СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Открытый урок по осетинскому языку в 9 классе:«Къæдзыг, стъæлф æмæ къæдзыг æнæбæттæг вазыгджын хъуыдыйады»

Категория: Прочее

Нажмите, чтобы узнать подробности

«Ахыргонд  лæг  æппæты фыццаджыдæр йæ мадæлон æвзаг базоны,стæй уый фæстæ та иннæ адæмты æвзæгтæ.  Ирон фæсивæд та иннæрдæм: адæмты æвзæгтæ базоны,фæлæ йæхи æвзаг – нæ.»

                                                                                                                Нигер.

Просмотр содержимого документа
«Открытый урок по осетинскому языку в 9 классе:«Къæдзыг, стъæлф æмæ къæдзыг æнæбæттæг вазыгджын хъуыдыйады»»

Гом урок 9 къласы: «Къæдзыг, стъæлф æмæ къæдзыг æнæбæттæг вазыгджын хъуыдыйады»

Урочы нысан:

  1. Растфыссынадыл бакусын.

  2. Æвзаджы рæсугъддзинад æрхæцæн нысæнтты руаджы бæрæг кæнын.


Урочы эпиграф:

«Ахыргонд лæг æппæты фыццаджыдæр йæ мадæлон æвзаг базоны,стæй уый фæстæ та иннæ адæмты æвзæгтæ. Ирон фæсивæд та иннæрдæм: адæмты æвзæгтæ базоны,фæлæ йæхи æвзаг – нæ.»

Нигер.

Урочы цыд:

  1. Хæдзармæ куыст бæрæг кæнын.

Хъуыдыйæдтæ æвзарæм. Урок аразæм,йæ темæмæ гæсгæ,нæ мадæлон æвзаджы абоны. уавæрыл ый тыххæй фыссæм урочы эпиграф тетрæдты. Йæ хъуыды йын æвзарæм.

Хатдзæгтæ скодтам: мах хъуамæ дзурæм нæхи æвзагыл, хорз æй ахуыр кæнæм, цæмæй йæ фидæнмæ фæхæццæ кæнæм.


  1. 1) Æвзарæм эпиргафы дыккаг хай.

Ирон фæсивæд та иннæрдæм: адæмы æвзæгтæ базоны, фæлæ йæхи æвзаг – нæ.

Æмбарын кæнæм дыстъæлф æмæ тирейы сæвæрд.

2) Хъуыдыйадмæ гæсгæ радзурын таурæгъ:

Булæмæргъы зард рæвдыдта адæмты зæрдæтæ. Чи – иу фехъуыста уыцы зард,уый – иу æй никуы ферох кодта. Иу ахæмы тыхджын дымгæ сыстад æмæ маргъы йемæ фæхаста Тæригъæддаджы бæстæмæ. Маргъы мыггагæй дзы цардысты æрмæстдар хæдмæлхор халæттæ. Йæхимæ куы ´рцыд булæмæргъ, уæд йæ алыварс уагæвæрдæй фæтарст. Бирæ цы дзурæм: цæрынтæ байдыдта нæ зарæггæнæг уым, уымæн æмæ уырдыгæй фæстæмæ раздæхæн нæ уыд. Сбадтис сындзыл,йæ цæстытæ хурмæ ныццавта æмæ – иу æнкъардæй зарыныл схæцыд Райгуырæн бæстæйыл. Цæссыг мызти,тагъди цæстытæй, туг та лæдæрсти къæхтæй, фæлæ уæддæр йæ зард нæ уагъта. Зæрдæйы сагъæс æй домдта зарынмæ.

Йæ алыварс та – иу халæттæ ´ртымбыл сты. Булæмæргъы зардмæ хъусгæйæ уыдонмæ дæр зарын æрцыд,æмæ – иу ныхъхъуахъхъ кодтой. Бон боны ивта, аз азы,дæс азы иннæ дæс азы… Бирæ фæцард афтæ булæмæргъ. Цæстæй бакуырм,къæхты хъæдгæмттæ та дзæбæх нал кодтой, фæлæ уæддæр зарыд.

Халæттæ та бирæ азты дæргъы сæхи ахуыр кодтой булæмæргъау зардыл – нæ сахуыр сты. Сæ уасынæй бæстæ æнкъарддæр кодта. Булæмæргъы зард та – æрхæндæгæй – æрхæндæгдæр, рæсугъдæй – рæсугъддæр.

Нал фæрæзта Галæгон булæмæргъы хъизæмармæ кæсын. Иу бон сдымдта, йæ къухмæ йæ фелвæста æмæ йæ фæстæмæ Райгуырæн бæстæмæ фæхаста. Дыргъдоны йæ дидинæгкалгæ къалиуыл æрæвæрдта.

Булæмæргъ куырм уыд. Уæд ыл æвиппайды сæмбæлд диссаджы рæсугъд тæф. Къæхтæ амбæлдысты лæгъз къалиуы буарыл… Тæфæй дæр бамбæрзта: Райгуырæн бæстæйы ис. Фыр цинæй ныззарыд, æмæ зарæджы алæмæты зæлтæ дымгæ дардмæ фæхаста. Адæм, цæрæгойтæ фехъуыстой кæддæры «сæфт зарæг». Кæцæй уыд зарæг, уырдæм æмбырд кæнын байдыдтой. Булæмæргъ зарыд,дуне хъуыста. Уæлиауæй Хуыцау каст æмæ дисгæнгæ хъуыды кодта: «Диссаг! Цас фæдардтой иппæрдæй йæ уæзæгæй, уæддæр йе´взаг нæ ферох кодта. Цæмæн?»

Куыд хъуама ферох кæна, кæд æмæ æз алкæмæндæр йæхи ´взаг уый тыххæй раттын, цæмæй сын æвзаджы фыдыбæсты фарн уа».

Афтæмæй булæмæргъ йæ зардæй, йе´взагæй Фыдыбæстæйы фарн иста,æмæ зындзинæдты сæрты дæр уымæн бафæрæзта ахизын. Халæттæ та кæйдæй фарнæй царын нæ базыдтой, уымæн æмæ уыдонæн Хуыцау радта æндæр æвзаг, бæстæ, фарн. Искай фарнæй та фæцæрæн нæй.

3) Ацы таурæгъæн йæ хъуыды æвзарæн.

Хатдзæгтæ: Зæххыл цыдæриддæр цæрæгойтæ ис, уыдонæй иу дæр

не ´«сдзурдзæн» иннæты ´взагыл, сæхи «æвзаг» уыдон дæр хъахъхъæнынц. Уæд мах, адæм, цæмæн ферох кæнæм нæ мадæлон æвзаг æмæ æндæр æвзæгтыл цæмæн «фæзарæм» ? Хъуамæ фыццаг дæхи ´взаг базонай, стæй та – æндæр…

4) 4-5 вазыгджын хъуыдыйады рафыссын тъетрæдтæм. Æрхæцæн нысæнттæ сывæрын.

5) Текстыл бакусгæйæ хатдзæгтæ скæнын æрхæцæн нысæнтты æвæрынадыл.


Æрхæцæн нысæнттæ æнæбæттæг вазыгджын хъуыдыйады.





Къæдзыг Стæлф æмæ къæдзыг Дыстъæлф Тире


  1. Хæдзармæ куыст.

Бакæсын чиныджы æрмæг. Литературон уацмысæй рафыссын 5 хъуыдыйады ног æрмæгмæ гæсгæ.


Скачать

Рекомендуем курсы ПК и ППК для учителей

Вебинар для учителей

Свидетельство об участии БЕСПЛАТНО!