8 кълас
1. Дзырдты къордтæй дзырдбаст у:
1. Хæдзары раз.
2. Бæрзонд урс хæхтæ.
3. Мад æмæ чызг.
4. Ахуыр кæнын.
2. Цавæр ныхасы хæйттæ сты дзырдбаст аразæг дзырдтæ?
1. Фæзынд хæхты сæрмæ.
2. Авд æфсымæры.
3. Бæлæсты цъуппытæ.
4. Райсомæй раджы.
5. Сыгъзæрин фæззæг.
6. Ме ’фсымæр.
7. Тагъд цæуын.
8. Дзурыс худгæйæ.
А. Нымæцон + номдар.
Æ. Миногон + номдар.
Б. Мивдисæг + номдар.
В. Мивдисæг + фæрссагми.
Г. Номивæг + номдар.
Гъ. Фæрсдзырд + мивдисæг.
Д. Номдар + номдар.
Дж. Фæрсдзырд + фæрсдзырд.
Дзуапп: ______________________________________________________
3. Цавæр домгæбастдзинадæй баст сты дзырдтæ дзырдбæстыты мидæг?
1. Цыдысты хъæлдзæгæй.
2. Хорз адæймаг.
3. Бакастæн чиныг.
4. Æстæм кълас.
5. Уыдон бадынц.
6. Мæ фыд.
А. Æмбаст.
Æ. Æмарæзт.
Б. Æфтыдад.
Дзуапп: ________________________________________________________
4. Цавæр ныхасы хайæ загъд æрцыд сæйрат хъуыдыйæдты?
1. Æвзæр йæхицæй феппæлы. (Æмб.)
2. Нарты Ацæйæн æртæ фырты уыдис. (Н.к.)
3. Алчи зыдгæнæджы бирæгъ фæхоны. (Къ.)
4. Удхæссæг ын фестад зарын. (Къ.)
5. Цæргæсы цæст дардмæ уыны. (Æмб.)
6. Иу – хуыцау! (Къ.)
А. Номдар.
Æ. Номивæг.
Б. Нымæцон.
В. Миногон.
Г. Дзырдбаст.
Д. Мивдисæджы инфинитивон формæ.
Дзуапп: ____________________________________________________
5. Сбæрæг кæнут зæгъинаджы хуыз.
1. Сайнæг-æлдар ракасти мæстыйæ. (Н.к.)
2. Буц уæд дæ зæронд! (Н.к.)
3. Уастырджи æмæ Ныкколайы уæле сбадын кодта пылыстæг къæлæтджынтыл. (Н.К.)
4. Фæцардысты уыцы ран Хъуды абырджытæ мæсыджы хуылфы суанг Комахсæнмæ. (Таурæгъæй)
5. Æрбынæттон сты Хъуды абырджытæ уыцы ран. (Таурæгъæй)
6. Хорз хæлæрттæн сæ маст дæр, сæ цин дæр иу у. (Æмб.)
А. Хуымæтæг зæгъинаг.
Æ. Вазыгджын зæгъинаг.
Дзуапп: _____________________________________________________
6. Сæйрат æмæ зæгъинаджы ’хсæн кæцы хъуыдыйæдты æвæрын хъæуы тире?
Куыст цардæн фæрæз. (Къ.)
Зивæгæй цард нæй. (Æмб.)
Магуса рынчынгæнаг. (Æмб.)
Адæмы ’фсарм бирæ у. (Æмб.)
Хох дзуарджын, быдыр æлдарджын. (Æмб.)
Зынтæн лæг хъæуы. (Æмб.)
7. Хъуыдыйады дзырдтæй кæцытæ сты æххæстгæнæнтæ?
(1)Фæндараст!.. (2)Фервæзтæ (3) нæ (4)мæтæй,
(5)Хуыцауы (6)мацæмæйуал (7)дом!-
(8)Мæрдты (9)дын (10)хай (11)уыдзæн (12)дзæнæтæй,
(13)Уæлæуыл (14) баззайдзæн (15) дæ (16)ном. (Къ.)
Дзуапп: _______________________________________________________
8. Сбæрæг кæнут æххæстгæнæны хуыз.
1. Ацыдтæн зад хуымтыл, хосгæрстмæ схæццæ дæн … Къ.)
2. Чи фæци, чи та ма хордта йæ аходæн… (Къ.)
А. Комкоммæ æххæстгæнæн.
Æ. Фæрссаг æххæстгæнæн.
Дзуапп: ________________________________________________
9. Хъуыдыйæдты ссарут æххæстгæнæнтæ. Цæмæй загъд æрцыдысты, уый сбæрæг кæнут.
1. Мæн иу ус фæхаста … (Къ.)
