СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Тесты для 9 класса по осетинскому языку

Категория: Прочее

Нажмите, чтобы узнать подробности

Использование тестов позволяет экономить время на уроке, охватить весь класс сцелью проверки знаний, умений и навыков по предмету.

Просмотр содержимого документа
«Тесты для 9 класса по осетинскому языку»

9 кълас


1. Сбæрæг кæнут хъуыдыйады хуыз йæ арæзтмæ гæсгæ.


Уæд та дын иу бон ацыди цуаны Хæмыц æмæ маргъ æхстмæ не ’рыййæфта, сырды мыггаг та йæ цæстæй дæр нæ федта, суанг изæры онг. (Н.к.)


1. Хуымæтæг даргъ хъуыдыйад.

2. Вазыгджын хъуыдыйад.


2. Сбæрæг кæнут вазыгджын хъуыдыйады хуыз:


Мæгуырæй адæм дардмæ лидзынц, амонд та йæм хæстæг нæ цæуы. (Г.С.)


1. Бабæтгæвазыгджын хъуыдыйад.

2. Домгæвазыгджын хъуыдыйад.

3. Æнæбæттæгвазыгджын хъуыдыйад.


3. Ссарут бабæтгæвазыгджын хъуыдыйад.


1. Дыууæ зæронды бадынц иумæ куы Симоны дуармæ, куы Тедойы дуармæ. (Коцойты А.)

2. Лæгтæ-иу цыдысты дзæбидырдзуаны, устытæ та кодтой хæдзары куыстытæ. (Къ.)

3. Ай-иу йæхи галæн æвзаргæ хос ракалдта, цæдисонæн та-иу хъæмпы мур авæрдта. (Н.к.)

4. Æз дæ зарынмæ куы хъусын, уæд хъæлдзæгдæрæй фæкусын. (Къ.)


4. Цæмæй баст æрцыдысты вазыгджын хъуыдыйады хæйттæ кæрæдзиуыл?


Йæ цæсгом дæр – урс, æрмæст уæлæ уыцы стъалытау æрттывтой йæ дыууæ сау цæсты даргъ сау æрдын æрфгуыты бын. (Дз.Г.)

1. Бабæтгæбастдзинады бæттæгæй.

2. Домгæбастдзинады бæттæгæй.

3. Бæттæг дзырдæй.


5. Сбæрæг кæнут хъуыдыйады хуыз йæ арæзтмæ гæсгæ.


Æввахсгомау иу лæппулæг йæ бæхæн дон бадардта, стæй, бæлццоны ауынгæйæ, уырдæм бараст ис, йæ бæхы рохыл хæцгæйæ.


1. Бабæтгæвазыгджын хъуыдыйад.

2. Хуымæтæг даргъ хъуыдыйад.


6. Цавæр бæттæгæй баст сты бабæтгæвазыгджын хъуыдыйады хæйттæ?


Магазины Мырзæг куы цумайæ куыста, куы магазин æфснайдта, куы та-иу хицауы фатеры лæггад кодта. (К.А.)


  1. Иугæнæг

  2. Ныхмæвæрды

  3. Дихон


7. Бабæтгæвазыгджын хъуыдыйады хæйтты ’хсæн къæдзыг æвæрын хъæуы æви нæ?


Æвиппайды стъалытæ разындысты æмæ бæстæ ныйирд ис.


  1. Къæдзыг æвæрын хъæуы.

  2. Къæдзыг не ’вæрæм, уымæн æмæ хæйттæн ис иумæйаг фæрссаг уæнг.

8. Бабæтгæвазыгджын хъуыдыйады къæдзыг кæм æвæрын хъæуы, уый фæбæрæг кæнут.

Нарты Сослан (1) Хызы фырт Челæхсæртæджы чызг Бедухайы куырдта (2) фæлæ йын æй йæ фыд (3) нæ лæвæрдта. (Н.к.)


Дзуапп: ________________________________________________


  1. Цал къæдзыджы æвæрын хъæуы бабæтгæвазыгджын хъуыдыйады?


Йæ алывæрсты фæйнæрдæм акаст æмæ та йæм разындысты уæрæх фæтæнтæ æрттивгæ хуры тынтæ та йæм йæ мады рæвдыдау фæкастысты. (Дз.М.)


  1. Дыууæ къæдзыджы.

  2. Иу къæдзыг.


10. Бацамонут, бабæтгæвазыгджын хъуыдыйады хæйттæ цавæр архайд æвдисынц, уый.

Æппæт дæр ныхъхъус, ныссабыр, æрмæст ма хъуысы кæйдæр хъуыр-хъуыр, цæфты уæззау хъæрзын. (Дз.Г.)


1. Кæрæдзийы фæдыл архайд.

2. Иу рæстæджы архайд.


11. Цавæр æрхæцæн нысан сæвæрын хъæуы бабæтгæвазыгджын хъуыдыйады бæттæг фæлæ-йы размæ?


Мæнмæ уыд æрмæстдæр цъæх ахорæн фæлæ, уый ницæмæ даргæйæ, æз сфæнд кодтон цуан сныв кæнын. (Л. Толстой)


  1. Къæдзыг.

  2. Стъæлф къæдзыгимæ.


12. Цавæр хуымæтæг хъуыдыйæдтæй арæзт у бабæтгæвазыгджын хъуыдыйад?


Комæй дымдта, æмæ бæлæстæ сæ сæртæй куывтой.


  1. Дыууæ хайы дæр сты дывæрсыг хъуыдыйæдтæ.

  2. Фыццаг хай у дывæрсыг хъуыдыйад, дыккаг – иувæрсыг.

  3. Фыццаг хай у иувæрсыг хъуыдыйад, дыккаг – дывæрсыг.

  4. Дыууæ хайы дæр сты иувæрсыг хъуыдыйæдтæ.


13. Цавæр æрхæцæн нысан æвæрын хъæуы бабæтгæвазыгджын хъуыдыйады хæйтты ’хсæн?


Æз нæ уыдтæн гæды уыди. (Хъороты Д.)


  1. Къæдзыг.

  2. Дыстъæлф.

  3. Тире.


14. Ныффыссут цыбыр нывæцæн (10-15 хъуыдыйады) темæйыл «Хорз лæг – адæмы, æвзæр та – йæхи.» (Æмб.)



Фарсты №

Раст дзуапп

Раст дзуаппæн балты нымæц

1.

1

1 б

2.

1

1 б

3.

2

1 б

4.

1

2 б

5.

2

1 б

6.

3

1 б

7.

2

2 б

8.

2

1 б

9.

1

2 б

10.

2

2 б

11.

2

2 б

12.

3

2 б

13.

3

2 б

14.

5 б

Æдæппæт 25 баллы



Бæрæггæнæнты критеритæ:


Бæрæггæнæн «5» æвæрд цæуы 23 æмæ фылдæр баллæн.


Бæрæггæнæн «4» æвæрд цæуы 20 баллæй 22 баллы онг.


Бæрæггæнæн «3» æвæрд цæуы 14 баллæй 19 баллы онг.


Бæрæггæнæн «2» æвæрд цæуы 13 æмæ къаддæр баллæн.
















Скачать

Рекомендуем курсы ПК и ППК для учителей

Вебинар для учителей

Свидетельство об участии БЕСПЛАТНО!