СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Открытый урок по осетинскому языку: "Номдар"

Категория: Прочее

Нажмите, чтобы узнать подробности

Урочы нысантæ:

  1. Сфæлхатын номдарæй рацыд æрмæг

  2. Бацамонын æндæр ныхасы хæйттæ номдары ролы

  3. Номдарты морфологон æвзæрстыл бакусын

Просмотр содержимого документа
«Открытый урок по осетинскому языку: "Номдар"»

НОМДАР

(Сывæллæттæ, мидæмæ цæугæйæ, исынц фæткъуыты нывтæ æмæ сæ фидар кæнынц фæткъуыйыл. Хорз равгимæ чи æрбацыд, уыдон æвзарынц сырх хуыз, зивæггæнгæ – бур, æнкъард кæмæн у – цъæх.)

- Уæ бон хорз! Раттæм ма салам нæ уазджытæн, уæ кæрæдзийæн!(1 слайд)

Нæ диссаджы фæткъуыйыл фылдæр ис (зæгъæм, сырх хуыз)…,уымæ гæсгæ æз бамбæрстон уæ фылдæр уæ(зæрдæхъæлдзæгæй, зивæггæнгæ) кæй æрбацыдысты, уый. Мæ зæрдæ дардзынæн, уыцы зæрдæйыуаг (кæй фæхуыздæр уыдзæн, æнкъарддæр нæ фæуыдзыстут) нæ урочы кæронмæ.

- Сывæллæттæ, диссаджы аив ныв уын рауад . Мæнмæ гæсгæ, ацы иумæйаг куыст æвдисы, алчидæр уæ курдиатæй хайджын кæй у. Æрлæууын-ма кæнæм нæ зæрдыл, цы хонæм иумæйаг сфæлдыстад?(Фольклор)

- Цавæр жанртæ зонут ? (Аргъæуттæ, æмбисæндтæ, зарджытæ, уыци-уыцитæ,таурæгътæ)

- Уæ зæрдæмæ дзы тынгдæр кæцы жанр цæуы æмæ цæмæн?(Аргъæуттæ, сæ мидис вæййы цымыдисаг…)

- Уæдæ абон нæ ныхас цæимæ баст уыдзæн? (Аргъæуттимæ)

- Аргъæуттæ сты алæмæты бæстæ. Махæн нæ бæлас дæр алæмæтаг у. Фæлæ, мæнмæ гæсгæ, цыдæр æнахуыр у? (Бæрæг кæнынц, фæткъуы бæласыл кæрдотæ кæй нæ вæййы)

- Раст загътат, фæлæ фæткъуы сымах у æмæ йæ сымах бон у, æрмæстдæр, саив кæнын. (Уый тыххæй алы къордæй дæр рацæуынц фæйнæ дыууæ ахуырдзауы. Тонынц фæйнæ кæрдойы. Алы кæрдойыл ис фыст номдартæ:

1. Сæнæфсир, фыстæ

2. Айдæн(кæсæн), рувас

Сывæллæттæ æнæдзургæйæ æвдисынц предметтæ(къухтæй, цæсгомы фезмæлдтæй…). Къорд куы базонынц дзырд, уæд сæ фæйнæгыл фыссæм. Уый фæстæ дзырдтæм гæсгæ базонын, цавæр аргъауæй ист сты дзырдтæ( 1. Уастырджи æмæ æртæ æфсымæры аргъау. 2. Арвы айдæн)

- Фæйнæгыл фыст дзырдтæм гæсгæ-ма уæ исчи, сбæрæг кæнæд нæ урочы темæ æмæ нысантæ…

- Урочы темæ:

Ныхасы темæ: Аргъæуттæ.

Грамматикон темæ: Номдары морфологон æвзæрст. (ныффыссын тетрæдты темæ, эпиграф) (3 слайд)

Экраныл урочы нысантæ… (4 слайд)

  1. Сфæлхатын номдарæй рацыд æрмæг

  2. Бацамонын æндæр ныхасы хæйттæ номдары ролы

  3. Номдарты морфологон æвзæрстыл бакусын

- Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы нысантыл кусгæйæ, мах ныхасы рæзтыл дæр бакусдзыстæм, аргъæуттæ дæр нæ зæрдыл æрлæууын кæндзыстæм, дзырдуатон куыст дæр бакæндзыстæм

- (5 слайд) Экраныл аргъæуттæй нывтæ «Раст лæг æмæ зылын лæг», «Арвы айдæн», «Фаззæттæ», «Сарты фырт», «Ох-ох æмæ мæгуыр лæджы фырт»… Лæвæрд зондамынд сымах кæцы аргъауимæ бабæттиккат æмæ цæмæн?

