СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Хуыматаг хъуыдыйад

Категория: Прочее

Нажмите, чтобы узнать подробности

Урок проводила в 8 классе. Дети активно работали

Просмотр содержимого документа
«Хуыматаг хъуыдыйад»

Урочы темæ: Хуымæтæг хъуыдыйад (фæлхат кæныны урок).

Æрдз фæззæджы хъæбысы.

Урочы нысан:1. Хуымæтæг хъ-д сфæлхат кæнын.

2.Хъомыладон куыст .

3. Ныхасы рæзтыл куыст.

Цæстуынгæ æрмæг: æрдзы нывтæ.

Урочы цыд



Организацион хай:

  • Уæ бон хорз, сывæллæттæ!

  • Æгас цу!

  • Нæ буц уазджытæ, сымах дæр нæм алыбон æгас цæут! Сывæллæттæ, сымах дæр ма нæ уазджытæн салам раттут. (æркуывтой сæ сæртæй)

  • Сбадут! (сывæллæттæ сбадтысты)

  • Сывæллæттæ, сымах дæр абон мæнау чысыл фæлварæны бахаудтат, æмæ иумæ равдисæм нæ арæхстдзинад, нæ ирондзинад, не 'гъдау.

ΙΙ. Ахуыргæнæджы разныхас:

Эпигрæф : кæсын Æхсæлы ызгъæлы,

Лæджирттæг фæбур

Мигъ бады цæгаты,

Нæ йæ тавы хур

-Цавæр афæдзы афоны кой дзы цæуы? (фæззæджы).

Цæмæй бæрæг у фæззæджы кой дзы цæуы ,уый?

Дзуапп: 1 скъол.Æхсæлы згъæлын байдайы, лæджирттæг фæбур вæййы.

2 скъол. Хур нæ нал фæтавы сæрды нæ куыд тавы ,афтæ.

-Чи ныффыста ацы ныхæстæ? (Хетæгкаты Къ.)



-Уæдæ кæй райгуырæн бон бæрæг кæндзыстæм тагъд? (Хетæгкаты Къ.)

-Кæд райгуырд æмæ чи у махæн Къоста?

Дзуапп: 3скъол. Къоста у ирон литературæ æмæ литературон æвзаджы бындурæвæрæг.Райгуырд Нары хъæуы фæззæджы кæфты мæйы 15 боны. Райдиан скъола каст фæци Нары,уый фæстæ Дзæуджыхъæуы дæлгимназы ацахуыр кодта. Стæй йæ фыдмæ ацыд Лабæмæ. Бацыд Стъараполы гимназы, ам райдыдта ныв кæнын.Къоста æрмæст ныв нæ кодта , фæлæ ма фыста æмдзæвгæтæ , поэмæтæ дæр. Йæ æмдзæвгæты æмбырдгонд «Ирон фæндыр» 1899 аз…

-Уæдæ мæнмæ гæсгæ зондзыстут Ирыстоны Къостайы номимæ баст цы бынæттæ ис?!

Скъол. Нары хъæуы фыссæджы хæдзар, поэты музей, фæлладуадзæн парк, Дзæуджыхъæуы даргъдæр æмæ рæсугъддæр уынг-Къостайы проспект,13 скъола йæ ном хæссы,университет, ирон драмон театры цур цыртдзæвæн.

Ахуыргæнæг:

-Уæдæ , сывæллæттæ, бирæ ис Уæрæсейы йæ номимæ баст бынæттæ дæр: горæт Херсоны йын скодтой музей, Херсоны рæсугъддæр уынгтæй иуыл сæвæрдтой Къостайы ном, Стъараполы дæр ын ис цыртдзæвæн, Пятигорсчы дæр цыртдзæвæн.

Ахуыргæнæг:

Сонбоны рухс цардмæ бæлгæйæ йæ адæмæн стыр лæггад чи бакодта, ахæм адæймагæн нæй амæлæн. Уæдæ махæн дæр Къоста æнусты бонты цæрдзæнис нæ зæрдæты.

- Сывæллæттæ ,махæн Къоста нæ сæууон стъалы куыд у ,афтæ уырыссæгтæн та чи у?