2. Сæгъ хъæмпæй нæ давы,
Нæ хуссæрттæ – цъæх. (Къ.)
3. Фондз дыууæйыл нæ дих кæны.
4. Кусынæй лæг нæ мæлы. (Æмб.).
А. Номдар.
Æ. Номивæг.
Б. Мивдисæджы æбæлвырд формæ.
В. Нымæцон.
Дзуапп: ________________________________________________
10. Хъуыдыйады дзырдтæй кæцытæ сты бæрæггæнæнтæ?
(1)Æрдз (2)ногæй (3)райхъал ис (4)æмæ (5)та
(6)Сæууон (7)рæсугъд (8)хуры (9)тынтæй
(10)Йæ (11)салам (12)адæмæн (13)лæвæрдта…(Къ.)
Дзуапп: _______________________________________________________
11. Сбæрæг кæнут бæрæггæнæны хуыз.
1. Тар хъæдæй нæ зынынц
Арф, уынгæг кæмттæ … (Къ.)
2. Зæронд хæрзконд Леуан рæдауæй
Уæд уырдæм уазджытæ хуыдта …(Къ.)
А. Æмхуызон бæрæггæнæнтæ.
Æ. Алыхуызон бæрæггæнæнтæ.
Дзуапп: ___________________________________________________
12. Хъуыдыйады кæцытæ сты фадатон дзырдтæ?
(1)Бирæ (2)фæцыдис, (3)цъус (4)фæцыдис, (5) уый (6) йæхæдæг (7)зыдта, фæлæ (8)иу хур бон (9)хорз кæрдæгджын (10)быдыры, (11)цæугæдоны былыл (12)йе (13)’фсæдтæн (14)бонасадæн æркодта. (Таурæгъæй)
Дзуапп: ___________________________________________________
13. Хъуыдыйæдты ссарут бынаты фадаты æмæ афоны фадаты дзырдтæ.
1. Цыппу-иу фæстæмæ фæкасти йе ’мбæлттæм æмæ сын-иу ныфсытæ авæрдта. (Таурæгъæй)
2. Райсомæй Гайтийæн йæ зæрдæ йе ’муд æрцыд. (Таурæгъæй)
А. Афоны фадаты дзырд.
Æ. Бынаты фадаты дзырд.
14. Сбæрæг кæнут банысангонд фадатон дзырды хуыз.
Æмбæлттæ дæр æм хъуыстой æнцад æмæ дзы уæлдай ничиуал загъта. (Таурæгъæй)
1. Архайды хуызы фадатон дзырд.
2. Нысаны фадатон дзырд.
3. Æфсоны фадатон дзырд.
15. Хъуыдыйады уæнгтæй кæцы у æфсоны фадатон дзырд?
Сырдтæ бонасадæн кæнынмæ сæхи айстой хъæдмæ.
Сырдтæ.
Бонасадæн кæнынмæ.
Сæхи айстой.
Хъæдмæ.
16. Ныффыссут цыбыр нывæцæн (10-15 хъуыдыйады) темæйыл «Хорз хæлæрттæн сæ маст дæр, сæ цин дæр иу у.» (Æмб.)
Фарсты № | Раст дзуапп | Раст дзуаппæн балты нымæц |
1. | 2 | 1 б |
2. | 1Б, 2А, 3Д, 4Дж, 5Æ, 6Г, 7Гъ, 8В. | 2 б |
3. | 1Б, 2Б, 3Æ, 4Б, 5А, 6Æ. | 2 б |
4. | 1В, 2Г, 3Æ, 4Д, 5А, 6Б. | 1 б |
5. | 1А, 2Æ, 3Æ, 4А, 5Æ, 6Æ. | 1 б |
6. | 1, 3, 5 | 2 б |
7. | 4, 5, 6, 9, 10, 12, 16. | 2 б |
8. | 1Æ, 2А. | 1 б |
9. | 1Æ, 2А, 3В, 4Б. | 2 б |
10. | 6, 7, 8, 10 | 2 б |
11. | 1А, 2Æ. | 1 б |
12. | 1, 3, 8, 10, 11. | 1 б |
13. | 1Æ, 2А. | 1 б |
14. | 1 | 1 б |
15. | 2 | 1 б |
16. | | 5 б |
Æдæппæт 26 баллы |
Бæрæггæнæнты критеритæ:
Бæрæггæнæн «5» æвæрд цæуы 24 æмæ фылдæр баллæн.
Бæрæггæнæн «4» æвæрд цæуы 20 баллæй 23 баллы онг.
Бæрæггæнæн «3» æвæрд цæуы 14 баллæй 19 баллы онг.
Бæрæггæнæн «2» æвæрд цæуы 13 æмæ къаддæр баллæн.
6