Урочы темӕ: Кадӕг «Сослан-тыхагур».
Урочы эпиграф: «Хорздзинадӕн сӕфӕн нӕй».
Урочы нысан:
Базонгӕ кӕнын скъоладзауты Нарты кадджыты хъӕбатыртӕй иу-Сосланимӕ.
Нарты кадджытӕм, стӕй иумӕйагӕй ирон адӕмон сфӕлдыстадмӕ сабиты цымыдис кӕнын. Тугъанты Махарбеджы нывыл ӕрдзурын.
Хирвӕссондзинад-фыдбылызы хос.
Цӕстуынгӕ ӕрмӕг:
Нарты кадджыты чингуытӕ, ахуыргӕнӕн чиныг, нывтӕ, дзырдуат,проектор.
Урочы цыд: Бацӕттӕгӕнӕн рӕстӕг.
1.Скъоладзаутӕ байхъусынц кадӕг «Нарты ӕмбырдӕй» скъуыддзагмӕ.
Ахуыргӕнӕджы ныхас
-Сывӕллӕттӕ кадӕджы фехъуыстат дзырд «хӕзна»
Фарст: Чи уӕ куыд ӕмбары дзырд «хӕзна»? Цы нысан кӕны?
Дзырд: «хӕзна» у зынаргъ дзаума.
«хӕзна» у зынаргъ адӕймаг.
«хӕзна» у бирӕ исбон.
Хорз,алкӕмӕ дӕр уӕ ис йӕхи хъуыдытӕ, фӕлӕ ма зӕгъӕн ис «хӕзна» у –ӕгъдау,ӕфсарм,намыс.
Фарст: Нартӕн та цымӕ се `стырдӕр хӕзнатӕ цы уыдысты? Цавӕр хӕзнатыл цӕуы дзырд кадӕджы?
Скъоладзаутӕ:
1.Кадӕджы дзырд цӕуы Нарты хӕзнаты тыххӕй.
«Нарт Нарт уӕд уыдысты, ӕмӕ Нӕртон адӕймаджы дзыхӕй рӕстдзинад йеддӕмӕ куы ницы ирвӕзти».
«Нарт Нарт уӕд уыдысты ,ӕмӕ сӕ сӕр сӕрмӕ куы хастой».
«Нарт Нарт уӕд уыдысты, арв сӕ нӕрын уӕд нӕ уӕндыди, ӕмӕ мӕлын куы зыдтой сӕ дзыллӕйы сӕрыл,алчи сӕ хӕцын куы фӕрӕзта йӕхиуыл».
Фарст: Кадӕджы цы хӕзнаты кой цӕуы,уыдонӕй Сослан дӕр хайджын уыд?
Скъоладзаутӕ: Кадӕджы цы хӕзнаты кой цӕуы,уыдонӕй се `ппӕтӕй дӕр уыд хайджын Сослан.
Фарст: Сывӕллӕттӕ бирӕ ӕмбӕлттӕ уын ис ном Сосланимӕ?
Фарст: Куыд уӕм кӕсы,нӕмттӕ цӕмӕ гӕсгӕ фӕдӕттынц? (Хорз адӕймагмӕ гӕсгӕ,кадджын,ахуыргонд адӕймагмӕ гӕсгӕ).
Фӕлӕ уымӕй диссагдӕр та Нарты Сосланмӕ гӕсгӕ. Цӕмӕй Сосланау уа хъаруджын,цыргъзонд,адӕмуарзон.
-Уӕдӕ ма байхъусӕм,цымӕ нын истори та цы зӕгъы ном Сосланы тыххӕй?
Байхъусӕм нӕ историйы ахуыргӕнӕгмӕ.
-Ныр фӕйнӕгмӕ ракӕсут,ӕмӕ уӕ тетрӕдты афыссут мӕнӕ ацы историон-наукон справкӕ.
1.Абайты Васомӕ гӕсгӕ ном Сослан нысан кӕны тызмӕг,карз уӕвын.
2.Гуыриаты Тамерланмӕ гӕсгӕ-Сослан-Цӕразон-Цезарь.
3.Ирон адӕммӕ ном Сослан фӕзынд 12 ӕнусы (Дауыт-Сослан).
4.Сослан райгуырд дурӕй.
5.Сосланы кӕрц у сӕры цӕрмттӕй хуыд.
2. Хӕдзармӕ куыст сбӕрӕг кӕнын.
1.Нӕ зӕрдыл ма ӕрлӕууын кӕнын Сосланы тыххӕй цы кадджытӕ зонӕм,уыдон («Сосланы райгуырд», «Сослан ӕмӕ Тары фырттӕ», «Сослан Сатанайы зындоны цадӕй куыд фервӕзын кодта» «Дауджыты лӕвӕрттӕ Сосланмӕ»).
1. Хӕс: Чи мын радзурдзӕн кадӕг «Сосланы райгуырд»-ӕй скъуыддзаг.
Иубон Нарты Сатана стыр доны былӕй гӕрзтӕ ӕхсадта,йӕ уӕлӕ цыбыр куырӕт,афтӕмӕй. Донӕн иннӕ фарс та йӕ фосы дзуг хызта иу фыййау…
2.Хӕс: Аларддӕр кӕнын кадӕджы хъуыдыйӕ мӕнӕ ацы рӕнхъытӕ:
«Хорз,-загъта Уацилла,ӕз ратдзынӕн ацы зоры нӕмгуытӕй Нартӕн»…
Уалдзӕджы,куыддӕр зӕхх стӕфса,афтӕ иу сӕ хуссарварс байтауӕнт, ӕмӕ сӕ афӕдзӕй-афӕдзмӕ хӕрынӕн цы хъӕуы,уый сын дзы райсдзӕнис хор . («Дауджыты лӕвӕрттӕ Сосланӕн»).
