СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Нартон дзырдтан са фалмандар у Мад!

Нажмите, чтобы узнать подробности

Сценарий к празднику 8 Марта. В сценарии использую стихи, пословицы, мудрые высказывания, легенды о любви и

уважении к матери, бабушке, женщине, девочке, сцелью привития огромного уважения и любви к ним.

Просмотр содержимого документа
«Нартон дзырдтан са фалмандар у Мад!»

Сценари 8 мартъийы мадæлты бæрæгбонмæ

«Нæртон дзырдтæн сæ фæлмæндæр у мад!»

Нысан: Гуырын кæнын сывæллæттæм æнæкæрон уарзондзинад ныййарæг мадмæ.

Ӕрмæг: нывтæ бинонты цардæй, мады портрет…

Техникон фæрæзтæ: ирон фæндыр, зарæг «О, уарзон ныййарæг!»



Амонæг: Уæ бон хорз æмæ уыл хъæлдзæг бонтæ цæуæд, нæ зынаргъ ныййарджытæ, хъомылгæнджытæ, сывæллæттæ!

Абон нæ бæрæгбон, абон нæ цины бон.

Абон ныййарæгæн арфæ кæнæм !

Мад! Хæрз цыбыр дзырд, фæлæ дзы æппæт дуне дæр бацæудзæн, Зæххыл мадæй зынаргъдæр ничи ис! Мадæй хуыздæр ничи бамбардзæн сабийы.

Мад! Уыимæ баст сты нæ царды рæсугъддæр бонтæ, зæрдæты æхсызгондæр мысинæгтæ. Кæд зæххыл æцæг амонд фенæн æмæ банкъарæн ис, уæд æрмæстдæр мады рухс цæсгом уынгæйæ. Мады фаг хорздзинæдтæ ацы зæххыл нæй,фæлæ уый буц даргæйæ, уымæн ирон рæсугъд æгъдау дæтгæйæ, бамбарæн ис, цы у амонд. Тæхудиаг у уыцы кæстæр, йæ хистæры буц дарын чи зоны.

Ӕмдæвгæ « Мад дын куы ратдзæн йæ уд æмæ цæст»

Ехх, уæдæ, удæн куыд вæййы æнцон,

Хур ныл куы скæсы дзæбæхæй,

Ӕмæ кыд хорз у, дæ уарзон бæлццон

Кæрты куы ̛рхиза йæ бæхæй.

Цæстыты сыгæн цæй уромæн ис?!

Зæрдæ куы рухс кæна иугæр,

Мады фæндиагæй ма фенут низ.

Мадæй уæ ма схъыг уæд иу дæр!

Судзгæ цæссыгтæй , мæ хуртæ, ут хызт,

Макуы мын фенут зæрдæниз.

Иугæр ыстыр цинад риуы ныххызт,

Уый та æнустæм цæрдзæнис.

Иунæг цæсты сыг дæр мастæн у фаг

Мады зæрдæйæн æгæр у.

Мадæн йæ хъæбул – йæ зæрдæйы таг,

Риуы æхсидгæ цæхæр у.

Мад ма сымахæй кæмæн у æгас,

Уымæ куыд кæнæм тæхуды.

Мад у сæуммæрайсом хуры ыскаст

Ӕмæ дæм мидбылты худы.

Мад дын куы ратдзæн йæ уд æмæ цæст,

Мадæн йæ хъæбул зынаргъ у.

Мады рæвдыдæй ут уе̕ ппæт æфсæст,

Мад нын æнусон цырагъ у!



Амонæг: Мад – царддæттæг.Хæрзконд, фæлмæнзæрдæ,уды рæсугъддзинад. Уыдон иууылдæр мады лæвæрттæ сты. Мад сæ куы нæ ратта, уæд уыцы хорздзинæдтæ тыгъд быдыры ссаргæ не сты.Мады уарзондзинадæй сæ удтæ хъæздыг кæмæн сты, уыдонæй рæсугъд у цард дæр.

