СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

«Нӕ бинонты фарн» Дзасохты Музаферы ӕмдзӕвгӕ «Хистӕр ӕмӕ кӕстӕр»- мӕ гӕсгӕ

Нажмите, чтобы узнать подробности

Просмотр содержимого документа
««Нӕ бинонты фарн» Дзасохты Музаферы ӕмдзӕвгӕ «Хистӕр ӕмӕ кӕстӕр»- мӕ гӕсгӕ»

Темӕ: «Нӕ бинонты фарн» Дзасохты Музаферы ӕмдзӕвгӕ

«Хистӕр ӕмӕ кӕстӕр»- мӕ гӕсгӕ



Нысан: Скъоладзауты зонгӕ кӕнын бинонты фарнимӕ;

ахуыр сӕ кӕнын хистӕртӕм хъусыныл, кад сын кӕныныл;

сабиты зӕрдӕты сӕ бинонтӕм уарзондзинады ӕнкъарӕнтӕ

ӕвзӕрын кӕныныл архайын.

Урочы цыд

  1. Бацӕттӕгӕнӕн рӕстӕг

(Сечъынаты А. «Къонайы хъарм»- ӕй скъуыддзаг)

Уӕ бон хорз, сывӕллӕттӕ. Абон нӕм ӕрбацыд бирӕ уазджытӕ ӕмӕ сын «ӕгас цу» зӕгъӕм.

  1. Рустам нын бакӕсдзӕн Котолиты Никъалайы ӕмдзӕвгӕ «Ирон ӕфсарм», лӕмбынӕг ма йӕм байхъусӕм.



Ирон ӕфсарм, куыд тыхджын дӕ, уӕвгӕ!

Дыууӕ знаджы ’хсӕн фидауӕг ӕрлӕууыс.



Ирон ӕфсарм, ды сомыйӕн бӕзгӕ.

Фынджы уӕлхъус уӕздан бадтӕн фӕхъӕуыс.



Ирон ӕфсарм, куыд стыр у дӕ кад!

Нӕ буц хистӕртӕн кӕстӕртӕ – сӕ цума.



Ирон ӕфсарм, ӕнусмӕ уӕд дӕ рад,

Куыд нӕ кӕна дӕ ныфсӕй иу дӕр цудгӕ!



Ахуыргӕнӕг: Бузныг, Рустам. Тынг хорз бацӕттӕ кодтай. Сывӕллӕттӕ, уӕдӕ куыд хъуыды кӕнут, абон нӕ урочы цӕуыл дзурдзыстӕм?

Сывӕллӕттӕ: ( ирон ӕфсармыл, ӕгъдауыл, хистӕртӕ ӕмӕ кӕстӕртыл)

Ахуыргӕнӕг:Раст загътат, сывӕллӕттӕ.

Махӕн фыдӕлтӕй бирӕ алыхуызон ӕгъдӕуттӕ баззад. Иутӕ дзы ферох сты, цард сӕ йӕхӕдӕг аппӕрста. Бирӕтӕ дзы цӕсты гагуыйау хъахъхъӕнинаг сты. Уыдонимӕ- ирон хъомылад бинонты ӕхсӕн. Бинонтӕм ӕгъдау, ӕфсарм куы уа, кӕстӕр хистӕры уайдзӕфмӕ куы хъуса, уӕд уыцы бинонты фӕхонынц фӕрнджын. Ахӕм бинонтӕн, ныййарджытӕн стыр кад вӕййы хъӕуы. Ӕз зонын. сымах уӕ бинонты хорздзинадмӕ кӕй тырнут, уый. Ахӕм зонд кӕмӕ ис, ахӕм нысан йӕ размӕ чи ӕрӕвӕрдта, уыдонӕй ӕцӕг адӕймӕгтӕ кӕй рауайдзӕн, ӕз ууыл дызӕрдыг нӕ кӕнын.

Цӕмӕй нӕ урок цымыдисагдӕр рауайа, уый тыххӕй уе,мбӕттӕй цалдӕрӕй ацыдыстыбалцы дзырдты хӕзнадонмӕ. Цымӕ нӕм цӕимӕ ӕрбаздӕхтысты? Байхъусӕм- ма сӕм.



