СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Сарибары мотивта Нигеры сфалдыстады

Нажмите, чтобы узнать подробности

Мотивы свободолюбия  в  стихотворениях Нигера ( Дзанаева И. ) , анализ произведений .

Просмотр содержимого документа
«Сарибары мотивта Нигеры сфалдыстады»

Сæрибары мотивтæ Нигеры лирикæйы


«Зарæг зæрдæйæн нæдæр цин куы нæ хæсса, нæдæр хъыг, уæд уый зарæг нæу», – зæгъы ирон æмбисонд. Нигеры уацмыстæ кæсгæйæ мах арф æнкъарæм, поэт йæ адæмæй хицæн кæй никуы уыдис, уыдонæн сæ рыстæй кæй рысти, сæ цинæй амондджын кæй уыди:

Адæм, дæ фырт дæн, дæ хъæбул дæн æз,

Адæм, дæ туг æмæ де стæг дæн æз.

Адæм – мæ фыд, æндæр уæдæ чиу?!

Адæм – мæ мад; æз дадтон йæ риу.

Адæм – фæллойгæнæг, иууылдæр – ды!..

Адæм, мæ ахсджиаг, иууылдæр – ды!

Уарзын дæ, уарзын хъæбулы уарзтæй,

Уарзын дæ суанг мæ сонты азтæй…

Адæм дæ фырт дæн, дæ хъæбул дæн æз!

Адæм, дæ туг æмæ де ‘стæг дæн æз!

«Мæхицæй мæхимæ»

«Ирыстоны цы æрцыд æмæ дзы уыд, уый бамбарынæн Нигеры сфæлдыстад у ахсджиаг фæрæз, – фыссы Дзуццаты Хадзы-Мурат, – Нигеры «æз» уыд Ирыстоны «æз». Уымæн æмæ фыста йæхи тыххæй дæр, Ирыстоны тыххæй дæр. Нигеры рæстдзинад уыд Ирыстоны рæстдзинад, рæстæджы рæстдзинад» [31, ф. 17].

Нигер хъæддыхæй лæууыд рæстæджы ныхмæ. Æцæг, иудадзыг нæ, уымæн æмæ рæстæгæн йæ коммæ чи нæ каст, чи йын нæ саст, уыдон къуындæг æмæ куынæг кодта, сæ тых сын мардта. Рæстæг æй нæ уагъта цæрын дæр, кусын дæр æмæ мыхуыр кæнын дæр.

Поэзи у рæстæджы хъæлæс, æмæ дзы бæлвырдæй зынынц дуджы æууæлтæ – йæ цинтæ æмæ йæ хъыгтæ, рыст æмæ æхцонад. Æртынæм азты ирон поэзийы æнтыст уыд Нигеры лирикæ.

Плиты Гацыр фыссы: «Нигер йæ мæгуыр адæмы сæрыл тохгæнæг уыд. Кæд æй чидæртæ хуыдтой æнкъард поэт, уæддæр Дзанайы-фырт уыд йæ дзыллæйыл сагъæсгæнæг, уынаффæйы лæг, дуджы ахсджиаг фарстытæ советон дуджы дæр раст чи æмбæрста, Ирыстоны куыройы нукмæ дон чи здæхта, ахæм уды хицау, æвæллайгæ зиууон» [44, ф. 129].

Нигер агуырдта йæхи фæндаг, йæхи поэтикон хъæлæс. Уый сæрыстырæй зæгъдзæн: «Мæнæн нæй искæйы фæзмæн». 1916 азы фыст æрцыд йæ зындгонд æмдзæвгæ «Æхсызгон зарджыты тыххæй». Уый у сфæлдыстадон манифест, йæ царды нысан. Нигер фыссы, зæгъгæ, цард уæззау кæм у, адæм тыхст кæм сты, уым поэт хъæлдзæг зарджытæ нæ кæндзæн.

Мæгуыр адæм – мæ мад, мæ фыд,

Æдых нырма нæ зæхх, нæ цард.

Æмæ сæ сагъæстæ, сæ фыд

Мæнæн куы сты мæ хуыздæр зард.


Мæгуыр Ирыстонæн нывонд –

Йæ урс сæрæй бæттын мæ ард –

Кæнын мæ зæрдæ‘мæ зонд,

Мæ куынæг бон, мæ цыбыр цард.

«Æхсызгон зарджыты тыххæй»

Нигер йæ фыццаг æмдзæвгæтæ «Ахæст», «Фыццаг хуымы бон», «Мæ ном» ныффыста 1914 азы.

