СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Открытый урок по осетинской литературе: "Мамсыраты Темырболат – фыццаг ирон поэт.»

Категория: Прочее

Нажмите, чтобы узнать подробности

1878 азæй 1879 азмæ Уæрæсе æмæ Турчы æхсæн цыдис хæст. Йæ архайджытæ стыр уæлахизмæ здæхтысты фæстæмæ,Уæрæсемæ. Уыдонимæ уыдысты Ирыстоны хъæбатыртæ дæр. Сæ номыл – иу гаджидæуттæ уагътой куывдты,арæзтой сыл зарджытæ

Просмотр содержимого документа
«Открытый урок по осетинской литературе: "Мамсыраты Темырболат – фыццаг ирон поэт.»»



Темæ: « Мамсыраты Темырболат – фыццаг ирон поэт.»

Нысан: базонгæ кæнын скъоладзауты Темырболаты цард æмæ сфæлдыстадон фæндагимæ.

Урочы фæлгонц: 1. Поэты портрет.

2. Чингуыты равдыст.

3. Компьютер.

Урочы цыд.

  1. Организацион куыст. Скъоладзауты куыстæввонг скæнын.

  2. Урочы темæйыл кусын.

Ахуыргæнæджы лекци.

«Ирон литературæйы истори ахуыр кæнгæйæ уынæм,иуæй-иу фысджытæ сæ уацмыстæ æндæр æвзагыл кæй фыстой. Зæгъæм, Æгъуызаты Иуанейы «Æлгъуызы кадæг».

Фæлæ уыди ахæмтæ,кæд,уырыссагау иттæг хорз зыдтой,сæ чысылæй сæ бахъомылмæ уырыссаг фæсивæдимæ уыдысты,уæддæр сæ уацмыстæ сфæлдыстой сæ мадæлон æвзагыл. Уыдонæй иу уыд Мамсыраты Темырболат.

Темырболатæй райдыдта ирон профессионалон поэзи,æмткай, ирон литературæ.

Уæдæ чи у Мамсыраты Темырболат?

1878 азæй 1879 азмæ Уæрæсе æмæ Турчы æхсæн цыдис хæст. Йæ архайджытæ стыр уæлахизмæ здæхтысты фæстæмæ,Уæрæсемæ. Уыдонимæ уыдысты Ирыстоны хъæбатыртæ дæр. Сæ номыл – иу гаджидæуттæ уагътой куывдты,арæзтой сыл зарджытæ.

Фæлæ иуахæмы райхъуыстис ахæм зарæг,æмæ æнæ ныккæугæ ничи фæлæууыдаид. Уыцы зарæг æрбахастой хæсты архайджытæ – ирæттæ,уыдон та йæ фехъуыстой Турчы быдырты,уым цæрæг ирæттæй. Тагъд рæстæг ацы зарæг æнæхъæн Ирыстоныл дæр апырх ис. Зарыдис æй хуымгæнæг дæр,зæронд фыййау дæр,фæсивæд дæр. Фæлæ йæ автор бæрæг нæ уыди. Зындгонд ахуыргонд В.Ф. Миллер йæ чиныг «Осетинские этюды» - йы йæ ныммыхуыр кодта 1881 азы куыд адæмон зарæг. Миллеры къам æмæ чиныг равдисын компьютерæй. Фæлæ бафиппайдта,зарæг бынтон адæмон кæй нæу,кæй у индивидуалон сфæлдыстад: «Продукт нового,более художественного творчества».

Ахуыргæндтæ фæстæдæр куыд рахатыдтой,афтæмæй æмдзæвгæ «Сагъæстæ» у фыццаг ирон мыхуыргонд уацмыс.

Уæдæ байхъусæм уыцы диссаджы æмдзæвгæмæ.

Скъоладзау кæсы «Сагъæстæ».

«Диссаджы аив у ацы æмдзæвгæ. Йæ мидис та зын равзарæн нæу. Туркмæ чи алыгъд, йæ райгуырæн бæстæйæ чи фæхицæн, уыдоны стыр трагедийыл у уацмыс. Арæзт у адæмон хъарæджы хуызы.

Уæдæ чи у «Сагъæсты» автор?

Мамсыраты Темырболат, фыццаг ирон профессионалон поэт,абоны онг дæр йæ царды хабæрттæ бæрæг бæлвырд кæмæн не сты, у ацы æмдзæвгæйы автор.

Зонæм йæ цардæй 2 хабары.

1865 азы Темырболат 22 аздзыдæй ацыд йæ мады æфсымæр,паддзахы инæлар Куындыхаты Муссæйы фæндæй Туркмæ.

Компьютеры Муссæйы портрет.

1922 азы та Туркæй Дзæуджыхъæумæ æрбафтыдысты йæ уацмыстæ, 10 æмдзæвгæйы, уыдонимæ «Сагъæстæ» дæр.

Æппæт æмдзæвгæты дæр тынг ирдæй æвдыст цæуы ирон адæмы трагедии. Байхъусæм ма æндæр æмдзæвгæмæ.

Скъоладзау кæсы æмдзæвгæ «2̒мбалы».

Ахуыргæнæджы фарст скъоладзаутæм: «Цы равдыста поэт æмдзæвгæйы?»

Байхъусын ахуырдзауты дзуаппытæм. Ахуыргæнæджы ныхас дарддæр: «Не ссардтой Турчы зæххыл хорзæй ницы. Бамбæрстой , стыр сайд сыл кæй æрцыдис, фæлæ фæстæмæ здæхынæн дæр, æвæццæгæн, сæ хъарутыл сæ зæрдæ нал дардтой. Куыд дзурынц, афтæмæй, дам, мæлыны размæ куырдтой, цæмæй йæ баныгæной йæ цæсгом Кавказырдæм, кæдфæнды дæр ын йæ ингæнмæ армыдзаг сыджыт йæ райгуырæн бæстæйæ æрбахæссын, ног мæй – иу арвыл куы федтой, уæд цин кодтой, сæ райгуырæн Ирыстоны дæр уымæ кæсынц, зæгъгæ.

Абоны онг дæр ма мысынц Турчы ирæттæ Ирыстоны хæхтæ. Нæхæдæг фехъусæм, фенæм, куы ̒рбацæуынц уазæгуаты,уæд куыд фæцин кæнынц.

Афæстаг рæстæджы, паддзахадты ̒хсæн арæнтæ куы фæуæгъддæр сты, уæд нын нæ кæрæдзимæ цæуыны бар дæр фæцис. Арæх æрбацæуынц, нæ газеты æмæ журналты мыхуыр кæнынц сæ уацмыстæ. Нæхи сфæлдыстадон кусджытæ дæр семæ арæх æмбæлын байдыдтой. Цалдæр хаты уыдис Мурат Турчы, фембалдис не ̒мзæххонтимæ. Ныффыста чиныг «Æцæгæлон бæстæ». Йæхæдæг æгас нал у, фæлæ бакæсæм чиныгæй скъуыддзæгтæ æмæ сыл æрдзурæм. Уый фæстæ ма скъоладзаутæн бакæсын туркаг ирон лæппу Мамсыраты Музаферы писмо Бутаты Победæмæ.

Урокæн хатдзæгтæ скæнын.

Хæдзармæ куыст : 1. Мамсыраты Темырболаты биографии зонын.

2.«Сагъæстæ»сахуыр кæнын наизусть.


Скачать

Рекомендуем курсы ПК и ППК для учителей

Вебинар для учителей

Свидетельство об участии БЕСПЛАТНО!