бафыста.

Кӕддӕриддӕр дӕ мадӕн аргъ кӕнын зон.

Ӕрӕджиау бамбӕрстон мӕ мады сагъӕстӕ.

Фале мӕм мӕ мад ӕнхъӕлмӕ кӕсы.

2 къорд. (Ссарын фӕрсдзырдтӕм антонимтӕ).

Искуы – никуы.

Райсомӕй – изӕрӕй.

Боныгон – ӕхсӕвыгон.

Рагацау – ӕрӕджиау.

Абон – ахсӕв.

Ахуыргӕнӕг: -Хайыгтӕ ма, ни, ис, дӕр,дӕриддӕр , амонӕн номивӕг а, фӕсӕвӕрдтӕ ардӕм, ардыгӕй куыд фыссын хъӕуы фӕрсдзырдтимӕ? (Ӕмхӕстӕй).

- Фӕрсдзырдтӕ фале, дӕле, уӕле, фӕсте куыд фыссын хъӕуы?- имӕ).

- Фӕрсдзырдтӕ ӕрӕджиау, дӕлиау, уӕлиау, фӕстиау куыд фыссын хъӕуы?(Хайыг ау- ы разӕй фыссӕм хъӕлӕсон и).

Хатдзӕгтӕ:

Уӕдӕ цы базыдтам фӕрсдзырдӕй?

Цы хонӕм фӕрсдзырд?

Цал къордыл дих кӕнынц?

Цавӕр ныхасы хӕйттӕй арӕзт сты?

Цал бӕрцбарӕны йын ис?



Нӕ урочы темӕ кӕй номимӕ баст уыд? (Мады)

Уӕдӕ цавӕр хатдзӕг скӕнӕн ис? (Мады хъӕуы уарзын, аргъ кӕнын ын хъӕуы, коммӕ кӕсын ӕм хъӕуы, хъӕуы тырнын уымӕ, цӕмӕй йын йӕ къух фӕрогдӕр кӕнӕм, ӕмӕ йын уымӕй фидӕм йӕ фыдӕбӕдтӕ).

Мадӕн мӕлӕты бон нӕй!

Мадӕн йӕ рухс ном – нӕ мӕсыг!

Нӕ астӕу цӕрдзӕни фӕрнӕй!

Тыбылты Сослан.



Рефлекси:

1. Æз урочы куыстон …хорз/ ÆВЗÆР

2. МÆ КУЫСТÆЙ ÆЗ … РАЗЫ ДÆН/РАЗЫ НÆ ДÆН

3. УРОЧЫ НОГÆЙ … БАЗЫДТОН /НÆ БАЗЫДТОН

Хӕдзармӕ куыст.

Ныффыссын чысыл нывӕцӕн «Мӕ мады сурӕт».

Хӕрзбон.












Скачать

© 2016, 1018 9

Рекомендуем курсы ПК и ППК для учителей

Вебинар для учителей

Свидетельство об участии БЕСПЛАТНО!