СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Номдар. Йæ иумæйаг нысаниуæг.

Нажмите, чтобы узнать подробности

Ныхасы темæ. Зымæгон нывтæ. Грамматикон темæ. Номдар. Йæ иумæйаг нысаниуæг. Урочы нысантæ: 1) номдары нысаниуæгимæ дарддæр зонгæ кæнын; 2) скъоладзауты хъуыдыдзинад рæзын кæныныл кусын; 3) цæрæгойтæм уарзондзинад гуырын кæнын сывæллæтты зæрдæты, узæлын сыл æмæ сын æххуыc кæнын; 4) зымæгон æрдзы нывтыл æрдзурын.

Просмотр содержимого документа
«Номдар. Йæ иумæйаг нысаниуæг.»

Ныхасы темæ. Зымæгон нывтæ.

Грамматикон темæ. Номдар. Йæ иумæйаг нысаниуæг.

Урочы нысантæ:

  1. номдары нысаниуæгимæ дарддæр зонгæ кæнын;

  2. скъоладзауты хъуыдыдзинад рæзын кæныныл кусын;

  3. цæрæгойтæм уарзондзинад гуырын кæнын сывæллæтты зæрдæты, узæлын сыл æмæ сын æххуыc кæнын;

  4. зымæгон æрдзы нывтыл æрдзурын.

Урочы цыд.

  1. Урочы темæ æмæ нысантæ сбæрæг кæнын.

Ныртæккæ нæм уыдзæн ирон æвзаджы урок. Цæмæй нæ урочы темæ сбæрæг кæнæм,уый тыххæй нæ бахынцын хъæуы дзырдбыд. Уыци-уыциты дзуæппытæ куы базонæм, æмæ сæ чырæгты куы ныффысæм, уæд нæ урочы темæ бакæсдзыстæм бæрæггонд цæджындзы.

(Куыcт цæуы интерактивон фæйнæгыл.)





  1. Нæ чысыл мæсыг лыстæг дурæй амад. (Нартхор)

  2. Карк дæлдзæхы къуыртт уадзы. (Картоф)

  3. Райсомæй цæуы цыппар , сихорæй дыууæ, изæрæй – æртæ къахыл. (Адæймаг)

  4. Тулы, тулы æмæ никæдæм хæццæ кæны. (Авдæн)

  5. Урс дзæкъулы бур фæрдыг. (Айк)

  6. Дыууæ калмы кæрæдзимæ лæбурынц, фæлæ не ххæссынц. (Æрфгуытæ)

Ахуыргæнæг: Цавæр темæйыл кусдзыстæм?

Дзырдбыды дзуæппытæ цавæр фæрстытæн дзуапп дæттынц?

Цавæр ныхасы хæйттæ сты?

Цавæр нысантæ æвæрæм нæ размæ?

2.Хæдзармæ куыcт сбæрæг кæнын.

133-æм фæлтæрæн.

2-3 скъоладзауы кæсынц хæдзары цы цыбыр радзырдтæ æрхъуыды кодтой «Зымæгон нывтæ», зæгъгæ, уыдон.

Ахуыргæнæг:

Цавæр ныхасы хæйттæ бахахх кодтат?

Куыд хицæн кæнут ныхасы хæйттæ кæрæдзийæ?

(Сæ нысаниуджытæ æмæ фæрстытæм гæсгæ.)

3. Урочы темæйыл куыст.

1. Сывæллæттæ номдары тыххæй цы зонынц, уый зæрдыл æрлæууын кæнын.

Ахуыргæнæг:

2-æм къласæй номдарты тыххæй уæ зæрдыл цы бадардтат?

Цавæр фæрстытæн дзуапп дæтты? Цы æвдисы?

2. Текстимæ куыст.

134-æм фæлтæрæн.

Дзырдуатон куыст:

Æхсæрæг – белка

Бæрæгбон – праздник

Гагадыргътæ – ягоды

Зокъотæ – грибы

Къалати – клетка

Минас кодтой – хордтой.

Текст бакæсын.

Ахуыргæнæг:

Ранымайут радзырды архайджыты нæмттæ.

Цавæр хорздзинад скодтой сабитæ æхсæрæгæн?

Куыд дардта йæхи æхсæрæг? Ссарут уыцы бынат тексты æмæ йæ бакæсут.

Текст адих кæнын хицæн хæйттыл æмæ сын сæргæнттæ æрхъуыды кæнын.

  1. Сывæллæттæ сдзæбæх кодтой æхсæрæджы.

  2. Æхсæрæджы бæрæгбон.

  3. Æхсæрæгмæ уазæгуаты.

Ахуыргæнæг:

Ссарут тексты синонимтæ.

(Сабитæ – сывæллæттæ, цъиутæ – мæргътæ)

Тексты хуыз цавæр у?

Текст радзурын хи ныхæстæй.

Уæлæмхасæн фарстæн дзуапп раттын.

Куыд æххуыс кæнын хъæуы цæрæгойтæн?

Номдартæ иртасын. 135-æм фæлтæрæн.

