СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Сценарий мероприятия

Нажмите, чтобы узнать подробности

Мероприятие посвящено Коста Левановичу Хетагурову - великому осетинскому поэту, прозаику и драматургу, публицисту и художнику, революционному демократу, основоположнику осетинской художественной литературы и литературного языка.

Просмотр содержимого документа
«Сценарий мероприятия»

Къостайы райгуырды 160 азы номыл

бæрæгбоны программæ


Сценæ фæлыст у Къостайы цард æмæ сфæлдыстад æвдисæг нывтæ, къамтæ, къулыгазеттæ, плакаттæй. Зал у бæрæгбонхуыз. Цæгъды музыкæ (Хъуыбады).


1 амон.


Къоста! Цас æмæ цас хъуыдытæ равзæры ацы номимæ адæймаджы сæры! Цас тыхджын æнкъарæнтæ райгуыры нæ зæрдæты! Нæ лæугæ хох, нæ цæугæ мæсыг, нæ ныфс æмæ сæрыстырдзинад- уый иууылдæр ды дæ, Хетæджы- фырт! Дæ номимæ рагæй дæр баст сты ирон адæмы цард æмæ хъысмæт.


2 амон.


Къоста! Æрмæстдæр номæй хонынц ирон адæм Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы. Бирæ адæймæгтæ хастой уыцы ном Къостайы размæ дæр. Фæлæ йæ Къостайы хуызæн кадджынæй, Къостайы хуызæн бæрзонд æмæ сыгъдæгæй ничи ныууагъта йæ фæстæ. Æрмæстдæр иунæг йæ ном, æмæ адæймаджы раз сысты мæгуыр адæмы сæрхъуызой, сæ бартыл, сæ фидæныл карз тохы чи бацыд, йæ цард æгасæйдæр йæ дзыллæйы сæраппонд чи радта, уыцы арфæйаг Къостайы цардæгас сурæт.


3 амон.


Къоста! Ирон адæмы хурты хурзæрин, æнустæм æрттиваг стъалы, ирон адæмы кад, намыс, национ литературæ, культурæ æмæ аивады бындурæвæрæг. Къостайы хъæздыг, æгæрон хæзнадоны ад чи банкъардта, уыцы адæмты æхсæн удæгас цыртдзæвæнау цæры Хетæджы- фырт йæхæдæг дæр.


4 амон.


Къоста уыд адæмы сæрылхæцæг, адæмыл мæтгæнæг, мæгуыр адæмы сæрхъуызой. Ахæмæй йæ зонынц æппæт бæстæты дæр, нæ бæстæйы алы къуымты дæр, суанг фæсарæнты дæр- уымæн æвдисæн у, йæ уацмыстæ йын цал æвзагыл ратæлмац кодтой, уый. Мæнæ куыд фыссы дагестайнаг поэт Гамзат Цадаса:

«Хетæгкаты Къоста»

Царди Хетæджы- фырт хæхты-

Стыр поэт, æхсар, зæрдæджын;

Адæмы сæрыл хъайтарæй

Бонджынты ныхмæ хæцыд.

У йæ фыссæн сис, йæ пъеро-

Раст мыдыбындзы цыргъ судзин,-

Ахæм бындз – рæхойы знаджы,

Йе 'рдхордæн æрхæссы мыд!..

Равдыста нывыл, хæрзаив

Адæмы цард ивгъуыд бонты-

Мæнæ айдæнмæ кæсæгау,

Ссыгъта тар къуымты цырагъ.

Стыр дæсны, рæстдзæф нывгæнæг,

Аив зарджыты зæрингуырд,

«Зæрдæ, удты инженер» æй

Абон рахониккам мах.

Цардис адæмы цæрайæ,

Дзыллæйы тыхстыл дзыназгæ.

Уыд йæ зæрдæйы æрмæстдæр

Уыцы иу бæллиц, сæрфат:

«Эх, тæхуды, мæн куы уаид,

Эх, нæртон хъæлæс, мæлгъæвзаг,

Æз куы амæлон, уæддæр ма

Дард куыд азæла мæ зард!


1 амон.


Адæм бирæ таурæгътæ, бирæ æнкъард зарджытæ скодтой сæ уæззау хъысмæтыл. Сæрыхъуын арц сбады, зæрдæ ныккæрзы, уыдонмæ хъусгæйæ. Тлаттаты кæвдæсард Чермены зарæг, Æфхæрдты Хæсанæйы кадæг, куырм Бибойы диссаджы таурæгътæ…Бирæ сты. Адæм æдзухдæр бæллыдысты зарæггæнæгмæ, сæ сæрыл чи рахæцыдаид, ахæм лæгмæ.

«Æй-джиди! Искуы дæ фыййау куы разарид

Иу сау къæдзæхы сæрæй!

Хорз фосы дзугау дæ иумæ куы равзарид

Исчи йæ фарны хъæрæй…


Æмæ фæзынди, Хетæгкаты Леуаны хæдзары чи райгуырд, фæстæдæр ирон фæсивæдмæ сидгæйæ уыцы зæрдæбын ныхæстæ чи загъта, уый- Къоста…

Æмдзæвгæ «Додой».


