Просмотр содержимого документа
«Джусойты Нафийы литературон æмæ зонадон куыст.»
Джусойты Нафи
Джусойты Нафи райгуырдис 1925 азы , 27 февралы ,
Хуссар Иры, Хæрдысæры хъæуы, ныры Дзауы районы .
Райдиан скъола каст фæцис Кæсагджыны хъæуы,
астæуккаг скъола та – Кировы 1941 азы 20 июны , тынг хорз бæрæггæнæнтимæ.
1941 азы 22 июны райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст . Нафи ацыд барвæндæй Сырх Æфсадмæ иу мæйы фæстæ – 24 июлы .
1945 азы фæззæджы æрыздæхт,сси Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон педагогон институты студент.
1954 азы 15 февралы райдыдта кусын Хуссар Ирыстоны Зонад-Иртасæн институты ирон фольклор æмæ литературæйы хайады сæргълæууæгæй, æмæ уæдæй 27.06.2017- мæ куыста уыцы бынаты.
1978 азæй сси Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат , 1995 азæй- Цæгат Ирыстоны-Аланийы Республикæйы адæмон фыссæг . 1984 азы йын йæ литературон сфæлдыстады тыххæй лæвæрд æрцыдис «Кады нысаны» орден.
Нафи Шамилимæ
Нафи Васоимæ
27.06.2017азы амард
Нафийæн мыхуыры уагъд æрцыд цалдæр чиныджы: «Фыдæлты туг» (1965) «Цард ивæны» (1968), «Дыууадæс цæфы иу цæфы хуызæн» (1972), «Адæймаджы мæлæт» (1976), «Сырдоны цæссыгтæ» (1978), «Залты мит» (1989).
Нафи бирæ фæкуыста аивадон тæлмацы хъуыддаджы. Йæ тæлмацтæ мыхуырæй цыдысты хицæн чингуытæй дæр: Пушкины роман «Евгений Онегин», Тютчевы æмдзæвгæтæ, Кулиев Хъайсыны æмдзæвгæты чингуытæ,…
Нафийæн йæхи уацмыстæ дæр ивд цыдысты бирæ адæмты æвзæгтæм. Уырыссагау ын рацыд цыппар чиныджы, гуырдзиагау – æртæ, украинагау – дыууæ, польшæйагау _ иу.
Бирæ уацмыстæ раивта Нафи ирон театрæн:
Шекспиры трагедитæ - «Макбет», Толстойы - «Удæгасæй мард», Чеховы -«Дядя Ваня»,
Мустай Каримы -«В ночь лунного затмения»,
Марцини Кивичусы «Миндаугас» æмæ æндæртæ .