Аленӕ: Ӕз фембӕлдтӕн дзырд «Бинонтыл»

Дзырд «бинонтӕ» (иууон нымӕцы бинойнаг) равзӕрд рагон ирон дзырд бын –ӕй. Ацы бындурӕй арӕзт ӕрцыдысты ӕндӕр дзырдтӕ. Зӕгъӕм, бындур, бындар, бынат ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Дзырд «бын» ис ӕндӕр ӕвзӕгты дӕр. Зӕгъӕм, таджикагау ӕмӕ сомихагау хъуысы- бун, буна. Ӕппӕт ӕвзӕгты дӕр йӕ мидис у иу -уидаг, бындур, астӕу.



Батраз: Ӕз та фембӕлдтӕн дзырд «Ӕфсармыл»

Дзырд «ӕфсарм» цы амоны, уый алчидӕр зоны, ӕмбары, уымӕн ӕмӕ исчи фыдуаг ми куы бакӕны ӕмӕ йӕ рӕдыд куы бамбары, уӕд ӕнӕмӕнг ӕфсӕрмы бахауы, бирӕтӕ ма суанг сырх дӕр фӕвӕййынц.

Ӕфсармджын кӕстӕр у бинонты фидауц, ӕмгӕрттӕн та фӕзминаг.

Ӕфсарм рагон ирон дзырд у.



Лаурӕ: Ӕз фембӕлдтӕн дзырд «Ӕгъдауыл»

Ацы дзырд чи нӕ фехъуыста, ахӕм, ӕвӕццӕгӕн, нӕ разындзӕн, уымӕн ӕмӕ ӕгъдау алы ран дӕр хъӕуы: хӕдзары дӕр, уынджы дӕр, скъолайы дӕр. Хи куыд дарын хъӕуы, уыцы фӕтк, ома ӕгъдау, алы адӕммӕ дӕр кадджын у. Уӕдӕ куыд равзӕрд дзырд «ӕгъдау»? Нӕ рагон фыдӕлтӕ уыдысты скифтӕ ӕмӕ уыдонмӕ бердзенаг (грекъаг) фыстыты баззади лӕджы, нӕлгоймаджы номы.



Сармат: Ӕз та фембӕлдтӕн дзырд «Мадыл»

Мад у рагон дзырд. Бирӕ,взӕгты ис ныр дӕр ма чысыл ивддзинӕдтимӕ, фӕлӕ Памиры хӕхты цӕрӕг адӕм дзурынц мах хуызӕн- мад.

Рагон ирайнаг, рагон персайнаг ӕвзӕгты хъуысти матар. Махмӕ дӕр уыцы фонетикон хуызы баззад бирӕон нымӕцы.- мадӕлтӕ. Ам ирайнаг р ирон ӕвзаджы рахызти л- мӕ.

Уырыссаг дзырд «мать» ӕмӕ ирон«мад» равзӕрдысты иу бындурӕй.





Дианӕ: Ӕз та фембӕлдтӕн дзырд «Фарныл»

Царды цыдӕриддӕр хорзӕй ис(сабырдзинад, бӕркад, амонд), уыдон иумӕ иронау ацы ном хӕссынц.

У рагон ирон дзырд.



Ахуыргӕнӕг:Сывӕллӕттӕ, балц уӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд? Цы дзы райстат уӕхицӕн?( Ӕз базыдтон бинонтӕ кӕй равзӕрд дзырд бын-ӕй, Ӕз та базыдтон, ӕгъдау алы адӕммӕ дӕр кадджын кӕй у, уый. Ӕз базыдтон, уырыссаг дзырд «мать» ӕмӕ ирон «мад» кӕй равзӕрдысты иу бындурӕй.) Тынг хорз. Сымах фӕрцы нӕ дзырдуат бӕрӕг фӕхъӕздыгдӕр.

Сывӕллӕттӕ, цыма махырдӕм чидӕртӕ ныхасгӕнгӕ ӕрбацӕуы. Байхъусӕм - ма сӕм, цӕуыл у сӕ ныхас. (Ацы ныхӕсты фӕстӕ къласы дуар байгом ӕмӕ дзы ӕрбахызти дыууӕ чызджы).

  1. Асиат, фарн дӕм бадзурӕд!

  2. Баба дӕр искӕимӕ куы фӕдзуры, уӕд фӕзӕгъы: «Фарн дӕм бадзурӕд!»

  1. Дада гыццимӕ куы фӕдзуры, уӕд фӕзӕгъы: «Фарн дӕм бадзурӕд, не,фсин».