Бакæсын 134-æм фæлтæрæнæй ист дзырдтæ.

Ссарын номдартæ æмæ сæ ныффыссын дыууæ къордæй, фæрстытæ чи? æмæ цы? - мæ гæсгæ.

Уæлæмхасæн куыст (дзургæйæ). Дзырдтæ сæ хъуыдымæ гæсгæ æмæ сæ фæрстытæм гæсгæ фæкъордтæ кæнын:

Предметы нæмттæ æмæ æууæлæвдисæг дзырдтæ: рынчын æхсæрæг, хъарм къалати;

Предметты нæмттæ æмæ архайдæвдисæг дзырдтæ: сывæллæттæ сдзæбæх кодтой, бæрæгбон рауадис, æхсæрæг бафсæст, цъиутæ æрæмбырд сты æмæ а.д.

Тексты номдартæ агурын. 136 -æм фæлтæрæн

Ссарын номдартæ æмæ сæ ныффыссын тетрæдты. Раттын сæм фæрстытæ. Сæвæрын cыл цавды нысантæ æмæ сын фæбæрæг кæнын сæ кæрæттæ.

Раиртæст бакæсын.

4. Релаксаци музыкæимæ.

Ахуыргæнæг:

Куыд æнцондæр уын у, афтæ сбадут,уæ цæстытæ сæхгæнут æмæ хъусут æрмæстдæр мæ хъæлæсмæ.

Уæ цæстытыл ауайын кæнут, цыма зымæгон аргъауы хъæды фестадыстут. Уæ уæлæ хъарм дарæс, уæхи хорз æнкъарут.

Уæ зæрды æрæфтыд хъæды атезгъо кæнын. Араст стут заз бæлæстæм. Æнкъарут уæ рæуджытæ сыгъдæг уæлдæфæй куыд дзаг кæнынц, уый. Уæ улæфт æнцад, арф, уæгъдибар.

Сымах цæут хæмпус митыл. Уæ къахайст рог, афтæ уæм кæсы, цыма миты ленк кæнут.

Бахæстæг стут заз бæлæстæм. Къалиутæй мит æрцагътат æмæ сындæггай бавнæлдтат къалиумæ. Смудут æм. Æмбарут ын йæ хæрздæф. Уыцы тæф зæрдæйæн æхсызгондзинад дæтты. Ам уæ зæрдæмæ тынг цæуы. Тезгъо кæнут æмæ æрдзы рæсугъддзинадæй уæ зæрдæтæ рухс кæнынц.

Афæстиат-ма ут ацы хъæды иугыццыл. Улæфут сындæг, фæлæ арф. Сулæфут. Раулæфут. Сымах æнкъарут, ацы æрдзы къуымы рæсугъддзинад уын цыдæр тых кæй дæтты, уый.

Уæ зæрдыл бадарут ацы æнкъарæнтæ. Бацархайут, цæмæй сæ æнæхъæн бон дæр хатат.

Сындæггай фæстæмæ раздæхут æмæ уæ цæстытæ байгом кæнут.

5.Сфæлдыстадон куыст. (137 – æм фæлтæрæн)

Æмхæццæйæ фыст дзырдтæй саразын хъуыдыйæдтæ.

Хъуыдыйæдтæ æрæмбырд кæнын интерактивон фæйнæгыл æмæ сæ тетрæдтæм рафыссын.

Зымæг зæхх урс хъæццулæй бамбæрзта.

Зымæг бæлæстыл урс-урсид фæлыст скодта.

Мад йæ сывæллæттыл хъарм дзаумæттæ скодта.

Чызджытæ æмæ лæппутæ дзоныгътæ райстой æмæ бырынмæ ацыдысты

Бахахх кæнын номдарты бын, фæрстытæ сæм раттын. Зæгъын, цы нысан кæнынц.

Чиныджы уæлæмхасæн фæрстытæн дзуæппытæ раттын.

Ахуыргæнæг:

Цы ныффыстай, уымæн текст рахонæн ис?

Цавæр миниуджытæм гæсгæ бæрæггонд цæуы текст?

6. Урочы хатдзæг.

Цы нысан кæнынц номдартæ?

-Цавæр фæрстытæн дзуапп дæттынц?

Цæмæн хъæуынц мах уыцы зонындзинæдтæ?

Цæмæй арæхсæм:

1) Хъуыдыйæдты номдартæ ссарынмæ.

2) Фæрстытæ сæм дæттынмæ.

7. Рефлекси.

Экраныл фыст:

-Æз базыдтон…

– Урочы мæ зæрдæмæ фæцыд…

– Зын мын уыд…

-- Урочы мæм сæвзæрд ахæм хъуыды…

8. Хæдзармæ куыст.

138 –æм фæлтæрæн 70-æм фарсыл. Раиртæстытæ 69-æм - 70-æм фæрстыл.











Адрес публикации: https://www.prodlenka.org/metodicheskie-razrabotki/476467-nomdar-j-iumjag-nysaniug


Скачать

Рекомендуем курсы ПК и ППК для учителей

Вебинар для учителей

Свидетельство об участии БЕСПЛАТНО!