Мад!Цæй диссаг дзырд у, æвæдза. Адæймаджы уæнгты бауадзы ныфс, хъару. Сывæллонæн йæ фыццаг ныхас вæййы - «Мама». Царды рухс ын фенын кæны мад. Цас æнæхуыссæг æхсæвтæ арвиты, цас уарзондзинад ратты йæ хъæбултæн, йæ суинаг стъалытæн. Фæлæ, хъыгагæн, ныййарæджы зындзинæдтæ , йæ фыдæбон цотæй никуы ничи бафыста.

Сценкæ «Ныййараджы тæрхон»

(Бæласы бын бады Азау æмæ кæсы роман «Уарзт æмæ денджыз» Йæ рæзты рацæуы Зæлинæ. Куы йæ федта, уæд æрлæууыд , салам ын радта.Чиныгмæ фæкомкоммæ, йæ цæстытæ цины ̛ рттывд фæкодтой.)



Залинæ: Ӕвæдза куыд хорз равдыста ныййарæджы сурæт, ныййарæджы уарз хъæбулмæ! Азау, цард, æвæццæгæн, фыццаг ныййарæджы зæрдæйы райгуырд. Ныййарæджы зæрдæйы уидæгтимæ баст у дунейы æппæт дæр; сывæллоны фыццаг цæхахст,хъæбулы фыццаг бахудт, авдæны фæлмæн зарæг...

Уæд йæ цин та! А- зæххыл ныййарæджы хуызæн ничи зоны цин кæнын. Уый цæстыты хуызæн дæм никæй цæстытæ бахуддзысты, ныййарæджы цæстæнгас дæ куыд барæвдауа, йæ мидбыл худт дæ куыд батава, афтæ никæй æмæ ничи.сныдæр Зæрдæйы хъæдгом байгас кæнынмæ дæр уымæй дæсныдæр ничи у.

«Дæ сæрыл хаст фæуон», « цард дын фестон», «дзыцца дын дæ рынтæ ахæра». Кæй арфæтæ сты уыдон? Чи нын фæисы йæхимæ нæ рис, нæ тухитæ? Чи ̛ рхæссы нæ сæрыл йæ сæр нывондæн?Мад! Ныййарæг мад! Зæххы цъарыл æмбал кæмæн нæй, уыцы фæлмæнзæрдæ мад!

( Сæ фæрсты æрбахызтысты цалдæр æрыгон адæймаджы, цыдæр æнахуыр дарæсы æмæ бацыдысты сыхæгты хæдзармæ. Уалынмæ райхъуыст цавæрдæр фæсарæйнаг музыкæ. Зæлинæ джихауæй аззад, стæй цымыдисæй Азаумæ бакаст.)

Зæлинæ : - Мæ хæдзар! Уый та цы у?

Азау : - Ма тæрс, дæ хуыз куы аныхъуырдтай. Уый мæнæ нæ сыхæгтæ сты. Гуыдзиаты Ахболы сахъгуырд Азæмæты музыкæ та у. Ацы Гуыдзитæ диссаджы хорз бинонтæ у ыдысты, æгъдауджын, кадджын, куысуарзаг.Адæм – иу сæм хæлæг кодтой.Сæ чызг æмæ хистæр лæппу – адæмæн уарзон, фæзминаг, фæлæ сæ кæстæр лæппу Азæмæт куы рахъомыл, уæдæй нырмæ сæ хуыцау ралгъыста, арвæй сæм иу хъугдзармы бæрц нал зыны. Сæ маст сæ сæрты кæлы, сæ цард зындон фестад.

( Зæлинæ æмæ Азау ацыдысты, Азæмæты музыкæ дардыл нæры.Йе̕ мбæлттимæ йæ рæстæг æрвиты, сæ разы хæринаджы дзæбæх, æвзаргæ нозт, пъæртт кæнынц хъылма.Кафынц. Иу афон уыцы «æрхонгæ уазджытæ» дæр ацыдысты. Азæмæт афтид æвгтæ æддæмæ рахаста, стæй сынтæджы йæхи æруагъта.)