3.Хӕс: Ацы нывтӕ цавӕр кадӕгӕй ист сты? («Сослан Сатанайы зындоны цадӕй куыд фервӕзын кодта»).
Сбӕрӕг кӕнын алы ныв дӕр цавӕр сюжет бӕрӕг кӕны уый.
Фарст: Уӕдӕ цавӕрӕй ӕвдыст цӕуы кадджыты Сослан.
Сослан-хъӕбатыр ӕвзыгъд,цыргъзонд,ӕхсарджын,хин,адӕмуарзаг,ӕгӕр карз.
Равдисын фӕйнӕгыл схемӕ.
Фарст: Хин уӕм кӕцы кадӕджы фӕкаст? («Сослан ӕмӕ Тары фырттӕ»).
- Мӕнӕ ацы нывмӕ ма ӕрбакӕсут,ӕмӕ зӕгъут, цавӕрӕй ӕвдыст у Сослан? (ӕвзыгъд,сӕрӕн,хъӕбатыр).
Ацы ныв у Тугъанты Махарбеджы ныв «Нарты куывд»
-Махарбег уыди адӕмон нывгӕнӕг. Скодта бирӕ нывтӕ Нартӕй.
-Ӕцӕгӕйдӕр Сослан у Нарты хъӕбатыр,ӕнӕхатыр нӕртон гуырд.
Йӕ хъӕбатырдзинад, йӕ тых,йӕ хъару кӕм нал фӕфаг кӕнынц,уым хиндзинадӕй скӕны йӕхицӕн хотых.
Сослан у алцӕмӕ дӕр ныфсхӕссаг ӕмӕ йӕ фыр ныфсхастӕй хаттӕй-хатт зындзинады бахауы,фӕлӕ уӕддӕр фӕуӕлахиз вӕййы.
3. Ног ӕрмӕг. Кадӕг «Сослан-тыхагур»
-Сывӕллӕттӕ хӕдзармӕ уын бакӕсынмӕ лӕвӕрд уыд кадӕг.
Дзырдуатон куыст: 1. Ӕмгуыппӕй -иумӕ
2. ривӕд кодтой -рацу-бацу
3. фурд -денджыз
4. уытъыр -доны цӕрӕг
1.Бакӕсын хицӕн скъуыддзӕгтӕ кадӕг «Сослан-тыхагур»-ӕй.
а) Сослан Нартыл куыд фӕуӕлахиз.
б) Ӕртӕ уӕйыгыл радыгай,куыд ӕмбӕлд(хицӕнтӕй).
в) Иудзонгон уӕйыджы царды хабӕрттӕ.
г) Хиппӕлойдзинад ӕвдисӕн бынӕттӕ.
2.Дзуапп раттын фӕрстытӕн.
-Цавӕр хъӕзтытӕ кодтой Нарты фӕсивӕд?
-Куыд фӕуӕлахиз Сослан?
-Кӕуыл амбӕлд фӕндагыл Сослан?
-Ӕртӕ ӕфсымӕры мад куыд бахъахъхъӕдта Сосланы?
-Куыд баххуыс кодта иудзонгон уӕйыг Сосланӕн?
-Цавӕр хорз зонд бацамыдта уӕйыг Сосланӕн?
-Идеалон у Сослан? (Нӕу,уымӕн ӕмӕ йӕ миниуджытӕ иууылдӕр хорз не сты).
-Йӕ хорздзинӕдтӕ фылдӕр сты,ӕви йӕ фыддзинӕдтӕ? (Йӕ хорздзинӕдтӕ)
-Уӕдӕ хорздзинадӕн сӕфӕн нӕй.
Афтӕ у? (О)
Ды та цавӕр хорздзинад сарӕзтай?
Фӕсмон ыл кӕныс?
Ӕрхъуыды кӕнын дзырд хорздзинадимӕ ӕмбисӕндтӕ.
-Хорздзинад куы бакӕнай,уӕд ыл фӕсмон ма кӕн.
-Хорздзинады баконд дардмӕ хъуысы.
-Хорзӕй хорз зӕгъынӕн зӕрдӕ хъӕуы.
4.Урочы хатдзӕг: «Хорздзинадӕн сӕфӕн нӕй».
Ахуыргӕнӕг: Хорзӕй хорз зӕгъын чи зоны,хорзӕн аргъ кӕнын кӕй бон у,уыцы адӕм фӕрныг сты,уыдонӕн ис рӕсугъд фидӕн.
Мӕ урочы кӕрон мӕ фӕнды балхынцъ кӕнын нӕртон Уырызмӕджы арфӕтӕй, ӕмӕ сӕ абон ӕз мӕхимӕ исын.
Нӕ фӕсивӕд,фӕрнӕй цӕрат
Сосланау нын хъаруджын уат,
Батрадзау ӕндон сӕрстуат,
Ацӕмӕзау мӕлгъӕвзаг уат,
Ӕнус бонты ӕнӕниз уат…
Ӕппӕт ран дӕр ӕмвӕнд куыд уат,
Гъе, афтӕмӕй фӕрнӕй цӕрат.
Хӕдзармӕ куыст: Литературӕйы тетрӕдтӕм рафыссын ӕмбисӕндтӕ.