1 скъол. Дзуапп: уырыссæгтæн- Пушкин, Шекспир- англисæн, гуырдзыйæн - Шота Руставели, немыцæгтæн – Гете.

АХУЫРГæНæГ.-Ныр та ма мын зæгъут, Къоста æрдзы нывтæм гæсгæ цавæр æмдзæвгæтæ ныффыста?

Дзуапп: 4 Скъол. Уалдзæг , сæрд ,фæззæг, зымæг.

- Уæдæ ма мын зæгъут, æрдз йæ афæдзы афонтæм гæсгæ йæхи куыд ивы?

Скъол…..

Иу æмдзæвгæ «Фæззæг» наиз. дзурынц.

- Уæдæ уыцы нывтæ иумæ райсгæйæ куыд хонæм? (ÆРДЗ).

-Уæдæ куыд бамбæрстат ,афтæмӕй на темæ у? ( æрдзы тыххæй.)

Ахуыргæнæг: -Æмбисондæн дзуринаг у нæ Ирыстоны æрдз. Уарзын ын йæ алы афон дæр. Фæллад фæцыдæр вæййы, куы акæсы адæймаг йæ алфамблай ацы диссаджы алæмæты рæсугъддзинадмæ: урссæр хæхтæм, цъитиджын къæдзæхтæм, арф кæмттæм, æхсыргъуыз дæттæм, бæркадджын хъæдтæм. Цыма уа зæрдæйæн уымæй æхцондæр.

1.Презентаци æрдзы тыххæй. (хæдзармæ куыст скъоладзауæн)

1-аг презентацийы фæстæ: Ахуыргæнæг:Уыци-уыцитæ.

2-аг презентаци Фæззæджы тыххæй

Морфемон æвзæрст дзырд (Бæркадхæссæг)

2.Къордтимæ куыст.

Проектон куыст 1 скъоладзау … слайдтæм гæсгæ хъуыды кæнынц хуымæтæг хъуыдыйадтæ.

-Цы хонæм хъуыдыйад?



-Хуымæтæг хъуыдыйæдтæ сæ арæзтмæ гæсгæ цавæртæ вæййынц?( Хуымæтæг цыбыр æмæ даргъ).

-Хуымæтæг цыбыр хъуыдыйæдтæ цæмæй арæзт вæййынц ? (ÆРМÆСТ СÆЙРАТ ÆМÆ ЗÆГЪИНАГÆЙ).

Хуымæтæг даргъ хъуыдыйад та? (ФÆРССАГ УÆНГТÆЙ)

-Цавæртæ сты фæрссаг уæнгтæ?( бæрæг., æххæст.,фадат.дз.)

Дзуапп: -Хъуыдыйад у æххæст хъуыды æвдисæг дзырд ,кæнæ кæрæдзиуыл баст дзырдты къорд.

Дзуапп: Скъол. Хъуыды кæнынц хъуыдыйæдтæ.

-Слайдтæм гæсгæ антонимтæ ссарын.

-Цы хонæм антонимтæ?

Дзуапп: Сæрд –зымæг ,уалдзæг- фæззæг.

3.Чиныгимæ куыст: фæлт1, ф. 19. (дзургæйæ).

Дырдуатон куыст

Нæ фæччы- не мбæлы.

Бырæттæ- мусор.

- Семæ æрхъуыды кæнын хуымæтæг хъуыдыйæдтæ.

- кæсынц сæ чингуыты скъоладзаутæ ф.1

-Цы цæстæй кастысты нæ фыдæлтæ æрдзмæ?

Дзуапп: 1 скъол. Донæн чъизи кæнын нæ фæччы, æмæ йæм бырæттæ дæр ничи калдта.

2скъол. Хъахъхъæдтой хъæдты æвæрæнтæ . Сагътой фылдæр дыргъ бæлæстæ.

-Цæй мидæг уыд йæ хорздзинад?

-Раст аргъ кодтой нæ фыдæлтæ æрдзы хæзнатæн?( о, раст).

- Абон куы акæсæм нæ алфамблай , уæд цы уавæры ис нæ æрдз, нæ горæт?

