СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Подготовка билетов для 11 класса

Категория: Литература

Нажмите, чтобы узнать подробности

Билетты  фӕрстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕ ирон лит-йӕ   11-къласӕн

Билет №1.     1.Ирон литературӕйы равзӕрд.

18-ӕнусы ӕмбисы райдыдта ирон адӕмы ног истори.Дыууӕ ӕнусы манголтимӕ тугуарӕн хӕстӕн кӕрон ӕрцыд.Ӕппӕт Кавказы адӕмты раз фӕзындис фарст: цы фӕуой, кӕдӕм цӕуой сӕ дарддӕры цардвӕндагыл? Сӕ разы уыд дыууӕ фӕндаджы: кӕнӕ пысылмон Турк  кӕнӕ Уӕрӕсе.  1865 азы ирон дзыллӕйӕ иу хай равзӕрстой Турк ӕмӕ фӕлыгъдысты уырдæм, иннӕтӕ баззадысты Уӕрӕсейы.  Сабыргай нӕ адӕмы ӕхсӕн национ хиӕмбарынад рӕзын райдыдта.  Ирыстоны чырыстон дин сног кӕнынӕн арӕзт ӕрцыд къамис (1743 азы).             Къамис 18 -ӕнусы дӕргъы архайдта, цӕмӕй ирон сабитӕн арӕзт  ӕрцӕуа дины скъола ӕмӕ дины чиныг. Уымӕ гӕсгӕ 1-аг скъола арӕзт ӕрцыд 1753 азы  -Мӕздӕджы. 18-ӕнусы кӕрон фыццаг ирон чиныгӕн дӕр бантыст йӕ рауадзын  1798 азы Мӕскуыйы  ахӕм номимӕ «Начальное учение человеком, хотящим учитися книг божественного писания». Ацы чиныджы размӕ ма уыд ирон ӕвзагыл Хуыцаумӕ кувӕн чингуытӕ, фӕлӕ сӕ къухы ницы баззад. Уымӕ гӕсгӕ ацы чиныг нымад ӕрцыд фыццаг ирон чиныгыл.   Литературӕйы фӕзынды ӕнӕмӕнг культурон уавӕрыл нымайӕм: сӕйрагдӕр —скъола ӕмӕ чиныг.

19-ӕнусы фыццаг ӕрдӕджы Ирыстоны (Цӕгаты дӕр ӕмӕ Хуссары дӕр) иугай скъолатӕ уыд, ирон сабитӕ кӕм ахуыр кодтой, ахӕмтӕ. Хъӕздыг адӕм сӕ сабитӕ ӕрвыстой Уӕрӕсейы скъолатӕм, уӕлдайдӕр та —ӕфсӕддон скъолатӕм. Афтӕмӕй рӕзыд ӕмӕ бӕрзонддӕр кодта иумӕййаг ахуырдзинад, кӕсын-фыссын чи зыдта, уыдоны нымӕц. Фӕзынд нӕм ахуыр лӕгтӕ, адӕмы хсӕн рухстауӕн куыст чи кодта, ахӕмтӕ (Колыты Аксо, Ӕгъуызаты Иуане).

2. Брытъиаты Елбыздыхъо. Трагеди «Амыран» - ы сюжет ӕмӕ идейон мидис.  

Брытъиаты Е. уыд ӕхсӕнадон кусӕг ӕмӕ курдиатджын фыссӕг. Райгуырд 1881 азы 23 мартъийы Куырттаты комы, Дӕллагхъӕуы. Йӕ ныййарджытӕ уыдысты зӕхкусджытӕ. Елбыздыхъо нымад у ирон литературӕйы куыд –ирон театр ӕмӕ драматургийы бындурӕвӕрӕг. Йӕ тыхтӕ сарӕзта ирон театр саразынмӕ. Йӕ драмӕты бындурыл фӕзынд ирон театр.   1905 азы революцийы тохы бацыд , ӕрцахстой йӕ ӕмӕ йӕ ахастой Назраны фидармӕ.Фӕлӕ уым дӕр нӕ ныуагъта йӕ фыссыны куыст. Фӕтӕгены рухсмӕ ныффысста йӕ диссаджы драмӕ «Дыууӕ хойы».     Елбыздыхъойӕн йӕ фӕстаг егъау драмӕ уыд «Амыран». Драмӕйыл хъуыды кӕнын раджы райдыдта , фӕлӕ йӕ фыста 12 азы. Райдыдта йӕ фыссын 1909 азы ӕмӕ йӕ фӕцис 1921 азы. Елбыздыхъо йæ драмæйы равдыста революцийы уылæнтæ.              1905 -07 азты кæй нæ фæуæлахиз революци ,уый тыххæй тынг хъыг кодта. Уымæ гæсгæ  Советон хицауад куы ӕрфидар , уӕд ӕй фӕцис фыст,уымæн æмæ Елбыздыхъо йӕ разы цы хӕстӕ ӕрӕвӕрдта, уыдонӕн дзуапп ссардта Октябры революци куы фӕуӕлахиз, уӕд . Уымæн 12 азы цы нӕ бантыст , уый йын бантыст цалдӕр мӕймӕ.

Драмӕйы сӕйраг архайӕг, фыййау Бесæ бахауд бӕрзонд хохы цъасмӕ. Уым банызта  суадонӕй, кӕцы арӕзт уыд Амыраны туг ӕмӕ цӕссыгӕй. Уæд бамбæрста Амыраны сагъæс, æмæ ракаст йæ  цæстытæй. Бамбæрста Амыран кæй у адæмы хæрзгæнæг. Бамбæрста адæмæн уæларвæй зынг чи æрхаста, уый лæгæты баст кæй у æмæ йын уари кæй хæры йæ игæр æмæ йын æххуыс кæй хъæуы. Æххуыс та йын уый бакæндзæн æмæ йын йæ суадонæй чи фæхъæстæ уа. Суадонæй фæхъæстæ Бесæ.Тох кæны йе суæгъд кæныныл. Уый тыххæй хъуыд рæхыс. Рæхыс саразынæн та—куырдадз. Куырдадз саразынæн та—рæстæг.( Ома ацы рæстæг - 1905-æй --1917-мæ рацыд 12азы  - революцийы рæстæг).

Бесæ райдыдта кусын , нæй йын æххуысгæнæг. Адæм ыл не  ууæндынц, схæрам æм сты йæ бинонтæ дæр. (Фыссæг та афтæмæй æмбарын кодта революцийы хабар адæмæн). Бесæ уæддæр сарæзта рæхыс æмæ йæ схаста лæгæтмæ. Адæм æй фæстæмæ фæкæсын кодтой æмæ уымæй уыд Бесæйы мæлæт. Арв æй арцавта æмæ фæмард, лæгæты дуæрттæ ахгæдта.(Ам дæр та фыссæг зæгъы ,ома иунæг адæймагæн йæ тых фаг нæу сæрибар ссарынæн).

3. Трагеди-- у ахӕм уацмыс цы ран сӕйраг архайӕг ӕрцӕуы мард.

 

 

 

Просмотр содержимого документа
«Подготовка билетов для 11 класса»

Билетты фӕрстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕ ирон лит-йӕ 11-къласӕн

Билет №1. 1.Ирон литературӕйы равзӕрд.

18-ӕнусы ӕмбисы райдыдта ирон адӕмы ног истори.Дыууӕ ӕнусы манголтимӕ тугуарӕн хӕстӕн кӕрон ӕрцыд.Ӕппӕт Кавказы адӕмты раз фӕзындис фарст: цы фӕуой, кӕдӕм цӕуой сӕ дарддӕры цардвӕндагыл? Сӕ разы уыд дыууӕ фӕндаджы: кӕнӕ пысылмон Турк кӕнӕ Уӕрӕсе. 1865 азы ирон дзыллӕйӕ иу хай равзӕрстой Турк ӕмӕ фӕлыгъдысты уырдæм, иннӕтӕ баззадысты Уӕрӕсейы. Сабыргай нӕ адӕмы ӕхсӕн национ хиӕмбарынад рӕзын райдыдта. Ирыстоны чырыстон дин сног кӕнынӕн арӕзт ӕрцыд къамис (1743 азы). Къамис 18 -ӕнусы дӕргъы архайдта, цӕмӕй ирон сабитӕн арӕзт ӕрцӕуа дины скъола ӕмӕ дины чиныг. Уымӕ гӕсгӕ 1-аг скъола арӕзт ӕрцыд 1753 азы -Мӕздӕджы. 18-ӕнусы кӕрон фыццаг ирон чиныгӕн дӕр бантыст йӕ рауадзын 1798 азы Мӕскуыйы ахӕм номимӕ «Начальное учение человеком, хотящим учитися книг божественного писания». Ацы чиныджы размӕ ма уыд ирон ӕвзагыл Хуыцаумӕ кувӕн чингуытӕ, фӕлӕ сӕ къухы ницы баззад. Уымӕ гӕсгӕ ацы чиныг нымад ӕрцыд фыццаг ирон чиныгыл. Литературӕйы фӕзынды ӕнӕмӕнг культурон уавӕрыл нымайӕм: сӕйрагдӕр —скъола ӕмӕ чиныг.

19-ӕнусы фыццаг ӕрдӕджы Ирыстоны (Цӕгаты дӕр ӕмӕ Хуссары дӕр) иугай скъолатӕ уыд, ирон сабитӕ кӕм ахуыр кодтой, ахӕмтӕ. Хъӕздыг адӕм сӕ сабитӕ ӕрвыстой Уӕрӕсейы скъолатӕм, уӕлдайдӕр та —ӕфсӕддон скъолатӕм. Афтӕмӕй рӕзыд ӕмӕ бӕрзонддӕр кодта иумӕййаг ахуырдзинад, кӕсын-фыссын чи зыдта, уыдоны нымӕц. Фӕзынд нӕм ахуыр лӕгтӕ, адӕмы хсӕн рухстауӕн куыст чи кодта, ахӕмтӕ (Колыты Аксо, Ӕгъуызаты Иуане).

2. Брытъиаты Елбыздыхъо. Трагеди «Амыран» - ы сюжет ӕмӕ идейон мидис.

Брытъиаты Е. уыд ӕхсӕнадон кусӕг ӕмӕ курдиатджын фыссӕг. Райгуырд 1881 азы 23 мартъийы Куырттаты комы, Дӕллагхъӕуы. Йӕ ныййарджытӕ уыдысты зӕхкусджытӕ. Елбыздыхъо нымад у ирон литературӕйы куыд –ирон театр ӕмӕ драматургийы бындурӕвӕрӕг. Йӕ тыхтӕ сарӕзта ирон театр саразынмӕ. Йӕ драмӕты бындурыл фӕзынд ирон театр. 1905 азы революцийы тохы бацыд , ӕрцахстой йӕ ӕмӕ йӕ ахастой Назраны фидармӕ.Фӕлӕ уым дӕр нӕ ныуагъта йӕ фыссыны куыст. Фӕтӕгены рухсмӕ ныффысста йӕ диссаджы драмӕ «Дыууӕ хойы». Елбыздыхъойӕн йӕ фӕстаг егъау драмӕ уыд «Амыран». Драмӕйыл хъуыды кӕнын раджы райдыдта , фӕлӕ йӕ фыста 12 азы. Райдыдта йӕ фыссын 1909 азы ӕмӕ йӕ фӕцис 1921 азы. Елбыздыхъо йæ драмæйы равдыста революцийы уылæнтæ. 1905 -07 азты кæй нæ фæуæлахиз революци ,уый тыххæй тынг хъыг кодта. Уымæ гæсгæ Советон хицауад куы ӕрфидар , уӕд ӕй фӕцис фыст,уымæн æмæ Елбыздыхъо йӕ разы цы хӕстӕ ӕрӕвӕрдта, уыдонӕн дзуапп ссардта Октябры революци куы фӕуӕлахиз, уӕд . Уымæн 12 азы цы нӕ бантыст , уый йын бантыст цалдӕр мӕймӕ.

Драмӕйы сӕйраг архайӕг, фыййау Бесæ бахауд бӕрзонд хохы цъасмӕ. Уым банызта суадонӕй, кӕцы арӕзт уыд Амыраны туг ӕмӕ цӕссыгӕй. Уæд бамбæрста Амыраны сагъæс, æмæ ракаст йæ цæстытæй. Бамбæрста Амыран кæй у адæмы хæрзгæнæг. Бамбæрста адæмæн уæларвæй зынг чи æрхаста, уый лæгæты баст кæй у æмæ йын уари кæй хæры йæ игæр æмæ йын æххуыс кæй хъæуы. Æххуыс та йын уый бакæндзæн æмæ йын йæ суадонæй чи фæхъæстæ уа. Суадонæй фæхъæстæ Бесæ.Тох кæны йе суæгъд кæныныл. Уый тыххæй хъуыд рæхыс. Рæхыс саразынæн та—куырдадз. Куырдадз саразынæн та—рæстæг.( Ома ацы рæстæг - 1905-æй --1917-мæ рацыд 12азы - революцийы рæстæг).

Бесæ райдыдта кусын , нæй йын æххуысгæнæг. Адæм ыл не ууæндынц, схæрам æм сты йæ бинонтæ дæр. (Фыссæг та афтæмæй æмбарын кодта революцийы хабар адæмæн). Бесæ уæддæр сарæзта рæхыс æмæ йæ схаста лæгæтмæ. Адæм æй фæстæмæ фæкæсын кодтой æмæ уымæй уыд Бесæйы мæлæт. Арв æй арцавта æмæ фæмард, лæгæты дуæрттæ ахгæдта.(Ам дæр та фыссæг зæгъы ,ома иунæг адæймагæн йæ тых фаг нæу сæрибар ссарынæн).

3. Трагеди-- у ахӕм уацмыс цы ран сӕйраг архайӕг ӕрцӕуы мард.

Билет №2.

1.Ирон адӕмы дзургӕ сфӕлдыстад куыд литературӕйы фӕзынды аивадон бындур. «Нарты кадджытӕ».Сӕйраг циклтӕ ӕмӕ хъайтартӕ. Кадджыты историон бындур.

Раджы заманы нӕ уыдис фыссынад ,нӕ уыдис чиныг.Уымӕ гӕсгӕ адӕм сӕ хъуыдытӕ,се нкъарӕнтӕ ,сӕ бӕллицтӕ ӕвдыстой дзыхы ныхасӕй, аргъӕутты , таурӕгъты, кадджыты, уыци- уыциты, ӕмбисӕндты фӕрцы. Ацы хуызтӕ сты адӕмон сфӕлдыстад, кӕнӕ та фольклор.

Уæдæ адӕмон сфӕлдыстадӕн ис цалдӕр хуызы: аргъӕуттӕ, кадджытӕ, зарджытӕ, ӕмбисӕндтӕ, таурӕгътӕ, уыци-уыцитӕ.

Ацы хуызтӕй зынгӕдӕрыл нымад сты кадджытӕ,уӕлдайдӕр та Нарты кадджытӕ. Нарты кадджытӕ дих кӕнынц 5 циклыл:

1.«Уӕрхӕг ӕмӕ йӕ фырттӕ».

2.«Уырызмӕг ӕмӕ Сатана».

3. «Хӕмыц ӕмӕ Батрадз».

4. «Сослан».

5. «Сырдон».

Нарты кадджыты сӕйраг хъайтартӕ сты :

УЫРЫЗМÆГ—Нарты зондамонӕг, сӕ кадджын хистӕр, фӕразон.

ХÆМЫЦ—Нарты хистӕртӕй, Уырызмӕджы кӕстӕр ӕфсымӕр.

СОСЛАН—хъӕбатыр, ныфсхаст, ӕндонӕй сӕрст, ӕрхъуыдыджын.

БАТЫРАДЗ—Нарты хъӕбатыртӕй иу, АИПП кӕмӕ нӕй , ахӕм болат гуырд ,

тох кодта уӕйгуыты, зӕдты, хуыцӕутты ныхмӕ.

СЫРДОН—Нартӕн фыдбылызтӕ аразӕг, цыргъӕвзаг, цыргъзонд адӕймаг.

САТАНА—Нарты ирвӕзынгӕнӕг стонг заманы, зондджын, кӕрдзын дӕттон.

Йӕ къӕбиц уыд уӕле исгӕ, бынӕй ахадгӕ, абон дӕр ма ӕмбисондӕн баззад

«Сатанайау бӕркадкъух», зӕгъгӕ.

Нарты кадджыты ӕвдыст ӕрцыд нӕ раг фыдӕлтӕн сӕ тых, сӕ зонд, сӕ хъару, сӕ цард ӕмӕ сӕ культурӕ.

Нартмӕ уыдис ӕртӕ мыггаджы:

1.БОРӔТӔ -уыдысты фӕрныг, мулкӕй хъӕздыг.

2.ӔХСӔРТӔГКАТӔ-хъӕбатыр мыггаг.

3. АЛӔГАТӔ- лӕгӕй хорз.

Нарт дих кодтой ӕртӕ хайыл:

  1. Уӕллаг Нарт.

  2. Астӕуккаг Нарт.

  3. Дӕллаг Нарт.





2.Гӕдиаты Цомахъ. «ОС-Бӕгъатыр». Трагедийы историон бындур, йӕ конфликт.

Гӕдиаты Цомахъ райгуырд 1882 азы,14 январы, Ганисы хъӕуы, Хъуды комы. Йӕ фыд Секъа цардагур ралыгъд ӕд бинонтӕ ӕмӕ ӕрцард Джызӕлы.Секъа йӕ сывӕллӕттӕй Цомахъӕй фылдӕр никӕй уарзта. Цомахъ нымад у нӕ лит-йы куыд поэт,прозаик,куыд революционер. Уымӕ гӕсгӕ йӕ ӕрцахстой 1908-азы. Дыууӕ азы фӕбадт ахӕстоны, стӕй хаст ӕрцыд Сыбырмӕ.Сыбырӕй сыздӕхт 1917 азы, йе нӕниздзинад фесӕфта , афтӕмӕй. Амард 1931 азы , 24 октябры.

Йӕ цардмӕ гӕсгӕ дих кӕны йе сфӕлдыстад дӕр —3 хайыл:

  1. ----1905 азмӕ.

  2. 1909—1917 азмӕ.

  3. 1917—1931 азмӕ.

Йе сфӕлдыстады зынгӕ бынат ахсы трагеди «Ос-Бӕгъатыр».

Мыхуыры рацыд 1929 азы.

Архайд цӕуы Иры хӕхты ӕмӕ Гуырдзыстоны. Ирыстоны, Цӕгаты адӕмы ӕлхъивынц манголтӕ, кӕсӕг, Хуссары та ӕвирхъау митӕ кӕнынц гуырдзиаг ӕлдӕрттӕ. Иннӕрдыгӕй сӕм лӕбурынц цӕцӕн, тӕрынц сын сӕ фос, кӕнынц сӕ цагъарӕн.

Хӕлдис ирон фарн. Уымӕн ӕмӕ Ирон адӕмӕн нал уыд паддзах, стӕй сӕм нӕ уыд ӕфсад, политикӕ.ӕмӕ ӕдасдзинады стратеги(закон).

Трагедийы сæйраг архайæгæ Габе- адӕмы раздзог, (ОС-Бӕгъатыр)ӕххуысмӕ растад мӕгуыр адӕмӕн. Сӕрибар кӕны ӕппӕт мӕгуыр адӕмы Ир ӕмӕ Гуырдзыйы хъӕуты ӕлдӕрттӕй.

Ис ын ӕххуысгӕнджытӕ Ирӕй дӕр ӕмӕ Гуырдзыйӕ дӕр. Ӕлдӕрттӕ кӕд ӕмӕ Гуырдзиаг ӕлдӕрттӕ уыдысты , уӕддӕр Габе фӕдзӕхсы йӕ адӕмы, цӕмӕй ӕнӕаххос гуырдзыйӕ мачи ӕрцӕуа ӕфхӕрд.

Пырх ӕрцыд ӕлдары фидар(крепость). Мард фӕцис ӕлдар. Суӕгъд кодтой ныккӕндӕй ахст адӕмы. Ӕлдары чызг куры, цӕмӕй йын баныгӕной йӕ фыды. Габе сӕххӕст кодта чызджы курдиат. Ӕлдар йӕхӕдӕг фыдлӕг уыд. Ирон сылгоймӕгтӕн йӕ къӕбылаты хӕссын кодта. Уахтанджы мад ӕмӕ фыды сифтыхта ӕмӕ сыл дур ласта. Уымӕ гӕсгӕ йӕ фырт мард ӕрцыд Уахтанджы къухӕй.

