СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Урок в 5 классе "Афадзы афонта"

Категория: Прочее

Нажмите, чтобы узнать подробности

Ныхасы темæ : Афæдзы афонтæ æмæ ирон бæрæгбæттæ.

Грамматикон темæ: Миногон фæлхат кæнын.

Нысантæ:  1. Ахуыргæнинæгтæ афæдзы афонты тыххæй цы базыдтой, уый сбæрæг кæнын;

Просмотр содержимого документа
«урок в 5 классе "Афадзы афонта"»

9


1.

Ныхасы темæ : Афæдзы афонтæ æмæ ирон бæрæгбæттæ.

Грамматикон темæ: Миногон фæлхат кæнын.

Нысантæ: 1. Ахуыргæнинæгтæ афæдзы афонты тыххæй цы базыдтой, уый сбæрæг кæнын;

2. Миногонтæ сфæлхат кæнын.

Хъомыладон хæс: скъоладзауты цымыдис кæнын сæ рагфыдæлты æгъдæуттæ зонынмæ.

Урочы æрмæг: презентации урокмæ, чысыл тест, чингуыты равдыст темæмæ гæсгæ.

Уочы цыд.

1.Орг. хай.

- скъоладзаутæн салам раттын, уазджытæн салам раттын.

- ахуыргæнинæгты цæттæдзинадурокмæ сбæрæг кæнын

- диалог «Радгæс».

- Зæгъут ма, цæмæн ахуыр кæнæм ирон æвзаг?

- Мах ахуыр кæнæм ирон æвзаг уымæн æмæ æз дæн ирон лæппу æмæ хъуамæ зонон мæ мадæлон æвзаг. (Заур)

- Æз та дæн сомихаг чызг. Æз ахуыр кæнын ирон æвзаг уымæн æмæ цæрын Ирыстоны æмæ хъуамæ йæ зонон. Стæй мæ мад дæр у ирон!(Настя).

- Тынг хорз. Бузныг уæ дзуæппытæн.

2. Фонетикон зарядкæ: Ныр та бакусæм растдзурынадыл. Скъоладзаутæ кæсынц иумæ дзырдтæ, дзырдбæстытæ. Уый фæстæ иугай æмæ сæ тæлмац кæнынц уырыссаг æвзагмæ.

Фæззæг, зымæг, афæдзы афонтæ, уазал, хъызт, миты хъæпæнтæ, даргъ æхсæв.

3. Бакæсын слайдтæм æмæ сбæрæг кæнын урочы темæ.

(Презентаци № 1 «Афæдзы афонтæ»).

  • Ныффыссын урочы темæ: Афæдзы афонтæ æмæ ирон бæрæгбæттæ.

4. Диалог «Афæдзы афонтæ».

- Зæгъут ма афæдзæн цал афоны ис?

- Цыппар: зымæг уалдзæг, сæрд, фæззæ. (Хасан).

- Ныртæккæ афæдзы афонтæй кæцы у?

- Зымæг.

- Ранымайут ма зымæджы мæйтæ иронау куыд хуыйнынц

- Цыппурсы мæй, тъæнджы мæй, æртхъирæны мæй.

- Æркæсут нывтæм æмæ зæгъут куда ивы æрдз зымæджы. ( Зымæгон нывтæ).

  • Ссарут уæлдай дзырдбаст.

  • Уазал дымгæ, хъызт рæстæг, цъæх быдыртæ, мит æмбæрзт къуылдымтæ.

  • Миты хъæпæнтæ, хъарм æрмкъухтæ, ног дзоныгъ, тæвд бон.

  • Цыбыр æхсæв, цыбыр бон, даргъ æхсæв, салд рудзгуытæ.

  • Къуыбырæй бырын, цæугæдоны найын, миты къуыбæрттæй хъазын.

- Хорз сарæхстыстут ацы хæслæвæрдмæ. Ныр тазæгъут: зымæг нын цавæр бæрæгбæттæ æрхæссы?

- Цыппурс, Ног аз, Бындуртæ,Доныскъæфæнтæ, Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон… (Сывæллæттæ иугай дзурынц).

  • Проектон куыст. 1. Фæззыгон бæрæгбæтты бæлас æмæ Бæрæгбæтты заз бæлас. (Лера).

2. Презентации «Ирон адæмы зымæгон бæрæгбæттæ. Доныскъæфæнтæ». (Бианна).

- Зымæг æцæг æрхæссы бирæ алыхуызон бæрæгбæттæ. Абон нæ нæ урочы Бианнæ æмæ Лерæ базонгæ кæндзысты цалдæримæ. Ныхасы бар сымахæн,чызджытæ.

- Бузныг, тынг цымыдиссаг куыст бакодтат!

- Зæгъут ма, зымæджы размæ та цавæр афæдзы афон уыд?

- Фæззæг.

- Ранымайум фæззæджы мæйтæ. (Сывæллæттæ иугайдзурынц).

- Рухæны мæй. Кæфты мæй. Джеоргуыбайы мæй.

