СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Открытый урок по осетинской литературе в 7 классе: «Фыдыбæстæ, дæуæй зынаргъдæр, адджындæр нæ уыдис æмæ нæй!»

Категория: Прочее

Нажмите, чтобы узнать подробности

Урочы  нысан:

  1. Цæрукъаты А. цард æмæ сфæлдыстадимæ базонгæ кæнын скъоладзауты.

  2. Равзарын æмдзæвгæйы сæйраг хъуыды.

  3. Скъоладзауты зæрдæты æвзæрын кæнын уарзондзинад Райгуцрæн зæхмæ;нæ Иры рæсугъд æмæ хъæздыг æрдзмæ уарзон цæстæй кæсын, аккаг аргъ ын кæнын.

  4. Ныхасы рæзтыл бакусын.

Просмотр содержимого документа
«Открытый урок по осетинской литературе в 7 классе: «Фыдыбæстæ, дæуæй зынаргъдæр, адджындæр нæ уыдис æмæ нæй!»»

Гом урок 7-æм къласы «Фыдыбæстæ, дæуæй зынаргъдæр, адджындæр нæ уыдис æмæ нæй!»(Цæрукъаты А. æмдзæвгæ «Гъе уæдæй куы зонын, Фыдыбæстæ, дæу!»-мæ гæсгæ)



Урочы нысан:

  1. Цæрукъаты А. цард æмæ сфæлдыстадимæ базонгæ кæнын скъоладзауты.

  2. Равзарын æмдзæвгæйы сæйраг хъуыды.

  3. Скъоладзауты зæрдæты æвзæрын кæнын уарзондзинад Райгуцрæн зæхмæ;нæ Иры рæсугъд æмæ хъæздыг æрдзмæ уарзон цæстæй кæсын, аккаг аргъ ын кæнын.

  4. Ныхасы рæзтыл бакусын.



Цæстуынгæ æрмæг æмæ техникон фæрæзтæ:

  1. Цæрукъаты А. къам.

  2. Æмдзæвгæты æмбырдгæндтæ.

  3. Равдисын компьютерæй Ирыстоны æрдзы нывтæ.

  4. Хетæгкаты Къостайы конд нывтæ.

  5. Зарджытæ «Нæ Ирыстон», «Иры бæрæгбон».

Урочы метод:

  1. Урок – лекци.

  2. Урок – беседа.

Эпиграф урокмæ:

«О ме схъомылгæнæг Ирыстон,

Æз дæн дæуæн дæ туг, дæ хъæстæ.

Ды дæ мæнæн мæ фыд, ды дæ мæнæн мæ мад.

Æнæ дæу састбазыр цæргæс дæн,

Æнæ дæу циу мæ цард, мæ кад?»

Плиты Х.





Урочы цыд.

  1. Ахыргæнæджы ныхас:

Ды искуы федтай дидинæфтыд фæзтæ,

Æгæндæг хъæдтæ, зад мæнæуы хуым?

Уый у мæ Ир, мæ райгуцрæн хæхбæстæ,

Зæххы фидауц, Дунейы фарны къуым.

(Баситы М.)

Уæдæ, сывæллæттæ, куыд бамбæрстат, афтæмай мах абон нæ урочы ныхас кæндзыстæм, сæрыстыр æмæ буц кæмæй стæм, æрцæуæг адæмы дисы чи бафтауы йæ рæсугъддзинадæй, аргъауы бæстæ кæй хонынц, уыцы Ирыстоныл, нæ Фыдыбæстæйыл. Базонгæ уыдзыстæм Цæрукъаты Алыксандры æмдзæвгæимæ «Гъе уæдæй куы зонын, Фыдыбæстæ, дæу!»

Нæ урокæн эпигрæфæн райстон Плиты Х. ныхæстæ:

«О ме схъомылгæнæг Ирыстон,

Æз дæн дæуæн дæ туг, дæ хъæстæ.