  2. Знон нӕмТузар ӕрбауад, Хӕдзары дуар байгом кодта ӕмӕ арфӕ ракодта «Фарн ацы хӕдзары». Нана йӕ мидбылты бахудт ӕмӕ йын уый дӕр арфӕ ракодта: «Фӕрнӕйдзаг у, мӕ къона!.»

  1. Ӕвӕдза, цы аив дзурынц нӕ хистӕртӕ. Ӕмӕ кӕстӕртӕ та? Нӕ хъуыстай ӕрдӕбон лӕппуты къуыдипп ныхӕстӕм, ӕрдӕг иронау, ӕрдӕг уырыссагау.

  2. Фари , уыдон бинонты ,гъдау уынгмӕ рахастой. Бӕрӕг у, хистӕр – кӕстӕр нӕ зонынц.

  1. Раст зӕгъыс, Асиат. Тынг ӕнӕфсарм сты. Фӕрнджын бинонтӕй нӕ рацыдысты. Уӕдӕмӕ ныр не,мбӕлттимӕ ӕрдзурӕм, фӕрнджын бинонтӕ цы сты, ууыл.

  1. « Фарн» ӕвдисы амондхӕссӕг адӕймаджы, бинонты царды бафӕзминаг, раппӕлинаг хуызтӕ.

  2. Ирон бинонты фарнмӕ хаудысты адӕймаджы хуыздӕр миниуджытӕ: куыстуарзон, цӕстуарзон ӕмӕ ӕууӕнкджын уӕвын. Уыцы миниуджытыл хъомылгонд цыди сывӕллон йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ.

  1. Ахӕм фарныл лӕуд кӕй уыдысты нӕ фыдӕлтӕ, сӕ диссаджы зонд ӕмӕ ӕрхъуыды дӕр уый мидӕг уыди.

Ахуыргӕнӕг: Раст зӕгъут , сывӕллӕттӕ, ахӕм фарныл лӕуд кӕй уыдысты нӕ фыдӕлтӕ, уый бӕрӕг у ӕмбисӕндтӕй дӕр. (Урочы эпиграф бакӕсын)

«Фыды фарн – цотӕн хъахъхъӕнинаг»

Эпиграфӕн дӕр ӕй дзӕгъӕлы нӕ райстам.

Сывӕллӕттӕ, 2 къордӕн нын хӕслӕвӕрд уыди ӕмбисӕндтӕ бацӕттӕ кӕнын, байхъусӕм ма сӕм.

  1. Бинонтӕ,мзонд куынӕ уой, уӕд сӕ хӕдзар уазалы смаг кӕны.

  2. Бинонты цард чи нӕ уарзы, уый адӕмы цард дӕр нӕ уарзы.

  3. Бинонтӕ фӕйнӕрдӕм куы хӕцой, уӕд сыл цард нӕ хӕцы.

  4. Бинонтӕ кӕрӕдзийы куы уарзой, уӕд сӕ бӕркад бирӕ у.

  5. Йӕ бинонтӕ хӕларӕй кӕмӕн цӕрынц, уымӕн йӕ хӕдзары бӕркад бирӕ у.

  6. Бинонты уарзондзинад ӕфсиныл баст у.

  7. Ӕнгом цуанонтӕ саг марынц, ӕнгом бинонтӕ цард арынц.

  8. Кӕстӕр хистӕры кӕм нал зона, уым цард нӕй.



Ахуыргӕнӕг:Ныр та байхъусӕм 3 къордмӕ , нӕ чысыл артисттӕм.

Сценкӕ «Тӕскъ»

Иу чысыл лӕппу уистӕ йӕ цуры ӕрӕвӕрдта ӕмӕ тӕскъ бийы йӕ дадайы раз.

- Цы кусыс уый, мӕ хур?

-Тӕскъ бийын дада, тӕскъ.

- Ӕмӕ дзы цы кӕныс? Тӕскъхъуаг куынӕ стӕм?

-Ацы тӕскъ ӕз бийын дӕуӕн. Ды ӕгӕр базӕронд дӕӕмӕ йӕ куы сбийон, уӕд дӕ ацы тӕсчъы нывӕрдзынӕн ӕмӕ дӕ уӕртӕ стыр былӕй атулдзынӕн, цӕмӕн ма хъӕуыс, кусгӕ куынӕуал кӕныс.

