СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Æдамон сфæлдыстад. «Нæртон симды зарæг»

Нажмите, чтобы узнать подробности

1 .Райгуырæн бæстæм, нæ рагфыдæлтæм, не'гъдæуттæм сывавллæттæн рæзын кæнын уарзондзинад.

2.Хистæрæн кад кæнын, кæстæрæн аргъ кæнын.

3.Ирон аивадмæ сæ æрæмхиц кæнын.

Просмотр содержимого документа
«Æдамон сфæлдыстад. «Нæртон симды зарæг»»

Хъуысы: Нæртон симды зарæг.

Темæ: Æдамон сфæлдыстад. «Нæртон симды зарæг».

Урочы ныссæнттæ:

1 .Райгуырæн бæстæм, нæ рагфыдæлтæм, не'гъдæуттæм сывавллæттæн рæзын кæнын уарзондзинад.

2.Хистæрæн кад кæнын, кæстæрæн аргъ кæнын.

3.Ирон аивадмæ сæ æрæмхиц кæнын.

Урочы фæлгонц: аив нывтæ «Мад йæ хъæбулимæ», «Саби авдæны», «Ханты цагъд»,

«Одинокий пастух»,презентаци.

Урочы цыд.

1.Бацæттæгæнæн рæстæг.

2.Темæ æмæ урочы нысантимæ базонгæ кæнын.

3.Абон нæм ис бирæ уазджытæ. Ирон хæдзар та уазазгæй фидауы. Куыд фæзæгъынц уазджыты тыххæй.

-Уазæг-Хуыцауы уазæг!

-Уазæгæн йе'рбацыд йæ бар, йæ ацыд та фысымы бар.

-Уазаг-цæттæ, фысым-авдзæттæ.

Ахуыргæнæг: Цæй уæдæ нæхи ацæттæ кæнæм.

Скъоладзау:

Куы нæуа не'взаг, нал уыдзыстæм мах дæр,

Нæхи сæфтмæ цæмæн бæллæм, зæгъ-ма?

Фæдисонау цæгьдын дзæнгæрæг Ирыл:

О, бахъахъхъæнæм не стырдæр хæзна.

Ахуыргæнæг: Ис ахæмтæ, сæ низы хай сын айсы.

Кæйдæр æвзаг,-

Ды уыдонæй нæ дæ!

Æмæ кæд райсом

Фесæфдзæни ме'взаг,

Уæд абон æз

Мæлæтмæ дæн цæттæ!

Куыд бирæ уарзы поэт, æвæдза, йæ мадæлон æвзаг, йæ зæрдæйы ахæм ныхæстæ кæмæн райгуырд. Ныффыста сæ авайраг поэт Расул Гамзатов. Уæ зæрдæмæ фæцыдысты? Хъуысы «Ханты цагъд».

Скъоладзау:

О, фæлæ мæнæн зынаргъдæр сты Цæрукъаты Алыксандры ныхæстæ.

Ирон зæлланг ныхас, дæу айс мæнæй,

Уæд баззаин къуырма æмæ куырмæй.

Нæ арв, нæ зæххæн нал уынин йа хуызтæ.

Æнæ дæу мын мæ къæхтыл ацæуæн дæр нæй!

Скъоладзау:

Байхъусут-ма уæдæ заманхъуйлаг Чеджемты Æхсары ныхæстæм.

Къостайы тугæй фыст ныхæсты

Æз федтон ивгъуыд дуджы таг.

Куыд хорз, куыд кадджын дæ мæ цæсты,

Нæ ирон мадæлон æвзаг.

Ахуыргæнæг: Цы ис зынаргъдæр, адджындæр мадæлон æвзагæй? Цавæр æмбисæндтæ зонут мадæлон æвзаджы тыххæй?

-Мадæлон æвзаг мадау адджын у.

-Мадæлон æвзаг мадау у.

Йæ мадæлон æвзаг чи нæ уарзы, уымæн уый йа худинаджы гакк у.

Ахуыргæнæг: Куыд æмбарут, цы у мадæлон æвзаг?

Скъоладзау: Саби куы райгуыры, уæд æппæты разæй фехъусы мады хъæлæс, мады зарæг.

Скъоладзау: Сывæллон дзурын нæма базоны, афтæмæй фæхъусы мады фæлмæн узæлгæ хъæлæсмæ, авдæны зарæгмæ.

Скъоладзау: Мадæлон æвзаджы фæрцы саби банкъары йæ алыварс Дуне.

Ахуыргæнæг: Фыдæй-фыртмæ, фæлтæрæй-фæлтæрмæ цыдысты авдæны зарджытæ.

Сывæллон-иу уайтагьд айрæзыд, ацы зарджытæ та йын уыдысты хуымæтæг æмæ æнцонæмбарæн.

Сывæллæттæ дзурынц:

Ало-ла, ало-ла

Саби фынæй акæна.

Æцит гина ма та уас,

Йæ баппа йын ма алас.

Бауадз фынæй чысылы

Фена дæ уый йæ фыны.

Йеунæг биццеу пъæр-пъæр æй,

Саулох бæхбæл йе фæууй.

Саргъ нбæл дардзæнæй,

Бæрзонд цулухътæ-къæхтæбæл,

Иегонау ходæ-æ сæрбæл.

Цохъа йа дардзæнæй.

Ахуыргæнæг: Ракæсутма фæйнæгмæ,- Ацы зарæгмæ гæсгæ уæ цæстытыл цавæр ныв ауад?