Ды дæ мæнæн мæ фыд, ды дæ мæнæн мæ мад.

Æнæ дæу састбазыр цæргæс дæн,

Æнæ дæу циу мæ цард, мæ кад?»

Нæ урок мæ райдайын фæнды чысыл беседæйæ. Зæгъут ма, цæмæй хъуыстгонд у Ирыстон?

1скъоладзау: Ирыстон хъуыстгонд у йæ бæрзонд хæхтæй, йæ урсдзыкку æхсæрдзæнтæй, йæ дидинæфтыд быдыртæй, йæ сыгъдæг суадæттæй. Уæлдай кад та скодтой Ирыстонæн йæ фæзминаг хъæбултæ.

Фарст: Кæй зонут Ирыстоны зындгонд адæмæй?



2скъоладзау: Æз зонын Хетæгкаты Къостайы. Уый у ирон æвзаг æмæ литературæйы бундурæвæрæг, фыссæг, нывгæнæг, адæмы бартыл тохгæнæг.



3скъоладзау:Абайты Васо дæр у Ирыстоны номдзыд хъæбултæй иу. Уый уыдис стыр ирон ахуыргонд.



4скъоладзау:Плиты Иссæ у ирон адæмы хуыздæр фырттæй иу, Советон Цæдисы дыууæ хаты, Манголы Адæмон Республикæйы Хъæбатыр.



5скъоладзау:Туаты Ольга – фыццаг ирон сылгоймаг – профессор.



6скъоладзау:Фадзаты Арсен, Андиаты Сослан, Дударты Вероникæ, Гергиты Валерий, Адырхаты Светлана – æппæтæй дæр ном скодтой нæ Ирыстонæн.



Ахуыргæнæг: Хорз у, кæй зонут нæ Ирыстоны номдзыд адæмы. Сывæллæттæ, хæдзармæ уын бахæс кодтон ныффыссын чысыл нывæцæн «Цæмæн уарзын æз мæ Фыдыбæстæ?»

Бакæсут ма сæ.

(3-4 нывæцæны бакастысты, равзæрстам сæ)





II.Ног æрмæгмæ рахизын

Ахуыргæнæг: Ног æрмæгмæ рахизыны разæй мæ фæнды, цæмæй нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм, раздæры кълæсты Ирыстоны тыххæй цы уацмыстæ ахуыр кодтам, уыдон.

Скъоладзау:Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæ «Фыдыбæстæ», Цæрукъаты Алыксандыры æмдзæвгæ «Æцæгæлон бæсты».

Ахуыргæнæг: Бирæ æмдзæвгæтæ, радзырдтæ фыст æрцыд Ирыстоныл. Фысджытæй алчи дæр йæхирдыгонау равдыста йæ уарзондзинад Фыдыбæстæмæ. Зæгъæм, Хетæгкаты Къостайы уацмысты Ирыстон æвдыст цæуы зын уавæры, æмæ æрдз дæр у æнкъард:

Халон баргъæфст сындзыл,

Уад тымыгъ хæссы…

Кæнæ:

Бæрзонд урс хæхтæ,

Æнкъард кæдзæхтæ,

Æгомыг бæлас…

(Равдисын слайдтæ Ирыстоны æрдзыл компьютерæй)

Гæдиаты Секъайы радзырдтæ æмæ æмдзæвгæты дæр уынæм æнкъард æрдзы нывтæ: «Рæстæг уыцы иу саутар, мылазон хаста…»

Йæ райгуырæн бæстæ чи уарзы, йæ æрдз дæр ын уый уарзы, ныв дæр æй уымæн кæны. Тызмæг уа, фæлмæн уа – уæддæр зæрдæйæн адджын у. Бирæ фысджытæ ныффыстой уарзон Фыдыбæстæйыл уацмыстæ: Илас Æрнигон, Дарчиты Дауыт, Баситы Мысост, Хъайтыхъты Геор…

Иуæй-иу æмдзæвгæтæй сарæзтой зарджытæ. Байхъусæм мА Кочысаты М. æмдзæвгæ «Фыдыбæстæ»-йæ цы зарæг сарæзтой, уымæ. Музыкæ йын æрхъуыды кодта Сланты Э. Зары йæ Медойты Светæ.