- Хорз ӕрхъуыды кодтай, мӕ хур хорз. Ӕцӕг мӕн куы атулай былӕй уӕд-иу дӕ чыргъӕд бафснай, науӕд ды куы базӕронд уай, уӕддӕу дӕр былӕй ӕппарын хъӕудзӕн, ӕмӕ сӕ тӕскъ бахъӕудзӕн.

(Лӕппу йӕ уистӕ аппӕрста ӕмӕ уынгмӕ азгъордта)

Ахуыргӕнӕг: Цымӕ цӕмӕ ныууагъта чысыл лӕппу йӕ тӕскъ бийын?

(Йӕ рӕдыд бамбӕрста, дадаты уарзын хъӕуы, дадатӕн лӕггад кӕнын хъӕуы, нӕ йӕ фӕнды , цӕмӕй йӕ зӕрондӕй аппарой).

Ахуыргӕнӕг:3 къорд нын дарддӕр йӕ куыст ӕвдисы. Байхъусӕм царды арӕх цы цаутимӕ сӕмбӕлӕн ис, уыдонӕй иумӕ.

Сценкӕ «Ӕвзӕр боны гуырд»

Иу чысыл лӕппу бандоныл бады ӕмӕ чиныджы кӕсы. Зӕронд лӕг йӕ цурмӕ куы ӕрбахӕццӕ, уӕд ӕм дзуры:

  1. Дадайы хур мӕ лулӕ ма мын радав.

  2. Дада нӕ мӕ уыныс, нӕ мӕ вдӕлы!

  1. Ныр аздӕхин ӕмӕ куынӕуал рафӕразон.

3.Дада исты дӕ хъӕуы мыййаг, тыхстхуыз куы дӕ?

1.О, дадайы хур, о! Мӕ лулӕ хӕдзары айрох и ӕмӕ фӕстӕмӕ здӕхынмӕ мӕ ныфс нал хӕссын, дуканимӕ рараст дӕн.

3.Тыхсгӕ ма кӕн дада. Ӕз дын ӕй ныртӕккӕ радавдзынӕн.

1. О, дӕ дада дӕ хурӕй бафсӕда. Лӕппу, дӕ гӕххӕтты цы фыссынц?

2.Ӕркӕс ма дада, трамвайы лӕппу бадгӕ кӕны, йӕ дада та йӕ разы лӕугӕ кӕны. Йе,мбал ӕм смӕсты ӕмӕ йӕ ӕвзӕр боны гуырд схуыдта.

1.Хъыгагӕн бинонты хсӕн вӕййы ӕвзӕр боны гуырдтӕ дӕр.

3.Дада, мӕнӕ дӕ лулӕ. Цӕй дуканимӕ дӕр ӕз ауайон дӕ бӕсты.

2. Фари, фӕлӕу!Дуканимӕ иумӕ ауайӕм.

1.О, дада уӕ рынтӕ ахӕра. Цӕут кӕд нӕ зивӕг кӕнут, уӕд.

Ахӕм кӕстӕрты бинонтӕ фӕрнджын сты.

О, хуыцау, ӕвзӕр боны гуырдтӕ дӕр сӕ бафӕзмӕнт!

Ахуыргӕнӕг:Зӕгъгӕ дадайы куывд сӕххӕст, уӕд уымӕй стырдӕр лӕвар нӕ хъӕуы ирон адӕмы.

-Сымахӕй та дадатӕ кӕмӕн ис? Ӕмӕ сын куыд лӕггад кӕнут?

Ныр та, хӕдзары кӕстӕр хистӕрмӕ куынӕ фӕхъусы, уӕд уымӕй цы рауайы, уымӕ бакӕсӕм.

Сценкӕ «Уӕрыччытӕ»

Хъӕдрӕбын фысты дзуг хызти. Дзугӕй дыууӕ уӕрыччы фӕиппӕрд сты ӕмӕ хибарӕй хизынц.

Зӕронд фыс сӕм дзуры:

- Фыдуаг ма ут, уӕркотӕ! Дзугӕй дард ма цӕут, кӕннод уӕм исты фыдбылыз кӕсы.

Бирӕгъ сӕм къудзийы рӕбынӕй дзуры:

-Ӕгонгӕй, уӕрыччытӕ! Уыцы зӕрондмӕ ма хъусут, уый уӕм хӕлӕг кӕны. Йӕхӕдӕг базӕронд ӕмӕ уӕ уымӕн нӕ уадзы хицӕнӕй хизын. Ма йӕм хъусут. Згъорут кӕрдӕгджын быдыртӕм.

