СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Классный час "Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæндæгтыл"

Нажмите, чтобы узнать подробности

Просмотр содержимого документа
«Классный час "Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæндæгтыл"»

Тем æ : Фыдыб æ ст æ йы Стыр х æ сты ф æ нд æ гтыл

«Из истории моей фамилии» : Марзаганов Артур Аланович  ученик 8-го класса

«Из истории моей фамилии»

: Марзаганов Артур Аланович

ученик 8-го класса

 Ӕз дӕн ирон лӕппу – Мырзаганты Артур. Ирон кӕй дӕн, уымӕй дӕн сӕрыстыр. Ӕгӕрон уарзтӕй уарзын мӕ мадӕлон ӕвзаг. Мӕ хъуыдытӕ зӕгъын ӕмӕ фыссын мӕ мадӕлон ӕвзагыл мӕ бон кӕй у, уымӕ гӕсгӕ сфӕнд кодтон мӕ куыст ныффыссын, нӕ фыдӕлтӕй нын цы хӕзна баззад, уыцы рӕсугъд ирон ӕвзагыл. Мӕ раныхас дӕр, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдзӕн мӕ мадӕлон ӕвзагыл.

 Сӕрыстыр дӕн Мырзаганты мыггагӕй. Сӕрыстырдзинады ӕнкъарӕнтӕ та адӕймаджы сӕ уӕлныхты сисынц. Ӕмӕ мӕ мыггагӕй сӕрыстыр цӕмӕн ӕмӕ цӕмӕй дӕн, уымӕн дзуапп раттын хъуамӕ зонон. Зонон мӕ уидӕгты, хорз хъуамӕ зонон мӕмыггаджы истори, ӕнусты дӕргъы хорзӕй цы ракодтой, сӕ царды уавӕртӕ, иннӕ мыггӕгтимӕ сӕ ахастдзинад. Цы фарн, цы намыс ныууагътой.

 Куыд базыдтон, афтӕмӕй мӕ рагфыдӕл Мырзаган ӕрбынат кодта Куырттаты комы, ныры дуджы рӕбинагдӕр хъӕуы – Хӕрисджыны.

 Фыдӕлты уӕзӕг у зӕрдӕйӕн йӕ авдӕн, йӕ цин, йӕ амонд. Ацы хъӕуы равзӕрд нӕ мыггаг – ардыгӕй сты мӕ уидӕгтӕ, ардыгӕй апырх сты Мырзаганты стыр ӕмӕ кадджын мыггаджы минӕвӕрттӕ нӕ бӕстӕйы алы рӕттыл.

  Нӕ мыггаджы бирӕ ис намысджын фӕд чи ныууагъта ӕмӕ ма абон дӕр Мырзаганты кад бӕрзонд чи кӕны, ахӕм куырыхон хистӕртӕ. Фӕлӕ уал мӕ абон фӕнды бӕлвырддӕр радзурын мӕ фыды фыды фыд Сахъманы мидисджын ӕмӕ цымыдисаг цардвӕндаджы тыххӕй. Уӕлдай цымыдисаг дӕр сты йӕ хӕстон фӕндӕгтӕ. Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕстӕн йӕ райдайӕнӕй йӕ кӕронмӕ уӕззаудӕр, карздӕр хӕстытӕ кӕм уыд, уым хъӕбатырӕй хӕцыд цыфыддӕр знаджы ныхмӕ, равдыста стыр хъӕбатырдзинад ӕмӕ уарзондзинад Райгуырӕн бӕстӕмӕ. Йæ хӕстон сгуыхтдзинӕдты тыххӕй йын саккаг кодтой бирӕ хӕрзиуджытӕ

 1941 – ӕм азы Советтон ӕфсӕдтӕ нӕ бӕстӕйы сӕйраг горӕт Мӕскуы хъахъхъӕнгӕйӕ равдыстой стыр хъӕбатырдзинад, уыцы хъӕбатырты ӕмрӕнхъ уыд Сахъман дӕр (мӕ фыды фыды фыд дӕр). Йӕ хӕстон архайды тыххӕй йын саккаг кодтой Грамотӕ «За оборону Москвы». Ӕнӕ ауӕрдонӕй тох кодта Хъырымы ӕрдӕг сакъадах тугмондаг немыцаг фыдгӕнджыты дзӕмбытӕй скъахыныл.

 Архайдта Севостополь хъахъхъӕнгӕйӕ тугкалӕн хӕстӕн йӕ тӕккӕ цӕхӕры.

 Куырттатаг сырхӕфсӕддон Сахъман дӕрӕн кодта немыцаг фӕсистты цад Сиваш -ы иу былӕй иннӕмӕ хӕстон таурӕгъон ахызты.

 Лӕгдзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад равдыста Прибалтикӕйы ӕмӕ Донбасы цӕрджыты знаджы къӕлӕтӕй ссӕрибар кӕныныл.

 Архайдта Кавказ бахъахъхъӕныныл цы карз тох уыд, уым дӕр. Уый тыххӕй йын саккаг кодтой майдан «За оборону Кавказа».

 Белорусийы адӕмы немыцаг фӕшисттӕй ссӕрибар кӕныныл тохы Сахъман уыд йӕ тӕккӕ тӕмӕны. Сӕ батальон райста белоруссиаг хъӕутӕй иу знагӕй ссӕрибар кӕныны бардзырд. Бабырстой хъӕумӕ, знаджы ныхмӕ карз тохы бацыдысты. Ныддӕрӕн кодтой немыцы, чи ма дзы баззад, уыдон лидзӕг фесты. Гитлерон фӕшистты дӕрӕнгонд танктӕй Сахъман рахаста, чи фӕмард, уыцы немыцаг хӕстонты документтӕ ӕмӕ сӕ радта ӕфсӕддон разамонӕгмӕ. Уыцы ӕмӕ ӕндӕр сгуыхтдзинӕдты тыххӕй хорзӕхджын гонд ӕрцыд «Сырх Стъалыйы» орденӕй

 Куыд базыдтон, афтӕмӕй цыбыр ӕмӕ ӕнцон нӕ удысты мӕ фыды фыды фыдӕн – ӕвзыгъд хидыхъусаг сырхӕфсӕддонӕн йӕ хӕстон фӕндӕгтӕ. Фӕлӕ зындзинӕдтыл фӕлтӕрд ирон лӕппу уыцы уӕззау фӕндӕгтыл фӕцыд Кавказӕй суанг Ныгуылӕн Европӕмӕ. Бирӕ уӕззау цӕфтӕ фӕцис, фӕлӕ та – иу госпитӕлы фӕстӕ атындзыдта хӕсты быдырмӕ.

 Дӕргъвӕтин тугуарӕн хӕсты хъизӕмӕрттӕн бафӕразгӕйӕ, иу уысм дӕр тӕппуддзинад нӕ равдисгӕйӕ сӕрӕгасӕй бирӕ хӕрзиуджытимӕ сыздӕхт йӕ райгуырӕн Ирыстонмӕ – Куырттаты коммӕ. Ацы кады гӕххӕттытӕ мах, йӕ фӕдонтӕ, хъахъхъӕнӕм цӕстыгагуыйау

Скачать

© 2019 394 0

Рекомендуем курсы ПК и ППК для учителей

Вебинар для учителей

Свидетельство об участии БЕСПЛАТНО!