Кетеван бауарзта Габейы. Акодтой йӕ семӕ Габейы мадмӕ.Кетеван ӕмӕ Гыццийы тынг фӕндыд ӕмӕ Габе куы бафидыдтаид ӕлдӕрттимӕ.

Ӕлдӕрттӕ йӕм барвыстой , цӕмӕй бафидауой. Габе сыл баууӕндыдис ӕмӕ сӕ амӕттаг фӕцис. Уый Кетеван куы фехъуыста , уӕд уый дӕр йӕхи доны ныппӕрста.

3.Метафорӕ - у грекаг дзырд, амоны дзырдӕн йӕ фӕсномыг, ахӕсгӕ нысаниуӕг.















Билет №3.

1.Плиты Грис. Фыдыбæстæйы хæсты темæ Грисы сфæлдыстады.

Поэмæ «Авд цухъхъа»-йæ(скъуыддзаг наизусть).

Плиты Грис райгуырд Хуссар Ирыстоны , Ручы хъæуы 1913 азы. Йæ ныййарджытæ уыдысты зæхкусджытæ. 1920-азы йæ ныййарджытæ ралыгъдысты Хуссар Ирæй Цæгат Ирмæ æмæ æрцардысты Ногиры. Скъолайы фæстæ ахуыр кодта Цæгат Ир. Педтехникумы, Мæскуыйы аивадон скъолайы артистты хайады. 1935 азы байгом ирон театр æмæ уым куыста актёрæй. Фыссын райдыдта1929 азты. Йе сфæлдыстады зынгæ бынат ахсы йæ поэмæ«Авд цухъхъайы». Гæздæнты 7 æфсымæр сæ удтæ нывондæн æрхастой Райгуырæн бæсты сæрвæлтау.Сæ мад, Тасойы сагъæс æмæ хъыг æвдыст æрцыд ирдæй поэмæйы. Поэт радзырдта 7 хъæбулы сæфты хабæрттæ хъарæджы хуызы. Ирдæй æвдыст æрцыд куыд хæстонты хъæбатырдзинад , афтæ мады хъæбатырдзинаддæр. Уый у фæлмæнзæрдæ, рæвдауаг æмæ фидар адæмаг. (скъуыддзаг наизусть).



2.Джыккайты Шамил. «Хъодыгонд зæд». Патриотизм æмæ национ иудзинады идейæ трагедийы.

Шамил райгуырдис Хуссар Ирыстоны Дзомагъы хъӕуы 1940 азы , 25-февралы. Йӕ фыд Федыр , 1952 азы ралыгъд Цӕгат Ирыстонмӕ ӕмӕ ӕрцард Камбилевкӕйы. Ам каст фӕцис 1958 азы скъола дӕр. Дарддӕр ахуырмӕ бацыд Цӕгат Ирыстоны паддзахадон институтмӕ ӕмӕ каст фӕцис ирон филологон факулет. Уый фӕстӕ куыста Цӕгат Ирыстоны радиойы редакторӕй. 1965-1968 азты ахуыр кодта аспирантурайы. Куыста телеуынынады студийы редакторӕй. 1970 азы бахъахъхъӕдта кандидаты диссертации ӕмӕ уӕдӕй фæстæмӕ куыста Ц И П У-йы ирон филологийы кафедрӕйы сӕргълӕууӕгӕй, фæлæ 26-майы 2011 азы Цæгат Ирыстоны мард фæцис 34-аздзыд Давид Мурашевы къухæй. Ацы хъуыддагæн йæ аххосаг уыдис ахæм æмдзæвгæ

(Текст стихотворения Джигкаева «Отправляются волчата совершать хадж» (перевод)

Фæцæуынц бирæгъы цот хадзы,           / Едут волчата на Хадж
Кæрон сæ тæригъæдтæн нæй.              / Нет конца их преступлениям
Йæ кæнон тугдзых сырд нæ уадзы,       / Не угомонятся кровожадные хищники 
Лæбуры хурмæ дæр зыдæй.                  / Даже кидаются на солнце.

Сæ хъуыран бирæгътæн - ыссыртæ,     / Святая книга этих волков - клыки
Вæййы сæ ламаз дæр фыдвæнд;          / Даже молитва - с преступным умыслом
Хуытау нæ уæлмæрдты цъæх сырдтæ / Как свиньи на нашем кладбище зёлёные /звери
Кæнынц Хуыцауы раз фыдгæнд.           / Совершают перед Богом злодеяние.

Гъей, сихтæ! Зæхх уæ быны ризæд,        / Эй, шейхи! Пусть земля дрожит под /вами,
Кæнут уæ ингæнтæ хуылыдз!                 / Увлажняйте свои могилы!
Æлгъыст фæут, æлгъыст! - фæмизæд  / Проклятые, будьте прокляты! - пусть
Уæ кувæн сау дурыл мæ куыдз.             / На вашем молитвенном чёрном камне /мая собака помочится

Шамилæн кæд æмæ йæ царды бонтæ цыбыр разындысты , уæддæр йе сфæлдыстад егъау бынат бацахста ирон литературæйы.

Йæ трагеди «Хъодыгонд зӕд» - ы ӕвдыст ӕрцыд 13--14-ӕнусы цаутӕ.

-- Кæддæр йæ ном æгас Европæ æмæ Азийыл кæмæн ныхъхъæр, йæ аргъуантæ ныр дæр ма Кубаны доны былтыл бæрзонд рындзтæй сæрыстырæй кæмæн фæлгæсынц, сæрбахъуыды йæ домбай сыхæгтæ æххуысагур кæмæ цыдысты, уыцы Аланты паддзахадыл XIII æнусы æрцыди стыр бæллæх: манголты æрдонгтæ йыл туджы зæйтæ рауагътой. Ир къордтæ – дихтæ ныййисты. Се 'лдæртты фылдæр хай сæхи радтой тыхгæнджыты къухмæ, фæсдзæуинтæй сын ныллæууыдысты… Ирæттæ – сæ фыдгулты æфсады уылæнтимæ мингæйттæй фæхауæггаг сты сæ райгуырæн бæстæй. XIII æнусы ирæтты иу хай афтыди Хъырыммæ, иннæ та туркаг адæмыхæттытимæ бахæццæ суанг Венгримæ æмæ æндæр бæстæтæм. Уыдæттæ зонгæйæ Шамил æрцыд æхæм хъуыдымæ, цæмæй ныффысса йæ фыццаг трагедии æмæ зæгъы:

«Ирыстон цæмæй риссы? Нæ хицауад нæ æргæвдынц, Ирыстоны сафынц. Адæм ныддихтæ сты! Ау, ирон адæм никуыуал баиу уыдзысты? Ау, ирон аддæммæ сидæн дæр нæй? Æцæг уæззау, цагъар уавæры куы ис Ирыстон… æмæ цæй тыххæй райдыдтон фыссын мæ трагеди? Рæстæг æй домдта. Мæн фæндыд, мæ зæрдæйы арфы цыдæриддæр ис, уый зæгъын».

Хæрз цыбыртæй йæ сюжет:

--- Борæхан – Аланийы фæтæджы фырт – æрыздæхт йæ фыды уæзæгмæ æцæгæлон бæстæты дард балцæй æмæ йæ æрæййафы тынг зын уавæры, змæст рæстæджы. Цалынмæ Борæхан балцы ром æмæ бердзентæм цыдис, фæрныг адæмыл зондагур зылдис, цæмæй уый фæстæ йæ фыды – фæтæджы кард хæссын фæраза, уæдмæ йæ фыд мард æрцыдис, адæм та хуыдуг кодтой Сыгъзæрин Ордайы æфсондзы бын. Бæстæ ныммур, ныддихтæ ис, алыран – хæстытæ, цагъардзинад, адæмы æппæтиумæйаг тых саст. Æмæ Борæханы бынат бацахста бонджын Атох.

Уый афтæ æнхъæлдта, æмæ фæтæджы фырт никуыуал æрыздæхдзæн йæ балцæй. Борæхан тынг ныфсджынæй æрцыд йæ райгуырæн зæхмæ, уыд æвдисæн æндæр адæмты историон тохы хъæбатырдзинæдтæн, фехъуыста Куликовы быдыры уырысы уæлахиздзинад. Æмæ куы федта, цавæр уавæры ис йæ бæстæ, уæд йæ зæрдæ байдзаг арф патриотон æнкъарæнтæй.

Йæ хъуыдыйы ис Аланыстон йæ къæхтыл слæууын кæнын, мангойлаг залымæй йæ фервæзын кæнын. Атох æмæ йæ хъузæттæ Борæханы ныхмæ слæууынц. Йе рцыдмæ йын йæ фыды кæй амардтой, уый сæм фаг нæ фæкаст, ноджы ма Буртæджы дзыхæй адæм базонынц мæнг ныхас, ома Борæхан Гæтæджы фырт Сосланы фæсхохмæ арвыста æмæ йæ бабын кодта. Адæмы хъуыды сзыгъуыммæ кодтой, адæм нæ бамбæрстой, цæмæн хъæуы мæсыг, баууæндыдысты Атох æмæ Дзуары лæгыл, хъоды бакодтой Борæханыл. Ноджы ма Борæханы уарзон чызг Зæринæ, Атохы фырт Елбердæй Бæрæханы тыххæй дам – думтæ фехъусы, омæ, сахарты хæтаг устытыл зылдис æмæ дзы иуимæ фидыд у, зæгъгæ, æмæ йæхи атигъ кæны Борæханыл.

Фæлæ уæддæр йæ зæрдæ ссудзы арф патриотон æнкъарæнтæй. Патриотизм ахъаз у адæймагæн йæ хуыздæр миниуджытæ раргом кæнынæн. Раргом вæййынц Борæханæн йæ æмбæхст миниуджытæ. Йæ зæрдæйы тохы арт пиллон суадзы, куы фехъусы, адæм кæй бамбæрстой сæ цагъарад, кæй сразы сты сæрибарыл тохмæ цæуыныл , уæд.

Борæхан аразы мæсыг… Мæсыг та у иудзинады символ, сæрибары символ, тохы символ.

«Хъодыгонд зæд», Шамилы фыццаг драмон уацмыс у. Сценикон цард федта 1980 азы. Йæ режиссер – Дзиуаты Анатолий. Борæханы ролы УСФСР-йы адæмон артист Уататы Бибо. Кæд ивгъуыд Ирыстоны хъайтар уыд Борæхан, уæддæр æй адæм «райстой», куыд абоны хъайтар, афтæ. Уымæн æмæ нæ абоны цардмæ бахаста ног хъуыды, адæмы хоны иудзинадмæ, ныфс сын дæтты. «Режиссер Дзиуаты Анатолий фыццаг бæхты театр «Нартæ» байгом кодта Джыккайты Шамилы пьесæмæ гæсгæ арæзт спектакль «Хъодыгонд зæд»-æй

3.РЕФРЕН —алы куплеты фӕстӕ дӕр фӕлхатгонд куы цӕуы рӕнхъытӕ.

Зӕгъӕм «Сагъӕстӕ» йы—Уӕ нӕ хӕхтӕ нӕ бӕстӕ ………











Билет №4.

1.Æгъуызаты Иуане- фыццаг ирон рухстауæг.

Æгъуызаты Иуане Гиуæргийы фырт , йе цæг мыггаг –Гæбæратæй, цæмæй уæздан мыггагыл нымад æрцыдаид , уый тыххæй йæхи ныффыста рагон ирон паддзахы мыггаг Æгъуызатыл. Райгуырд Хуссар Ирыстоны Залдайы хъæуы . Ахуыргæндтæ куыд сбæрæг кодта , уымæ гæсгæ, чысылæй ахауд Гуырдзыстонмæ, Калакмæ, æмæ паддзах Илакрийы æххуысæй ахуырмæ бацыд дингæнæг Карумидземæ. Ахуыр æй кодта гуырдзийаг æвзагыл. Ахуыры фæстæ нысангонд æрцыд ахуыргæнæгæй Душетмæ. Акуыста дзы 3-азы , стæй кусын райдыдта тæлмацгæнæгæй, Уырыссы паддзахæн гуырдзыстоны цы хицæуттæ уыд, уыдонимæ.

Хицæутты хъуыдис , цæмæй сæ адæм бамбарой , æмæ уый тыххæй та хъуыдис семæ сæ мадæлон æвзагыл ныхас кæнын. Иуане та хорз зыдта 3- æвзаджы æмæ зæрдиагæй куыста семæ. Æмбарын кодта ирон адæмæн , цæмæй уырысы адæмы ныхмæ ма стох кæной, уыдон сæ бахъахъхъæндзысты гуырдзийаг æлдæртты æфхæрдæй,уæлдайдæр та Мацабел æмæ Ерыстау æлдарæй.Куыста Калачы дины семинары дæр , амыдта семинары ирон сабитæн ирон æмæ гуырдзийаг æвзаг.

Фæстагмæ рынчынтæ кæнын райдыдта. Йæ тыхтæ ма радта ирон æвзагыл дины чингуытæ тæлмац кæнынмæ, сарæзта райдайæн скъолатæн абеты чиныг «Дамгъуат», стæй ма саразын кодта Хуссар Иры Чеселтгомы иу скъола. Æппæт ацы хабæрттæ дзурæг сты Иуане рухстауæг кæй уыд.

Иуане амард 1830 азы, 5августы халерæй.

Иуане ма махæн ныууагъта хъайтарон кадæг гуырдзийаг æвзагыл фыстæй «Алгузиати»,зæгъгæ , кæцы ран бæрзонд бынаты æвæры ирон лæджы кад. Ирон æвзагмæ йæ ратæлмац кодта Бестауты Геуæрги, «Алгъуызы кадæг» , зæгъгæ.



2. Булкъаты Михал. Роман «Теркæй - Туркмæ»-йы конфликт æмæ ныхмæвæрд фæлгонцтæ.

Хъомысджын, хъæбатыр хæстон адæм уыдысты нæ рагфыдæлтæ. Фæлæ амондджын нæ рауад нæ хъысмæт историйы. Фыццаг гунты ныхмæ тохы æрдæг фесты нæ кадылмард фыдæлтæ, уый фæстæ та сæ тæтæры

æрбабырст ныппырх кодта Кавказы хæхты цъассыты. Цы армыдзаг адæм ма баззад ирæттæй, уыдоны иу къорд та Турчы æдзæрæг быдырты баззадысты.

Уырыссаг-туркаг хæст куы банцад, уæд ирон хæстонтæ дæр сыздæхтысты сæ райгуырæн уæзæгмæ, адæм сын цины куывдтæ фæкодтой, скодтой сыл кады зарджытæ. Паддзах сын радта хохæй быдырмæ ралидзыны бар. Кодтой амондджын царды уынаффæтæ. Фæлæ уæдмæ стыхджын уырысы паддзахы колониалон политикæ дæр. 1840-м азы рацыд паддзахы бардзырд, цæмæй быдыры зæххытæ уæгъдгонд æрцæуой. Бæргæ ма архайдтой ирон адæм сæ зæххытæ бахъахъхъæныныл, фæлæ та уæдмæ рацыд ног бардзырд: «Зæххытæ асыгъдæг кæнын ирæттæй 1849 азы уалдзæгмæ, æмæ дзы æрцæрæд Владикавказы фыццаг хъазахъхъаг полк». Афтæ 1851 азмæ быдыры хъæуты (цалдæры) иунæг ирон хæдзар дæр нал аззад; чи фæстæмæ хохмæ алыгъд, чи Кæсæгмæ, се'ннæ хай та сæ сæр бафснайынæн равзæрстой пысылмон Турк.

19-м æнусы райдианы райдыдта Кавказы адæмты хæст Уæрæсейы паддзахы ныхмæ. Йæ сæргъы æрлæууыд дагъистайнаг имам Шамиль. Хæст уыд дæргъвæтин, йæ фæстæ ирæтты иу хай райста пысылмон дин. Уыдон тарстысты, сæ дин сын чырыстон динимæ куы сæмхæццæ кæной, уымæй æмæ сагъæсы бацыдысты. Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй уыцы идейæтæ парахат кодта паддзахы администраци. Уый йæ колониалон политикæ хъахъхъæнгæйæ, стæй хæххон адæмты ныссабыр кæныны тыххæй сразæнгард кодта Кавказаг адæмты егъау хай Туркмæ алидзыныл. Уыдонимæ ирон адæмы иу хай дæр. Уыцы хъуыддаг хæсгонд æрцыд паддзахы æфсады инæлар Куындыхаты Муссæйæн. Кæсæм уæды рæстæджы сусæг писмо: «Уыцы хъуыддаджы бæрны уый йæхæдæг (Куындыхаты Муссæ) цæуы æмæ сусæг мадзæлттæй спайда кæныны фæстæ сæрды мæйты 3 мин хæдзарæй къаддæр кæй нæ акæндзæн, ууыл гуырысхо нæ кæны...». Афтæмæй ирон адæмы иу хай Туркмæ хуыздæр цардæнхъæл аивылд. Уый уыд ирон адæмы трагеди.Уый æмбаргæйæ бирæтæ архайдтой сæ бауромыныл, зæгъæм, зындгонд рухстауæг Колыты Аксо, фæлæ сын дзы ницы рауад.

Семæ уыд фыццаг ирон профессионалон поэт Мамсыраты Темырболат дæр, цыдис ыл 22 азы, фыццаг ирон публицист Хъаныхъуаты Инал.

Нырыккон фысджытæ Богазты Умар æмæ Булкъаты Михал зæрдæрисгæйæ æвдисынц уыцы цаутæ, стæй Мамсыраты Темырболат, 1922 азы Муссæйы фырт Дзæуджыхъæумæ æрхаста Темырболаты уацмыстæй 10 æмдзæвгæйы къопитæ æмæ ма загъта, уый размæ адæмон зарæджы хуызы кæй зыдтой иры дзыллæ, уыцы «Сагъæстæ» дæр Темырболаты фыст кæй сты.

(Чи сты уацмысы сæйраг архайджытæ?

  • Муссæ æмæ Темырболат.

  • Чи уыд Муссæ? Чи уыд Темырболат?

  • (Муссæ - паддзахы æфсады инæлар, Темырболат- фыццаг ирон профессионалон поэт, Муссæйы хæрæфырт).



Куындыхаты Муссæ æмæ Мамсыраты Темырболат сты ныхмæвæрд фæлгонцтæ. Ирон лигъдæттæ фыдæнхъæл фесты, цы дзæнæты бæстæйæ сын ныфс æвæрдта Муссæ, стæй моллотæ дæр, уымæй. Бæргæ ма чидæртæ афæнд кодтой фæстæмæ раздæхын, фæлæ уый æнцон хъуыддаг нæ уыд. Уæды заманы архивон гæххæтты фыст уыд: «1872 азы 850 «черкесаг» бинонтæ, фæстæмæ нын нæ райгуырæн бæстæмæ ацæуыны бар раттут, зæгъгæ, ахæм курдиат балæвæрдтой Уæрæсейы минæвæр Константинополы инæлар Игнатьевмæ. Сæ тыхст уавæры тыххæй уыдон фыстой: «Ныр аст азы дæргъы кæнæм æххуырсты куыст. Цы тыллæг æрзайын кæнæм, уымæн йæ растæмбис айсынц зæххыты хицæуттæ. Исынц нын нæ фос, адæймаг цæмæйдæриддæр цæры, уый, суанг ма нæ сывæллæтты дæр, æмæ сæ цагъайрæгтæй уæй кæнынц...Нæ уæрджытыл лæугæйæ дын лæгъстæ кæнæм æмæ йæ бæрзонддзинад императорæй ракур, цæмæй нын бар ратта нæ райгуырæн бæстæмæ аздæхынæн. Хуыцауы номæй дæ курæм, адзалæй, хъизæмары цардæй нæ фервæзын кæн». Уыцы курдиатмæ 1873 азы райдианы император Александр III куы 'ркасти, уæд ыл цæхгæрмæ бафыста: «Се 'рбаздæхыныл дзургæ дæр мачи кæнæд».

Кæй зæгъын æй хъæуы, туркаг ирон адæмæн дæр Муссæйы ном сси æлгъыстаг («Уæ, Муссæ, дæ хъæбул амæла»), зæгъгæ.