(Уӕрыччытӕ адард сты хизгӕ-хизгӕ ӕмӕ сӕ бирӕгъ ахаста)

Ахуыргӕнӕг: Цы,рцыди уӕрыччытыл? Цӕмӕн?

Уӕдӕ цавӕр хатдзӕг скӕндзыстӕм?

Кӕсут, ирон ӕмбисӕндты куыд арф хъуыды ӕвӕрдис. Бинонтӕ ,мзонд куынӕ уой, ома кӕстӕр хистӕрмӕ куынӕ хъуса, уӕд сӕ хӕдзар уазалы смаг кӕны, цард сыл нӕ хӕцы, бӕркад сӕм нӕй.

Байхъусут – ма Дзасохты Музаферы ӕмдзӕвгӕмӕ

Ахуыргӕнӕджы бакаст.

«Хистӕр ӕмӕ кӕстӕр»

Хистӕрӕн кӕстӕр куы дӕтта ӕгъдау,

Кӕстӕрмӕ ничи ӕрхӕсдзӕн уӕд фау.



Хистӕрӕн кӕстӕр куы райса йӕ уаргъ,

Кӕстӕрӕн алкӕм уыдзӕни уӕд аргъ.



Хистӕрӕн кӕстӕр куы радта бынат,

Кӕстӕр уыдзӕни уӕд хорзыл нымад.



Кӕстӕр куы фӕрса йӕ хистӕры зондӕй

Кӕстӕр уӕд никуы фӕрӕдидзӕн сонтӕй.

Ахуыргӕнӕг: сывӕллӕттӕ, цавӕр хатдзӕгтӕ скодтат?

(Хистӕрӕн ӕгъдау дӕттын, хистӕры зондмӕ хъусын)

Ахуыргӕнӕг:Хетӕг, бакӕс ма нын ӕмдзӕвгӕ.

Ахуыргӕнӕг:Бузныг, Хетӕг.

-Сывӕллӕттӕ, къонверты дзырдтӕй- ма амбырд кӕнут ӕмдзӕвгӕйӕ скъуыддзаг. (Къӕйтты куыст)

Кӕстӕр куы фӕрса йӕ хистӕры зондӕй

Кӕстӕр уӕд никуы фӕрӕдидзӕн сонтӕй.

(К,ъӕйтты куыст сбӕрӕг кӕнын)

Ахуыргӕнӕг:Тынг хорз.Уӕ зӕрдыл бадарут ацы зӕрдиаг ныхӕстӕ. Мӕнмӕ гӕсгӕ уын царды ӕдзух дӕр уыдзысты ӕххуысгӕнӕг.

- Уӕдӕ ма мын зӕгъут, абон урочы ӕмткӕй цы куыст бакодтам, уый уӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд?

- Тынгдӕр дзы уӕ зӕрдӕтӕм цы бахъардта ӕмӕ цӕмӕн?

- Сывӕллӕттӕ, зӕгъут-ма, ирон адӕм ацы къуыри цавӕр кадджын бӕрӕгбон бӕрӕг кӕнынц?

Гъемӕ, уе ’ппӕты дӕр йӕ хорзӕх уӕд.

Ахуыргӕнӕг:Сывӕллӕттӕ, нӕ ныхас кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕны ӕмӕ нӕ буц уазджытӕн сӕрмагондӕй сӕ ном ссарӕм.



Скъоладзау:

Фарн уемӕ. Фарн алкӕй хӕдзары,

Фарн алкӕй зӕрдӕйы цӕрӕд!

Бӕлццон уӕм фӕрныг фысым арӕд,

Уӕ алчидӕр фарнхӕссӕг уӕд!

( Хуытъыгаты Хъ.«Ирон куывд»- ӕй скъуыддзаг)



PЦИ- Аланuйы Кировы мунuцunалон районы

Змейкӕйы станuцӕйы Иумӕйагахуырадон 2-ӕмскъола

363620, Кировы район, 3мейкӕйы станицӕ, Чапаевы уынг, 49 т. 5-31-05,

т/факс 5-31-65 e-mail: [email protected]











Фӕсурокты куыст



Темӕ.

Нӕ бинонты фарн











Ахуыргӕнӕг

Сохъхъуырты Лаурӕ

Алыксандры чызг





2018 аз


Скачать

Рекомендуем курсы ПК и ППК для учителей

Вебинар для учителей

Свидетельство об участии БЕСПЛАТНО!