Ахбол: (Азæмæты фыд кæрты бандоныл бады)

- О, Фæрнион!( уый йæм æрбаввахс) Мæнæ цы диссаджы уавæры стæм! Цы ракодтам Хуыцауæн? Цæмæн нын радта ахæм фырты? Куы нæ худинаг кæны, адæммæ акæсын куынæуал уæндæм, уæд афтæмæй куыд цæрдзыстæм?

(Фæрнион фæхъуыста йæ лæгмæ, стæй йæ сæр аххосджынау дæлæмæ æруагъта. Иу афон Азæмæт кæртмæ рахызт, фыд дæр уым бадти.)

Ахбол: - О, мæ фырт, æввахс ма мæм рацу. Уый цавæр цадыуаг у? Хорз æмæ æвзæр æппын нал хицæн кæныс? Худинаджы къубал бынтон аскъуыдтай, æви? Ацы дæлимонтимæ дæхи бынтон цæмæн сбастай? Кæм сæ ссардтай? Цæмæн цæуынц ардæм,мæ хæдзар хынджылæггаг у? Цы ми ма дын бакæнон, цы дын нæ фаг кæны, зад хуымы дын хизын нæ фидауы? Уæдæ ахæстоны дæр фæбадтæ, уæд дын бамбарын афон нæма у? Ныууадз дæ нуæзт, адæмы хъæр бамбар!

Азæмæт: -Чи дæ фæрсы! Цæуыл дзурыс?! Дæ къус кæм нæй, уым дæ уидыг ма тъысс,науæд… (йæ къух фæхъил кодта, æрцыд йæ фыдыл)

Фæрнион: - мæкъона куыд байхæлд!

Азæмæт: - Ӕна,æнцад куы нæ лæууай, уæд дзы дæуыл дæр æрхаудзæн!

( Азæмæт йæ къухтæ кæрæдзийыл æрцагъта æмæ уатмæ бахызт)

Фæрнион: - Мæнæ цы диссæгтæ уынын, мæнæ мæ сæр зæронды̛ рдæм цытæ баййæфта! Мæнæ калмы мæ зæрдæйы бын куыд фæхастон! Мæнæ цы фыдбылыз схъомыл кодтон! Мæ хæдзар фехæлд! Мæ фыртыл фæтых сты арахъхъ æмæ цавæрдæр хъылма, уыдон махæй тыхджындæр разындысты. Мæнæ стыр диссæгтæ! Куыд ис гæнæн æмæ фырт йæ къух сиса йæ фыдмæ. (Фæхъус ис, стæй арф ныуулæфгæйæ )

- Нæ, нæ, а- зæххыл дæуæн цæргæйæ нал у. Ничи мын æй ныххатыр кæндзæн, никæцы Хуыцау мын æй ныббардзæн лæгмары мæ фæстæ ныууадзон , уый. (Мад æдзынæгæй алæууыд, стæй зырзыргæнгæ хъæлæсы уагай загъта): - Мæ хъæбул,…æз дæ ныййардтон, хуры рухс дын æз фенын кодтон æмæ дын æй исгæ дæр хъуамæ æз бакæнон. А – зæххыл дæуæн бынат нæл ис, мæ къухæй хъуамæ мæрдтæм бацæуай…

(Фæрнион уатмæ бахызт. Фæзынд Зæлинæ)

Зæлинæ: - Ахæм карз тæрхон рахаста мад йæ фыртæн. Уый ныййарæджы тæрхон у æмæ раст тæрхон у. Йæ фыдмæ йæ къух чи систа, йæ фыды мæрдтæм чи барвыста, уыцыхъæбул æмæ уый хуызæттæ а- зæххыл ма цæрой. Ӕппæт ныййарджытæ, æппæт адæм дæр уыцы фарстамæ хъуамæ иухуызон цæстæй кæсой. Арф хъуамæ ныхъхъуыды кæной, кæй æмæ цæй аххосæй слæууыдысты нæ фæсивæд уыцы фæндагыл, ууыл, æмæ сæ ныхмæ расидой тох.