- Зæгъут, фæззæджы цавæр бæрæгбæттæ фæбæрæг кæнæм.

- Рухæны мæйы 1 – аг бон – Зонындзинæдты бæрæгбон,

- Кæфты мæйы 1-аг бон – Ацæргæадæймаджы бон,

- Кæфты мæйы 5-æм бон – Ахуыргæнæджы бон,

- Джеоргуыбайы мæйы 4-æм бон – Иудзинады бон,

- Джеоргуыбайы мæйы 29-æм бон – Мадæлты бон,

- Джеоргуыбайы мæйы 3- аг къуырийы хуыцаубон – Джеоргуыбайы бæрæгбон).

- Тынг хорз бахъуыды кодтат фæззыгон бæрæгбæттæ. Æмæ фæззæджы бæрæгбæттæй кæцы у сымахæн уарзондæр?

  • - Сывæллæтты дзуæппытæ. Дзурынц иугай.

  • Сфæлдыстадон къорды куыст. Сценкæ «Джеоргуыбайы бæрæгбон».

- Абон нæ урочы нæ зæрдыл æрлæууын кæндзыстæм ирон адæмы кадджындæр бæрæгбæттæй иу – Джеоргуыба. Ацы бæрæгбонмæ æрмæст ирон адæм нæ фенхъæлмæ кæсынц, фæлæ ма æппæт Ирыстоны цæрæг адæм.

- Кæмæ фæкувынц адæм Джеоргуыбайы къуыри?

- Уастырджимæ.

- Кæй бардуаг у?

- Нæлгоймæгты, фæндаггæдты,фæсивæды.

- Куыд хонынц сылгоймæгтæ, чызджытæ ацы Бардуаджы?

- Лæгты дзуар.

- Кæд райдайы йæ бæрæгбон?

- 3- аг куырийы хуыцаубон.





  1. Грамматиконæрмæгыл куыст. Миногон сфæлхат кæнын.

  • Æркæсут нывмæ. (Слайд Лæгты дзуар). Куыд æвдыст цæуы Лæгты дзуар нывкæнынады. (Сывæллæтты дзуæппытæ. Дзурынц иугай).

- Бæрзонд, хæрзконд, урсзачъе, рæсугъд, бады рæсугъд урс бæхыл…

- Цавæр ныхасы хаййæ спайда кодтат Лæгты дзуары æддаг бакастыл дзургæйæ?

- Миногонæй.

- Цы æвдисы миногон? (слайд миногон.)

- Предметы æууæлтæ æмæ миниуджытæ.

- Цавæр фæрстытæн дзуапп дæтты?

- Цавæр? Цыхуызæн?Кæцы?

- Цавæр 2 къордыл дихкæнынц миногонтæ?

- Миниуæгæвдисæг æмæ ахастæвдисæг.

- Цавæр бæрцбарæнтæ зонут миниуæгвдисæг миногонтæн?

- Бындурон æмæ барæнбæрц.

- Куыд арæзт цæуы барæнбæрц?

- Фæсæфтуан ДÆР – ы руаджы.

  • Æрхæссут дæнцæгтæ.( Скъоладзауты дзуæппытæ).

  • Фысгæ ныхасыл куыст. Дæнцæгтæ ныффыссын: 1-аг къорд – дзырдбæстытæ; 2, 3-аг къордтæ – хъуыдыйæдтæ. Бакæсын дæнцæгтæ.

- Тынг хорз, ницы уæ ферох каникулты рæстæджы! Куыд сбæлвырд кодтам нæ урочы райдайæны, мах абон фæлхат кæнæм ирон бæрæгбæттæ – бæлвырддæр Джеоргуыбайы бæрæгбон. Нæ чысыл артистыты къорд бацæттæ кодтой гыцъыл равдыст æмæ табуафси ныхасы бар сымахæн. Кæсæм.

Сценка. Джеоргуыбайы бæрæгбон.

Джеоргуыбайы бæрæгбон.

Дыууæ лæппуйы хъазынц хъултæй.

Чызг : Цы кусут цы, лæппутæ?

Лæппутæ: Мæнæ хъазæм!

Чызг: Æмæ уæ æндæр ницæй мæт ис?

Лæппу: Цы кæныс, цы?

Чызг: Уæртæ ма нанайæн сугтæ бадавут. Чъиритæ кæны, чиритæ.

Лæппу: Æмæ цы бæрæгбон у?

Чызг: Мæнæ цы диссæгтæ хъусын! Нæ йæ зонут æви?Ацы къуыри Джеоргуыбайы къуыри у. Уæхи ма худинаг кæнут. Ирон лæппутæ куы стут, гормонтæ!

Лæппу: Цæй, хорз æрбайрох нæ ис, зæдтæ нын æй ныххатыр кæнæнт. Цомут рæвдздæр, лæппутæ. (Ацыдысты. Æрбахастой сугтæ. Æркалдтой сæ).



Нана рахызти сывæллæттæм. Сæрбæттæн йæ сæрыл, раздарæн.

Нана: Бузныг лæппутæ. Мæ уд уæ фæхъхъау. Лæгты дзуар уын æххуысгæнæг уæд.