Æфхæрд ирон,

Фæсхох бæстаг,

Фыдцъылысбон,

Æнæмыккаг.

Уыдоны поэт æвдисы революцийы агъоммæйы мæгуыр хæххон адæмы цард, сæ хъуыдытæ æмæ сæ бæллицтæ, сæрибары цардмæ тырнындзинад.

Хозиты Барис фыссы: «Глубоки и искренни порывы поэта к добру и свету. И на пути этом познал он все: и радость, и печаль, и трагедию, и вдохновение, и счастье будничного труда» [50, ф. 156].

Фыццаг уырыссаг революци састы бынаты куы баззад, реакцийы дуг дзыллæйы зæрдæтæ æмæ зондыл мылазон мигъау куы ныббадти, цагъайраджы æфсондзы уæзæй фæллойгæнджытæ сæ сæрæн куы нал уыдысты, уæд поэты хъæлæс нæрыди дзæнгæрæгау, сидти сæрибармæ:

«Фæлидзон, – мæхицæн фæзæгъын, –

Фæлидзон , нæ адæм, дæ хъæрæй…»

Фæлæ та фæстæмææртæхын:

Мæ сонт туг фæлидзы мæ сæрæй.

Фæзæгъын: «Цы кæнын мæ цардæй?..

Æдзæллаг – нæ бæстæ, нæ адæм.

Ызнаг сæ куы ‘ргæвды йæ кардæй .

Мах, мах та æнæмæтæй бадæм?

Нæ бæстæм, нæ бæстæм, мæ къæхтæ!

Кæм кæны фыдызнаг фыдмитæ,

Кæм кæуынц нæ цардыл нæ хæхтæ,

Кæм дарынц хæлынæй æрчъитæ.

Нæ бæстæм!.. Ызнагæн йæ ныхмæ

Æрлæууæм тымбыл дур, лæдзæгæй…

Ацы рæнхъытæ ныффыста 1915 азы, революцийы тохы уынæртæ Кавказмæ куы æрбанхъæвзтой.

Ралæууыд 1917 аз. Бæстæ сызмæлыд. Империалистон хæст, мæгуырдзинад, æфхæрд æмæ æбардзинад адæмы сæ хъуырмæ скодтой. Æмæ адæм сыстадысты. Æрцыд февралы революци. Уыцы бонты фыст æрцыд æмдзæвгæ «Размæ!» Уый уыд фæдисы хъæр, тохмæ сидт:

Хур арвыл куы хъазы,

Фæтынгдæр и бон.

Цагъайраджы дугæн

Æрцыди кæрон.

Кæм стут, лæппутæ,

Æрцыди нæ дуг!

Гъæйтт, размæ, ныккалæм

Æлдарæн йæ туг!

Хъæздыг æмæ мидисджын у Нигеры лирикон сфæлдыстад. Хъæздыг у алыхуызон æнкъарæнтæй æмæ царды нывтæй, мидисджын у хъуыдытæй æмæ поэтикон ахорæнтæй. Поэты зæрдæмæ рыст æмæ цин хъардтой арф, уымæ гæсгæ хъæздыг уыд йæ уды цард. Хъæздыг уыд алыхуызон æхсæнадон цаутæй йæ рæстæг дæр. Уыцы цаутæ агайдтой поэты зæрдæ, æфтыдтой йæ мæт æмæ сагъæстыл, уымæ гæсгæ Нигеры поэзи дзаг у цардивæн рæстæджы хуызтæй. Уыцы рæстæг куыд вазыгджын уыд, афтæ вазыгджын у Нигеры лирикæ дæр.

Джыккайы Шамил фыссы: «Нигер у æргомзæрдæ поэт: нæ сусæг кæны нæдæр йæ цин, нæдæр йæ маст, æргом зæгъы йæ уарзт дæр æмæ йæ фыдæх дæр. Уыимæ Нигер у поэт-реалист. Цы уыны æмæ цы хъусы, æвдисы уыдон, уыдонæй кæны хатдзæгтæ, аразы сæ поэтикон фæлгонцтæ. Цард та иугъæдон нæ вæййы – ивæнтæ кæнын йæ миниуæг у. Нигеры поэзийы зынынц уыцы ивæнтæ» [24, ф. 270].