Бирæ азтæ рацыд, романы дзырд цы цаутыл цæуы, уыдонæй. Фæлæ абон дæр ирон адæмы ном сæфт нæу Турчы зæххыл. Турчы цæрæг ирон адæм абон дæр архайынц сæ фыдæлты æвзаг бахъахъхъæныныл, ис сæм ирон культурæйы центр. Сæ фæсивæд архайынц ирон æвзагыл æмдзæвгæтæ фыссыныл. Зæгъæм, Цъæхилты Ехья, Мамсыраты Музаффар æмæ бирæтæ.

3.Иу æмдзæвгæ наизусть радзурын.



















Билет №5.

1.Кочысаты Розæ - фыццаг ирон сылгоймаг-драматург æмæ публицист.

Кочысаты Розæ уыд 1-аг ирон сылгоймаг – драматург. Кочысаты Розæ райгуырдис Олгинскæйы 1888 азы 12 майы захкусæджы хæдзары. Йæ фыд уыд нымад лæг, хорз зыдта ирон адæмы сфæлдыстад. Уымæ гæсгæ Розæ дæр чысылæй фæстæмæ йæ хъус дардта адæмон сфæлдыстадмæ.

Розæ 8-аздзыдæй бацыд Ольгинскæй сылгоймæгты дыууæкълассон скъоламæ, фæстæдæр бакаст ирон чызджыты приюты, Дзæуджыхъæуы 3 азы. 1907 азы Розæ ацыд моймæ Реуазты Хъасболатмæ. Цардысты Лабæйы, Æрыдоны, Сæлыгæрдæны. Фæлæ Розæ фæрынчын рæуджыты низæй æмæ 1910 азы амард.

Розæйæн цæрын бирæ нæ бантыст (22 азы), уымæ гæсгæ йын бирæ нæ бантыст йе сфæлдыстады.

Ис ын æртæ пъесæйы:

“Мæ уарзондзинад, æви мæ фыды ныхас”.

“Зæхх-ме‘вдисæн, хур – мæ тугисæг”.

“Гæды лæг” кæнæ “Нæ пъырыстыф сæрра”.

Адонæй мах базонгæ стæм пъесæ “Нæ пъырыстыф сæрра,” – зæгъгæ.

Комедийы сæйраг хъайтар Умархан æхца ссардта. Йæ усы дзыхæй йæхи хъахъхъæны æмæ æрхъуыды кæны æнæрцæугæ фыдфæливæн хъуыддæгтæ. Æмæ йæ цыргъзонды’руаджы цъысымæй фервæзы.

Æхца куы ссардта, уæд сæ бамбæхста. Йæ усæн зæгъта: «Æхца ссардтон, ныр дæ дзæбæх дзаумæтта хæдзары дарын у дæ бон».

-Кæд сæ æрхæсдзынæ? – фæрсы йæ ус.

-Хъæды æнгуыр сæвæрдта, æмæ кæсаг куы æрцахса, стæй доны та сæвæрдта къæппæг, уый та тæрхъус куы æрцахса, гъе уæд сæ æрхæсдзынæн.

Ус уыд дзæгъæлдзых. Адзырдта хабар сыхаг ус Комионæн. Комионы дзыхæй бахæццæ пъырыстыфмæ. Пъырыстыф æрбарвыста Умарханмæ. Умархан нæ сæтты; ницы ссардтон, зæгъгæ. Фæдзырдтой устытæм. Умарханы ус Мызылоны пъырыстыф схуыдта æрра. Мызылон фæхъыг æмæ йæм дзуры: « Куыд мæ хоныс æрра? Мæнæ дæхæдæг куы сæрра дæ, æмæ дæ æмæ дæ куы сбастой, уæд уыд гъе уыцы хабар».

Уый та уыд афтæ; Умархан æхца куы æрхаста, уæд æддейæ гæдытæ уасыдысты æмæ Умархан йæ усæн дзуры: «Уый дæлæ нæ пъырыстыф сæрра æмæ йæ сбастой æмæйæ фæкæнынц». Пъырыстыф устыты ныппарын кодта ныккæнды. Умархан та йæ цыргъзонды фæрцы фервæзт цъысымæй.

2. Къубалты Алыксандр. Кадæг «Æфхæрдты Хæсанæ». Уацмысы историон бындур æмæ мидис.

Алыксандыр райгуырдис Цæгат Ирыстоны зæронд Бæтæхъойы хъæуы. Йæ фыд Бызи уыд ахуыргæнæг сæ хъæуы райдайæн скъолайы. Алыксандр рынчынтæ арæх кодта æмæ уый тыххæй æрæгмæ фæцис каст райдайæн скъола. Скъолайы фæстæ ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы гимназы, уый фæстæ – Киевы университеты юридикон факультеты. Сыздæхт Дзæуджыхъæумæ æмæ куыста адвокатæй суанг Октябры революцийы агъоммæ. 1937 азы ахст æрцыд æнæаххосæй æмæ 1944 азы амард ахæстоны.

Къубалты Алыксандр кадæггæнæг Зыгъуыттаты Бибоимæ уыдысты иухъæуккæгтæ, Зæронд Бæтæхъойы хъæуæй. Алыксандр уымæй бирæ кадджытæ фехъуыста. Æфхæрдты Хæсанæйы тыххæй дæр уымæй фехъуыста æмæ йыл ныффыста кадæг. Бибо та йæ кадæджы кой исы ирон адæмы рагон трагикон цауæй. Уый уыдис тæтæр – манголты ныббырсты фæстиуæг. Адæм куы ныддихтæ сты , æфхæрд дæр уæд æййæфтой æлдæртты къухæй. Иунæг Хæсанæйæн дæр йæ мыггаг Æфхæрдтæй уымæн уыдис.

Кадæджы сæйраг фæлгонцтæ сты Госæма æмæ Хæсанæ. Кадæг райдауы хъарæгæй; Мулдарты хъал мыггаг амардтой Солæманы, Хæсанæйы фыды. Амардтой йæ цуаны иунæг кæй уыд, йæ сæрыл кæй ничи рахæцдзæн, уый ныфсæй. Уымæн æмæ мыггагон дунейы алчи дæр æрмæст йе фсымæр, йе рвады сæрыл дзурдта: афтæ уыд æгъдау. Дарддæр Мулдарты Хъуыдайнатмæ уый фаг нæ фæкаст æмæ йын йæ лæджы амардта, фæлæ ма йæ ноджы хъавы фæхудинаг кæнынмæ. Госæма барæхуыста хъамайæ Мулдары æмæ фæлыгъд йе нахъом сабиимæ тар хъæдмæ. Иу лæгæты æрцард æмæ хъомыл райдыдта йе сабийы. Госæма йæ лæджы туг æмæ йе фхæрд райсынмæ цæттæ кæны йæ иунæг хъæбул Хæсанæйы æмæ йæ алы уысм фæдзæхсы :

«Ма ныууадз Мулдартæн дæ фыды туг!

Райс- иу Хъуыдайнатæй саударæг мады фхæрд , …

Райста Хæсанæ йæ фыды туг, йæ мады фхæрд. Амардта Мулдарты хъал мыггагæй цыппары, фæлæ йæ маст не ссыди. Хæсанæ цæуы йæ масты фæдыл æмæ та амары фондз усгур Мулдартæй. Ам Уастырджи дæр Хæсанæйы фарс у. Хæсанæ дæр зоны Уастырджи рæстаг дзуар кæй у æмæ дзы куры æрмæст иунæг хорзæх- мигъы къуыбар .Уастырджи дæр Хæсанæйы иунæг хоны , уымæн æмæ йын ничи ис. Æфхæрдтæй дæр уымæн сты æмæ ма сæм фæстаг лæг баззад. Мулдартæ та хъал уымæй сты æмæ сæм бирæ хæстхъом адæм ис. Фæллойы кой никуы ис кадæджы, æрмæст лæгтæй сты иутæ хъал, иннæтæ – æфхæрд.

Хæсанæ- иунæг лæг, мард фæцис Мулдарты къухæй. Бæргæ йæ нæ фæндыд йæ мады фæстейæ ныууадзын, фæлæ хъысмæт афтæ рауад.Уый æмбæрста «йæ хæс», фæлæ хъуыды кодта : « Мæ мады куы бафснайон, уæд «мæ хæс» бафиддзынæн».

Кадæджы историон бындур у- 18 æнусы манголты тыхгæнджыты ныббырсты фæстæ быдырон цæрджытæ фæцагъды сты , чи ма дзы баззад, уыдон хæхтæм фæлыгъдысты, фæлæ цард сног кæнын сæ бон нал ссис. Аланты паддзахад дæр фехæлд, уый фæдыл стыхджын мыггагон ахастытæ æмæ æгъдæуттæ, æхсæны царды фæтк ма æрмæстдæр уыдон бон уыдис. Хæхты цы мыггæгтæ цард, уыдон æнæхъæнæй баззадысты, нæ сæм баххæст тыхгæнджыты къух, æмæ хъал уыдысты Мулдартау.

3.Кадæг - у ахӕм уацмыс, кӕцыйӕн йӕ бындуры ӕвдыст фӕцӕуы царды ӕцӕгдзинад.































Билет №6.

1.Гæдиаты Секъа. Уарзондзинад æмæ социалон æбардзинады конфликт радзырд «Азау»-ы.Гæдиаты Секъа райгуырдис 1855 азы Хъуды комы, Ганисы хъæуы.Сабийæ цыдис фыййау, уыди хуымгæнæг æмæ сугдзау. Сæ хъæуы скъола нæ уыд, æмæ уымæ гæсгæ 18 аздзыдæй гуырдзиаг сауджыны æххуысæй базыдта кæсын фыссын, æцæг гуырдзиаг æвзагыл. Уыд бирæ бинонты дарæг. Ганисы хъæуы зын уыд бирæ бинонтæн къæбæр амал кæнын æмæ цардагур ралыгъд Цæгат Ирмæ. Куыста аргъуаны(церковь) сауджыны æххуысгæнæгæй. Аргъуаны кусгæйæ дæр афоныл нæ иста мызд æмæ цы мста уымæй дæр хъуамæ хуынтæ кодтаидуæлдæр хицауæн. Уымæ гæсгæ ныууагъта йæ куыст æмæ æрцардДзæуджыхъæуы. Секъа ма фыссынæй дарддæр уарзта дыргътæм зилын дæр.Секъа йæ сывæллæттæй Цомахъæй фылдæр никæй уарзта,æвæццæгæн сын иу фæндаг кæй уыд уымæ гæсгæ.Йæ кæстæрты сарæзта ахуыры фæндагыл:Цомахъ ссис номдзыд фыссæг, Никъала уыд революцийы змæлды зынгæ архайæг, Пётр уыд дæсны педагог, йæ чызг Верæ куыста университеты, уыд наукон дохтыр.

Секъа адæмы æхсæн нымад уыд дзырддзæугæ лæгыл. Иуахæмы та чидæр Ганисы фæхыл æмæ Секъамæ æрвыстой , цæмæй хъуыддар равзара. Уырдæм цæугæйæ йæ бæх фæндагыл фæтарст, иуварсæй ахастой, йæ сæр дурмæ æрхаста æмæ трагикон æгъдауæй фæмард 1915 азы.

Секъайæн йе сфæлдыстадмæ куы æркæсæм, уæд йæ радзырдты æвдисы сылгоймаджы фæлгонц. Фыццаг хатт Секъамæ йæ бартыл сылгоймаг стох кодта ---- Азау. Радзырд «Азауы» -ы æвдыст цæуы сылгоймаджы æбардзинад октябры революцийы агъоммæ.

Радзырды архайджытæ—Ганисы хъæуы цæрджытæ 2- сыхаджы Сачъынаты Боба æмæ Тогъуызаты Бибо цардысты хæларæй, фæлæ уыдысты æнæзæнæг. Хуыцаумæ фæхъуыст сæ куывд æмæ сын иу æхсæв райгуырдис Бобайы усæн чызг æмæ Бибойы усæн та- лæппу. Схуыдтой сæ Азау æмæ Таймураз. Сывæллæттæ цалынмæ дунемæ нæ фæзындысты, уæдмæ мадæлтæ бадзырдтой_ кæд сын чызджытæ уа, уæд хотæ уыдзысты, кæд лæппутæ уой- æфсымæртæ уыдзысты, кæд чызг æмæ лæппу уой, уæд сын сæ амонд баиу кæндзыстæм. Сывæллæттæ куыд стыр кодтой, афтæ кæрæдзи бауарзтой, фæлæ ныхас куыд уыдысты уымæ гæсгæ нæ тагъд кодтой. Уæд иу бон Бибойы зæй фæласта æмæ смæгуыр ис. Ныр Боба йæ чызджы нал дæтты Таймуразæн. Азауы дæттынц хъæздыг Биганаты фыртæн. Таймураз сфæнд кодта Азауы аскъæфын. Азау зоны искæй ус уæвгæйæ стыр фыдбылызтæ кæй расайдзæн , фæлæ нæ зæгъын дæр нæ фæразы. Аскъæфтайæ . Бирæ мæрдтæ æрцыдис æртæ мыггаджы æхсæн. Фæцæфтæ ис Таймураздæр æмæ афтæмæй афтыд йæ мады æрвадæлтæм . Азау æмæ Таймуразыл хъоды бакодтой .Азау хъæды дурты бын бамбæхст æмæ йæ Къахеттагфыййау йæхицæн усæн акодта.Райгуырдис ын дыууæ лæппуйы фæлæ сæ нæ уарзта .Иу хатт Азау сфæнд кодта йæ фыды уæлмæрдмæ фæцæуа, Куы бахæццæ ис , уæд Магдайæ базоны Таймураз ныгæд кæй у йæ фыды фарсмæ. Ссыдысты , фæлæ Азау не сфæрæзтаТаймуразы сæфт æмæ йæ зæрдæйы куыст æрлæууыд. Секъайы сфæлдыстады Азау стох кодта фыццаг хатт йæ уарзондзинадыл.

2.Патриотизмы мотивтæ Илас Æрнигоны æмдзæвгæты ( «Сомы» , «Хæрзбон» , «Гъæйтт , цы фестут!», «Сагъæс»).

Тогызты Иласы фырт Газакк райгуырд Æрыдоны. Фондз азыл куы цыдис , уæд йæ фыд амард, бирæ цухтæ баййæфта царды,фæлæ уæддæр тырныдта ахуырмæ. Хъæууон скъола каст фæцис æмæ бацыд Æрыдоны семинармæ.Семинары уавæр уыдис уæззау,уæлдай æфхæрд æййæфтой ирон лæппутæ: нæ сæ уагътой иронау дзурын, ирон уацмыстæ кæсын, ирон æгъдау кæнын. Фæлæ ирон æвзыгъд фæсивæдæн сæ зæрдæты æвзæрыд патриотон æнкъарæнтæ. Семинары фæстæ куыста ахуыргæнæгæй Куырттаты комы Хидыхъусы .Хохаг сывæллæттæ нæ зыдтой уырыссаг æвзаг æмæ сын æрыгон ахуыргæнæг арæзта дзырдуæттæ. Сабиты тетрæдты ирон фыстытæ кæй фæзынд, уый нæ фæцыд скъолайы цæстдарæджы зæрдæмæ. Уымæ гæсгæ сын хъаугъа рауад æмæ фæхауæггаг ис йæ куыстæй. Уый уыд 1911 азы æмæ ацыд Маньжуримæ, Харбинмæ. Уым кодта алыхуызон куыстытæ, куыста ахуыргæнæгæй дæр, ахуыр кодта Харбины цы ирæттæ цард, уыдон сабиты иронау, ныффыста æмæ сын йæхи хардзæй рауагътаахуыргæнæн чиныг «Ирон грамматикæ». Ирыстонмæ йын бантыст сыздæхын 1934 азы. Фæлæ та йæ не руагътой æнцад цæрын. Адæмы знæгтæ йыл фыстой хахуыртæ æмæ йæ æрцахстой æмæ йын йæ цард аскъуыдтой. Илас Æрнигон (у йæ фæсномыг) Маньжуримæ куы цыд, уæд цæуы зæрдæ хсайгæйæ æмæ хæрзбон зæгъы Ирыстонæн. (æмз. «Хæрзбон» - наизусть). 3.Нырыккон поэзийæ иу æмдзæвгæ наизусть.

Билет №7.

1.Брытъиаты Елбыздыхъойы драматургийыл афæлгæст.

Брытъиаты Е. уыд ӕхсӕнадон кусӕг ӕмӕ курдиатджын фыссӕг. Райгуырд 1881 азы 23 мартъийы Куырттаты комы, Дӕллагхъӕуы. Йӕ ныййарджытӕ уыдысты зӕхкусджытӕ. Елбыздыхъо нымад у ирон литературӕйы куыд –ирон театр ӕмӕ драматургийы бындурӕвӕрӕг. Йӕ тыхтӕ сарӕзта ирон театр саразынмӕ. Йӕ драмӕты бындурыл фӕзынд ирон театр. 1905 азы революцийы тохы бацыд , ӕрцахстой йӕ ӕмӕ йӕ ахастой Назраны фидармӕ.Фӕлӕ уым дӕр нӕ ныуагъта йӕ фыссыны куыст. Фӕтӕгены рухсмӕ ныффысста йӕ диссаджы драмӕ «Дыууӕ хойы».

Йæ дыккаг драмæ «Хазби» - йы сæйраг архайæг у Алыкгаты Хазби. Хъобангоммæ бабырстой æфхæрæг знаг. Адæмон зарджытæм æмæ таурæгътæм гæсгæ Хазби тох кодта знæгты ныхмæ йæ чысыл къордимæ. Сæ сæйрагдæр нысан уыдис, цæмæй бахъахъхъæной адæмы сæрибар æмæ намыс. Уыцы кады хъуыддагæн сæ цард снывонд кодтой ирон дзырддзæугæ лæг Хазби æмæ йе мбæлттæ Хъæссай æмæ Агуыбечыр. «Хазбийы хæсты» ирон адæммæ нæ разынд иудзинад . Ничи æрлæууыд Хазбийы фарсмæ цалдæр лæджы йеддæмæ æмæ састы бынаты баззадысты. Мард фæцис стыр кадимæ Хазби йæ чысыл къордимæ. Æмæ абоны фæлтæрæн хъуыдыйаг уХазбийы кад, йе взонг уд нывондæн кæй æрхаста ирон адæмы сæрвæлтау.

Елбыздыхъойӕн йӕ фӕстаг егъау драмӕ уыд «Амыран». Драмӕйыл хъуыды кӕнын раджы райдыдта , фӕлӕ йӕ фыста 12 азы. Райдыдта йӕ фыссын 1909 азы ӕмӕ йӕ фӕцис 1921 азы. Елбыздыхъо йæ драмæйы равдыста революцийы уылæнтæ æмæ 1917 азы революции куы фæуæлахиз, уæд Елбыздыхъойæн дæр бантыст йæ драмæйæн кæронбæттæн скæнын.

2. Кочысаты Мухарбеджы поэзийы сæйраг мотивтæ(иу æмдзæвгæ наизусть).

Кочысаты Мухарбег рагуырд Олгинскæйы. Каст фæцис хъæууон скъола. Уый фæстæ ахуыр кодта педтехникумы. Фæстæдæр каст фæцис пединститут. 1941 азы ацыд бархийæ Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ .

3.Драмæ --- у ахӕм уацмыс, цыран ӕвдыст фӕцӕуы тох архайджыты дыууӕ къорды ӕхсӕн, кӕнӕ та иу архайӕджы тох бирӕ адӕмты ныхмӕ. Драмон уацмыстӕ фыст вӕййынц сценӕйы равдисыны тыххӕй.



























Билет№8 1.Токаты Алихан. Фыццаг ирон сонет «Цыкурайы фæрдыг».

