СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Адæймаг рæсугъд у йæ хорз хъуыддæгтæй. (Гæдиаты Ц. уацмыс «Дыууæ дидинæджы»-мæ гæсгæ.)

Нажмите, чтобы узнать подробности

Сценарий открытого урока по осетинской литературе в 6 классе на тему "Человек красив делами своими"  (анализ  стихотворения в прозе Ц.Гадиева "Два цветка")

Просмотр содержимого документа
«Адæймаг рæсугъд у йæ хорз хъуыддæгтæй. (Гæдиаты Ц. уацмыс «Дыууæ дидинæджы»-мæ гæсгæ.)»

 

Урочы темæ: Адæймаг рæсугъд у йæ хорз хъуыддæгтæй.

(Гæдиаты Ц. уацмыс «Дыууæ дидинæджы»-мæ гæсгæ.)

Ахуыргӕнӕг: Ботъоты Иринӕ

Куысты бынат:  Алагиры районы Бирӕгъзӕнджы астӕуккаг скъола

Предмет: литературӕ

Къласс: 6 къласс

Ахуыргӕнӕн чиныг : ирон литературӕ, хрестомати 6-ӕм къласӕн. /Сарӕзтой йӕ Дзасохты Ф. ӕмӕ Зӕнджиаты Р.- Дзӕуджыхъӕу: Ир, 2009

Урочы нысантæ : 

1.Прозæйæ фыст æмдзæгæйы текстæн анализ скæнын

2. Скъоладзауты дзырдуат фæхъæздыгдæр кæнын диалогон ныхасы руаджы.

3.Сывæллæттæм цымыдисдзинад гуырын кæнын адæймаджы хуыздæр миниуджытæм , уыдон фæзмынмæ.


Урочы ахуырадон фæстиуджытæ:


Предметон: текстæн йæ сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын, анализ скæнын.

Метапредметон: уацмысы персонажты архайд, сæ ныхасæн аргъ кæнын.

Удгоймагон: удыхъæды хорз миниуджытæ рæзын кæнын, авторы цардыл абаргæйæ быдырон дидинæджы хъысмæт..

Урочы хуыз : ног зонындзинӕдтӕй райсын

Æххуысгæнæг фæрæзтæ. Карточкæтæ, презентации, интерактивон фæйнæг.

6 къласы ирон литературӕйы урочы технологион картӕ


Темæ: Адæймаг рæсугъд у йæ хорз хъуыддæгтæй.

(Гæдиаты Цомахъы уацмыс «Дыууæ дидинæджы»-мæ гæсгæ.)

Урочы этаптæ

Куысты хуызтӕ

Ахуыргæнæджы архайд

Скъоладзауты куыст

1. Мотиваци.

нысан:ахуырдзауты цымыдис кӕны урочы ӕрмӕгмӕ

(ахуыргæнæг дæтты ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у ахæм æрмæг.)

Рӕстӕг- 1 мин.

Ахуырдзауты аразын ног зонындзинӕдтӕ райсынмӕ .

Салам дӕтты сывӕллӕттӕн .

Таурӕгъ дзуры : Куырм лӕг ӕмӕ цырагъ.

Ахуырдзаутӕ салам раттой.

Хъусынц таурӕгъмӕ 

II. Урочы хӕстӕ ӕмӕ нысантӕ сӕвӕрын

Актуализаци



(къуылымпытæ кæм æмæ цæмæн æййафдзысты, уый сбæрæг кæнын.)









Урочы темæйыл куыст.



Цæлхдуртæ аиуварс кæныныл куыст.































Ног æрмæгыл куыст.


Беседӕ саразын





































Рольтæм гæсгæ каст.





къордтӕй куыст.









Сбӕрӕг кӕнын авторы цӕстӕнгас дыууӕ дидинӕгмӕ






Сымахмӕ та куыд кӕсы, цӕмӕн хъуыд куырм лӕджы цырагъ?