Поэты сæйраг сагъæссаг сты адæм æмæ фыдыбæстæ. Нигер табугæнæгау, фæлæ сæрыстырæй дзуры:

Ныббар мын, Ирыстон, – мыййаг, кæд дæ рынæй

Мæ сау зæрдæ искуы бынтон дзаг нæ уыд.

Кæд искуы йæ хъалæй дæуимæ цæрынæй

Фæлмæцыд мæ сонт туг, хъыг кодта мæ уд…

Ныббар мын… Фæлæ дын дæ уазал урс сæрæй

Дæ хъæбул ныр, абон, йæ сомы бæтты:

Йæ сонт туг куы банцайа уæнгты йæ хъæрæй, –

Биноныг æруыдзæн дæ нарæг кæмтты.

Чысанæй Лабæмæ дæ мæгуыр сабитæн

Æнæвгъау куы скæндзæн йæ лæмбынæг зард.

«Ныббар мын, Ирыстон!..»

Йæ кадджын хæсыл нымайы адæмы згнæгтимæ тох кæнын, уыдон раз фыдыбæстæйы риуæй маст фæсурын.

Поэзи у тохы цæхæр æмæ бæрзонд фидауц. Йе сфæлдисын, уæлдайдæр царды карз уавæрты, – уый æвирхъау зын хъуыддаг у.

Æмдзæвгæ «Мæ уарзон æмгартæ, фæзарæм, фæхъазæм»-ы Нигер комкоммæ дзуры Секъайы идеалты æвзагæй. Уый фæнды, ирон æфхæрд адæм æмуд куы уаиккой, кæрæдзи куы уарзиккой, сæхи дæр æмæ се 'фхæрджыты дæр куы базониккой:

Ныггуыбыртæ стæм уæззау æфсондзы бын,

Нæ цæгатбос нын ысуæгъдгæнæг нæй.

Нæ сæтой хицæуттæ нын нæ хатынц нæ зын,

Никæмæ хъуысы нæ сусæг дæдæй.

«Нигер, Секъайау, кæд ирон адæммæ кæрæдзи уарзынмæ сиды, – фыссы Джусойты Нафи, – уæддæр дзы рох нæу, ирон æхсæнад йæхæдæг дæр дихтæ кæй у социалон æнæрастдзинадæй, дзургæ дæр Секъайау карзæй æмæ зæхкусæджы зондæй кæны: [18, ф. 130]

Бирæтæ сæфынц, уаллæттау, рæстæй,

Бирæтæ та зылынæй – цардæй цæрынц.

Йæ мæгуырмæ хъæздыг нæ кæсы цæстæй,

Тыхджынтæ æдыхы тугбуар хæрынц.


Æвзонг поэт ацы уавæрæй фервæзæн хос нæ зоны, фæлæ йæ фæндиаг у – Иры фæсивæд кæрæдзи куы уарзиккой, æмуд, æмвæнд куы уаиккой æмæ афтæмæй куы лæууиккой сæ фыдгулы ныхмæ.

Æгомыг къæдзæхтæ, зæйуат бынæттæ, хуырджын дæлвæзтæ, уынгæг кæмттæ, – ахæм уыд Иры дзыллæйæн йæ цæрæн бынат, ахæмæй йæ æвдисы Нигер дæр йе 'мдзæвгæ «Зымæг нæ хохы»-йы:

Мах хохы зымæг

Тынг кæны тызмæг

Мит нæм ныууары,

Дæттæ ныссæлынц,

Кæмттæ ныхгæнынц,

Уад сæ фæзары.

Хæхтæ фæкæуынц,

Зæйтæ фæцæуынц

Хъæдты, адæгты.

«Зымæг нæ хохы»

1919-1920 азты фæзынд поэты хуыздæр æмдзæвгæтæй иу – «Додой». Цæгат Ирыстоны зæххыл урсгвардионтæ цы фыдмитæ кодтой, уый поэты зæрдæйы сæвзæрын кодта стыр хæрамдзинад, Ирыстоны тыхст уавæрмæ кæсгæйæ, йæ зæрдыл æрлæууыд Къостайы «Додой».

Æмæ уый дæр æнæуынон цæстæй кæсы тæрхоны лæгтæм, адæмы æвирхъау цардмæ чи кæны, уыдонмæ:

Додой фæкæнат дыккаг хатт, нæ хæхтæ

Сау фæнык фестат, ыссæуа уыл зынг,

Мæнæ та ноджы уæ тæрхоны лæгтæ

Бацæттæ кодтой уæ хистмæ сæ фынг.