Скъоладзау: Сывæллон бады йæ мады хъæбысы.

Скъоладзау:_Авдæнæй сывæллоны къах разынд æмæ йын дз йæ нана хъазы

Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ, зæгъут-ма, чи арæзта зарджытæ? Автор бæрæг сын ис?

-Най. Уыдон сты адæмон сфæлдыстад

-Уæдæ ирон адæмон сфæлдыстады зынгæ бынат ахсынц «Нарты кадджытæ».

-Чи уыдысты Нартæ?

-Кæй зонут Нарты хъайтартæй?

-Чи уыд Нартæн сæ хистæр?

Ахуыргæнæг: Нарты фæсивæдæн сæ симæн фæз хуынди «Зилахар» (ныв). Уæхæдæг ма акæсут.

«Нагртон симды зарæг» хибарæй кæсынц, стæй хъæрæй.

Фæрстытæ, тексты мидис сывæллæттæ куыд бамбæрстой, уый базоныны тыххæй.

Ахуыргæнæг: кæй кой кæнынц зарæджы?

Арах дзы цавæр дзырдтæ фæлхат кæнынц?

Искуы ма сæ фехъуыстат?

(Орæй-дæ, ери-ери-о-рæйдæ).

О, ацы дзырдтæ ис фехъусæн адæмон зарджыты.

Цæмæн зæгъынц: «æрсимæм-ма тымбыл симдæй, æнгом симдæй»?

Куыд æй æмбарут?

Ахуыргæнæг: Абон бакастыстаæм «Нæртон симды» рагон зарæг. Ныртæккæ бакæсдзыстут нырыккон нæртон симды кафт æмæ зарæгмæ (Илурты Римæ).

«Нæртон симдæй æрымысæм...»

Ахуыргæнæг: Уæ зæрдæмæ фæцыд?

Ацы нæртон кафтæй æвдыст цæуы ирон адæмы уæздандзинад, аив уæнгты конд, рæсугъд къахайст.

Блиц-турнир

Ахуыргæнæг: Нарты дзаумæттæ базонын, кæй сты?

(Сыгъзæрин фæткъуы, уадындз, худ).

-Цавæр миниуджытæ уыд фæткъуымæ?

Скъоладзау: Райсомæй сихормæ сигъзæрин фæткуы йæ дидинæг æфтыдта, уымæй изæрмæ рæзти, æмбисæхсæв-иу сцæттæ. Фæткьуыйæ цы рынчын бахордтаит, уый-иу адзæбæх.

-Уадындз кæй музыкалон дзаума у?

Скъоладзау: Ацæмæзы, Уыцы уадындзæй-иу куы ацагъта Ацамæз, уæд æм хъæдтæ, быдыртæ æрыхъуыстой, мæргътæ-иу сæ зарынæй банцадысты.

(Байхъусæм æцæг уадындзмæ. Хъусæм мелодии «Одинокий пастух»-мæ).

Ахуыргæнæг: - Сывæллæттæ, уырыссаг аргъауы дæр ис, уадындзæй дæсны чи цагъта, ахæм лæппу, йæ ном - Лель. (Æвдисын худ).

- Кæй сæры дзаума у?

Скъоладзау: Сырдоны. Уый уыд сайæгой æмæ хинæйдзаг. Мæнгæн æй нæ хуыдтой Нарты фыдбылыз.

Ахуыргсæнæг: - Сывæллæттæ, уæдæ Ирыстоны хъæутæй нæртон ном кæцыйæн ис?

Скъоладзау:- Нартыхъæу.

Цавæр хор хонæм нæртон?

Нартхор. (ныффыссын æй фæйнæгыл).

Цавæр дзырдтæ ма бамбæхстис ацы дзырды?

Нарт, хор, арт, тох, хо, рон...

Ахуыргæнæг: Ирон адæммæ- иу лæппу куы райгуырд, уæд ыл æвæрдтой нæртон ном: Сослан, Уырызмæг æмæ афтæ дарддæр.

Уæдаæ йæ нæртон ном кадджынæй чи хæссы?

Скъоладзау: Андиаты Сослан. Олимпаг хъæтыты 2 хатты чемпион.

Ахуыргæнæг: Зæгъут-ма, цы пайда у спорты архайын? (сывæллæтты ныхæстæ).

Абоны урокæй уæ зæрдыл цы бадардтат?

Скъоладзау: ном лæггæнæг нæу, фæлæ хъуамæ алчидæр тырна йæ номы аккаг хорз уæвынмæ.

Скъоладзау: Нарты Сосланы хъару ис Андиаты

Сосланмæ, æмæ мæн дæр фæнды уый хуызæн суæвын.

Скъоладзау: Нартæй нын баззад рæсугъд симд æмæ уыцы уæздан кафты æгъдау мах дæр дарддæр хæццæ кæндзыстам.


Ахуыргæнæг: Хатдзæг. Нæ уазджытæн стыр бузныг, кæ нæм саккаг кодтой, уый тыххæй. Нæ зæрдæ уын зæгъы, уæ алкæй хаæдзары дæр нæртон гуырдтæ уæд, Ирыстоны та алы хæдзарæй дæр авдæны зарджытæ хъуысæнт.


Хæдзармæ куыст: « Нæртон симды зарæг» зæрдывæрдæй сахуыр кæнын.



Скачать

Рекомендуем курсы ПК и ППК для учителей

Вебинар для учителей

Свидетельство об участии БЕСПЛАТНО!