Амонæг:Раст у ирон æмбисонд: « Йæ ныййарæджы чин æ уарзы, уый никæй бауарздзæн». Мад у æппæт хæрзты райдайæн, дунейы царддæттæг. Уымæн йæ зынтæавдæнæй райдайынц. Уыцы уавæр, æвæццæгæн, Ирыстоны Хетæгкаты Къостайæ хуыздæр ничи бамбæрста. Уымæн снывæста йæ зæрдæйы тæгтæй мады æвидигæ фæлгонц.

Ӕмдзæвгæ «Тæхуды»

Амонæг: Бирæ поэттæ скодтой зарджытæ мадыл.Уыдонæй сæ иу уыди, хæсты быдыры хæрз æрыгонæй чи баззади, уыцы ирон лæппу Кочысаты Мухарбег.

Ӕмдзæвгæ « Фыстæг мæ мадмæ»

…Салам дæуæн, мæ райгуырæн хæхбæстæ!

Ӕнæниз у, мæ ныййарæг, мæ мад !

Ӕрвитын дын хæсты быдырæй абон,

Ӕрвитын дард Украинæй салам.

Дæ буц хъæбул, дæ иунæг фырт, дæ уарзон

Нæ рох кæны дæу иу минут дæр ам.



Мæ цæстытыл уайы райгуырæн хъæубæстæ,

Нæ хъæдынкъул, нæ æлыгбын хæдзар,

Дæ дæлбазыр кæм рæзыдтæн æдæрсгæ,

Кæм æрвыстон мæ рæзгæ бонты цард.



Мæ цæстытыл уайыс алы бон, ныййарæг,

Цыма та бадыс рудзынджы раз ныр.

Кæсыс æнхъæлмæ: «Искæцæй, мыййаг,кæд,-

Фæзæгъыс ды- æрбазынид мæ фырт…»

Ӕз зонын хорз дæ хъуыдытæ , дæ фæндтæ,

Кæй у дæуæн æнæ ман, нана, зын.

Ӕмбарын æз,кæй мыл риссы дæ зæрдæ,

Кæй дæм фæзыны хаттæй-хатт цæссыг…

Нана, дæ зæрдæ ма дзурæд мæнимæ,

Дзæгъæлы ма кæн, ма, нана, æнкъард,-

Куыд нæ дæн хæсты быдыры иунæг,

Нæ дæ ды дæр гъе афтæ иу, мæ мад,



Фæуыдзæн хæст! Нæ рæстдзинады кардæй

Ызнаг æрцæудзæн тагъд рæстæджы саст.

Ӕмæ дæм уæд, ныййарæг мад, æз дардæй

Фæзындзынæн сæрæгасæй æваст.

Ӕмдзæвгæ «Ныййарæг мад»

Ехх, куы зонис , ныййарæг мад!

Байдыдтон æнкъард кæнын дæ фæстæ.

Цыма ныр кæд фæуаин нымад

Мады фæллой, мады бирæ хæрзтæ.



Мады зæрдæ хъæбултæм тæнæг,

Мад фæдзуры: «Бахæрон дæ низтæ!»

Мадæлтæн куыд адджын у зæнæг

Уымæн ныл зæрдæйæ кæ,нынц рисгæ.

Буц хъæбулы афæрсы йæ мад:

«Цæй куыд дæ, мæ рахиз цæст, мæ зæрдæ?»

Сты мæнмæ кæддæриддæр нымад

Мады лæггад, удхайраг изæртæ.

Мад, дæ зæрдæ ̛ хсайаг у, фæлмæн,

Буц хъæбултæм мидбылхудгæ касттæ.

Ныр , зæгъ – ма, кыд кæнгæ у мæнæн?

Мады комдзаг,мады̛ хсырæй хаст дæн.

Мад, дæ хæрзтæ æз куыд кæнон рох!

Ма мын райс æнафоны зæрдæниз.