Алы ран сæфæм æбузнæй, æгадæй

Алы ран кæлы нæрæзгæты туг.

Алчидæр исы йæ сæрибар радæй, –

Махæн нæ хæлы нæ цагъайраг дуг.

«Додой»


Поэт уыны адæмы уавæр, сæ тохы фæндаг, æмæ уæндонæй сиды йæ адæммæ:

Уаих æрбау, мæ Иры фæсивæд,

Абонæй дарддæр куы бабыхсай ды.

Раздзу нæхицæй, нæхицæй ыссарæм,

Барæй хæддзумæ æгъгъæд дæтт дæ бар.

Тохы рухс зарæг иронау ныззарæм…

Уастырджи не 'мбал. Цом размæ æмгар!..

Хозиты Барис фыссы: «В каждой национальной литературе рано или поздно появляется свой патриарх и покровитель – итог десятилетних поисков испытаний, сбывшаяся надежда и, вместе с тем, залог будущих побед. Для Осетии в ХIХ веке таким патриархом был Коста, в ХХ – такой фигурой является Нигер» [50, ф. 156].

Нигер федта æмæ бавзæрста адæмы фыдцард æмæ хъизæмар, æмбæрста сын сæ тохы нысан. Уымæ гæсгæ зæрдиагæй сæмбæлд революцийы уæлахизыл. Уый бæлвырдæй зыны æмдзæвгæ «Цæр»-ы, схонæн ын ис ног дуджы гимн, сæрибар адæмы цины зарæг.

Кæмттæн сæ нарджытæй нал хъуысынц хъарджытæ,

Нал кæуы сидзæр сыдæй.

Мæгуыры къæхты бын ниуынц йæ марджытæ,

Фидынц сæ бонтæ фыдæй.

Алы ран тар хъæдты, алы ран сау хæхты

Бадынц, тæрхæттæ кæнынц.

Бирæгъау фезмæлынц, мæйдары фæсвæдты

Холымæ тындзынц, бæллынц.

Ацы æмдзæвгæ 1919 азы ссис адæмон зарæг: зарыдысты йæ æппæт Уæлладжыры комы дæр. Уæд Нигер уыд ревкомы уæнг Уæлладжыргомы (йемæ Цæрукъаты Ибрагим, Цæрукъаты Алыксандры фыд, фесæфт 1937 азы). Сæмбырд кодта Нар æмæ Захъайы 200 лæджы бæрц урсыты ныхмæ хæцынмæ. Сæ батальоны командир Санахъоты Мате, афтæмæй ныббырстой Салыгæрдæнмæ. Фæстæдæр Иван архайдта Бургъустаны хæстыты дæр урсыты ныхмæ. Гъе, уыцы цауты фæдыл фыст уыд Нигеры æмдзæвгæ, адæм та дзы сарæзтой зарæг.

«Нигерæн, бирæ æндæр поэттау, ног цард алцæмæй дæр хицæн кодта зæронд цардæй. Ног цард алцæмæй дæр – хорз, зæронд цард та алцæмæй дæр – æвзæр, – фыссы Дзуццаты Хадзы-Мурат, – уымæ гæсгæ зæронд цардæн æмбæлццон у æрмæст хъарæг, ног цардæн та – æрмæст зарæг. Цины зарæг, хъæлдзæг зарæг. Æгæрыстæмæй ног цардараз лæджы мардыл дæр кæугæ хъуамæ ма кæной»: [31, ф. 17]

Цæсты сыг нæ хауы мæ цæстæй.

Цæсты сыджы бæсты

Дæуæн æз салам

Æрвитын ингæнмæ нæ бæстæй!..

Хъæлдзæг зæрдæйы уаг бирæ нæ ахаста Нигерæн. Хъуыдыгæнæг поэт лæмбынæг каст цардмæ æмæ дзы уыдта хæрам митæ.

Джыккайты Шамил фыссы: «Нигер алцыдæр йæ зæрдæмæ иста арф: циныл æгæр цин кодта, хæрамæй æгæр рысти» [24, ф. 277].

Æмдзæвгæ «Дæу цы домы!»-йы иууыл ирдæй æвдисы ног хицæутты бухъ цард æмæ адæмы мæгуырдзинад. Иуæрдыгæй Нигер æвдисы адæмы удхайраг куыст, сæ уæззау тухитæ, сæ мæлæт зæй æмæ тымыгъты бын, иннæрдыгæй – æнæмæт бонджыны æвæлмон цинтæ. Поэт карз уайдзæфтæ кæны ног заманы «æлдæрттæн»:

Ды нæ хъусыс: ус дзыназы –

Фондз сидзæрæн нæй кæрдзын.