Цæстурзон амонд ары. («Раст лæг æмæ зылын лæг»…)

- Сбæрæг кæнут æмбисонды номдары ролы цавæр н/х ис ?(Миногон)

- Уæ разы ис аргъау «Зыд лæг»(№1). Бакæсæм æй. (6 слайд)

- Цæуыл сагъæс кодта лæг?

- Фæстæдæр цæуыл цин кодта?

- Куыд амард лæг æмæ цæмæн?

- Куыд ис схонæн Зыд лæджы? (Фæйнæгыл: Æдзæстуарзон, æнæфсис…)

Къордгай куыст.Текстæй рафыссын миногонтæ номдары ролы(Сыгъзæрин, хъæздыг, мæгуыр)

- Бамбарын кæнын æмæ бабæттын æмбисонды хъуыды аргъауы мидисимæ(6 слайд)

Иу йæхи амондæн цæры, иннæ – адæмæн. ( Иу у нымæцон номдары ролы…) Скæнын синтаксисон æвзæрст. (Хатдзæг: номдар вæййы арæхдæр сæйрат кæнæ æххæстгæнæн)

- (7 слайд) «Адæймагмæ цы ис, уый хъуамæ фагыл нымайа. Зыдгæнæг фæстаг муртæй дæр æнæ хай фæвæййы.» Эзоп.

Бамбарын кæнын æмбисонды мидис, аргъæуттимæ бабæттын. Ссарын номдартæ, фæбæрæг кæнын, æндæр н/х кæм сты, цавæр хъуыдыйады уæнгтæ сты.

РЕЛАКС. Сывæллæттæ, литературæйы урочытæм, аргъæуттыл дзургæйæ, скодтат нывтæ. Сарæзтам сæ равдыст. Мыггæгтæ сыл фыст нæй. Бакæсут сæм, æппæты тынгдæр дзы уæ зæрдæмæ цы ныв фæцæуа, ууыл смайлик аныхасут.

- Иу хатт-ма нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм, цæуыл уыд нæ ныхас?

- Х/куыстæн лæвæрд уыдысты контролон фæрстытæн дзуапп раттын

Куыд раст дзуаппытæ ссардтат, уый сбæрæг кæндзыстæм таблицæмæ гæсгæ.

Къордгай куыст. Таблицæ хи дæнцæгтæй баххæст кæнын. (10 слайд)

Индивид. куыст. Фæйнæгыл Синквейн.

1-аг къорд – НОМДАР

2-аг къорд – АРГЪАУ.

- Ныр та, номдарæй цы базыдтам, уымæн сараздзыстæм бахыгъд. Æмæ базондзыстæм номдары морфологон æвзæрст. Æркæсæм мА иу хатт нæ урочы эпиграфмæ. (9 слайд)

Аргъæуттæй исæм зонд. (10 слайд)

Аргъæуттæй –номд.

  1. Р.Ф. – аргъау

  2. Иумæйаг, æнæуд

  3. Ир.Х., бир.ным.

  4. _ _ _ _

- Дæнцæгмæ гæсгæ, тетрæдты фыст номдартæй æвзарынц. Тетрæдтæ баивынц, кæрæдзийæн бæрæггæнæнтæ æвæрынц.

- Цы хæссут урокæй? Ногæй цы базыдтат урочы ? (12 слайд)

- Уыдонæй мæ царды хъæудзæн…

- Х/К

- Бæрæггæнæнтæ.

Кæронбæттæн. – Нæ фæткъуы бæласмæ та базилæм.

Кæд æрмæг хорз бамбæрстат, уæд ыл æрцауындзут сырх фæткъуы, кæнæ кæрдæджы сырх дидинæг скæсын кæнут;

Кæд темæ бынтон хорз нæ бамбæрстат– бур фæткъуы, дидинæг;

Кæд урокæй ницæмæй разы стут – цъæх.

Æмæ цы ног ныв саразат, уымæ гæсгæ та æз скæндзынæн мæхицæн хатдзæгтæ мæ куыстæн…




Скачать

Рекомендуем курсы ПК и ППК для учителей

Вебинар для учителей

Свидетельство об участии БЕСПЛАТНО!