СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Конспект урока по осетинскому языку "Дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ".

Нажмите, чтобы узнать подробности

Республиканский открытый урок по сетинскому языку во 2 "А" классе. Урок прошел в МКОУ СОШ№1 с. Эльхотово.

Просмотр содержимого документа
«Конспект урока по осетинскому языку "Дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ".»



Гом урок ирон æвзагæй

2 «А» къласы

Темæ: «Дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ.

Сæ растфыссынад».





Ахуыргæнæг: Дудиаты Р.Л.

Темæ: «Дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ. Сæ растфыссынад».

Урочы нысан.

1.Дамгъуат зæрдыл æрлæууын кæнын фарстатæм гæсгæ.

2. Ǽмбарын кæнын сывæллæттæн дæргъвæтин

æмхъæлæсонтæ æмæ æмхъæлæсон къордты растфыссынады тыххæй.

Цæстуынгæ æрмæг:

а) дамгъуат;

æ) хъæлæсонты æмæ æмхъæлæсонты таблицæтæ;

б) зылангон æмæ æзылангон æмхъæлæсонты таблицæтæ.

Урочы цыд.

1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

2. Фарстаты руаджы сбæрæг кæнын, сывæллæттæ раззаг урокыл цы базыдтой, уый:

-Цы у текст?

-Цæмæй хицæн кæнынц мыртæ дамгъæтæй?

-Цы у диалог?

-Цы у монолог?

- Цы хонæм дамгъуат, цæмæн нæ хъæуы?

-Радзурын дамгъуаты тыххæй цыдæриддæр сахуыр кодтам, уыдон.

- Цал сты хъæлæсон мыртæ æмæ æмхъæлæсон мыртæ(ранымайын сæ).

- Зылангон æмæ æзылангон мыртæ (ранымайын).



3. Ног æрмæг.

Чи зæгъдзæн, куыд хуыйны ацы мæй?

-Мах абон сымахимæ ацæудзыстæм балцы Къостайы райгуырæн хъǽу Нармæ.

-Цæмæ цæуæм Нармæ?

-Кæфты мæй цавæр стыр бæрæгбон вæййы?

-Чи у Къоста?

- Цавæр æмбисæндтæ сфæлдыста Хетæгкаты Къоста?

Адæмæн зæхх у сæ дарæг.

Ǽнæзивæг куы уай, - хуыздæр бынат дæ бар.

Алы куыстæн - рад, дзидзидайан – мад.



-Нары хъуæма бахизæны кæй уынæм?

-Чи радзурдзæн æмдæзвæг?

-Куыд нæм хъуысы дзырд сывæллæттæ?



Дзургæйæ дæргъвæтинæй цы æмхъæлсонтæ фæхъуысынц, уыдон фысгæйæ нысангонд цæуынц дывæргонд дамгъæтæй.



1-аг фæлтæрæн

Ǽркæсут нывтæм. Бакæсут, сæ бынмæ цы дзырдтæ фыст ис, уыдон.

  1. Зæгъут,цы бафиппайдтат дзырдты растфыссынады ?

  2. Дывæргонд æмхъæлæсонтæ куыд хъуысынц?

  3. Дзырдтæ рафыссут уæ тетрадты дыууæ цæджындзæй: иуы - цæрæгойтæ, иннæйы - мæргъты нæмттæ.

Къорды куыст.

- Цы уынæм нывы?(дыууæ халоны)

-Чи радзурдзæн æмдæзвгæ?

-Куыд нæм хъуысы дзырд дыууæ?



Текст хъæугæ дзырдтæй баххæст кæнут.

Куыдз у адæймаджы хæлар. Кæны йын …, … йын йæ хæдзар, йæ… . Зæгъын хъæуы уый, æмæ не ххуысгæнджытæ сты, хицæуттæ кæмæн ис, ахæм … .

Дзæгъæл куыйтæ та … кæй вæййынц, уый аххосæй хъыгдарынц адæмы, мæргъты, фосы.



Дзырдтæ спайда кæнынæн: хъахъхъæны, æххуыс, фæллой, æххормаг, куыйтæ.



Æрмæг ныффидар кæнын.

2 – аг фæлтæрæн.

  1. Бакæсут радзырд.

  2. Ǽмхъæлæсонтæ дæргъвæтинæй кæцы дзырдты хъуысынц?

  3. Куыд фыст сты?

  4. Ныффыссут текст уæ тетрæдты. Бахахх кæнут дывæргонд æмхъæлæсонтæ.



  1. Цавæр мæргътæ ма зонут?

  2. Куыд сæ хъахъхъæнут?



Къордты куыст. Уыци -уыцитæ.

1 –аг къорд: Цъиу нæу,афтæмæй цæрдæг,

Къалиуæй къалиумæ гæппытæ кæны.

(Ǽхсæрсæттæг)

2 – аг къорд: Тагъд кæны цары ахстон сбийыныл, баныхасыныл, байсæрдыныл.

Цавæр цъиу у уый?

(Зæрватыкк)

3 – аг къорд: Уазал мигъ комы æрбады ныллæг,

Бафснайынц гонты бæркадджын тыллæг.

Сыфтǽртǽ фезгъǽлынц зǽхмǽ.

(Фæззæг)

Урочы кæронбæттæн.

- Цы фæцыди абон урочы тынгдæр уæ зæрдæмæ?

- Цавæр мхъæлæсонтимæ куыстам?

- Цавæр æмбисæндтæ базыдтам? Чи сæ ныффыста?





-Абон урочы базыдтон…

-Абон мæ зæрдæмæ фæцыд…

-Тынг зын мын уыд…



Хæдзармæ куыст.

Баххæст кæнын фæлтæрæн 4 сыф 25.




























Скачать

Рекомендуем курсы ПК и ППК для учителей

Вебинар для учителей

Свидетельство об участии БЕСПЛАТНО!