Ӕмӕ адӕм се ппӕт афтӕ ӕххуыс кӕнынц кӕрӕдзийӕн?

Нӕ урокӕн райстон эпигрӕфӕн ацы хъуыдыйад-цы нысан кӕны быдырон дидинӕджы ныхас, уый та бахыгъд кӕндзыстӕм урочы кӕрон.

Уӕдӕ цӕуыл ӕрдзурдзыстӕм абоны урочы?

Цомахъы уацмыс «Дыууӕ дидинӕджы» цавар литературон жанрмӕ хауы?

Чи сты йӕ архайджытӕ?

Цæмæй хуыздæр бамбарæм æмæ бæстондæр равзарæм уацмыс, уый тыххæй ма йæ иу хатт бакæсæм.

Фӕйнӕ сыфы уын авӕрдтон уӕ разы. Ис дзы дзырдбӕстытӕ фыст. Уӕ хӕс у равзарын , чи дзы кӕцы дидинӕгмӕ хауы , уый.



Комкоммæ ницы зæгъы автор, йæ персонажтæй раст æмæ æнæраст чи у, уый тыххæй. Уæдæ цæй руаджы равдыста йæ ахаст дыууæ дидинæгмæ?

-цӕмӕй адӕмӕн сӕ фӕндаг срухс кӕна;

-фӕндыд ӕй адӕмӕн исты хорздзинад фӕуын

Арӕх нӕ вӕййы ахӕм адӕмтӕ









Бӕрӕг кӕнынц урочы темӕ:

Цард ӕмӕ амондыл

Прозӕйӕ фыст ӕмдзӕвгӕ





Хӕххон ӕмӕ быдырон дидинджытӕ



Кӕсынц дидинджыты монологтӕ





Фыссынц дзырдтӕ чысыл сыфтыл ӕмӕ сӕ ныхасынц хъӕугӕ дидинӕджы нывыл фӕйнӕгыл.



Рӕсугъд у хӕххон дидинӕг .Йӕхимӕ ӕлвасы цӕст. Хъал у йӕ бӕрзондӕй ,йӕ фидауцӕй,йӕ царды фадатӕй.Нарцисау ныббуц йӕхи уындӕй , уарзы ӕрмӕст йӕхи ӕмӕ уымӕй разыны йӕ уды афтиддзинад.Ӕндӕр зондахаст ис быдираг дидинӕгмӕ-адӕмы хорздзинад ӕмӕ иумӕйаг амондыл хъары йӕ уд.

III. Ног зонындзинæдтæ дзургæйæ фидар кæнын.







Анализ





Дзырдуатон куыст

















Цомахъы миддунейы ахаст цард ӕмӕ амондмӕ



















Интерактивон фӕйнӕгыл куыст


Беседӕ

 

Къӕйттӕй куыст













Дзырд-Амонд, Абайты Васойы дзырдуаты















Хӕдзары бацӕттӕгонд хъусынгӕнинаг



















Лӕвӕрд ӕмбисӕндтӕй равзар дыууӕ дидинӕгмӕ хибарӕ чи хауы, ахӕмтӕ

-Цавӕр аивгӕнӕн мадзӕлттӕй спайда кодта Цомахъ дыууӕ дидинӕджы фӕлгонцтӕ равдисынмӕ?

-Уӕдӕ фӕйнӕ хуызы ӕмбарынц амонд ӕмӕ царды нысан дыууӕ дидинӕджы-дыууӕ удгоймаджы.



Сымах та куыд амбарут-АМОНД?

Цы зæгъынмæ хъавыд Цомахъ хæххон дидинæджы сæфтæй? Цæмæн ис ахæм кæрон æмдзæвгæйæн?







Уӕдӕ нӕ авторы ахаст амондмӕ раргом кӕнӕм

-Цомахъ быдираг дидинӕджы фӕлгонцӕй ӕргом кӕны йӕхи царды философи:адӕмы хорздзинад ӕмӕ иумӕйаг амондыл уд хъарын.Уый хъӕздыг у йӕ уды цардӕй, рӕсугъд у йӕ зӕрдӕйы рухсӕй, йӕ уӕздан митӕй.

