СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Нывæцæн темæ: «Фыдæлты стыр хæст». (Сочинение на тему : "Великая отечественная война")

Нажмите, чтобы узнать подробности

Просмотр содержимого документа
«Нывæцæн темæ: «Фыдæлты стыр хæст». (Сочинение на тему : "Великая отечественная война")»

Ӕз мӕ цард нӕ нымайын ӕвгъауыл:

Цард цӕуы, ӕхсӕрдзӕнтӕй кӕлы.

Мӕн хъӕуы фӕстаджы тохы рхауын

Мӕн хъӕуы сӕрыстырӕй мӕлын.


Хæст… Æрмæст йæ ном фехъусгæйæ дæр адæймаджы зæрдæ бауазал вæййы,


уæнгтæ баризынц, сæрыхъуын арц сбады.

Ӕнӕнхъӕлӕджы сау хабар, арвы нӕрдау фехъуыст хъӕутӕ ӕмӕ горӕттӕм.


Хӕстхъом фӕдисонтӕ ивылдысты тохы цӕхӕрмӕ, тугдзых знагӕй уарзон


Райгуырӕн бӕстӕ бахъахъхъӕнынмӕ. Карз хӕст райдыдта. Ниуы бӕстӕ зындоны


цӕхӕры. Тугӕмхӕццӕ тыллӕг ӕртыдта хӕст мах зӕххыл. Фӕлӕ бафӕрӕзтам.

1941 азы 22 июны гермайнаг фӕшисттӕ сӕ дзырд фӕсайгӕйӕ, æнæнхъœлœджы


ныббырстой нœ уарзон Райгуырœн бœстœм. Арæныл цы хъæутæ æмæ горæттæ


æрбаййæфтой,уыдон æнцонæй байстой. Калмдзæфау фестъæлфыд нæ уарзон


Райгуырæн бæстæ. Фæдисы дзæнгæрджытæ цагътой, сидтысты знаджы ныхмæ,


тохмæ. Базмæлыд æппæт Советон бæстæ. Уыимæ Цæгат Ирыстон дæр. Сæ къухмæ


уæндонæй райстой хæцæнгæрзтæ, сæрыстырæй айнæг хохау æрлæууыдысты знаджы


ныхмæ. Уыдонимæ мæ фыды фыд Икъаты Зурап дæр. Æхсæрдæсаздзыдæй ацыд


хæстмæ. Уый хæсты райдайæнæй суанг 1947 азмæ бирæ зындзинæдтæ бавзæрста.


Уыцы æбуалгъ хæсты йæхи цæстæй цы федта, йæхи буарыл цы бавзæрста, ахæм


диссæгтæ-иу мын дзырдта мæ фыды фыд æмæ-иу мæ зæрдæ суынгæг. Иры фæсивæд


хæцынмæ тынг ныфсхаст æмæ арæхстджын сты, кæмдæриддæр æвдыстой


хъæбатырдзинад. Дзæгъæлы не взæрстой нæ куырыхон хистæртæ æгады царды


бæсты мæлæт. Сæ фарн семæ нæ ахастой, ныууагътой йæ сæ фæдонтæн.

Уæдæ Ирыстоны хæстхъом чидæриддæр уыд, уыдон ацыдысты хæсты быдырмæ.


Бирæтæн дзы бахуыссыд сæ зынг. Уыдонимæ мæ мады фыды фыд Цохъты


Созурухъо дæр. Йæ зынг ахуыссыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты быдыры,


Севостополы 1942 азы. Махæй рох нæ уыдзæн уыцы хъæбатыр. Баззадысты йе


ʼнахъом æртæ сывæллоны мадæн. Фæлæ ирон мад бафæрæзта, арсæй тыхджындæр


разынд æмæ нæ бауагъта сывæллæтты фесæфын, схъомыл сæ кодта.

Нæ фæсивæды хъæбатырдзинад, лæгдзинад, сæ цард радтой Райгуырæн бæстæйы


сæрвæлтау, цæмæй мах сомбон рæсугъд уа, уый тыххæй. Хæсты фæнык никуы


æмбийы. Хæстæй чи тæрсы, уый йæхи хæстмæ цæттæ кæны.

Цал æмæ цал хæдзармæ æрхаста фыдбылыз, æнамонддзинад? Цал мады


ныууагъта уарзон хъæбултыл зæрдæхалæн хъарæггæнгæ? Цал сылгоймагæн


бавзарын кодта идæдзы уæззау хъысмæт æнахъом сабитимæ?Цал æмæ цал


сывæллонæн схауын кодта сæ сидзæры, æвæгæсæджы хæлттæ?

Нæ чысыл Ирыстонæй Фыдыбæстæ хъахъхъæнынмæ ацыдысты нæуæдз мин


хæстоны. Хæсты фæмард: 2 хæдзарæй-æвдгай фырттæ, 7 хæдзарæй-æхсæзгай


фырттæ, 27 хæдзарæй- фæндзгай фырттæ, 92 хæдзарæй-цыппæргай фырттæ, 100


хæдзарæй-æртыгай фырттæ.