Алихан райгуырдис 1895 азы Дæргъæфсы. Бинонтæ уыдысты аст æмæ ссæдз , фæлæ дзы кусын хъом уыдысты 2-3 йæ. Сывæллæтты хистæр уыд Алихан æмæ йæ куыстытæй цух нæ уагътой. Уымæ гæсгæ зæрдæргъæвд лæппуйæн ахуыр кæныны фадат нæ уыд . Фæлæ уæддæр чиныг йæ къухæй нæ уагъта Йæ фыды фсымæры лæппу цард Бакуйы , уырдæм æй акодта æмæ йæ радта Денджызон училищæмæ . Уым ахуыргæнгæйæ рабæрæг йæ зæрдæгъæвддзинад. Бакуйы баиу сусæг политикон кусджытимæ. Ссыдис – иу Дæргъæфсмæ æмæ – иу кодта сусæг æмбырдтæ. 1914 азы растадысты, рахастой тырыса. Сарæзтой митинг. Уым Алихан раныхас кодта, Дзырдта империалистон хæсты ныхмæ, сидтис революцимæ. Дыккаг бон куыддæр ацыд бетырбургмæ, афтæ пъалицæ æрбацыд. Бетырбурджы дæр ахуыр кодта аивадты академийы æмæ уырдыгæй лидзæг фæцис Ирыстонмæ. 1920 азы тифæй фæрынчын æмæ Бахауд рынчындонмæ. Чидæр ын афтæ зæгъы, ома ,дам, знæгтæ æрбабырстой, ныр сæ къухы стæм æмæ уæд фæтарст æмæ йæхи æрцауыгъта. Алихан нымад у сонет «Цыкурайы фæрдыг» - авторыл. Сонет «Цыкурайы фæрдыг»

Мæнмæ цыкурайы фæрдыг ис, Æдзух вæййы мæнмæ æппæт, цы курон; Уый нæу зæххон, уæларвонтæй у – хурон, Дзæбæх кæны фыднизтæ, доны рис.

Нæ радта уый мæнæн ыстыр дзар Дзывгъис, Нæдæр та Сафа,Уацилла, Æртхурон, Æз калмæй байстон уый, уыди фыдхъулон, Цæхæркалгæ, сау маргъæй сыгъдис.

Фæндонæй æз фæтæхдзынæн уæларвмæ, Æркалдзынæн нæ зæхмæ Рухсæй тын; Мæ аууон бæстыл рвйдайдзынæн хæтын. Дæлдзæхæн та ныккæсдзынæн йæ арфмæ, Дунетыл таудзынæн рæсугъддæр фын, Æз талынгæн æрхаудзынæн йæ тарфмæ. ( 14 рæнхъон).

2.Джусойты Нафи. Роман «Фыдæлты туг». Историон цаутæ – романы.

Джусойты Нафи райгуырд 1925 азы Ногхъæуы Дзауы районы Хуссар Ирыстоны. Йæ фыд æй чысылæй фæстæмæ ахуыр кодта кусыныл, адæмæн лæггад кæныныл. Зæрдæргъæв лæппу аив дзырды ад бамбæрста йæ мады рвад Хуыгаты Илас æмæ номдзыд таурæгъгæнæг Наниты Андрейæ. Астæуккаг скъола каст куы фæцис , уæд бархийæ ацыд æфсадмæ . 1945 азы куы сыздæхт , уæд куыста 1949 азмæ бирæ бæрнон бынæтты Хуссар Ирыстоны. Стæй уæд бацыд Ленинграды уырыссаг лит-йы аспирантурæмæ, фæстæдæр та бахъахъхъæдта диссертаци «Хетæгкаты Къоста æмæ уырыссаг литературæ» æмæ райста филологон зонæдты кандидатты ном. 1830 азты Уæрæсейы хæдхæцæг паддзах сфæнд кодта Ирыстоны æххæстæй йæ дæлбар бакæнын. Уый тыххæй дыууæ æфсады æрвыст æрцыдысты Ирыстоны Хуссар æмæ Цæгатмæ --- дыууæ цæфæй хъавыд ирон адæмы басæттын. Цæгат Иры æрдыгæй æфхæрæг афсад бабырстой Хъобаны коммæ. Адæмон зарджытæ æмæ таурæгътæм гæсгæ æфсады раз æрлæууыд дзырддзæугæ лæг Алыккаты Хазби йæ хъæбатыры чысыл къордимæ. Ацы цаутæ æвдыст æрцыдысты Брытъиаты Елбыздыхъойы драмæ «Хазбийы».

Дыккаг къорд та æрвыст æрцыд Хуссар Ирмæ Чеселтгомыл. Æфсады фыд митæ æвдыст æрцыдысты Джусойты Нафийы роман «Фыдæлты туг» -ы. Романы сæйраг архайæг у Коцты Бега. Бегайы æмрæнхъ сты æндæр архайджытæ дæр: Ака, Солтан,.. Кæд тыхджын æмæ ныфсхаст уыдысты Чеселтгомы адæм, уæддæр паддзахы æфсад фылдæр уыдысты, стæй хæцæнгарзæй дæр уыдысты рæвдздæр. Састы фесты хæххон адæм, сæ раздзæуджытæ Бега æмæ йе мбæлттæ. Æмæ кæд абон нал сты, уæддæр фæлтæрæй – фæлтæрмæ сæ рухс ном лæвæрд цæуы æмæ сæ стæм сæрыстыр.

3.Сонет -- у 14 рӕнхъӕй фыст ӕмдзӕвгӕ, зæгъæм «Цыкурайы фæрдыг».



Билет№9

1.Колыты Аксойы рухстауæн куыст æмæ фыццаг поэтикон фæлварæнтæ.



Колыты Бесайы фырт Аксо райгуырди 1823 азы аргъуан хъахъæнджыты хæдзары.1-аг ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы дины скъолайы, стæй та Тибилисы духовой семинары. Семинар каст фæцис тынг хорз бæрæггæнæнтимæ,æмæ куыста бирæ азты сауджынæй.Аксойы царды хабæрттæ бæлвырдæй ничи зоны,фæлæ дзы цы зонæм ирон литературæйæ,уый у:

а) ома,1862 азы ирон чызджытæн йæхи хæдзары байгом кодта скъола,æмæ сæ ахуыр кодта лæвар.

б) Уырыссаг æвзагæй иронмæ тæлмац кодта дины чингуытæ.Фæндыдис æй цæмæй ирон адæм иууылдæр уыдаиккой иу диныл хæст(чырыстон диныл) къордтæ-дихтæ ма кæной.Æвæццæгæн æмæ Аксойы фæнд куы сæххæст уыдаид,уæд нæ бавзæрстаиккой Туркмæ фæлидзыны трагеди:

Секъа афтæ зæгъы Аксойы тыххæй:

Стыр зонды хицау уыди Аксо,фæлæ йын нæ бантыст йæ фæллойы дыргътæ фенын,йæ хъуыддæгтæ æрдæгыл баззадысты.Чи зоны,Аксо йæ фæнд сæххæст кодтаид.Куындыхаты Муссæ йæ ныхмæ лæууын нæ бафæразтаид,фæлæ йæ æнафоны мæлæт æрцахста.

Амард 1866 азы.

Ныууагъта нын æрмæст æртæ уацмысы дины хабæрттыл фыст.

1.”Мах фыд”

2.”Мады Майрæмы кады зарæг”

3.”Чырысти рухс райгасдзинад”

Сæ мидисмæ гæсгæ уацмыстæ сты,аргъуаны-иу адæм кæй кодтой,ахæм зарджытæ.



2. Гæдиаты Цомахъы æмдзæвгæты цикл «Ахæстоны фыстытæ»

(иу æмдз. наизусть).

Цомахъ райгуырдис Ганисы хъæуы. Йæ фыд Секъа уыд зындгонд фыссæг. Секъа æвадат цард кодта Ганисы æмæ фæлыгъд цардагур Джæуджыхъæуы дины скъолайы, Стъаврополы семинары, Юрьевы унивирситеты (Эстонийы) историкон – филологон факультеты.

Цомахъ дæр ахуыр кодта Джызæлы райдайæн скъолайы, стæй Джæуджыхъæуы дины скъолайы, Стъаврополы семинары, Юрьевы университеты (Эстонийы) историкон – филологон факультеты.

Ам Цомахъ базонгæ сусæг къорды хайад чи иста уыдонимæ.

Уайтагъдæй базыдтой, æмæ йæ фæстæ пъалицæ зилын райдыдтой. 1905 азы йæ ахуыр ныууагъта æмæ ссыд Ирыстонмæ. Иудадзыг зылдысты йæ фæстæ æмæ йæ 1908 азы мартъийы æрцахстой.

1910 азы йæ арвыстой Сыбырмæ. Бирæ фæфыста Секъа паддзахмæ дæр, цæмæй сын сæ фырты ссæрибар кæной, фæлæ сæ бон нæ баци.

Æрмæст1917 азы февралы революцийы фæуæлахизы фæстæ суæгъд Цомахъ. Цомахъ ахæстоны дæр нæ уагъта йæ революцийон куыст, йæ фыссын куыст. Ахæстоны фыст æрцыдысты йæ æмдзæвгæтæ æмæ сын ахæм сæрдгон дæр уымæн ис.

« Ахæстоны фыстытæ» - сты 7 æмдзæвгæйы.

  1. «Хуры тын»

  2. «Бæлон»

  3. «Æрæхсæв»

  4. «Дæ чиныг»

  5. «Фын»

  6. «Ме фсымæртæ»

  7. «Хæлæг».

(сæ иу – наизусть)

3. Пейзаж - у французаг дзырд, амоны уацмысы ӕрдзон бынӕтты равдыст.

10 билет.

1.Мамсыраты Темырболат - фыццаг ирон профессионалон поэт. «Сагъæстæ».



Нæ лит-йы историйы баззади, фыццаг ирон профессионалон поэтæй Мамсыраты Темырболат. 1865 азы Кавказы адæмтæй бирæтæ Туркмæ куы алыгъдысты, уæд Уæрæсейы æфсады афицер уыд Мамсыраты Темырболат.

Адæм фæндæгтыл æмæ æцæгæлон бæстæйы, цы хъизæмарттæ бавзарстой, уыдон поэт равдыста – йæ уацмысты.

Иуæй-иутæ дзы систы зарджытæ æмæ 1877-78 азы уырыссаг-туркаг хæстай чи’рбаздæхт, уыдон сæ семæ’рбахастой.

Æмдзæвгæ «Сагъæстæ» - йы поэт æппæт адæмы номæй сагъæс кæны. Фыст у хъарæджы иронвæндаджы хуызы. Алы куплеты фæстæ дæр цæуы фæлхатгондæй, ома уый хуыйны рефрен.

Поэты сфæлдыстадимæ базонгæ сты Ирыстоны 1920 азты – уæд ын йæ къухфыстытæй иу хай Дзæуджыхъæумæ æрбаласта инæлар Куындыхаты Муссæйы фырт Бечырби, уæды Турчы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр. Муссæ та уыд Темырболатæн йæ мады æфсымæр.

Æмдзæвгæ «Сагъæстæ» -æй скъуыддзаг наизусть зонын.

2.Фыдæлты æгъдæутты кълассон ахаст Туаты Дауыты драмæ «Сидзæргæс»- ы.

Ирыстоны æвæццæгæн нæ разындзæн ахæм адæймаг æмæ Дауыты сфæлдыстад кæй зæрдæмæ нæ цæуы.

Дауытæн йæфыд раджы амард. Баззад йæ мад 4 – сидзæримæ. Дауыты йæ фыды хотæ акодтой сæхимæ, цæмæй йæ сахуыр кæной. Каст фæцис Дзæуджыхъæуы рабфак, уый фæстæ ахуыр кодта Новочеркаскы политехникон институты электромеханикон факультеты. Институты фæстæ сыздæхт Ирыстонмæ æмæ куыста инженерæй. Дауытæн йæ зæрдæ æхсайдта литературон куыстмæ, фæлæ иу хатт бахауд театырмæ. Уым федта мады фæлгонцыл куыд куыстой, æмæ уæд йæхицæн загъта: « Æз дæр хъуамæ ныффыссон пъесæ, равдисон дзы Гыццийы фæлгонц, стæй Гыццийы номæй иннæ сылгоймæгты нæмттæ». Ныффысста драмæ «Сидзæргæс», кæцы æрцахста 1-аг бынат 19- пъесæйы æхсæн конкурсы. Уæд загъта: «Нал раздæхдзынæн драмæйы фæндагæй». Амард 1964 азы.

Йæ драмæйы сæйраг архайджытæ сты:

Нуца, йæ лæг Илас, йæ фырттæ Харитон æмæ Алихан, йæ чызг Аминæт;

Йæ тиу Амырхан æмæ йæ ус , йæ чызг;

Атто, Асæма --- Нуцайы фарс хæцджытæ.

Мæцыхъо --- мыггаджы хистæр.

Иласы зæй фæласта. Нуца баззад сидзæрæй . Хæдзары цы муртæ уыдис, уыдон Амырхан байуæрста хистыты ныхмæ. Амырхан архайы , цæмæй Нуца смæгуыр уа, мæгуыр цардæй сфæлмæца æмæ кæд йæ цæгатмæ ацæуид æмæ йæ зæххытæ уымæн баззайой, стæй йын сывæллæттæ та уыдзысты æххуырстытæ.

Фæлæ Нуца нæ фæтарст мæгуыр цардæй , кæд æмæ смæгуыр ис , уæддæр. Фæллой кæны, архайы цæмæй йæ сывæллæттæ сæ къахыл слæууой. Амырхан архайы цæмæй дзы скæна йæхицæн уарзон дæр, фæлæ йæ Нуца расуры йæ хæдзарæй . Уæд сфæнд кодта усæй дам-думтæ ракæнын . Уымæн ын феххуыс кодта йæ ус. Æрымысыдысты йыл Асæмайы, цæмæй йæ мыггаджы хистæр йæ цæгатмæ арвита. Нуца не сфæрæзта уыцы дам-думтæ æмæ йæхи доны ныппары. Фыдæлты æгъдæуттæ афтæ амыдтой æмæ сæ бон уыд æмæ сылгоймаджы арвыстаиккой йæ цæгатмæ, куы сæ худинаг кæна , уæд.Фæлæ Нуца уыд æгъдауджын сылгоймаг.

3.Нырыккон поэзийæ иу æмдзæвгæ.

11 билет.

1.Цæрукъаты Алыксандр. «Ныхас авдæны сывæллонимæ».



Куыд уынæм, афтæмæй йе 'сфæлдыстады сæйрагдæр фарстатæй иу у райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад. Фæлæ цæмæй поэты гуманон хъуыдытæ хуыздæр бамбарæм æмæ йын аргъ скæнæм, уый тыххæй хъуамæ зонæм, цы уавæрты рæзыд, уыдон.

Алы адæймагæн æппæты зынаргъдæр сты, æнæмæт сабийæ кæм хъазыд, лæппуйæ кæм куыста, фыццаг уарзт кæм базыдта, уыцы бынæттæ йæ хъæуы алыварс цы æрдзон дуне ис, уый. Цæрукъаты Алыксандр йæ сабибонтæ кæм арвыста, уыцы бынæттæ йын сты адджын, зынаргъ.

Иннæрдыгæй Алыксандры дуг уыд уæззау историон заман. Поэт йæ фыццаг къахдзæфтæ кодта 30-æм азты. Бавзæрста 37-æм азы трагеди. Йæ фыд бабын репрессийы цалхы бын. Æрыгон лæппу канд сидзæрæй нæ баззад, - йæ ныхыл хаста тæссаг гакк, «знаджы фырт» кæй у, уый æвдисæн. Æййæфта социалон æмæ моралон æфхæрд. Кæддæры æнæрастдзинад поэты бафтыдта мидсагъæсыл, æнæнцой фарстытыл.

Зæрдæ, зæрдæ, зæгъ-ма мын, цы фæци мæ фыд? Мæнмæ уымæн цæй бирæ зæгъинæгтæ уыд! Зæгъ, уый чи айста махæй? Цæй тыххæй уæддæр? Æз цæмæн хастон хаудæй мæ риуыл мæ сæр?!

«Адæймагæй цы рисса, ууыл дзуры æдзух», - зæгъы адæмон æмбисонд. Æмæ, æвæццæгæн, Алыксандр æнæ фыдæй кæй рæзыд, ууыл æдзух тыхсгæйæ ныффыста зæрдæйы уидæгтæй фыст æмдзæвгæ «Ныхас авдæны сывæллонимæ».

- Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй федта бирæ зындзинæдтæ, фыды рæвдыд нæ бавзæрста йæ царды. Лæппу æрмæст сидзæрæй нæ баззад, йæ ныхыл хаста тæссаг гакк, «знаджы фырт» кæй у, уый æвдисæн. Æййæфта алыхуызон æфхæрд. Ныр йæхæдæг йæ хъæбулæн фæдзæхсы, цæмæй дзы рæстдзинад макуы уа рох.



2.Коцойты Арсены радзырдты сæйраг тематикæ æмæ проблемæтæ.

3. Абарст -- фыссӕг уацмысы иу предмет иннӕйыл абары, йӕ миниуджытӕ хуыздӕр разынынӕн.

12 билет.

1.Хетæгкаты Къоста - ирон литературæйы бындурæвæрæг. (иу æмдз. наизусть).

2.Хъаныхъуаты Инал. Этнографион очерк «Ирон хъæуы». Традицитæ æмæ æгъдæутты æрфыст очеркы.

3.Басня - у фӕсномыг мидис кӕмӕн ис, ахӕм уацмыс.

13 билет.

1.Хетæгкаты Къоста «Додой». Æмдзæвгæйы темæ æмæ идейон мидис (иу æмдз. наизусть).



2. Брытъиаты Е. «Хазби». Адæмы сæрибар æмæ намыс хъахъхъæныны мотивтæ трагедийы.

Сæйраг архайæг у драмæ «Хазби» - йы Алыкгаты Хазби. Хъобангоммæ бабырстой æфхæрæг знаг. Адæмон зарджытæм æмæ таурæгътæм гæсгæ Хазби тох кодта знæгты ныхмæ йæ чысыл къордимæ. Сæ сæйрагдæр нысан уыдис, цæмæй бахъахъхъæной адæмы сæрибар æмæ намыс. Уыцы кады хъуыддагæн сæ цард снывонд кодтой ирон дзырддзæугæ лæг Хазби æмæ йе мбæлттæ Хъæссай æмæ Агуыбечыр. Æмбисонд баззад: Æмзонд, æмвæнд адæмæн хох дæр нæ лæууы». «Хазбийы хæсты» ирон адæммæ нæ разынд уыцы иудзинад æмæ састы бынаты дæр уымæн баззадысты.

Бæргæ арвыста æппæт Ирыстоны кæмттæм, фæлæ ничи рацыд, ничи æрлæууыд Хазбийы фарсмæ. Кæм бæрæгбон уыд, кæм куывд æмæ сæ никæй равдæлд Райгырæн бæстæ бахъахъхъæнын. Стæй ма сæхийæй разынд уæйгæнджытæ, куыд Хъæндил, Бегайы фырт, ахæмтæй фæдзурынц «мæсыг, дам, хи дурæй сæтты», зæгъгæ.

Ахæм адæмтæ царды фæхæссынц фыдбылыз æмæ сыл фыссæг дæр худы. Трагедийы стыр зондыхицауæй æвдыст цæуынц Ислам æмæ Нана, Хазбийы мад. Сæ алы ныхас дæр у аив æмæ уæздан.

Зæгъæм: Хазби йæ фын куы дзуры Нанайæн, уæд Нана æцæг ирон мадыл куыд æмбæлы, ахæм уагимæ райхалы фын. Хазби дзуры фын: «Комы мигъ ныббадт, дыууæ доны хсæн калм мæ алыварс æртыхст, æрымбырд мыл сты сау хъæндилты бал, нæ скъæтæй хъуг ратоны æмæ богътæгæнгæ мæнмæ лидзы, æртæ бæлоны æртахтысты æмæ сæ пакъуытæ тонынц.

Нана райхалы фын: Дыууæ доны хсæн дыл æфсад æрымбырд уыдзысты , хъæууаты тохы бацæудзынæ, уыдон дæ сæ джебохтыл айсдзысты, æз уыцы хабар куы фехъусон,уæд мæ фæрстæ хойгæ донырдæм згъордзынæн. Дæ хотæ æмæ дæ бинойнаг сæ дзыккутæ тонгæ згъордзысты, - æмæ йæ цæссыгтæ асæрфта, - æмæ дын кæд хуыцау ахæм тæрхон скодта, уæд дæ фыды уындæй æнæхай фæу мæрдты бæсты, ды дæ туг дæхæдæг куынæ райсай, зыбыты иунæг дæ, куы йæ зоныс, дæ фæстæ тугисæг нæ баззайдзæн. Æмæ æцæгæйдæр Хазбийы бахъуыд йæ тугисын æмæ хъæбатырæй фæмард . Йæ хъæбатыр тох æвдыст цæуы таурæгъты æмæ зарджыты.