Чи йæм дзуры, чи йæ‘вазы.

Къуымты – ниуын, тарф хъæрзын…


Ды цы уыныс, дæу цы домы:

Галуан – райдзаст, хъарм, сыгъдæг.

Къух нæ атулдзынæ доны,

Фæндаг – раст æмæ быгъдæг.

Æртынæм азты кæй ныффыста, уыцы æмдзæвгæтæй иу – «Прометейы сынтæг». Уый у сæрибары гимн. Ног царды фæуæлахизыл цины зарæг:

Мах – хæхты цот – нæ сау ныккæндæн

Йæ дуар ныссастам. Уæд нын цыт!..

Сæрибар – уый йæ сæр нæ фæндæн,

Сæрибармæ куы у нæ цыд.


Ныхæлдтам мах фыдæлты къона.

Нæ размæ раппæрстам бынтон…

Ныммæл, ныссæф, джауыр тыхтона! –

Æрцыд, уый зон, дæ сæфты бон…

«Æнкъард дæн æз» – ацы æмдзæвгæ у трагедион, фæлæ оптимистон. Ам поэт – лирикон герой ис вазыгджын, уæззау психологон уавæры. Уый йæхи хаты баст Прометейы бынаты, – ахæм у поэты хъысмæт истори æмæ царды фыдыгъдæутты азарæй. Фæлæ уыцы герой у титан хъуыды æмæ хъаруйæ. Уый хаты йæ бастдзинад дунеимæ, уымæ гæсгæ йæ хъуыдытæ хынцы ирон æрмæгæй нæ, фæлæ бердзенаг мифтæй. Нигер уыдта иу адæймаджы хъысмæт, уыдта, удгоймаг хайджын кæй у дунейы хъыгтæй, æмæ фыста:

Æнкъард дæн æз,

тыхст у мæнæн мæ зæрдæ…

Мæ риуы судзы арт,

æддæмæ тоны, тоны.

Æмæ йын нæй фæндаг.

Мæ риуы – арт, æндон мыртæ – мæ хъуыры,

Мæ сæры та.. Цæй, мам æ фæрс фæлтау.

«Æнкъард дæн æз,

тыхст у мæнæн мæ зæрдæ…»

Нигеры поэзийы æмдзу кæнынц знон æмæ абон. Уыдон фылдæр хатт вæййынц ныхмæвæрд. Фæлæ поэты зæрдиаг зарæг æдзухдæр уыд ног дуг æмæ йæ фидæныл:

Уадз, хъуысæд мæ зарæг

Мæнæн абон дардыл,

Уадз, байсыса хъарæг,

Тых никæм уа зæрдыл.

Нигеры лирикæ у тохы поэзи. Цæрæццаг тыхтæ, рæстдзинад æмæ хорз рабæрæг вæййынц карз быцæуты. Уымæн ирд æвдисæн у йæ арф философон æмдзæвгæ «Цæстытыл хуыссæг нæ хæцы». Лирикон герой ис катай æмæ сагъæсты зилдухæны, йæ зæрдæ – хæсты быдыр рухс æмæ тарæн, ныфс æмæ тасæн. Баиу сты талынг æмæ дымгæ, сæттынц адæймаджы зæрдæ. Дымгæ йын фыдæнæн зары:

Мæн нæдæр сыджыт ныгæны,

Йе нæдæр мæлæтæй тæрсын.

Бартæй никæйты фæфæрсын.

Цардæн дæр кæрон нæ арын.

«Мæлæт, бартæ æмæ цард – уыдон сты поэты катай, – фыссы Джыккайты Шамил, – йæ сагъæсты сæр, – уыдон æй нæ уадзынц æнцой».

Нигер скодта хатдзæг: нæй кæрон поэты цардæн. Ам дæр ныхæй-ныхмæ æрлæууыдысты дымгæ æмæ адæймаг. Дымгæ – æнусон, æнæмæлæт, уыд æмæ уыдзæн. Адæймаг – рæстæгмæ цæрæг ацы цæргæ – мæлгæ дунейы. Фæлæ дымгæ нæ басаста адæймаджы, лæг ахызт гуырысхойы сæрты, ныфс фæуæлахиз мæлæты тасыл. Талынг æмæ дымгæйы ныхмæ цæуынц Бонвæрнон æмæ Хурзæрин – ныфс æмæ царды символтæ. Тохæй адæймаг рацæуы уæлахизæй, сыгъдæгæй, цардамондæй. Ахæм у тохы концепци Нигеры сфæлдыстады.