Амоны кусинаг разӕнгард кӕны фӕйнӕгмӕ цӕуынмӕ












Ахуырдзаутӕ дзуапп дӕттынц.

Эпитеттӕ, олицетворенитӕ агурынц , гӕххӕттыл фыстӕй сӕ аныхасынц фӕйнӕгыл.









-дзуапп дӕтынц сӕхи хъуыдытӕй



Сывӕллӕттӕ дзурынц адæймаджы царды нысаны тыххæй: иунæгæй цард нæй, адæймаг хъуамæ баст уа йæ дзыллæимæ. Ахæм хуызы уыны царды нысан быдырон дидинæг. Йæ хъысмæт дæр амондджындæр уымæн рауад.

Скъоладзаутӕ хъусынц се мбалмӕ



















Хъалӕй хъарм –хуыздӕр. Уӕздан –адӕмӕн уарзон. Хорз йӕхицӕй не ппӕлы.Ӕнӕввӕрсоны зӕрдӕмӕ ницы цӕуы.Адӕмы фарн бирӕ у.Хорз адӕм фылдӕр кӕм уой,уым ӕнцондӕр цӕрӕн у.Хорз лӕг адӕмӕй хӕс дары.Иунӕг адӕймаг хъӕды халонӕй –мӕгуырдӕр.

Хибарӕй куыст


 Хибарӕй куыст

Ахӕццӕ кӕн дарддӕр хъуыдыйад-


Ӕз мӕхи амондджыныл нымайын уымӕн , ӕмӕ…

IV. Хатдзӕгтӕ Рефлексия






















Æрмæг бафидар кæныныл куыст.



















Хатдзæгтæ скæнын.





1. Нæ урочы нæ размæ цавæр нысантæ æвæрд уыди?

2. Куыд уæм кæсы, сæххæст сæ кодтам?

3. Цавæр хъуыдытæ уæм æвзæры?

4. Цы уыдис цымыдисагæй урочы?

5. Алы урок дæр ахæм хъæлдзæг хъуамæ уа æви нæ?

6. Цы райстат уæхицæн ногæй?



1.Цы базыдтам ногæй нæ урочы?

2.Уæ зæрдæмæ фæцыд æви нæ?

3. Цæмæй хицæн кодта нæ урок иннæ уроктæй? 4.Дыууӕ дидинӕгӕй уæ зæрдæмæ кӕцы фæцыд? Сбӕлвырд кӕнут-цӕмӕн , уый.





- Сбæрæг кæнæм раст дзуæппытæ.










Ахуыргӕнӕг кӕсы урочы эпиграф. – Равзӕрстам эпиграфы нысан ,бамбӕрстам дыууӕ дидинӕджы конфликт. Дыууӕ зонды быцӕу ахицӕн ,бӕрзонддӕр ӕмӕ сыгъдӕгдӕр чи у , уый пайдайӕн.

























- Нæ абоны урокæн хатдзæг скæндзыстæм цыбыр тесты хуызы. «О», кӕнӕ «Нӕгъ»



Дзуапп дӕттынц фӕрстытӕн:







































алчидæр æххæст кæны тест хибарæй









бæрæг кæнынц сæ куыст


IV. Хӕдзармӕ куыст раттын

 Аргъ кӕны ахуырдзауты куыстӕн , ӕмбарын сӕ кӕны…

х.к.амоны

Ныффыссын сочинени-миниатюра (равзар темӕ):

«Мӕ фӕндаг амондмӕ…»

«Ацы уацмыс мӕ бафтыдта ахам хъуыдытыл…

 




Скачать

Рекомендуем курсы ПК и ППК для учителей

Вебинар для учителей

Свидетельство об участии БЕСПЛАТНО!