3.Нырыккон поэзийæ иу æмдзæвгæ.

14 билет.

1.Хостыхъоты Зинæ. Йæ поэзийыл афæлгæст.



2.Барахъты Гино. Поэмæ «Азджериты Куыцыкк». Патриотизмы мотивтæ уацмысы.



Кадæг Азджериты Куыцыкк стыр бынат ахсы фыссæджы сфæлдыстады. Кадæг райдайы ахæм хабарæй:

Азнауыртæм райгуырдис Бæстырæсугъд. Айхъуыстис йæ рæсугъды кой бæстыл. Алы бæстæй йæм курджытæ цыд , фæлæ никæмæн разы кодта.

Иугæр Бæстырæсугъдæн мой кæныны афон у, уæд агуры ахæм мойаг, кæцы раздахдзæн кæддæр сæ хъæуæй цы рæгъæуттæ фæтардæуыд, уыдон. Азджериты Куыцыкк куы фехъуыста чызджы фæнд, уæд сфæнд кодта фæцæуын æмæ стох кæнын фыдгæнджытимæ. Ссардта йæ фыды æмбал Асланы.

Аслан, зæронд лæг, бацамоны Куыцыккæн фæндаг. Зын ын уыдис ахæм фæндаг кæй равзæрста лæппу, фæлæ дзы буздыг дæр фæцис, ома йæм ахæм хъару кæй разындис.

Азджериты Куыцыкк ацыд. Бахæццæ фæсхохмæ сæ рæгъæуттæ кæм хызтысты, уырдæм. Фыццаг сыл рахъæр кодта,стæй ахъуыды кодта ныр сæ сусæгæй куы атæрон æнæ гæрахæй, уæд худинаг у, зæгъдзысты хъару йæм нæ разындис.

Уæд сæм Азджериты Куыцыкк бадзуры:

- Знæгты хъæу, цы уыл æрцыд? Хæххон адæм сæ рæгъæуттæ куы фæтæрынц.

Рафæдис кодтой Знæгты хъæу. Азджериты Куыцыкк семæ тохы бацыд. Бирæсæ фæцагъта, фæлæ йæхæдæг дæр мæлæтдзаг цæфтæ фæцис,афтæмæй æртардта

рæгъæутты. Тыхтæй ма бахæццæ ис йæ каисты кæртмæ æмæ æрхауд. Фæлæ та ахъуыды кодта: «Ам куы амæлон, уæд адæм зæгъдзысты йæ каисты кæрты амард æмæ худинаг у.»

Сыстад тыхамæлттæй, дарддæр ацыд, æрхауд æмæ амард. Уый куы фехъуыста Бæстырæсугъд, уæд æй йæхицæн нæ ныббарста , йæхимæ азым райста æмæ болат хæсгардæй йæхи амардта.



3. Поэмæ - у бердзенаг дзырд, лиро - эпикон хуызтӕй иу, стихӕй фыст сюжетон таурӕгъ, вӕййы дзы хъаруджын архайӕг.

15 билет.

1.Хетæгкаты Къоста. «Фатимæ» -йы мидис, йæ идейæтæ.



2.Æгъуызарты Æхсарбег. «Куырды фырт». Амонды проблемæтæ романы.



Ӕгъуызарты Тӕтӕрхъаны фырт Ӕхсарбег райгуырдис 1922 азы, 21 апрелы Згиды хъӕуы. Зӕхх хъуаг кӕй ӕййӕфтой , уымӕ гӕсгӕ Ӕгъуызарты бинонтӕ ралыгъдысты цардагур Алагирмӕ.

Астӕуккаг скъола каст куы фӕцис , уӕд бацыд журналистикӕмӕ.

Куыста Алагиры газетуадзӕны редакторӕй. 1948 азы Ӕхсарбег ӕрвыст ӕрцыд ахуырмӕ Областон партион скъоламӕ.Уыцы рӕстӕг ма ахуыр кодта фӕсаууонмӕ Дзӕуджыхъӕуы пединституты дӕр. Партион скъола каст куы фӕцис ,уӕд кусын райдыдта г. Алагиры газет «Рӕстдзинад»-ы секретарӕй. Ацыд Мӕскуымӕ фысджыты цӕдисмӕ ӕмӕ каст фӕцис лит. курсытӕ. Ам йӕ курдиат рабӕрӕг , фӕзындысты йӕ уацмыстӕ дӕр:

1959 азы—1-хай –«Солнцеворот»,

1964 азы та —2-хай.

Ацы романы фӕстӕ нымад ӕрцыд куыд зындгонд драматург , куыд зындгонд кино-сценӕйы архайӕг.

Журнал «Мах дуджы» фӕзынд йӕ роман «Сын кузнеца» , ома «Куырды фырт».

Романы архайд цӕуы Стыр Фыд. хӕсты цаутӕ йӕ райдайӕнӕй кӕронмӕ. Тох кодтой цалдӕр фӕлтӕрӕй.

1-аг сӕргонды архайӕг у Бердзенты Тӕтӕри.Тӕтӕри йӕ сабийы бонтӕй абонмӕ кӕд зын цард фӕкодта, ӕххормаг ӕмӕ сидзӕрӕй схъомыл , уӕддӕр абон разы у йӕ цардӕй.

Ис ын Тӕгӕрдоны стыр , рӕсугъд,аив хӕдзар.Уарзы кусын ,у стыр пълотник ӕмӕ дурамайӕг. Ис ӕм фос-се ппӕтӕй дӕр у ӕххӕст йӕ хӕдзар фосӕй.

Ис ын бинонтӕ:

Йӕ ус Фатъимӕт—уӕздан адӕймаг, хорз мад , ис сын 5 сывӕллоны.

  1. Сӕ хистӕр фырт Тотырбег –Мӕскуыйы инженерты скъолайы ахуыр кӕны ;

  2. Мурат—15 аздзыд ;

  3. Фузӕ—8-аздзыд ;

  4. Римӕ –5-аздзыд;

  5. Асланбег—иуыл кӕстӕр.

2-аг сӕргонды архайджытӕ сты Мадинӕт ӕмӕ Сосланбег Ауызбийы фырт. Мадинӕт скъола каст куы фӕцис,уӕд ын йӕ ныййарджытӕ куывд скодтой.Мадинӕты ӕфсымӕр Бимболат куыста пединституты ахуыргӕнӕгӕй ӕмӕ ӕрхуыдта йе мбӕлтты куывдмӕ,стӕй Сосланы дӕр. Мадинӕт куывды базонгӕ Сосланимӕ ӕмӕ кӕрӕдзи бауарзтой.

Мадинӕт дарддӕр ацыд Ленинградмӕ ахуыр кӕнынмӕ, Сосланта та куыста ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст йӕ уарзон чызгмӕ.

Сӕрдыгон –иу Мадинӕт ӕрцыд каникулты ӕмӕ –иу уӕд фембӕлдысты. Ныр дӕр та 3-аг курсы фӕстӕ ӕрцыд ахӕм хӕсимӕ ---хъуамӕ ӕрӕмбырд кӕна ӕрмӕг йӕ дипломон куыстӕн, Хъуамӕ сараза генералон пълан цалдӕр азӕн:

  1. Куыд рӕздзӕн горӕты экономикӕ;

  2. Цавӕр фабрикӕтӕ ӕмӕ заводтӕ фӕзындзӕн;

  3. Цавӕр наукон ӕмӕ культурон-рухсадон кусӕндӕттӕ фӕзындзӕн.

Мадинӕты ӕфсымӕр Бимболат куры Совнаркомы сӕрдар Дзамболатӕй, цӕмӕй Мадинӕтӕн баххуыс кӕна. Дзамболат ӕххуыс кӕны архитектурон факультеты студенткӕ Мадинӕтӕн. Булататы Ауызбийы хӕдзары дыууӕ къуырийы фӕстӕ хъуамӕ уа чындзӕхсӕв….

Ӕрхӕццӕ тохмӕ сидыны бон дӕр. Райдыдта хӕст. Адӕмы нал ӕвдӕлы чындзӕхсӕвмӕ.

Тӕгӕрдоны хъӕуы цӕрджытыл бафтыдис удаистдзинад. Ӕнӕхонгӕйӕ тындзыдтой хъӕуы астӕу стыр фӕзмӕ. Фӕзындис уӕзласӕн машинӕ дӕр. Машинӕйы гуыффӕмӕ схызт хӕстон комиссар ӕмӕ сиды хӕстмӕ.Дзырды бар радтой Ауызбийӕн. Ауызби фыццагдӕр бадзырдта йӕхи фырттӕм. Схызтысты хӕстонтӕ машинӕйы гуыффӕмӕ.

Райхъуыстис хъӕбатыры зарджытӕ дӕр, фӕндыры хъӕлӕс, цӕссыг калд… Чизоны сӕ иутӕ фӕстаг хатт хъусынц ирон цагъд…

Афӕндараст кодта Ауызби дӕр йӕ фондз фырты… Мурат дӕр сын фӕндараст зӕгъта. Уый бӕрц цӕссыг калгӕ никуыма федта…

Тӕтӕри ӕмӕ Муратдӕр ӕнкъардӕй ӕрбаздӕхтысты сӕ хӕдзармӕ.Сӕ дыууӕйӕндӕр сӕ зӕрдӕтӕ дзырдтой хӕстимӕ. Муратӕн нырма афон нӕ уыд, 15-азы йеддӕмӕ йыл нӕ цыд, ӕмӕ йӕ нӕ ауагътой, Тӕтӕрийы та бабӕстон хъуыд йе нахъом сабиты. Тӕтӕри Муратимӕ байсӕрста сӕ хӕдзар чъырамӕстӕй, стӕй цалдӕр боны фӕстӕ араст кодтой уый дӕр.

  1. Нырыккон поэзийæ иу æмдзæвгæ.



16 билет.

1.Хетæгкаты Къостайы уацмысты бастдзинад адæмон сфæлдыстадимæ (баснятæ, «Уæлмæрдты»).



Хетæгкаты Къоста райгуырд Нары хъæуы 1895 азы 15 октябры. Йе мдзæвгæты æмбыргонд «Ирон фæндыр» фæзындис мыхуыры 1899 азы. Ам сты йæ баснятæ дæр: «Булкъ æмæ мыд», «Халон æмæ рувас», «Бирæгъ æмæ хърихъупп», «Саг æмæ уызын». ææææææææææææææææææææææææææææææææææææææææææ



2.Плиты Грис. «Чермен». Социалон конфликт уацмысы.

(скъуыддзаг наизусть).



Плиты Грис райгуырдис Хуссар Ирыстоны 1913 азы Ручь хьæуы. Йæ ныййарджытæ уыдысты зæхкуысджытæ. 1920 азы æндæвдадæй рахаста Хуссарæй – Цæгатмæ мидхæсты уылæнты, æмæ йæ ныййарджытæ æрцардысты Ногиры. Грис хайад райста Фыдыбæсты Стыр хæсты. Йæхи цæстæй федта хæсты уылæнтæ æмæ фыд цард. Хæстæй стыруæлахизимæ ссыдис. Йæ чиныг «Атакæ» - йы сты æппæт уыцы хæсты цаутæ. Йе сфæлдыстады зынгæ бынат ахсы трагедии «Чермен».

Чермен уыд Тлаттæй , Хъобаны хъæуккаг.Йæ фыд уыд æлдар, йæ мад – номылус, йæхæдæг – кæвдæсард.

Чермены хъæбатырдзинад хъуыстгонд уыд æппæт Кавказыл. Трагедийы Чермены уарзон чызг Азауы уарзы æлдар Касалы фырт Хъæссай. Хъæссай æн æнæуынон у Чермен. Иуахæмы Черменмæ æрбацыд хъаст мæгуыр адæмæй æмæ уырдæм ацыд. Чермены рбацыдмæ Тлаттæ сæ зæххытæ байуæрстой. Чермен æрбаздæхт уæлахизимæ, фæлæ йæ мады æрбаййæфта кæугæ. Черменæн йæ мад радзырдта хабар, Уый дыккаг бон ацыд æмæ бахуым кодта,зæххытæн фæлмæндæр кæм уыд, уым. Æлдæрттæ йæм нæ уæндынц æввахс бацæуын. Сфæнд кодтой йæ амарын сусæгæй. Йæхицæн дзы æфсымæр загъта Дзандар, цæмæй сыл тынгдæр баууæнда. Иуахæм Чермены æрдхорд Дзиу ацыд Дыгурмæ. Чермен æмæ Дзандар ацыдысты Дзиуы размæ. Чермены бæласмæ схизын кодтой, акæс – ма зæгъгæ, нæма зыны? Чермены бæласмæ æхсын райдыдтой, æргæпп æм кодта, дыууæ –ма дзы ныххурх кодта, фæлæ йæхæдæг дæр фæмард хъæбатырæй.

3.Эпитет - у ӕдзухон бӕрӕггӕнӕн. (туг – ӕдзух дӕр вӕййы сырх). 17 билет.

1.Коцойты Арсен. Радзырд «Æмбæлттæ». Уацмысы мидис æмæ конфликт.

2.Хъуылаты С. Радзырд «Иудзонгон»-ы сюжет æмæ идейон мидис.

Архайд цæуы Хуссар Ирыстоны мидхасты рæстæг. Архайджытæ сты Мæхæмæт – ацæргæ лæг, большевик. Габе та – мæгуыр æвзонг лæппу. Ныхас кæнынц: Габе уарзы хъæздыг Хаджумары хо Саниаты. Габе кæддæр куыста Хадзумармæ æмæ йын 10 боны мызд нæ бафыста ныр æм мæсты у æмæ дзуры Мæхæмæтæн: «Большевиктæ куы фæзыниккой, уæд Хаджумары винтовкæ радавин æмæ дзы мæ маст райсин».

Иу хатт, дам, горæтмæ ацыдыстæм Хаджумар æмæ Сæниатимæ. Хаджумар горæты фæхыл кимæдæр æмæ йæ æрцахстой. Гæбе баззади Сæниатимæ æмæ раздæхтысты хæдзармæ. Ныр уыцы фæндаг мысы. Уæд ын иу бон Сæниат балæвар кодта зæнгæйттæ. Ам бæрæг у Сæниат дæр æй кæй уарзы. Хаджумар сæ куы базадта, уæд Сæниатыл дуæрттæ сæхгæдта.Æддæмæ йæ нал уагъта, цæмæй ма æмбæлой.

Райдыдта мидхæст. Габе дæр тохы быцыд меньшевиктимæ. Хæсты йæ цонг фесæфта. Иу бон ыл амбæлд Сæниат. Сæниатæй на фауы æнæ цонгæй дæр. Хъазæн ныхас дæр ма йын загъта:

- Куыдз къуылыхæй нæ мæлы.

Хæст фæсабар, фæлæ ма уæддæр кулактæ сæ маст истой. Сæниаты уарзон æфсымæр, Хъауырбег, дæр абырæг фæлыгъд хъæдмæ. Уырдыгæй хъыгдардтой адæмы. Иу ахæмы Габейыл амбæлд. Габейы нæ фæнды схæцын, фæлæ уæддæр уд адджын кæм нæу?

Нæй æндæр гæнæн Габейæн æмæ фехста, Хъауырбеджы амардта.

Дыккаг амбæлд та фæкодта Сæниат Габейыл къанторы раз, Хъауырбеджы зиан куы æрбацæйластой, уæд. Сæниат ахæм цæстæй ракаст Габемæ æмæ Габе бамбæрста йæ цонгæй куыд фæхицæн, афтæ фæхицæн йæ уарзон чызгæй дæр.

Афтæ фæхицæн сты дыууæ уарзоны рæстæджы аххосæй.

3. Цы у радзырд - у ахӕм прозӕйӕ фыст цыбыр аивадон уацмыс, ӕвдыст дзы ӕрцӕуы адӕймаджы цардӕй исты цау.

18 билет.

1.Калоты Хазбийы лирикæйы сæйраг мотивтæ. 2.Этикон проблемæтæ уацау «Фæндагсар Уастырджи» - йы.

Уацауы сæйраг архайджытæ сты Дзитта æмæ Дзаххо. Фæлыгъдысты Цæгат Ирæй Хæссар Ирмæ æмæ æрцардысты Æхсæйнаг хъæуы, Гæвдийы хæдзары. Гæвди сын радта йæ фыды фыды фыд кæм цардис, уыцы хæдзар. Дзитта æмæ Дзаххойы адæм тынг бауарзтой, схæлар сты семæ. Дзаххо куысты ныллæууыд: фæндæгтæ арæзта , бæлццæттæм йæ хъус дардта. Йæ куысты мызд уыдис, кæмæ цы уыд тыллæгæй, уымæй сын хай кодтой.

Йæ «мызд» куы æмбырд кодта иуахæмы, уæд нæ бахоста идæдз усы хæдзармæ. Идæдз ус фæхæрам, зæгъгæ , мæн хæдзарыл нæ банымадтай. Дзаххойæн та йæ цæсгом нæ бахъæцыд, зæгъгæ , идæдз…

Иу бон та хосгæрдæны араст æмæ йын йæ уыгæрдæн ныккарста, зæгъгæ, йын чи ныккæрддзæн. Ус дардæй кæсы æмæ загъта ,- чидæр фæрæдыд,- арвыста йæ лæппуйы. Лæппу сбæрæг кодта хабар, æрцыд æмæ радзырдта мадæн хабар. Мад тагъд-тагъд чъиритæ ракодта æмæ йын хуын схаста уыгæрдæнмæ.

Дзаххо сфæнд кодта йæхи къуым саразын. Дзиттайæн куы загъта йæ хъуыды , уæд Дзитта батыхст æмæ загъта:

--Æмæ хохы иунæгæй куыд цæрдзыстæм?

-- Цæмæн иунæг? Хохы цъуппыл цæргæйæ адæмæн уарзон куы уай, уæд иунæг никуы уыдзынæ; фæлæ адæмы æхсæн цæргæйæ иунæг чи у, гъе,уый у мæгуыр.

Сырæзт Дзаххойы хæдзар. Ацыдысты хохмæ цæрынмæ. Самал кодтой сæгътæ дæр.Ис сын ныр хæринаг дæр. Фæразынц цæрын. Сæ зымæг дæр арвыстой. Сæрд дæр сыл æрцыд.



Сæрды тæмæны сæм фæзындысты æнахуыр уазджытæ, геологтæ. Дзырдтой æнахуыр æвзагæй. Дзитта æмæ Дзаххо не мбæрстой уазджыты æвзаг, фæлæ семæ уыд тæлмацгæнæг æмæ уый фæрцы балымæн сты.

Дзитта сын арæх хаста куы æхсыр, куы та хуырх. Иу хатт ын æхца дæр лæвæрдтой , фæлæ сын æй нæ бакуымдта, зæхмæ сын æй аппæрста æмæ алыгъдис. Дзаххо геологты æвзаг кæй не мбæрста , уый йын тынг зын кодта.Хатт – иу æй бафæндыд æмæ уырыссагау куы зонид æмæ Николаимæ ныхасæй куы бафсæдид.Тæлмацгæнæджы фæрцы йын радзырдта йæ фырты хабар æмæ йæ фидар бафæдзæхста: «Макæмæн мацы зæгъ». Дзаххо радзырдта фæндаггонтæн куыд æххуыс кæны, уый дæр:

-- Иу хатт æфцæгыл æрхызт иу лæг æмæ ус, семæ уыд æнахъом саби. Баталынг сын æмæ ам баззадысты æхсæвы. Райсомæй куы цыдысты, уæд мæм æхца дæттынц, æз сæ нæ райстон. Уыдон сæ сусæгæй ныууагътой æмæ араст сты. Æз сæ куы ауыдтон, уæд сæ фелвæстон æмæ сæ фæстейæ асырдтон.

--- Айсут уе хца, цалынмæ сæ нæ айсат, уæдмæ уæ фæстæ цæудзынæн. Афтæ ма фæнхъæлут æмæ сыл тæргай кæнын, стæй йæ сымах куы нæ зæгъат , уæддæр æй æз дзурдзынæн æмæ мæгуыр лæг мæ хæдзармæ нал бауæнддзæн ,ома мæм æхца нæй, зæгъгæ, зæгъдзæнис. Бæлццæттæ ницыуал загътой æмæ се хца райстой.