Ӕз дæу тыххæй афæлдахин хох,

Мин азы мæ фæндиаг фæцæрис.

Зонын æз дæ зæрдæ мыл куыд рыст.

Не̕ вгъау кодтай сабитæн дæ уд дæр,

Мады уарзт дæ зæрдæйы ныххызт,

Ехх, цы ис ныййарæгæй рæсугъддæр.

Цалынмæ ма удыгас у мад,

Гъеуæдмæ йын бафидæм йæ хæрзтæ.

Мад нæ цæсты макуы уæд æгад,

Кадимæ ныууадзæд нæ йæ фæстæ.

Амонæг: Мад – ныййарæг, фыд – схæссæг. Цæстыгагуыйау сæ хъахъхъæнын хъæуы. Фæлæ мæнæ куыд загъдæуы иу таурæгъы.

Таурæгъ «Мады зæрдæ»

Лæппу чызджы бауарзта æмæ сфæнд кодта йæ ракурын. Йæ мойаджы зæрдæйы конд сбæрæг кæныны тыххæй лæппуйæн чызг загъта, цæмæй йын лæварæн æрхæсса йæ мады зæрдæ. Уый йæ мады зæрдæ стыдта æмæ йæ æхсызгонæй хæссы йæ уарзон чызгæн. Тагъд кæны, фæкæлы æмæ та фесты. Уæд æм мады зæрдæ дзуры: «Дæхи нæ ныццавтай?» Лæппу мады зæрдæ бадаргъ кодта чызгмæ. « Йæ мады зæрдæ чи скъахта, уый мæнæн цардæй цы фенын кæндзæн,»- загъта йын чызг.



Ӕмдзæвгæ «Мады зæрдæ»

Зæххон дунейы мад дæр нæу æнусон.

Хъæбул, мæн иу бон нал уындзæн дæ цæст.

Куы нæ уал уа ныфсæвæрæг дæ ныфсæн,

Уæд бамбардзынæ мады фарн æрмæст.

Дæ зынты сæрмæ базыртыгъд цæргæсау

Куы нæ уал лæууа удуæлдайæ мад,

Дæ цæрайæн йæ цард куы ничи хæсса,

Ныййарæджы ад бамбардзынæ уæд.

Куы ̛ рцæуай искуы урссæрæй нæ къæсмæ,

Куы нæ ̕ рхæссон дæ урс сæры хилтыл м̛ арм

Куы нæ зæгъон, куыд æсурс дæ, æркæс-ма,

Уæд зондзынæ циу мады къухты хъарм.

Куы нæ дын уа цæджындз æмбал дæ хъыджы,

Мæ уæлмæрдмæ куы дзурай иу дæ маст,

Дæ цæссыгæй куы ныхъхъæрза мæ сыджыт,

Уæд бамбардзынæ мады зæрдæ ̕ рмæст.

Хостыхъоты Зинæ

Зарæг «Ныййарæг мад»


Амонæг: Мад! Уый диссаг у! Уый йæ хъæбулы улæфт дардмæ хъусы. Йæ хъæбул та зæры – зæрондмæ куы фæцæра,уæддæр æй сывæллон хоны, æмæ йын хур бон тæвдæй тæрсы,къæвда бон – суазалæй.

Мады зæрдæ, сызгъæрин фестай!


« Мæ мады цинтæ»

Мæ мады фæлмæн цинтæ

Рухс хуры хъарм тынау.

Мæ мады фæлмæн цинтæ

Аргъæутты дунейау.

Базард: Мæ мады цинтæ йæ фæлмæн къухтæй

Йæ хуры тынтæн уары æдзухдæр.

Мæ мад йæ цинтæ куыд æнæвгъауæй

Се̕ ппæтыл байуары.

Азарæм ма йын абон

Мах дæр нæхи цинтæ.

Байуарæм ма йын абон

Уалдзыгон дидинтæ.





Скачать

Рекомендуем курсы ПК и ППК для учителей

Вебинар для учителей

Свидетельство об участии БЕСПЛАТНО!