Сæ фылдæр уыдысты нырма царды ад чи нæма банкъардта, ахæм æрыгон


лæппутæ (нæуæдз мин хæстоны). Уыцы нæуæдз минæн сæ фылдæр нал


раздæхтысты сæ фæрныг хæдзæрттæм, нал федтой сæ ныййарджыты, сæ


цардæмбæлтты, сæ сабиты, сæ уарзæтты.


Бирæ сагсур лæппуты æмæ сæрæн чызджыты хъуамæ рауагътаиккой уыдон царды


рухсмæ Ирыстоны фидардзинадæн, фæлæ… Цыппар азы дæргъы Советон адæм


фæцыдысты хæстон фæндæгтыл. Уымæн æмæ зæрдæйæ уарзтой, æцæгæй аргъ


кодтой се стыр Фыдыбæстæн. Райгуырæн бæстæйы раз-иу уыд сæ хæс-цыфыддæр,


знаг хъуамæ ссæст æрцæуа. Цагъары бæсты- мæлæт! Æмӕ иннӕ адӕмты ӕмрӕнхъ


ӕрлӕууыдысты ирон адӕм дӕр. Уӕндонӕй ныззарыдысты тохы зарӕг. Нӕ бӕстӕйы


иннӕ адӕмтимӕ иумӕ уӕхск-уӕз тох кодтой цыфыддӕр знаджы фӕшистон Германы


ӕфсады ныхмӕ. Ирыстоны минӕвӕрттӕ уыцы хӕсты сӕхи куыд хъӕбатырӕй


равдыстой, ууыл дзурӕг сты ацы нымӕцтӕ ӕмӕ бӕрӕггӕнӕнтӕ: нӕ чысыл зӕххы


алы цыппӕрӕм цӕрӕг дӕр фӕмард Фыдыбӕстӕйы сӕраппонд карз хӕсты. Ӕвдай


фараст адӕймаджы сӕ хъӕбатырдзинады тыххӕй райстой хӕстон сгуыхтдзинады


ӕппӕты стырдӕр хӕрзиуӕг Советон Цӕдисы Хъӕбатыры ном, дыууадӕс та-


Намысы ордены ӕххӕст кӕвӕлертӕ систы. Ӕрмӕст Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты


минӕвӕрттӕй инӕлартӕ ӕмӕ адмиралтӕ систы фӕндзай адӕймаджы, ӕдӕппӕт та


нӕ ирон инӕларты нымӕц у сӕдӕйӕ фылдӕр.

Тохы зарӕг систой Иры хъӕбатыртӕ. Уыдон цыдысты хӕсты цӕхӕрмӕ


барвӕндонӕй. Цыдысты ацу ӕмӕ ма ʼрцуйы фӕндагыл. Уыдон сӕ цард ӕмӕ


курдиат нывондӕн ӕрхастой Фыдыбӕстӕ, Сӕрибар ӕмӕ Намысӕн. Бирӕтӕ дзы


царӕфтыд баисты, се ʼнӕфыст зарджытӕ ахастой семӕ. Иннӕтӕ тохвӕлладӕй


ӕрыздӕхтысты сӕ фыдыуӕзӕгмӕ. Куыстой нӕ адӕмы удварнӕн.

77 азы ӕххӕст кӕны не стыр Уӕлахизыл. 9-ӕм майы у уӕлахизы бон. Кӕд ӕвдай


авд азы рацыд, уӕддӕр хӕсты хъӕдгӕмттӕ нӕма байгас сты.

Дунейы дзыллӕты фарн тыхджындӕр у, хӕстӕй чи ӕртхъирӕн кӕны, уыдонӕй.

Кад, Намыс, Уӕздандзинад, Ӕфсарм ӕмӕ Ӕхсар, Фыдыбӕстӕйыл


иузӕрдиондзинад-уыдон ирон лӕгӕн йӕ туджы сты, нӕ фыдӕлтӕй нын баззадысты.


Афта уыд, у ӕмӕ уыдзӕн ӕнустӕм!

Мах кӕддӕриддӕр бузныг уыдзыстӕм, Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты нын нӕ


Райгуырӕн бӕстӕйы сӕрибарад ӕмӕ хӕдбардзинад чи бахъахъхъӕдта, уыцы


хӕстон фӕлтӕрӕй.


Нӕ фыдӕлты ӕмӕ дадаты хъӕбатырдзинад, лӕгдзинад ӕмӕ фӕразондзинад


баззайдзысты мыггагмӕ, уыдзысты сӕ фӕдыл цӕуӕг фӕлтӕртӕн хӕрзвӕткон


нысанау.


Скачать

Рекомендуем курсы ПК и ППК для учителей

Вебинар для учителей

Свидетельство об участии БЕСПЛАТНО!