(Байхъусæм зарæгмæ)

Ахуыргæнæг:Абон мах базонгæ уыдзыстæм Цæрукъаты Алыксандыры фыст æмдзæвгæимæ. «Гъе уæдæй куы зонын, Фыдыбæстæ, дæу». Иу цалдæр ныхасы поэты царды тыххæй.

Цæрыкъаты Алыксандр райгуырд 1918 азы 12 декабры Дыгуры районы Хъарман-Сындзыхъæуы. 7 къласы фæстæ бацыд рабфакмæ, фæстæдæр та ЦИ педагогон институтмæ. 1940 азы йæ каст фæци, кусын райдыдта ахуыргæнæгæй. Фæстæдæр бацыд Мæскуыйы М.Горькийы номыл литературон институтмæ. 1957 азы йæ каст фæци. Куыста рауагъдад «Ир»-ы редакторæй. Æмдзæвгæтæ фыссын рафдыдта, скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд. Мыхур сæ кодта районы газеты, фæстæдæр та газет «Рæстдзинад» æмæ журнал «Мах дуджы». Йæ фыццаг æмдзæвгæты æмбырдгонд рацыд 1947 азы. Æмдзæвгæты сæйраг темæ у хæстон. Фæстæдæр йæ куырдиат сырæзти, йæ тематикæ фæуæрæхдæр, фæхъæздыгдæр. Поэты зарæг у хæхты рæсугъддзинад, райгуырæн бæстæмæ æгæрон уарзондзинад. 1959 азы рацыд йе мдзæвгæты æмбырдгонд «Арвæрдын», 1978 азы – «Фыдæй фыртмæ», 1988 азы «Æвзист къæвдатæ».

Фыдыбæстæйы темæйыл ныффыста бирæ æмдзæвгæтæ: «Æцæгæлон бæсты», «Райгуырæн къона»… Абон мах базонгæ уыдзыстæм Алыксандыры фыст æмдзæвгæимæ «Гъе уæдæй куы зонын, Фыдыбæстæ, дæу!». Æмдзæвгæйы мах сæмбæлдзыстæм зынæмбарæн дзырдтимæ. Равзарæн-ма сын сæ нысаниуджытæ.

(Фæйнæгыл дзырдтæ: егъау, тæмæндзаст, астым. Дзырдты фæстæ ахуыргæнæг аив дзуры æмдзæвгæ).



I I I. Ног æрмæг ниффидар кæнын.

(2-3 ахуырдзауы кæсынц æмдзæвгæ)

Æмдзæвгæйы анализы алгоритм

Фыдыбæстæ

Лексикон рæнгъ

Ассоциацитæ

Цъæх арв

Хъуыдыджын хъæд

Æгомыг къæдзæх

Маргъ

Тæмæндзаст дон

Сабырцард

Бæрзонд бæлæстæ

Сыгъдæг хæххон дон

Сæрыстырдзинад

Сæрибардзинад



Раттын фæрстытæ ахуырдзаутæм:

  1. Куыд бамбæрстат æмдзæвгæйы мидис?

Дзуапп: Æмдзæвгæйы фыссæг æвдисы, æрдз æмæ адæймаг кæрæдзиимæ куыд æргом баст сты, уый.

Ахуыргæнæг: Раст зæгъыс. Ацы уацмысы уынæм адæймаг æмæ æрдзы иудзинад, нæй сын кæрæдзийæ фæхицæнгæнæн. Арв лирикон геройы æфтауы арф хъуыдытыл, къæдзæх ын дæтты ныфс, дон ын йæ сагъæс кæны сыгъдæг, маргъ æй сайы даргъ фæндагмæ, адæм та йын ноджы фылдæр уарзын кæнынц Фыдыбæстæ.