Нырдæр та сæ уазджытæ цæуыны фæнд скодтой. Дзаххо сын сæныкк аргæвста æмæ сæ йæхимæ æрбахуыдта. Николай сæныккæргæвст куы федта, уæд ын зын уыд, фæлæ ма цы? Дзитта сын чъиритæ скодта, Æхсæйнаг хъæуæй цы арахъхъ æрбахаста, уымæй сын Дзаххо æхсæвы бирæ фæкуывта. Райсомæй сæ куы фæндараст кодтой, уæд Николай дæр йæ «маст» райста, систа йæ кæсæн цæстытæ æмæ сæ дæтты Дзаххомæ. Уый сæ нæ исы, фæлæ бирæ хатыды фæстæ сразы. Араст кодтой сæ уазджыты Æхсæйнаг хъæуы онг Дзитта æмæ Дзаххо.

Иу карз зымæгон æхсæв Дзаххо дзуры Дзиттамæ:

-- Не фсин, мæ зæрдæ мæм афтæ дзуры, цыма фæсхохæй бæлццæттæ рацыд , фæсæфцæг сыл схъызыд, æмæ бæллæхы бахаудтой.

-- Цы дын зæгъон, се рцыдмæ сын исты хъарм хæринаг скæндзынæн.

-- О, иугæр ардæм куы рхæццæ уой, уæд хорз у, фæлæ сæ размæ ауайын хъæуы. Дзиттайы нæ фæндыд, фæлæ йын йæ хызын ацæттæ кодта.

Дзаххо араст йæ куыдзимæ фæдисы, цæуы арф миты, йæ къæхтыл къахдзоныгътæ , йемæ райста бæндæн дæр. Уалынмæ фехъуыста топпы æхст.Дзаххо бамбæрста ,уый фæдисы æхст кæй у.æмæ размæ атындзыдта.

Æфцæджы сæрмæ йæ бирæ нал хъуыдис, афтæ фехъуыст адæймаджы æнуд цъæхахст .

--- Кæм дæ, цы фæдæ, Уастырджи!

--- Мæнæ дæн, мæнæ!—зæгъгæ, ныхъхъæр сæм кодта Дзаххо æмæ размæ тындзгæ згъоры. Ссардта сæ, бæндæн сæм ныууагъта, æмæ сæ иугай сласта.

Фондзæй талынджы цъитийы рагъмæ бахаудтой æмæ сын схизæн нал уыдис (ныв). Æркодта сæ сæхимæ. Æхсæвæр сын бахæрын кодта Дзитта, сæ хуылыдз дзаумæттæ сын бахус кодта. Уазджытæй иу дзырды бар ракуырдта æмæ радзырдта, куыд фæдзæгъæл сты, куы бамбæрстой нал нын ис аирвæзæн, уæд скуывта хъæрæй:

--Кæм дæ,цы фæдæ, Уастырджи!

Дæ хъæр дын фехъуыстам, фæлæ нæм рындзы сæрæй куы æркастæ уæд нæм æцæгæй Уастырджийы хуызæн фæкастæ.

Гъ, æмæ нын дæ цæрæнбон бирæ!Нæ фæндагсар Уастырджи ды разындтæ.

Бирæ йын фæкуывтолй æмæ сæ райсомæй арвыстой.Уазджытæй иу , Берданы, тынг бафæндыд æмæ Дзаххойæн топп куы балæвар кæниккой, фæлæ сын уый не сразы. Дзиттайæн та фанар, фæлæ сын уыйдæр не сразы æмæ уæддæр фанар митыл ныууагътой, Дзаххойæ куыд фена , афтæ. Дзаххо йæ ссардта æмæ йæ Дзиттамæ куы æрбахаста, уæд æм Дзитта фæхыл кодта (103 фарс).



Дзаххо æрбахæццæ хæдзарæнлæгæй цы æмбырд уыд, уырдыгæй, хур нæмæ фæхицæн хæхты бæрзæндтæй, афтæ.Бирæ йæ нал хъуыд хæдзармæ, афтæ скаст æфцæджы сæрмæ æмæ федта цавæрдæр æндæрг.

-- Не фсин,радав –ма кæсæнцæстытæ! Дзитта йыл бахъуыр – хъуыр кодта. Дзаххо кæсы æмæ бамбæрста, уый бæлццон кæй у,скаст ма иу хатт, стæй загъта:

-- Цæй дæлæмæ куы æрцæуа, уæд кæд фæндаг ссарид,-- йæхæдæг фæзивæг кодта, фæлæд уыд.

Дзаххо бады, æмбырды цы фехъуыста, уыдон дзуры Дзиттайæн, фæлæ та йæ ныхасæй фæлæууы, йæ зæрдæ æхсайы фæндаггонмæ.

Фæндаггон куы æрхæццæ вæййы, уæд æй куыдз базоны, фæлæ уый нæма рæйы, æвæццæгæн раст фæндагыл не рцыд. Схуысыд, фæлæ йæм хуыссæг æввахс нæ цæуы.Фæрафт- бафт кодта, стæй сыстад, араст Муртакимæ бæлццоны размæ.

Исдуг суадис, стæй ныхъхъæр кодта. Йæ уæлвæд æм æрыхъуыст фæсус хъæлæс. Муртак дæ згъоры, бахæццæ бæлццонмæ æмæ рæйы. Дзаххо дæр фанары рухсмæ ссардта фæндæггоны. Æркодта йæ тыхамæлæй, йæ къахыл нæ лæууыд, къах фездыхт. Дзитта хуырх атæвд кодта æмæ йын йæ риссаг къах уым нывæрдта. Дзаххо йын æй тынг райвæзта æмæ къах йæ бынаты абадт. Фæндыд æй тынг куы йæ бафæрсид, чи у, кæдæм цæуы æмæ загъта:

-Ирон хæдзары æрæгмæ бафæрсынц уазæджы, чи дæ, зæгъгæ,фæлæ уæддæр базонæм кæрæдзи.

Бæлццон ныккæсы Дзаххомæ,цæуылдæр дызæрдыг кæны, йæхи нæ уæнды хъæр кæнын æмæ загъта:

-- Æз дæн ардыгон, фæлæ æндæр коймаг,-- йæ мыггаг дæр æнахуыр мыггаг схуыдта. Паддзахы раппæрсты фæстæ фронт фæхæлд æмæ цæуын нæхимæ.Уыдис ма мемæ иу ирон лæппу , иумæ æрцыдыстæм Дзæуджыхъæумæ. Уым фæхицæн стæм.Æз ардæм рацыдтæн, уый та Дыгургоммæ. Дыгургомы коймæ Дзаххо фæстъæлфыд.

-- Зæгъ –ма, дæ хорзæхæй, йæ ном, йæ мыггаг куыд уыдысты?

-- Йæ мыггаг уыд Кадатæй, йæ ном Дзамболат. Дзаххо æмæ Дзитта уый куы айхуыстой, уæд сæ цинæн кæрон нал уыдис.

-- Усай, нæ иунæг гас у, гас! Дзитта бауад уазæгмæ,æдзынæг æм ныккаст, йæ русыл стыр нос, сау рихитæ, даргъ зачъет. Дзитта сæ фыццаг хатт уыны, фæлæ цæстытæм ныккаст. Уыдон дæр худынц.

-- Мæ хъæбул, ды дæ! – фæхъæр кодта ус æмæ æрхауд.

Усы æрчъицын кодтой. Дзамболаты дæр афтæ нæ фæндыд, фæлæ сæ уый дæр раздæр нæ базыдта, уымæн æмæ сæ ныхæстæ кæрæдзиуыл нæ бадтысты.

Мад æмæ фыды тынг фæндыдис æмæ сын йæ хабæртæ куы радзырдтаид Дзамболат, фæлæ загътой ныр фæллад у, баулæфа æмæ райсом дзурдзыстæм. Дзамболаты бахъуыд геологтæн йæ рахауды фæндаг куыд радзырдта, уымæй бæстондæрæй радзурыны сæр йæ фыртæн. Адæмæй дæр æфсæрмы кæны, раст сын кæй нæ загъта, уымæй.

Æцæг та уыд афтæ:

Дзаххойы бинонтæ цардысты Цæгат Иры арæнæй Кæсæджы арæны æхсæн. Æлдарæй – иу райстой зæхх æмæ –иу æй бакуыстой. Дзахходæр уыцы аз райста зæхх кусынмæ. Дзамболат дæр хуым кæны сæ зæхх. Æххуыс ын кодта иу æвзонг лæппу. Уыцы рæстæджы сæм æлдар кæцæйдæр фæзынд йæ фæсдзæуинтимæ, семæ – ма уыд æндæр бæстаг уазджытæ.Сæ фарсмæ – ма куыстой бынæттон кæсæг адæм. Уыдон æлдары фæзындæй сæ куыст фæуагътой æмæ уырдыг слæууыдысты æгъдаумæ гæсгæ, æлдарæн лæггад кодтой. Фæлæ Дзамболат ахæм æгъдауыл ахуыр нæ уыд, стæй зонгæ дæр нæ кодта кæсæджы æгъдау. Уымæн æмæ раздæр цардысты Залгъæдгомы. Зæхх хъуаг кæй æййæфтой, уымæ гæсгæ ралыгъдысты Кæсæгмæ.

-- Адон та дын чи сты?-- бафарста æлдары йæ уазджытæ.

-- Уыдон дæр сау адæм, -- загъта æлдар.

-- Æмæ сæ æгъдау уыдон цæуылнæ æххæст кæнынц?

-- Ныртæккæ сын æй бамбарын кæндзынæн, айрох сæ вæййы,-- загъта æлдары фырт. Батахт æмæ уæлбæхæй Дзамболатыл ралæууыд. Дзамболат кард фелвæста æмæ лæппуйы сæр йæ риуыл æрхауд. Фæдисонтæ бæх ахсыныл куыд фесты, афтæ Дзамболат хъæдмæ аирвæзт. Йе мбал Дзаххомæ фæдисы фæцис. Дзаххо æхсæвы фæлыгъд, загъта æрмæст иу адæймагæн йæхиуæттæй, кæдæм цæуы, уый.

Дзамболат иу хъæуы ныллæууыдис æххуырст.Уыцы рæстæджы Цæгат Ирæй бирæтæ цыдысты Харбинмæ кусынмæ. Уый дæр сфæнд кодта, фæлæ йæм гаххæтт кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ йæ рцахстой æмæ йæ Сыбырмæ фæхастой. Уым базонгæ ис политикæйы фæдыл ахст чи уыдис, уыдонимæ. Уыдон æй сахуыр кодтой уырыссагау дæр. Уæдмæ райдыдта Германы хæст.Ахстытæн бар радтой, бархийæ чи ацæуа хæстмæ , уыдонæн сæ фыдракæндтæ барст æрцæудзысты. Дзамболат дæр ацыд фронтмæ, хæстмæ.Уыдис æм ахуырдзинаддæр, фæлæ йæ лæджыхъæды фæрцы стыр хорзæхджын куы ссис, уæд ын радтой афицеры цин дæр. 1916 азы кæрон Германы фронты баиу большевикон къордимæ. Фронт дæр уæдмæ фехæлд æмæ Дзамболат дæр сæхимæ цæугæйæ бахауд мидхæсты цæхæры. Йæ маст райста Кæсæджы партизантимæ , йæ хæдзар ын чи фехæлдта, уыцы æлдарæй дæр æмæ ссыдис сæхимæ. Чидæр ын бацамыдта йæ ныййарджыты фæд æмæ араст уыдон агурæг. «Раст адæймаджы Хуыцау нæ сафы», - ахæм æмбисонд ис ирон адæммæ. Æцæг фæрнджын адæймаг разындис Дзаххо.Ссардта уарзон адæмы хсæн цард, фæллой, ссардта йæ фырты дæр. Уый та у амонд æмæ фарн.

3.Гипербола - у ахӕм лит-он мадзал, кӕцы уацмысы исты цау, егъаудӕрӕй, кӕнӕ тыхджындӕрӕй равдисы.

19 билет.

1.Малиты Георгийы æмдз. «Федог». Тох æмæ рухсмæ сидыны мотивтæ уацмысы.



Малиты Георги райгуырдис 1886 азы, Чырыстон хъæуы. Йæ ныййарджытæ уыдысты зæхкусджытæ. Каст фæцис дыууæ къласон дины скъола æмæ бацыд Æрыдоны семинары, фæлæ йæ каст нæ фæцис. Рæстдзинадыл кæй дзырдта, уымæ гæсгæ цухгонд æрцыд æмæ йын дарддæр нал уыд ахуырмæ фæндаг. Уымæ гæсгæ куыста хъæуты куы писырæй, куы та ахуыргæнæгæй. Профессор Абайты Васо афтæ зæгъы:

- Малиты Геуæрги у дыккаг Къоста. Къостайы æмдзæвгæ «Балцы загæг» æмæ Геуæргийы æмдзæвгæ «Федог» -æн Васо кодта иу аргъ.



Æмдзæвгæ «Федог»

Рохсмæ, фæсевæд, тундзетæ,

Рохсмæ цæуетæ æнгом,

Нифс, лæгдзийнадæ уарзетæ,

Скæнтæ муггагмæ стур ном.



Арвмæ мæсуг амайетæ,

Хорма кæнетæ фæндаг,

Гъæйт, зæрдиуагæй уайетæ,

Догъи ма уатæ фæстаг.



Тари цæфсæд сæребарæ,

Мегъи сарæд æ тунтæй,

Цардмабан уæд гъезæмарæ,

Зæнхæ райзол уад рунтæй



Рохсмæ, фæсевæд, тундзетæ,

Рохсмæ цæуентæ æнгом,

Нифс, лæгдзийнадæ уарзетæ,

Скæнтæ муггагмæ стур ном.



2.Беджызаты Чермен. Таурæгъ «Кодзыртæ».

Беджызаты Чермен райгуырд Хуссар Ирыстоны Едысы хъæуы. Йæ фыд Дауыд уыд сауджын. Йæ фыды фыд уыд зындгонд таурæгъгæнæг Леуан . Чермен сæ хъæуы ахуыр кодта райдиан скъолайы. Ахуыр кодта Гуры дины скъолайы, Калачы дины семинары. 1920 - азы уылæнты Чермены рахастой Хуссарæй Цæгат Ирыстонмæ æмæ æрцард Дзæуджыхъæуы.

Йæ таурæгъ «Кодзыртæ»- йы архайд цæуы Хуссар Ирыстоны Ерманы хъæуы. Уым цард Кодзырты мыггаг. Кодзырты Тохтæ цард Ерманы. Арæх - иу æрцыд хæтæнты, фæлæ - иу йæ хæдзармæ афтидæй никуы æрцыд. Иу хатт йемæ æрхаста кард. Кардмæ бирæтæ бахæлæг кодтой. Сæ хъæуы цæрæг Бæдту йын æй куырдта, фæлæ Тохтæ нæ радта кард .Уый адыл æм фыдзæрдæ бахаста Бæдту. Иу хатт сæм уазæгуаты æрбацыд Уанелæй Гаглойты Перса . Сæумæйæ Тохтæйы ус дон хæссынмæ ацыд. Гаглойты лæг дæр йæ фæстæ ацыд, бæхæн доны дарыны æфсон. Фæндагыл амбæлдысты. Усæн аба кодта. Ус уый банымадта æфхæрдыл. Хæдзармæ кæугæ æрбацыд æмæ загъта: -Ничи стут, куыд бахаста искæй лæг йæ ныфс уæ сылгоймагмæ. Уый адыл дыууæ маггаджы æхсæн фæзынд быцæу - Гаглойты æмæ Кодзырты æхсæн. Кодзырты сылгоймæгмæ сæ цæгæттæм лыгъдысты. Тохтæйы усæн уыд гыццыл лæппу. Бызгъуырты йæ стыхта æмæ йæ къæссайы нывæрдта , афтæмæй ацыд йæ цæгатмæ. Фæндагыл ыл амбæлд Гаглойтæй иу лæг. - Кæдæм цæуыс, дæ хызыны цы ис? - Мæ хызыны, мæ лæппуйы мын амардтой æмæ йын гыццыл гæдыйы лæппын баззад æмæ уый хæссын, мæ цæст æй нæ уарзы аппарын . Сывæллон аирвæзт. Сыстыр мады цæгаты. Ус ракуырдта. Таурæгъмæ гæсгæ зæгъынц, ома Гæдиаты мыггаг, дам, ацы лæппуйæ рацыдысты.

3.Нырыккон поэзийæ иу æмдзæвгæ.

20 билет.

1.Агънаты Гæстæны уацау «Фæстаг бæх»-ы этикон проблематикæ. 2.Бицъойты Грисы роман «Арвы айдæн». Хæст æмæ гадзрахаты темæ романы.

1-ӕм сӕрӕй-12-ӕм сӕрмӕ.

Романы сӕйраг архайджытӕ сты : Сабан, Гацыр, Ануси, Зауырбег, Даки, Дзӕмӕт… Сабан 10 боны размӕ сыздӕхт хӕстӕй. Схаста инвалиды ном. Ныр Сабан у колхозы сӕрдар, фосы скъӕрджыты хистӕр романы.

Колхозы фосы дзуг скъӕрынц Рагъы хъӕуӕй хохмӕ. Семӕ- ма баиу Ануси дӕр , йӕ мады хо цӕры уыцы хохы ӕмӕ уырдӕм цӕуы.

Сабан ӕмӕ Ануси рагӕй уарзтой кӕрӕдзи. Ныр кӕрӕдзийӕн цӕстӕнгасӕй сӕ ныхӕстӕ фӕдзырдтой.Семӕ –ма уыд Гацыр дӕр. Гацыр йӕ цотӕй иуыл фылдӕр уарзта йӕ чызг Цыкурайы , ӕвӕццӕгӕн , йӕхи хуызӕн кӕй уыд, уый тыххӕй.Цыкура ныр ис йӕ мады рвадӕлтӕм , фӕлӕ йӕм йӕ зӕрдӕ ӕхсайы.Бахӕццӕ сты иу хъӕумӕ фыййӕуттӕ,хъӕуы кӕрон ис уӕлмӕрд.Уым ис бирӕ ног ингӕнтӕ, хӕсты чи фӕмард, уыдонӕн.Уыдон фенгӕйӕ Гацыр дӕр скувы хуыцамӕ : «Ме фсымӕр Гӕбыла дӕ фӕдзӕхст. Йӕ сывӕллӕтты йын сидзӕрӕй ма ныууадз». Гӕбыла дӕр уыд хӕсты ӕмӕ дзы рагӕй нӕй хабар. Сабан дӕр агуры йӕ фыды ингӕн.Уӕдмӕ сӕ ӕрбаййӕфта Райӕххӕсткомы сӕрдар Даки дӕр.Даки та раздӕр куыста , Сабаны размӕ , колхозы сӕрдарӕй. Сабанмӕ хӕстӕг бацыд :

--Ӕвзӕр хабар!

--Цы хабар у ?

-- Гӕбылайӕ сау гӕххӕтт ссыд.

Гӕбыла Гацыры кӕстӕр фсымӕр у, Дакиимӕ та ӕмбӕйттӕ. Дзидзидайӕ Гӕбылайы мад амард ӕмӕ йӕ Дакийы мад схъомыл кодта. Ныр Гацырӕн ницы хъӕр кӕнынц. Иу хатт Даки фын федта : «Сӕ мад Сӕм ӕрбацыд ӕмӕ цыма Гӕбылайы акодта. Гӕбыла йӕм дзырдтон ӕмӕ, дам, ды лӕуу».

Романы 13-ӕм сӕрӕй---30-сӕрмӕ.

--- Ануси йӕ мады хойы хӕдзар баййӕфта ӕхгӕдӕй ӕмӕ фыййӕуттӕм ацыд фӕстӕмӕ. Гацыр ацыд йӕ чызг Цыкурайы фенынмӕ.Гацыр бирӕ бафӕстиат ӕмӕ йӕм Зауырбег дӕр ацыд агурӕг. Уӕдмӕ сын Дзӕмӕт сӕ фосӕй адавта , фӕлӕ сӕ Зауырбег байста.Дзӕмӕт Зауырбегыл гранат фехста . Зауырбег уӕззау цӕф фӕцис. Немыцы бомбӕтӕй дӕр бирӕ фӕмард сӕ фосӕй.