2 амон.

Райгуырди Къоста 1859 азы 15 октябры Нары хъæуы Хетæгкаты Леуаны хæдзары. Ам арвыста йæ сывæллоны бонтæ, ам фыццаг хатт фехъуыста ирон адæмон зарджытæ æмæ таурæгътæ, ам федта мæгуыр хæххон адæмы цард, ам сын фыццаг хатт фехъуыста сæ хъæрзын.

Æмдзæвгæ «Æнæ хай»


3 амон.

Къоста фæстæдæр рацыд быдырмæ, ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы, Стъараполы, Бетъырбухы. Йæ зæрдæмæ хæстæг райста уырыссаг прогрессивон культурæ æмæ революцион демократты идейæтæ. Бамбæрста йæ æмæ йæ «Ирон фæндыр»-ы амонæнтыл æмбарын кодта йе 'мбæстон адæмæн- фæллойгæнæг адæймаг уæззау уавæры кæй уыди æмæ тох кæнын кæй хъуыди хуыздæр царды сæрвæлтау.

Ацы сагъæстæ кодта йе 'мдзæвгæтæ æмæ поэмæты, йæ прозæ æмæ йæ драмæйы, йæ публицистикæ æмæ йæ цымыдисаг аивадон нывты.

Зарæг «Хъуыбады»


4 амон.

Къоста уæлдай фылдæр, уæлдай хъулон уарзтæй уарзта йæ райгуырæн хъæу, йæ мæгуыр адæмы, æфхæрд æмæ æвæгæсæг сидзæрты.Уыдоны сæрыл кæддæриддæр цæттæ уыди йæ уд раттынмæ. 1898 азы 3 сентябры Къоста ныффыста, йæ зæрдæйы кæй сфæлдыста, уыцы ирон уацмысты æмбырдгонды фыццаг цъарыл: «Ирон фæндыр»- зæрдæйы сагъæстæ, зарджытæ, кадджытæ æмæ æмбисæндтæ.

Сæ арæхстдзинад æвдисынц кæстæр æмæ астæуккаг кары скъоладзаутæ (кæсынц æмдзæвгæтæ, æвдисынц инсценировкæтæ).

Уыдоны фæстæ Къостайы уырыссагау фыст уацмыстæ кæсынц æмæ æвдисынц сценкæйы хуызы хистæр кары скъоладзаутæ.


1 амон.

Къостайы «Ирон фæндыр» бирæты ракæсын кодта сæ цæстытæй. Хæххон мæгуыр лæг дзы федта йæхи, йæ бинонты, йæ зонгæты, йæ хъæубæсты. Федта дзы йе 'фхæрджыты, йе знæгты сурæттæ. «Ирон фæндыр» сси ирон аив литературæйы бындур. Йæ алы уацмыс дæр райгуырд зæрдæйы судзгæ маст æмæ æнæкæрон уарзондзинадæй.

Æмдзæвгæ «Ракæс»


2 амон.

Къоста карз тох кодта паддзахы политикæйы ныхмæ. Йæ бирæ куыстыты æвдыста, паддзахы хицæуттæ хæххон фæллойгæнæг адæмы куыд хурхæй мардтой, уый æмæ фидарæй сæ ныхмæ тох кодта. Йæ революцион зарджыты æмæ йæ мæстæйдзаг публицистикон уацмысты тыххæй, паддзахы ныхмæ уæндонæй кæй дзырдта, адæммæ тохмæ кæй сидти, уый адыл Къоста дыууæ хатты хаст æрцыд йæ райгуырæн бæстæйæ.


3 амон.

1906 азы æгъатыр низ банцайын кодта Къостайы зæрдæйы куыст, йæ булæмæргъы хъæлæс.

Йæ уд чи суæлдай кодта мæгуыр адæмы сæрибардзинадæн, уыдонæн нæй мæлæт, зæгъгæ, фæзæгъынц. Уыдонæн вæййы æрмæстдæр райгуырæн бон. Ахæм кадджын бон ссис канд ирон дзыллæйæн нæ, фæлæ бирæ адæмыхæттытæн- Къостайы райгуырæн бон- 15 октябрь.


4 амон.

Азтæ цæудзысты, цæудзысты æнустæ, фæлæ ирон адæмы цытджын хъæбулы ном не 'рмынæг уыдзæн, раздæрау æрттивдзæн Кавказы урссæр бæрзæндтау. Æмæ адæм хайджын уыдзысты Хетæгкаты Къостайы зондджын, куырыхон æмæ æнусон сфæлдыстадæй.


1 амон.

Къостайы райгуырæн бон- 15 октябрь ирон адæмæн сси бæрæгбон. Бæрæгбон та æнæ хъазт, æнæ циндзинад никуы вæййы.

(Бæрæгбоны кæрон- зарджытæ, кæфтытæ).


Скачать

Рекомендуем курсы ПК и ППК для учителей

Вебинар для учителей

Свидетельство об участии БЕСПЛАТНО!