СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Гом урок Афтӕ райдыдта фӕззӕг. Чеджемты Геор.

Категория: Прочее

Нажмите, чтобы узнать подробности

Открытый урок по осетинскому чтению для учеников 3 -го класса

Просмотр содержимого документа
«Гом урок Афтӕ райдыдта фӕззӕг. Чеджемты Геор.»

Темӕ. Афтӕ райдыдта фӕззӕг. Чеджемты Геор.

Урочы нысан:

1.Фӕззыгон ӕрдзы рӕсугъддзинадыл ӕрдзурын.

2.Сабитӕм гуырын кӕнын уарзондзинад Ирыстоны ӕрдзмӕ.

3.Ныхасы рӕзтыл бакусын.

4.Ӕрдзурын ӕрдзы ивддзинӕдты тыххӕй.

Урочы фӕлгонц:

презентаци, мелодитӕ,текст, ӕмбисӕндтӕ, фӕззӕджы нывтӕ.

Урочы зпиграф:

Дымгӕ бур сыфтӕртӕ луары,

Хъӕд ӕгуыппӕгӕй лӕууы,

Мигътӕй байдзаг арвы арынг,-

Хъӕумӕ сабыргай лӕсы.

Кокайты Тотрадз.

Урочы цыд:

1. Уӕ бон хорз, сабитӕ. Абон нӕм нӕ урокмӕ ӕрбацыдысты зынаргъ уазджытӕ ӕмӕ ма сын салам раттӕм.

- Ӕгас нӕм цӕут, нӕ зынаргъ уазджытӕ!

2. Абон нӕ урочы цӕуыл дзурдзыстӕм уый мын зӕгъдзыстут уӕхӕдӕг текстмӕ куы байхъусат, уӕд.

Фӕззыгон хур арвыл ныллӕджыты цӕуын байдайы. Адӕймаджы буар банкъары фӕззӕджы улӕфт.Бӕлӕстӕ ӕмӕ къутӕртӕ ӕрбакӕнынц сӕ хъулон дарӕс ӕмӕ адӕймаджы цӕстӕнгас здахынц сӕхимӕ сӕ рӕсугъддзинадӕй.

Фӕззӕг – афӕдзы рӕсугъддӕр афонтӕй иу. Зымӕгмӕ цӕттӕгӕнӕн афон. Сырдтӕ дӕр сӕхи рагацау бацӕттӕ кӕнынц зымӕгмӕ.

Фӕззӕджы сцӕтта вӕййынц хортӕ, халсартӕ, дыргътӕ, Уымӕ гӕсгӕ адӕм ӕхсӕвӕй – бонмӕ быдырӕй нал фӕцӕуынц, Кусынц, ӕфснайынц сӕ тыллӕг.

- Уӕдӕ цӕуыл дзурдзыстӕм абон?

- Фӕззӕгыл. Сыгъзӕрин фӕззӕгыл.

3.- Раст загъут, сывӕллӕттӕ, абон дзурдзыстӕм фӕззӕджы тыххӕй. Нӕ урочы темӕ ӕмӕ эпиграф дӕр фӕззӕджы тыххӕй сты.

- Бакӕсӕм ма сӕ хъӕрӕй.

- Загъут ма куыд ӕмбарут эпиграфы ныхӕстӕ?

- Цы зонут фӕззӕджы тыххӕй?

- Фӕззӕджы мӕйтӕ цавӕртӕ сты?

Сабитӕ дзурынц сӕ хъуыдытӕ.

Тынг хорз.

- Уӕдӕ, сывӕллӕттӕ, уӕлдай рӕсугъддӕр ӕрдз вӕййы фӕззӕджы. Алыхуызон рӕсугъд ахорӕнтӕй сахоры бӕласы сыфтӕ, уыгӕрдӕнтӕ, быдыртӕ, хъӕдтӕ. Бирӕ поэттӕ ӕмӕ фысджытӕ, нывгӕнджытӕ, зарӕггӕнджытӕ сӕ диссаджы уацмыстӕ фыссынц ацы афӕдзы афоныл. Иуӕй – иуты дисы фтауы фӕззӕджы рӕсугъддзинад («в багрец и золота одетые леса»», «прощальная краса природы…) фыссынц уырыссаг поэттӕ.

- Сывӕлллӕттӕ, сымахӕй та чи зоны фӕззӕджы тыххӕй ӕмдзӕвгӕтӕ?

- Сывӕллӕттӕ дзурынц ӕмдзӕвгӕтӕ.

Чиныгимӕ куыст.