Иуахӕмы Борнӕф немыцаг коменданты сӕхимӕ ӕрбахуыдта , хорз ӕй федта, ирон хӕринӕгтӕй , стӕй ацыд фыййӕуттӕм. Фыййӕуттӕн ныфс бавӕрдта , гӕххӕтт сын кӕй райсдзӕн комендантӕй , цӕмӕй сын сӕ фосмӕ мачи мацы бар дара. Фыййӕуттӕ йыл тынг нӕ баууӕндыдысты , фӕлӕ уӕддӕр сразы сты… Райста сын гӕххӕтт , Борнӕф фембӕлд Дзӕмӕтыл. Кӕрӕдзи хорз бамбӕрстой. Иннӕ бон хъуамӕ фембӕлой.

Дзӕмӕты ӕхсӕв хуыссӕг нал ахсы ,цы хуызы ӕууӕнда Борнӕфыл?

Цӕмӕн зилы фосскъӕрджыты фӕстӕ? Кӕд уый дӕр дзугмӕ хъавы.?

Иннӕ бон дӕр ӕрхӕццӕ ,автомат йемӕ рахаста –хӕцӕнгарзы уындӕй хъуамӕ фӕтӕрса Борнӕф , зӕгъгӕ.

Нысангонд бынатмӕ бацыд Дзӕмӕт , йӕхи нӕма ӕвдисы, бамбӕхст хъӕды ӕмӕ уырдыгӕй хъахъхъӕны.

Уалынмӕ ӕнӕзонгӕ лӕг фӕзынд,ахъахъхъӕдта ӕмӕ хъӕды фӕмидӕг.

Дзӕмӕт бамбӕрста къӕппӕджы кӕй бахауд.Уалынмӕ цавӕрдӕр къӕрццытӕ райхъуыст , бамбӕрста кӕимӕдӕр дзырд кӕй сты , ома мӕнӕ дӕн. Куынӕ йӕ ссардтой , уӕд ацыдысты.

Фӕлӕ ныр Дзӕмӕтӕн ам нал ис ӕрлӕууӕн, уымӕн ӕмӕ йын йе хсӕвиуаты бынат дӕр загъта. Борнӕфы ӕрвыст лӕгтӕй ӕмбӕхсы.Боны рухсӕй рацӕуы хъӕдмӕ , агуры Борнӕфы.

Борнӕф дӕр зылди Дзӕмӕты фӕстӕ. Иу бон сӕ фембӕлд сӕххӕст. Дзӕмӕтӕй куыд ныфсджын ӕнхъӕлдта, афтӕ нӕ разындис.

Йӕ бӕх ын байста.

_Дӕ мад ,дӕ фыды хатыр , ма мӕ амар. Радзурын ын кодта ӕппӕтдӕр, марӕг ын кӕй арвыста йӕ фӕстӕ…

--Ныр размӕ цу!-йӕ разӕй йӕ акодта. Иудзӕвгар ацыд ,стӕй иу зылд фӕкодта ,фӕлӕ йӕ нӕмгуытӕ нӕ рауагътой ӕмӕ йӕ мидбынат ӕрхауд Борнӕф.

-- Фыййӕуттӕ Борнӕфмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц.Ныфс ма сӕ уыд немыцӕй цы гӕххӕтт райстой , уымӕй.(ПРОПУСК).

--Сӕударӕй азмӕлдзыстӕм ,-загъта Сабан ,-ӕнхъӕлмӕ кӕсӕн нын нал ис ,ӕрмӕстма ссарын хъӕуы ӕхсӕнгаӕрзтӕ. Хӕст цы хӕуты уыд , уым ма уыдзӕн ӕхсӕнгӕрзтӕ. Гацыры фӕндыд цӕмӕй Борнӕфмӕ банхъӕлмӕ кӕсой , фӕлӕ йыл иннӕтӕ нал ӕууӕндыдысты.

--Ӕз дӕр ыл нал ӕууӕндын,-- загъта Ануси дӕр. Сабаны тынг фӕндыдис ӕмӕ Гацыр Борнӕфы ныхмӕ исты куы загътаид ӕмӕ дзы сӕхи куы ратониккой. Дыккаг бон сихормӕ фенхъӕлмӕ кастысты , ӕмӕ Гацыр дӕр загъта : «Нал хъӕуы кӕсын ме рвадмӕ». Раскӕрдой сӕ фос , фӕлӕ Сабанмӕ афтӕ каст цыма сын нал ис аирвӕзӕн немыцӕй. Исдуг ахӕццӕ ис йӕ саби дугмӕ дӕр.

--Йӕ мад-иу йӕ фӕстӕ сусӕгӕй куыд ацыд ӕмӕ –иу ӕй куыд хъахъхъӕдта. Иу хатт сусӕгӕй йӕхи найынмӕ ацыд ӕмӕ йӕ мад дӕр йӕ фӕстӕ ацыдис . Мад йӕхи нӕ равдыста ,афтӕмӕй рацыд ӕмӕ йын йе рцыдмӕ хъарм хӕринаг сарӕзта.

Куы ӕрцыд ,уӕд ӕй фӕрсы :

-Кӕм уыдтӕ ?

Сабан нӕ загъта кӕм уыд , уый . Мад куы радзырдта хабар ӕцӕг куыд уыд уый ,уӕд лӕппу дисы фӕцис .

-Нана ӕмӕ йӕ ды кӕцӕй зоныс ӕз найынмӕ уыдтӕн ,уый.

-Мӕнмӕ арвы айдӕн ис, ӕмӕ дӕм уырдыгӕй фӕкӕсын. Сабаны бауырныдтой мады ныхӕстӕ.

Ныр дӕр ӕм афтӕ кӕсы цыма йӕм немыцӕгтӕ уыцы арвы айдӕнӕй кӕсынц ӕмӕ сын аирвӕзӕн нал ис.

Бахӕццӕ сты хӕст кӕм уыдис ,ахӕм хъӕумӕ.Фӕнды сӕ куы сӕм бафтид хӕцӕнгарз.Сабан азылд ӕмӕ ссардта 2 хӕцӕнгарз, стӕй дзы уыдис салдаты мӕрдтӕ.Рахаста хӕцӕнгӕрзтӕ ӕмӕ сӕ Анусимӕ радта . Ануси райста ӕхсӕнгарз ӕмӕ загъта : - Ӕз нӕ сарӕхсин ? Бацамон ма мын ӕхсын .

Сарӕхсдзынӕ , ӕз ныртӕккӕ ам дӕн. Йӕхӕдӕг ацыд салдӕтты ныгӕнынмӕ.

Гацыр ,Бедза ӕмӕ Зауырбеджыдӕ йемӕ акодта .Цалынмӕ дыууӕ ингӕны къахтой, уӕдмӕ рӕстӕг рацыд.Ануси йӕхи ӕфхӕры ,ома ӕз цӕуылнӕ ацыдтӕн семӕ , ахӕм рӕстӕджы сылгоймаг дӕр нӕлгоймаджы бынаты балӕууы. Хӕцӕнгӕрзтӕ ӕрӕмбӕхста ӕмӕ фӕцӕуы. Уалынмӕ автоматӕй чидӕр ӕхсын райдыдта Сабаниты.

Ануси ауыдта сау ӕндӕрг ӕмӕ базыдта Дзӕмӕты. Дзӕмӕт йӕ къахы бырынкъӕй скъуырдта цыдӕр . Ануси базыдта уый Сабаны худ кӕй уыд.Чидӕр ын йӕ хъусы ӕрбадзырдӕуыд : «Бабын сӕ кодта».

Ануси азгъордта ӕмӕ райста автомат . Дзӕмӕт куы ауыдта Ануси автомат куыд дары Дзӕмӕтмӕ , уӕд ма дзы сирвӕст : «Ануси». Фӕлӕ Анусийы амонӕн ӕнгуылдз баргъӕвста Дзӕмӕты….

3.Уацмысы композиции - у уацмысы арӕзт, йӕ хӕйтты равӕрд фӕд - фӕдыл ӕмӕ сӕ бастдзинад кӕрӕдзийыл.

21 билет.

1.Дзасохты Музафер.«Урсдоны былыл Бæрæгъуын»-ы темæ æмæ проблематикæ.



Иукъласонтœ сфœнд кодтой сœ разамонœг Арсœмœгимœ хъœдмœ цœуыныл.

Æртœ къорд фесты:

1.загътой хъœууатмœ ацœуœм,адджын уидœгтœ кœм зайынц,уыдон базонœм.

2.фœндыд сирены бœлœстœ фенын.

3.фœндыд Даргъ хуымтœ фенын, фœлœ араст сты Къобосты хъœдмœ,уымœн œмœ уыдон фылдœр уыдысты.

Сœ балцы размœ фембœлдысты Зоологийы ахуыргœнœгимœ œмœ сын зœгъы разамонœг Арсœмœгœн :

- Сывœллœттœ дœ куыннœ бамбарой, афтœ-ма иу дœ цœст дар œмœ кœд калм кœнœ уызыныл сœмбœлай, уœд иу мын œй œрбахœс, урокты мœ œхсызгон фœхъœуынц. Ацыдыстœм, бахœццœ стœм кœддœр кœсœгтœй йедзаг цы цад уыд, уырдœм. Ныр уым хъœз зайын райдыдта, хœфсбадœн ссис. Кœм дœр ма дзы сырхбазыр тъепатœ фœзыны. Бахœццœ стœм Къобосты хъœдмœ дœр. Чи скъудатœ тоны, чи дидинджтœ. Бœлмстыл сыфтœр нœма уыд, фœлœ зœхх цъœх дары. Чызджытœ иуылдœр скъудатœ тонынц.

- Мœнœ адон œррагœнœнтœ сты, -загъта иу чызг. – Мачи жзы бахœрœд.

- Кœм? –загъта ахуыргœнœг, - бœззынц уыдон Дурвœткъуытœ сты. Мœн тынг фœндыд œмœ калм куы фенин œмœ куы фœхъœр кœнин Арсœмœгмœ.

Кœсын зœхмœ, афтœмœй цœуын. Уœдмœ ауыдтон, фœлœ аирвœзт, донмœ абырыд, œмœ хуынчъы ныллœсыд. Арсœмœг йœхœдœг диссаг уыд кœлмытœ ахсынмœ. Институты ма куы ахуыр кодта, уœд 2 метры калм œрцахста. Иу рœстœг та ссивœнтœ уыдысты œмœ уым дœр стыр калм œрцахста сагойœ.

Æз дœр лœдзœг систон œмœ йын œй йœ ахстоны нытътъыстон. Калм œндœр хуынкъœй рагœпп кодта œмœ мœм фœстœ œрбалœсы.

- Калм дыл хœцы, - фœхъœр кодта чидœр. Æз агœпп кодтон.

Уœдмœ мœм œрбахœццœ сты Арœмœгитœ œмœ мын загъта: «Афтœмœй дыл фœхœцыдаид, калм йœ маст тынг исы. Арсœмœг йœхœдœг бел райста œмœ хуынкъгом къахы. Къахы œмœ дзы хœцъилы гœппœл разынд, стœй къурткœйы кœрон сзынд, уœдмœ- цырыхъхъ. Разынд дзы ингœн. Уыдис дзы медальон. Уым фыст уыд, куы йœ байгом кодтой уœд « Непринцев Алексей Филиппы фырт, 1920 азы гуырд, Свердловскы облœст, хутор Чернореченскœй»

Дыккаг бон хабар айхъуыст. Арвыстой йын йœ мад Анастасия Леониды чызгмœ, œмœ уый дœр ссыд. Солдаты баныгœдтой скъолайы кœрты. Мадœн радзырдтой йœ фырт Къобосты хъœды знœгтимœ хœцгœйœ кœй фœмард хъœбатырœй. Иу бон скъолайы уыд œмбырд, фœлварœн цœхœрадоны хуыздœр чи бакуыста, уыдонœн лœвœрттœ радтой. Мœн œмœ Сашœйы дœр нœ ферох кодтой, œмœ дзы œмхуызон хœдœттœ бахуыйын кодтам, ахуыры азы фœуыдмœ. Æз ныффыстон уацхъуыд газетмœ. Адœммœ мœн кой йеддœмœ ницы уал уыдис. Колхозы чи нœ куыста, уыдон кой ракодтой, уыдон уыдысты цалдœр усы. Нана мын уайдзœф кодта. Афтœ раст нœу, зœгъгœ.

Нана кусынмœ куыд ацыд,афтœ нœм сœрдары чызг слœбурдта. Хъœр кœны, хъœусоветы, дам, дœм дзурынц. Ацыдтœн, œмœ дам, дœ фыст ныууадз, œртхъирœн мœм кодта сœрдар. Иутœ мœ œлгъитгœ кодтой,иннœтœ- арфœтœ. Рœстœг рацыд.

Иу хатт сœрдармœ бœх ныууадтœн.

- Уœлœ кœдœм ныффыстай, уыдонœй райс.

Рацыдтœн. Дыккаг бон мœм скъоламœ фœдзырдтой, œмœ мын 107 œхца радтой мœ уацхъуыдыты тыххœй. Загътон, тœккœ адджындœр хœринœгтœ дзы хъуамœ балхœнон. Балхœдтон къаффеттœ. Сашœимœ рацыд œмœ чызджытœн радтой.

Йœ мад халва уарзы œмœ йын балхœдта, балхœдта гœрзтœхсœн сапон, 2 кг цœхх, спичкœтœ, стœй йе мбал Тотырбегœн балхœдта хырынкъа. Тотырбеджы зœрдœмœ цœуы Мœдинœт. Мœ уроктœ куы скœнын, уœд клубмœ ацœуын. Уœд нœм фœзынд Бесœгъуыр œмœ мœ афарста:

- Уœхимœ нœма уыдтœ? Фœтарстœн. Æз алыгъдтœн хœдзармœ. Дзыдзайы баййœфта сынтœгыл хаудœй. Дзыдзайы трактор ныццавта. Аластой йœ рынчындонмœ. Рарвыстой мœн. Уœдмœ адœм кœрты œмбырд кœнын райдыдтой. Æз фœтарстœн. Цы хабар у? Кœуын.- Дзыдза уын амард! Уœдмœ йын œрбаластой йœ мард дœр. Адœм ыл фœкуыдтой, ирон œгъдаумœ цы хъуыд, уыдон сарœзтой œмœ йœ баныгœдтой.

Ахуыры аз фœцис. Радтой нын нœ фыццаг азы фœллой, нœ бирœ фыдœбœттœ, иу сыфыл фыстœй бацыдысты (аттестат). Фœлœ мœ сагъœсы бафтыдтой ме*мбœлттœ. Иу дœр дзы йœ дарддœры фœндагыл нœ хъуыды кœны. Горœтмœ цœуынмœ дзы œрмœстдœр œз хъавын œмœ йœ сдзурын дœр нал уœндын. Мœн фœндыд пед.институтмœ, фœлœ 4 азы бирœ у, œмœ Бœди œмœ Дунетхан цы фœуыдзысты. Срœвдз кодтон мœхи œмœ ацыдтœн. Фœлварœнтœ райдайдзысты иннœбон,фœлœ мœ гœххœттытœ нœма радтон. Стœй мын бынат дœр нœй. Бацыдтœн нœ хœстœджытœм Тепсарыхъотœм. Уыдис сын стыр галуаны хуызœн хœдзар. Байгом мын кодтой дыуар. Уыдис хœдзары сœ зœронд ус œмœ иу чызг. Афœрстытœмœ мœ кодта ус,стœй,дам,кœд цœуыс? Тепсырыхъо уым нœ уыд,фœлœ куы ссыд,уœд уый дœр,загъта, горœттœгтœ куы нœ хауынц ахуырмœ, уœд ды кœм бахаудзынœ. Œз та сыдœй мœлын, фœлœ мын ахœр нœ дзурынц. Мœ чиныг райстон, œмœ ахуыр кœнын. Уœдмœ къœвда райдыдта, дымы, нытталынг. Чызг цырагъ ссудзынмœ хъавыд, фœлœ йœ Тепсырыхъо хъœры бын фœкодта! 2-аг бон ацыдыстœм пед.техн. Тепсырыхъоимœ. Уыдис дзы бирœ адœм, œмœ институтмœ ацыдтœн. Фœндагыл мœ бафœндыд куы фœхицœн уаин Тепсырыхъойœ. Мœ чингуытœ дœр мемœ рахастон, фœлœ мын афтœ дœр ничи загъта, кœдœм сœ хœссыс? Фœндагыл баиу дœн иу чызг œмœ иу усимœ. Уыдон дœр уырдœм цыдысты. Радтон мœ гœххœттытœ, фœлœ мын œхсœвы бынатœн та радтой спортивон залы, уым ма уыд мœн хуызœн лœппутœ. Тепсырыхъойœ куы фœхицœн дœн, уœдœй рацыд 12 боны,фœлœ мœ нœ агурынц. Æз дœр сœм нал цœуын. Радтон мœ фœлварœнтœ хорз бœрœггœнœнтимœ. Œрбаздœхтœн фœстœмœ хъœумœ, фœлœ та уœдмœ ралœуыдысты ахуыры бонтœ. Иу бон амбœлд Хъазыбег йœ уарзон чызг Земфирœйыл. Иумœ атезгъо кодтой Бульвары уынгты. Бœласы бын бандоныл œрбадтысты œмœ хъœлдзœг ныхœс кæнынц. 2.Хъодзаты Æхсары поэзи. Æмдз. «Кафаг чызг» (наизусть). 3.Антитеза - у грекъаг дзырд ,поэтикон-аивадон фӕрӕз ,кӕцы амоны «ныхӕй - ныхмӕ ӕвӕрын». Зӕгъӕм Къостайы ӕмдз. «Мӕгуыры зарӕг».

Адӕмӕн сӕ рӕсугъд уӕттӕ

Хъармӕй райдзастӕй лӕууынц,

Махӕн та нӕ сывӕллӕттӕ…….



22 билет.

1.Гæдиаты Секъа. Йе сфæлдыстады ахадындзинад ирон литературæйы. Фыссæджы гуманизм.

2.Ходы Камалы поэзийы граждайнаг мотивтæ.

3.Олицетворени - уацмысы арӕх удгоймаджы миниуджытӕ ӕмӕ архайд хаст ӕрцӕуынц ӕнӕуд предметтӕм. 23 билет.

1.Хуыгаты Сергейы «Сылгоймæгтæ» - йы проблематикæ, йæ фæлгонцтæ.

Хуыгаты С. райгуырд 1933 азы 15 майы Хус. Ирыстоны Дзауы районы Хуыгаты хъœуы .

1944 азы ралыгъдысты йœ бинонтœ œмœ œрцардысты Тарскœйы. Скъолайы фœстœ бацыд Ц.И. пед.институтмае. Институты фœстœ куыста Дагестаны œмœ Ц.Иры скъолаты, куыста редакторœй телеуынынады журнал «Мах дуг»-ы. Кусы абон дœр бœрнон бынœтты.

Йœ радзырд «Сылгоймœгтœ»-йы сœйраг фœлгонцтœ сты: Будзи, йœ хо Мари œмœ Будзийы бинойнаг Зœлинœ. Будзи œмœ Мари схъомыл сты сидзœрœй. Будзи ахуыр кœны институты. Мари смой кодта и сын 3-тœ чызджы, йœ лœг Филим хœстœй нал сыздœхт œмœ тых амалттœй хъомыл кœны йœ сывœллœтты. Ӕххуыс кœны йœ кœстœр œфсымœр Будзийœн дœр. Будзи сахуыр кодта, бинонтœ œрхаста.