  1. Цæмæй уацмыс аивдæр уа, зæрдæмæхуыздæр бахъара, уый тыххæй цавæр аивадон мадзæлттæй спайда кодта поэт?

Дзуапп: барæнтæ, эпитеттæ, олицетворенийæ. Барæнтæ – денджызау, уæйыгау; олицетворении – хъæд ныгъуылди сагъæсты, фæндаджы даргъ сайы, къæдзæх каст; эпитеттæ – арф зæрдæ, егъау къæдзæх, æнæзмæлгæ хъæд, сыгъдæг бæллиц.

  1. Цæуыл ахуыр кæны ацы æмдзæвгæ мах?

Дзуапп: Фыдыбæстæ уарзын, адæмы нымайын, йæ æрдзæн ын аргъ кæнын.

  1. Куыд хонынц, йæбæстæ чи уарзы, ахæм адæймаджы?

Дзуапп: Патриот.

  1. Сывæллæттæ, æз уын бахæс кодтон ацы урокмæ æрæмбырд кæнын æмбисæндтæ Фыдыбæстæйы тыххæй. Бакæсут ма сæ.

Æмбисæндтæ кæсынц.

  1. Дард бæлццон йæ райгуырæн бæстæм куы рыфты, уæд ног райгуырæгау вæййы.

  2. Æнахуыр бæсты æлдарæй дæр зын у.

  3. Хæдзар нæ, фæлæ мусонг аивын дæр зын у.

  4. Райгуырæн бæстæй æвзæр нæй.

  5. Райгуырæн бæстæ æвзæр нæ вæййы, æвзæр, кад ын чи нæ фæкæны, уыцы хъæбултæ вæййынц.

  6. Фæнды дæ Фыдыбæстæ ауæй кæн, фæнды дæ мады.

  7. Фыдыбæстæ чи нæ уарзы, ууыуыл макуы баууæнд.

Ахуыргæнæг: Бирæ æмбисæндтæ ис Фыдыбæстæйыл, æмæ уыдон æппæтдæр дзурæг сты, куыд уарзон æмæ адджын у. Афтæ куы нæ уаид, уæд йæ сæрвæлтаутуыйбæрц туг нæ ныккалдаид. Бирæ хæстытæ æрцыд нæ зæххыл, æмæ алкæддæр ирон фæсивæд æрлæууынц бæстæ бахъахъхъæнынмæ, равдисынц сæ хъæбатырдзинад.

Фыдыбæстæйы стыр хæсты бирæ ирон фæсивæд скодтой сæхицæн кады ном. Уыдонимæ Гæздæнты 7 æфсымæры, Дзотты Лазæр, Баситы Чабæхан…

Æмæ мах хъуамæ абон бузныг уæм, сабырдзинадыл чи архайы, знагæй нæ чи хъахъхъæны, уыцы адæмæй.Кæй зæгъын æй хъæуы, æрмæст хæстыты нæ, фæлæ сабыр царды дæр æмбæлы æвдисын уарзондзинад Фыдыбæстæмæ.

Сымах бон та цæмæй у равдисын уæ уарзондзинад?

Дзуапп: Нæ хорз ахуырæй, нæ рæсугъд æгъдауæй, нæ æрдзыл аудынæй.

Ахуыргæнæг: Разы дæн уемæ. Æгъдау, зонд кæмæ уа, уый скæндзæн йæхицæн дæр æмæ йæ бæстæйæн дæр кад. Хъуамæ алчидæр ууыл архайа.



I V. Бæрæггæнæнтæ сæвæрæн. Хæдзармæ куыст раттын.

V. Урочы кæрон байхъусын зарæг «Ирыстон»-мæ, равдисын слайдтæ Ирыстоны æрдзы нывтимæ компьютерæй.


Скачать

Рекомендуем курсы ПК и ППК для учителей

Вебинар для учителей

Свидетельство об участии БЕСПЛАТНО!