Ахуыргӕнӕджы аив каст.

(Сывӕллӕттӕ цӕгӕй кӕсынц радзырд).

Дзырдуатон куыст

Цым – кизил

Мугӕ – мушмула

Хъӕмпӕлцъиу - крапивник

Митмитгӕнаг - синица

Ауӕдз - межа

Дзывылдар – трясогузка

Фӕрстытӕн дзуапп раттут.

1.Цӕимӕ бары фыссӕг телыл бадӕг зӕрватыччыты?

- Цъӕх арвы сау фӕрдгуытимӕ.

2. Куыд цӕттӕ кӕнынц сӕхи зымӕгмӕ сырдтӕ ӕмӕ мӕргътӕ?

-

3. Уӕ дзуӕппыты уыдис дзырд «сыгъзарин» .Цымӕ цы нысан кӕны?

- Сыгъзарин – ома сыгъзӕринӕй конд.

- Раст. Фӕлӕ ам «сыгъзӕрин» у эпитет ӕвдисы фӕззӕджы хуыз (ома бур).

4. Хъӕздыг та цы нысан кӕны, ома ӕхцайӕ хъӕздыг ӕви?

- Нӕ, халсартӕ, дыргътйй, хорӕй хъӕздыг

- Хорз. Ныр та иугыццыл аулӕфӕм ӕмӕ байхъусут фӕззӕджы мелодимӕ.

- Загъут ма цавӕр ӕнкъарӕнтӕ уӕм сӕвзӕрын кодта?

- ӕнкъард, хъӕлдзаг, хур бон, къавда, уазал дымгӕ, асӕст бон…

Хъазт.

(Ахуыргӕнӕг ӕппары пурти сабитӕм, уыдон та радыгай хъуамӕ дзурой ӕрдзы ивддзинӕдтӕ).

Кӕрдӕг фӕбур,

Цъиутӕ атахтысты,

Бон фӕцыбыр,

Сыфтӕртӕ фӕбур сты,

Бирӕ дыргътӕ,

Хъӕздыг тыллӕг,

Бур кӕрдотӕ,

Сырх фӕткъуытӕ.



Къордтӕй куыст.

1 хӕс. Чи фылдӕр миногонтӕ зӕгъдзӕн дзырд «фӕззӕг» - мӕ

1къорд 2 къорд

ӕнкъард рӕсугъд

кӕвдаджын бӕркадджын

уазал сыгъзӕрин

хъарм хъӕздыг

хъӕлдзаг асӕст

бурзачъе хорз

2 хӕс. ӕмбисӕндтӕ раст ахӕццӕ кӕнут кӕронмӕ.

1къорд.

Фӕззӕг – (хъӕздыг у).

Фӕззыгон бон …. (хӕдзар дары).

Фӕззӕг цы бафснайай, …(уый зымӕг бахӕрдзынӕ).

2 къорд

Фӕззӕг бӕркадтӕ… (нымайӕн)

Фӕззӕг - … (магусайы удхӕссӕг).

Фӕззӕгӕй зӕрдӕ … (буц у).



- Нывыл куыст.

-Цавӕр афӕдзы афон дзы ӕвдыст цӕуы?

- Цавӕр ахорӕнтӕй пайда кӕны автор?

- Цавӕр ӕнкъарӕнтӕ уӕм гуырын кӕны ацы ныв?

- Сымах та фӕндид ацы ран фестын?

-Ныффыссут фӕйнӕ фондз хъуыдыйады, раттут сын сӕргонд.



Уыци – уыци



Уазал мигъ ӕрбады ныллӕг,

Бафснайынц гонты бӕркадджын тыллӕг,

Сыфтӕртӕ фезгъӕлынц зӕхмӕ. (Фӕззӕг).



Синквейн.

Фӕззӕг.

Рагвӕззӕг, сыгъзӕрин.

Ралӕууыд, сахуырста, хъӕздыг у.

Фӕззӕг афӕдзы хъару у.

Бӕркад.

Урочы хӕтдзӕгтӕ.

Рефлекси

Урочы куыстытӕ

бӕрнӕн

1

текстыл куыст


2

ӕмбисӕндтӕ


3

нывыл куыст


4

уыци - уыци





Хӕдзармӕ куыст. Радзырд кӕронмӕ бакӕсын, фӕрстытӕн дзуапп дӕтттын зонын, фӕззӕджы нывтӕ сныв кӕнын.










Скачать

Рекомендуем курсы ПК и ППК для учителей

Вебинар для учителей

Свидетельство об участии БЕСПЛАТНО!