Иу œхсœв Зœлийœн зœгъы,цœмœй сœм цы œхца ис, уыдон уал Марийœн радтой,Зœли хъуыр-хъуыр кœны. Будзийœн тынг зын уыд, ацыд хуыссынмœ, фœлœ йœ хуыссœг фœлыгъд. Йœ зœрдыл œрлœууыд институты -ма куы ахуыр кодта, уыдонœй иу бон. Мари – иу къуымбилтœ балхœдта, тœбынтœ иу сарœзта œмœ – иу сœ уœй кœнынмœ схаста. Будзи дœр – иу œм базармœ бацыд. Ногœй та куымбил балхœдта, цы каппек - ма йœм баззад, уыдон урс хœцъилы атыхта œмœ Будзийы хœрœн донмœ бакодта. Райста хœринаг Будзийœн, œз дам Гœтыккоты авдœн бœттœны уыдтœн. Будзи бамбœрста сайгœ кœй кœны, фœлœ œххормаг сывœллон œмœ райста œмœ бахордта. Куы раздœхтысты, уœд фœндагыл Гœтыккаты усимœ амбœлдысты. Усмœ 4 хызын авдœнбœттœнмœ балхœдта цыдœртœ, тагъд, дам, кœнын, дзуры, авдœнбœттœн нœм ис , œмœ ма байрœджы кœнон. Мари фœсырх Будзийы кœй фœсайдта œмœ йын афтœ зœгъы:

-Будзи, асайдтон дœ, тарстœн иунœгœй мын куы нœ бахœрай. Дыууœйы фаг та мœм нœй. Мœнмœ дœ зœрдœ ма ‘хсайœд, œз уœддœр хъœуы ‘хсœн цœрын…

Ныр Мари хœдзар аразы, œмœ йœ фœнды œмœ йын аххуыс кœна. Куы сбон ис, уœд ракаст œмœ федта Зœлийы дзургæ:

-Базармœ аууадтœн, Мари адджын гуыдын уарзы œмœ йын алхœдтон,

3 авджы сœнтœ. Тарстœн, зœгъын куы ацœуай, œмœ дœ куы нал œрбаййафон. Будзи œдзынœгœй касти, дысон Зæли œндœр ныхœстœ куы кодта…Ох, ацы сылгоймœгтœ…





2.Æлборты Хадзы - Умары æмдз -ты мидис. Йе сфæлдыстады хигъæдон æууæлтæ.

Ӕлборты Хадзы - Умар райгуырд1939 азы Х. Ирыстоны Сарабучы хъæуы. Астæуккаг скъола каст фæци, стæй бацыд пед. Институтмæ. Фыссын райдыдта хæрз чысылæй.

Йе ‘мдзæвгæ « Рухсытæ судзынц» -ы æвдыст цæуы æрдзы нывтæ, тар æмæ рухсы æнæрынцой тох. Талынгыл рухс цард куыд фæтых уæвæн ис.

Ӕмдз. «Хоры нœмыджы балладœ» -ы æвдыст цæуы æрдз æмæ адæймаджы хæстæгдзинад. Ис æм хоры нæмыг, æнхъæлмæ йæм кæсынц, сывæллонæй, мыстæй, быдырæй. Быдырты нæу сæ бон кусын, зымæг дзы мит ис, сæрдыгон знаг нæ уадзы кусын.

Ӕмдз. «Балладœ зары фœндагыл» Ам æмдзæвгæ кæсгæ йæ зæрдыл æрлæуы 1920 азты Хусссары уавæр лигъдæтты уавæр Плиты Харитоны поэмæ «Сæлимæт». Ӕмдзæвгæйы æвдыст цæуы 1992 аз. Хуссарæй куыд лыгъдысты мигъдæттæ. Зары фæндагыл цы уæззау фæндагыл цыдысты. Нæ сыл уыд Зарыл дар фæндаг лæбурдтой сæм хъæдæй гуырдзиаг лæгмартæ. Ӕмæ – иу сæ разы бабатысты æмæ – иу сæ фехстой. Ӕмдзæвгæ фыст у хъарæджы хуызы.

Ӕмдзæвгæ « Хъœлœс ингœнœй». Ацы æмдзæвгæйы фыссæг ары Ирыстоны зынгххуыст хъæбулты ном, кæцытæ сæ удтæ радтой 1990 - 91 азты Хуссар Иры хъахъхъæнгæйæ. Уыцы лæппуты мæрдтæ уæлмæрдмæ дæр нæ уыд бахæссæн гуырдзиаг тугхортæй. Цхинвалы 5-œм скъолайы кæрты æрцыдысты ныгæд.

Фыссæг ацы зынгхуыст лæппуты номæй дзуры:

-Ирыстон, œз 15 хатты куы амœлон, уœддœр мын зœгъ,

- 16- œм хатт дœ фœдисмœ сысдзœн.

-Ирыстон, уœ 7 дамгъœйы уыдысты

-Мœ къурийы 7 боны мœнœн,

7- хатты сœ мœ удыл ныффыстон… (Æлборты Хадзы-Умар).

3.Монолог - у дзурӕг уацмысы йӕ хъуыдытӕ иунӕгӕй куы дзура, кӕнӕ йӕхи нымӕры.

24 билет.

1.Мамсыраты Дæбейы сфæлдыстады характеристикæ. Йæ радзырды идейон мидис.

Дæбе райгуырд 1907 азы Цæгат Иры, Дæргъæвсы. Хъæууон скъола каст куы фæци, уæд бацыд Ц. И. пед.техникуммæ. Техникумы фæрцы Дабе ссардта йæ царды сæйраг фæндаг, ома фыссын райдыдта лит- он уацмыстæ. Мыхуыры йын цæуын райдыдтой 1927 азы.

Куыста Джызæлы скъолайы ахуыргæнæгæй, Заманхъулы скъолайы директорæй. Дабейæн лæвæрд æрцыд Ленины орден, Фæллойады Сырх Тырысайы орден, майдантæ йæ лит - он æмæ æхсæнадон куыстыты тыххæй. Дабе нымад у Хетæгкаты Къостайы премийы лауреат.

Дабейы сфæлдыстадæй мах ахуыр кодтам: 5 къласы - « Хъœндил». Ацы радзырды æвдыст æрцыд магуса цард кæй нæ ары царды.

6 къласы радзырд - «Ӕрдхорд». Де’мгар, де ‘мбал куы рæдийы, уæд ын рæстæгыл баххуыс кæн, йе’ взæрдзинадын æмбæхсгæ ма кæн, фæлæ йын йæ ных бакъуыр, цæмæй царды раст фæндаг ссара.

2. Гаглойты Владимиры драмæ «Ныййарæджы кадæг».

“Газданты 7 зынгхуыст салдаты мад Тасойы рухс ном дзы арын”.

(Гаглойты Владимир).

Трагедийы архайд авдыст цауы 1941-48 азты.

Сценӕйы фӕзынд мад, стӕй авд ӕфсымӕры ӕндӕрджытӕ иумӕ ӕмӕ ныхас кӕнынц сӕ мадимӕ.Мад сыл уайдзаф каны. Ӕфсымӕртыл ӕвӕрд ӕрцыд Нӕртон нӕмттӕ(Сӕхӕдӕг афтӕ зӕгъынц).

1.Хистӕр – Уырызмӕг, 2.Хистӕры кӕстӕр-Хӕмыц, 3-4..Ӕхсар ӕмӕ Ӕхсӕртӕг- фаззӕттӕ кӕй уыдысты, 5.Батрадз тыхджын кӕй уыд, 6.Сослан йӕхиуыл ӕфхӕрд нӕ уагъта, 7.Ацӕ-та-чысылӕй кӕуаг уыд,йӕ хъӕлӕс ,дам, зарынмӕ хорз уыдзӕн .

Сты бинонджын. Ацӕйӕн йӕ чындзӕхсӕвы боны фӕдис фӕцыд хӕст райдыдта, зӕгъгӕ .

Хӕстмӕ ацыдысты 5-ӕй. Уырызмӕг ӕмӕ Ацӕ баззадысты фӕстагмӕ.

Ам ӕвдыст цӕуы бинонтӕ кӕрӕдзиуыл иузӕрдион куыд сты.Чындзыты кӕрӕдзимӕ ахаст. Госӕма куыд бирӕ уарзы йӕ чындзыты. Кӕрӕдзийӕ куыд ӕфсӕрмы кӕнынц. Хӕ‍ст цӕуы. Фӕмард Ӕхсар. Фӕлӕ йӕ нӕ хъӕр кӕнынц кӕрӕдзийӕн. Кӕрӕдзийы зӕрдӕтӕ куы фӕриссой,уымӕй тӕрсынц. Фӕмард Хӕмыц дӕр. Ацӕ уый куы фехъуыста, уӕд Фӕрдыгӕн хӕрзбон загъта ӕмӕ хӕстмӕ фӕраст. Хӕстмӕ цӕугӕйӕ ӕфсымӕртӕ кӕрӕдзийӕн ныфсытӕ ӕвӕрынц.

Уый хыгъд сӕм фӕзынд Сослан. Госпиталы фӕстӕ йӕ 2 къуыри рауагътой сӕхимӕ. Госӕма йыл тынг фӕцин кодта, фӕлӕ куы базыдта Ацӕ дӕр хӕстмӕ ацыд, уӕд тынг фӕхъыг кодта.

Хӕ‍ст цӕуы…

«Хӕст-хӕст у, тӕригъӕд нӕ зоны»Сылгоймӕгтӕ дӕр цыдысты хос кӕрдынмӕ.

Иу ӕхсӕв Госӕма хъуыдыты куыд аныгъуылди, афтӕ дуар чидӕр хойы.

-Чи дӕ?

-Ӕз, гыцци.

Дуар бакодта ӕмӕ Ацӕмӕз. Уый ралыгъд хӕстӕй (стр 182) бамбӕхст мӕй ӕмӕ ӕрдӕг кӕмдӕр лӕгӕты, стӕй ӕрцыд гыццимӕ. Фӕлӕ Госӕма ууыл разы нӕу ӕмӕ йын зӕгъы:

-Фӕстӕмӕ!!! Кӕцӕй ралыгъдтӕ, фæстæмæ уырдӕм! Дӕхи хохы скъуыды ӕмбӕхсынмӕ хъавыс, фӕлӕ дын дӕ фыдракæнд нӕ ныббардзӕнис зӕхх. Фӕрсджытӕ фӕхаудзӕни къӕдзӕх,ӕмӕ дӕ дӕ худинагимӕ нынныгӕндзӕни йӕ быны. Цӕугӕ мӕ хӕдзарӕй! Цалынмӕ дӕ худинаг дӕ цӕсгомӕй ныхсай, нӕ дын ис а зӕххыл бынат. Нӕ дӕ райсдзӕн де взонг ус Фӕрдыг дӕр! Ацӕмӕз йӕ зонгуытыл ӕрхауд, фӕлӕ Госӕма дзуры:

-Быр, быр дӕ зонгуытыл, кӕд ӕй дӕ сӕрмӕ хӕссыс, уӕд. Ӕмӕ дӕ кӕд афтӕ цӕрын нӕ фӕнды, уӕд та сыст уӕлӕмӕ ӕмӕ цӕугӕ!

-Ныххатыр мын кӕн гыцци . Фӕрӕдыдис дӕ фырт.Тӕппуд нӕ дӕн. Фӕтарстӕн. Зыдтон ӕй æхст мын цӕттӕ кӕй у, ӕмӕ лӕгӕты мӕ хъиутӕ хордтон. Ӕмӕ ма æрбакӕс! (йӕ сӕр миты къӕрттау-урс). Госӕма йӕхимӕ февнӕлдта: -Куы мын базӕронд дӕ.

-Ма мӕм ӕрбацу хӕстӕг. Ӕз дӕм сыгъдӕг зӕрдӕйӕ ӕрбацыдтӕн. Фӕтыхстӕн, фӕтарстӕн ӕмӕ ралыгътӕн. Ӕрӕджиау ма йӕ бамбӕрстон мӕ рӕдыд. Ӕрцыдтӕн дӕм , фӕтыхст дӕ фырт,ӕмӕ йын баххуыс кӕн йӕ тыхсты. Ахст мын цӕттӕ у, фӕлӕ де лгъыст карздӕр у мӕлӕтӕй. Ацӕ ацыд, Фӕрдыджы дӕр нӕ федта, ӕфсӕрм дзы кодта.

Адӕмӕн сӕ зымӕгон хос зӕй фӕласта. Госӕма йӕ цыппар чындзимӕ,стӕй ма ноджы дӕр цалдӕр сылгоймаджы сӕ фос аскъӕрдтой Хъызлармæ, цӕмӕй сӕ уалдзӕгмӕ аирвӕзын кӕной…

Фӕци хӕст дӕр. Фӕлӕ Госӕмайы фырттӕй иу дӕр нал сыздӕхт. Батрадзы ус Ларисӕ дӕр хъӕдын къахимӕ ссыд. Адӕм хӕстӕй здӕхынц. Хъызларӕй дӕр ӕрцыдысты, сӕ фос сӕ разӕй. Адӕм архайынц , цæмæй хъӕлдзӕг дарой сӕхи, фӕлӕ сӕ зӕрдӕтӕ нӕ комынц. Рахӕссын кодтой фӕндыр. Госӕмайы размӕ Дуду бауад йӕхи хойгӕ:

-Ӕз ӕмӕ ды кӕуинаг куы фестӕм! Ӕз мӕ иунӕджы мард куы нӕ уромын, уӕд ды 7 зынгхуыст хъæбулы куыд бауромдзынӕ . (Дудуйы фырт Дади дӕр амард нозтӕй) . Госӕма сагъдӕй алӕууыд, стӕй фӕцуды. Сонт худт ныккодта. Уый та чи загъта? Мӕ 7 хъӕбулӕй иу дӕр нал ӕрыздӕхт? Уый кӕй ӕвзаг бахус? Чындзыты цӕстысыг куы федта,уӕд йӕхи фӕтыхджындӕр кодта ӕмӕ загъта: -Ныхъхъусут, чындзытӕ! Цӕстысыг уӕ иуӕн дӕр куы нӕ фенон йӕ рустыл!Нӕ бӕлццӕтты мах заргӕ арвыстам балцы. Цӕссыг сыл чи ӕрыппара, уый уыдзӕн се знаг.Ныззарут ма сын сӕ тохы зарӕг! Ныззарут! Ныззарут тохы зарӕг! Никӕй зӕрдӕ бакуымдта .Зарӕг систа фронтӕй чи сыздӕхт, ахӕм салдат. Адӕм ахӕлиу сты. Госӕмайӕн ма Дуду ныфсытӕ ӕвӕры, фӕлӕ йӕм ницы уал хъары. Ӕрвиты Дудийы дӕр, сагъӕс кӕны, стæй сиды адӕммӕ:

-Афтӕ мачи зӕгъӕд ӕнӕхицау , ӕдзӕрӕг у Хъарадзауты Афӕхъойы хӕдзар. Ӕрбадзурут–иу мӕ фыртты номӕй. Курын уӕ, сӕр куы бахъӕ уа, уӕд-иу фӕдис хъӕргӕнӕг куы фӕзына, ныхъхъӕр-иу кӕнӕд мӕ фырттӕм дӕр сӕ номӕй.

Уӕдмӕ йӕ чындзытӕ ӕрбацыдысты сауты ӕмӕ сӕм дзуры:

-Стыр фыд ныл ӕрцыд, фæлæ уӕ сӕрыл схӕцут, ӕмӕ сауты бӕсты урсытӕ скӕнут! Чындзытӕ кӕрӕдзийӕн дзырд радтой , цӕмӕй 7 хойы стъалыйау иумӕ цӕрой Госӕмаимӕ.

Иу бон сӕм Госӕма 4 боны кӕй ӕмбӕхста, уыцы гӕххӕтт радта ӕмӕ йӕ Фӕрдыг кӕсы. Уым арфӕ кӕны Госӕмайӕн Советон Цӕдисы Хицауад, йӕ фырттӕ 7-хъӕбатырӕй кӕй фӕмард сты, ныр та йын йӕ фырты фырт Аланы кӕй агурынц. чындзытӕ кӕуынц,фæлæ та сæм Госӕма дзуры: -Чындзытӕ, ныр нӕ бон базыдтам нӕ цӕргӕстӕй, цӕрын хъӕуы дарддӕр. Хъӕбатыртӕ нӕ мӕлынц. Фӕрдыг, чындзӕхсӕвмӕ куы цыдтӕ, рӕвдздӕр ут , чындзытæ, аивут уӕ саутӕ, цӕут чындзӕхсӕвмӕ.”Чындзытӕ нӕ куымдтой, фӕлӕ сӕ арвыста тыххӕй.

Ныффыста горӕтмӕ Ларисӕ ӕмӕ Дзӕнӕтханмӕ дӕр. Ӕрбамбырд кодта йӕ чындзыты ӕмӕ сын иу ӕхсӕв дзуры, цӕмӕй сӕ амӕндтӕ ссарой.

Чындзытӕ йын уайдзӕф дӕр бакодтой.

-Мах дӕ нӕ мады хуызӕн куы уарзӕм,уӕд нӕ куыд тынг бафӕлладдӕ.

-Зонын ӕй, ӕз уӕ мад дӕн, ӕмӕ ӕз тыхсын уӕ абонӕй уӕ сомыл. Госӕма ӕрбамбырд кодта йӕ чындзыты ӕмӕ сӕ ӕрвиты сӕ цӕгатмӕ.

Хӕдзар баззад афтидӕй. Госӕма тынг ӕнкъард кӕны. Иу ӕхсӕв ӕм дуар ӕрбахостӕуыд .Дуар бакодта ӕмӕ ӕд чемадан лӕууы Суворовы ахуыргӕнӕндоны дарӕсы йӕ фырты фырт Алан.

Госӕма дзуры :”Нӕ фӕцудыдта мӕ хӕдзарӕн йӕ бындур.”

3.Сурæт - у цӕсгомы ныв, уый ӕвдисы адӕймагӕн йӕ уынд ӕмӕ йӕ конд. Уый фӕрцы нӕ цӕстытыл ауайы хъайтары ӕддаг бакаст, йӕ хуыз. 25 билет.

1.Нигеры бынат ирон литературæ æмæ культурæйы, йæ поэзийы сæйраг мотивтæ—хæххон адæмы царды нывтæ. 2. Гуыцмæзты Алеш. Йæ хъысмæты трагизм. Адæмон характертæ йæ уацмысты.

- Курдиатджын фыссæг æмæ æхсæнадон кусæг Гуыцмæзты Алыксийы фырт Алеш райгуырд 1951 азы, Цхинвалы районы рæсугъддæр хъæутæй иуы – Ортъеуы хъæуы.

Суанг гыццыл сабийæ фæстæмæ йæ диссаджы дзырдарæхст фæлмæнзæрдæ зæронд мады таурæгътæ æмæ æмбисæндтæм хъусгæйæ, Алешы зæрдæйы, йæ туджы ахъардта ирон дзырды стыр тых æмæ дзы ивылд донау абухгæйæ фæйлауæнтæ кодта суанг йæ царды фæстаг боны онг. Астæуккаг скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд райдыдта æмдзæвгæтæ фыссын, фæлæ йе сфæлдыстадон хъару прозæйырдæм тынгдæр тасыд, æмæ йæ курдиаты тых уыцырдæм сарæзта, фæлæ æмдзæвгæтæ фыссын дæр нæ ныууагъта…

Бирæ саразын бантыст Алешæн йæ цыбыр царды. Йæ удыгасæй цалдæр чиныджы мыхуыры рауадзын йæ къухы бафтыд ,уыдонæй сæ иу уацмысты æмбырдгонд «Азарут иронау, лæппутæ…»

1991 азы Хуссар Ирыл утæхсæн бонтæ куы скодта, уæд Алеш æрлæууыд йæ хъахъхъæнджыты æмрæнхъ. Кæйдæртау худинаг йæ сæрмæ не’рхаста æмæ йæ сæр нæ бафснайдта, фæлæ йæ къухмæ фыссæн сисы бæсты райста хæцæнгарз. Райгуырæны сæрвæлтау Алеш йæ къух систа йе’стыр курдиатыл. Афтæмæй та йæм зæгъинæгтæ цас уыд ?! Алеш ирон адæмæн уыд стыр ныфс. Хъуамæ басгуыхтаид нæ лит-йы фарнæн, уыдаид ын цæугæ мæсыг, лæугæ хох…

Фæлæ, хъыгагæн, абон Чъребайы 5-æм скъолайы кæрты йæ тохвæллад æмгæртты астæу ис йæ лæугæ цырт…

Алешы тыххæй Хостыхъоты Зинæ зæгъы: -Алеш йæ дзыллæйы цæрайæн Фæцыд нæмыгдзæфтæй мæрдтæм, Ир, де’знаг йе’нгуылдзтыл нымайæд, Дæуау, йæ хæстифтонг фыртты!

3. Аноним - нысан кӕны ӕнӕном автор. Фыссӕг исты аххосагмӕ гӕсгӕ йӕ ном куы басусӕг кӕны. Зӕгъӕм 8-ӕм къл. «Сӕрибар»-мыхуыры рацыд 1907 азы газет «Ног цард»-ы,фӕлӕ йыл автоны ном нысангонд уыд.

28



Скачать

Рекомендуем курсы ПК и ППК для учителей

Вебинар для учителей

Свидетельство об участии БЕСПЛАТНО!