3 скъол. Нæ уынгтæ сты тынг чъизи. Адæм сæ бырон æппарынц кæм фæнды, æхсынæнтæ къæрц кæнгæйæ цæуынц. Терек ,Электроцинк.

-Уæдæ, сывæллæттæ, сымахмæ гæсгæ уый раст у? (нæу).

-Сымах та куыд хъахъхъæнут æрдз?

4 скъол. Алы къуыри æфснайæм нæ скъолайы алывæрстæ.

-Хорз .Уæдæ

Хæс 1. Фонетикон æвзæрст ракæнæм дзырд.(æрдз)

æ-(æ)- лæм. хъæл.

Р-(р)- сон. æмхъ. зыл.

Дз-(ц)- æмхъ. æзыл. æмкъай.

Хæс2. -Уадæ ма йæ хауæнтæм гæсгæ дæр атасындзæг кæнæм.( æрдз)

Н . æрдз

Г. æрдзы

Д.æрдзæн

И. æрдзæй

А. æрдзмæ

Æд. æрдзыл

Ц. æрдзимæ

Х. æрдзау.

Хæс: æрдзимæ æрхъуыды кæнын хуымæтæг хъуыдыйад.

5–аг фæлт.Тетрæдты куыст (хибарæй куыст)

Хæс: Лæвæрд дзырдтæй саразын хуымæтæг хъуыдыйæдтæ:

Сæрдыгон, атымбыл стæм , фæззæг, йæ алыварс.

-Уæ хъуыдыйæдтæ сæ арæзтмæ гæсгæ цавæр сты? ( хуымæтæг).

Фæйнæгыл 1 скъол. Синтаксисон æвзæрст кæны хъуыдыйад.

Скъоладзаутæ дыргъдоны ныссагътой алыхуызон бæлæстæ.

- Сывæллæттæ, зæгъут ма, дзырд Фарн цы нысан кæны ?

Дзуапп-Скъол

1. Царды цыдæриддæр хорзæй ис.

2. Æнгомдзинад.

3. Рæдау

4. Бæркадхæссæг

5.Фæрныг

6. Æгъдау.

Уæдæ ма ногæй текстмæ æркæсут. Дзырд «æгъдау» кæм фыст ис, уый ма бакæсут .Уæдæ мах та æгъдаумæ гæсгæ скæнæм ирон арфæ дзырдтæй иудзинады бæлас.

Нæ буц уазджытæн зæгъут уæ арфæтæ хуымæтæг хъуыдыйæдтæй æмæ уæ сыфтæ бафидар кæнут бæласыл, æрбакæсут –ма, рауад нæм фарны бæлас. Нæ бæласæн йæ бындзæфхад арæзт у нартхоры нæмгуытæй.

-Зæгъут-ма, афæдзы афонтæй кæд байтауæм нартхор æмæ мæнæу (Уалдзæджы).

-Цавæр æмбисæндтæ ма зонут фæззæджы тыххæй?

Уалдзæджы цы байтауай, уый фæззæджы æркæрддзынæ.

Ахуыргæнæг

Фæззæг у бæркадхæссæг, æмæ нæ бæлас дæр сырæзыд бæркадæй. Бæласыл ацы нартхор та бæрæг кæны адæмы иудзинад. Ацы тымбыл та нысан кæны Ирыстоны иумæйаг бæркад. Йæ сæрмæ та 3 чъирийы, кæцытæй кувæм Хуыцаумæ. Гъема нын Ирыстоны сæрмæ куыд æрттива зæрин хур ,ахæм арфæ нын Хуыцау ракæнæд.

Рефлекси:

Уæдæ урочы чи куыд бакуыста , уый ацы карточкæтæм гæсгæ рабæрæг кæнæм.

1). Æз урочы куыстон… хорз/æвзæр

2). Урок мæм фæкаст… цыбыр/даргъ

4) Урочы ногæй базыдтон…/ нæ базыдтон

Хæдзармæ куыст 4 фæлт, фарс 21.

Табуафси.

Зарæг.


  • Бузныг, сывæллæттæ!

  • Хæрзбон!






Скачать

Рекомендуем курсы ПК и ППК для учителей

Вебинар для учителей

Свидетельство об участии БЕСПЛАТНО!