Уыцы хъуыды нын арфдæр æвдисы æмдзæвгæ «Хидыл». Поэтмæ гæсгæ, иу уавæры сты тох æмæ размæ цæуын. Размæ цæуын у рæзын, фæндагыл ис бирæ цæлхдуртæ, сæ сæрты хизын та у тох кæнын.

Æмдзæвгæ «Хидыл»-ы тыххæй Мæрзойты Сергей фыссы: «Уацмыс у поэтæн йæ тæккæ тыхджындæр фыстытæй: йæ гуырысхотæ æмæ дызæрдыг кæныныл йæ къух систа, ног царды фæндагыл егъау æмæ фидар санчъехтæ ракодта йæ лирикон геройы, æхсар æмæ дзы лæгдзинад равдыста, ома, йæхиуыл фæуæлахиз» [33, ф. 85].

Лирикон герой бахаудта «зындоны», сау тыхтæ йæ ныцъцъист кæнынмæ хъавынц. Хидыл æрхаудта. Кæнæ мæлæт, кæнæ сæрибар! Æрбамбырд кодта йæ фæстаг тыхтæ, разынд æм уæлахизы аккаг хъару.

Катай фæмынæг, мæ зæрдæ фæцырд ис.

Дзуры мæм риуæй: «Гъæйтт, гъæйтт-мардзæ, размæ!

Бæрзæй фæкъуырдта, æндон цъæтау, сæры.

Зæнгтæ, хъандзæлттау, куы фесхуыстой размæ…

Гъæйтт, уæдæ, размæ,

размæ 'мæ

размæ!

Поэты бæллиццаг идеал сси рæстдзинад, уарзондзинад æмæ рæсугъддзинад. Царды нысанты уый уыны тох æмæ фæллойы символтæ. Цард æмæ фæллойы хъуамæ æхсида адæймаг. Уыцы миниуджытæй ныр æхсæст сты фæллойгæнджытæ. Арвы нæрын нæ, фæлæ дзæбуджы зæлланг, холыхор магуса, хуыскъастæу тугцъиртæ нæ, фæлæ кусджытæ сты царды уаг æвдисæг. Адæмы рæсугъд цардæн фыдбылызы хос цыдæриддæр у, уый ныхмæ у поэты тох.

Джусойты Нафи æмдзæвгæйы тыххæй фыссы, кæй у «Поэты социалон-политикон, психологон, идейон-эстетикон рæзты фæндаджы символикон фæлгонц. Уый æрмæст йæ хъизæмайраг дывæндæй фервæзт æмæ «хиды астæуæй» райдыдта цæуын размæ. Æмæ раст дзуры – 1930 азы нæма фæци поэты идейон-эстетикон рæзты фæндаг, нæма ссардта æххæстæй ног идеологи, ног эстетикон идеал, ног дунеæмбарынад, царды æмæ адæймаджы ног концепци» [18, ф. 224-225].

Нигермæ 20-æм азты афтæ каст, цыма адæмы раз йæ хæс не 'ххæст кæны, цыма адæмы æхсæндзарды судзагдæр фарстытыл сдзурын æмæ стох кæнын йæ бон нæу, æмæ уæд йæ цардæн ницы мидис, ницы нысан ис:

Мæ хæлар, мæ бæстаг, мæ уарзон,

Хуымæтæджы мастау ды мæн

Хæрз дзæгъæлы хоныс, уый базон,

Мæн адæмæн хион, лымæн…

«Хидыл» у Нигеры зæрдиаг, арф æмæ дардыл сагъæс йæ рæстæг, йæ адæм æмæ йæхи хъысмæтыл «фæлварæн тохы», – фыссы Нафи, – дугивæн æмæ цардивæн заманы» [17, ф. 4].

Нигеры лирикæ ахъаззаг фæзынд уыд нæ национ культурæйы рæзты. Поэт куыста йæ адæмы фарнæн æмæ йæ бон уыд фидарæй зæгъын:

Адæм, дæ фырт дæн, дæ хъæбул дæн æз,

Адæм, дæ туг æмæ де стæг дæн æз.





Скачать

Рекомендуем курсы ПК и ППК для учителей

Вебинар для учителей

Свидетельство об участии БЕСПЛАТНО!