Баба. Рахызт ирон нымæт худы, æрлæууыд сывæллæтты æмæ æфсины раз, йæ хуыд систа æмæ дзуры:

- Ирон адæм стыр кад кæнынц сæ зæдтæн, сæ дзуæрттæн. Уæдæ Джеоргуыба у фæззæджы Уастырджийы номыл стыр бæрæгбон.

Гыццыл лæппу: Æмæ кæцæй æрбацыд ирон адæммæ Уастырджи?

Баба: Уастырджи ирон адæммæ æрбацыд сæ рагфыдæлтæй- Нартæй, цард радта нæртон сылгоймæгты фидауц Сатанæйæн.

Гыццыл лæпппу: Куыд ма хонынц Уастырджийы?

Баба: Уастырджийы фырбуцæн хонынц «Сыгъзæринбазыр Уастырджи, Тæхгæ-нæргæ Уастырджи»… у бæрзонд, фæтæнуæхск, хæрздкон урсзачъе лæг, бады урс бæхыл.

Гыццыл лæппу: Æмæ цас ахæссы бæрæгбон?

Баба: Бæрæгбон ахæссы къуыри. Хуыцаубон – галæргæвдæн, фæдзæхсæн бон.

Куырисæр – йеʹ рвитæн бон.

Гыццыл чызг: Æз ма цыдæр зæгъон?

Баба: Зæгъ, мæ къона, зæгъ.

Гыццыл чызг: Уыцы къуыри адæм сæ хæдзæртты фæкæнынц æртæ чъирийы æмæ физонæг. Фæхонынц сыхæгтæ кæрæдзи, фæдзæхсынц Уастырджийыл бинонты.

Нана: Æз дæр ма бафтауон уæ ныхасыл. Сылгоймæгтæ ацы Бардуагæн йæ ном нæ дзурынц. Хонынц æй Лæгты дзуар, бæрæгбон та – Лæгтыдзуары бон. Æфсинтæ иу скодтой æртæ чъирийыы сфыхтой бæгæны æмæ иу нæлгоймæгтæ кувтой Лæгты дзуармæ.

Гыццыл лæппу: Дзуары бынмæ цыды изæрæй æрмæстдæр нæлгоймæгтæ. Æмæ иу ракувтой:

Баба: ( йæ къухмæ райсы бæгæныйы къус, йæ фарсмæ гыццыл лæппутæ æртæ чъириимæ).

Уастырджи, кæм дæ! Табу дæхицæн!

Оммен, Хуыцау! (лæппутæ иумæ)

Нæ адæм дæ фæдзæхст! Кæстæрты схъомыл кæн!

Арфæ сын ракæн!

Оммен, Хуыцау! (лæппутæ иумæ)

О, кæстæрты Уастырджи! Кæстæрарæх куыд уæм,

ахæм арфæ ракæн!

Оммен, Хуыцау! (лæппутæ иумæ)

О, фæндаджы Уастырджи! Нæ фæндаггæттæ де уазæг,

дæ фæдзæхст! Арфæ сын ракæн!

Оммен, Хуыцау! (лæппутæ иумæ)

О, Уастырджи!

Нæ хæдзæрттæй - иу цы уазджытæ ацæуой, уыдон иу сæ хæдзæрттыл дзæбæхæй сæмбæлæнд!

Оммен, Хуыцау! (лæппутæ иумæ)

Афæдзæй афæдзмæ амондджын бæрæгбæттæ куыд кæнæм, ахæм амонд нæ уæд!

Оммен, Хуыцау! (лæппутæ иумæ)

Оммен чи загъта, уыдон цардамонд бирæ уæд!

Оммен, Хуыцау! (лæппутæ иумæ)

(кæстæрæн кувæггаг дæтты)

Нана: Лæгтыдзуары куывды æнæмæнг иу уыди зарæг. (Лæгтыдзуары зарæг. Ватаев ).

Гыццыл чызг: Куы диссаг у нæ адæмы стыр бæрæгбон. Сыгъзæрин фестай æмæ дын сыгъзæрин тæбæгътæйкуывдæ уа!

Баба: Уæдæ уын мæнæ хорз адæм, ацы къуырийы зæдтæ æмæ дауджытæ ахæм амонд æрхæссæд æмæ зæххы къорийыл æвзæрдзинад куыд никуыуал æрцæуа,

Оммен, Хуыцау! (лæппутæ иумæ)

Бæстæ сабыр куыд уа, нæ адæм кæрæдзи куыд æмбарой ахæм арфæ уæ уæд!

Оммен, Хуыцау! (лæппутæ иумæ)

Иннæ абон хуыздæр рæстæг куыд уа æмæ цард хъæлдзæгдæр куыд уа, ахæм хорздзинадтæй хайджын ут!

Оммен, Хуыцау! (лæппутæ иумæ).

- Бузныг. Тынгхорз бацæттæ кодтат уæхи, фæаивдæр нын кодтат нæ урок æмæ уын Лæгтыдзуар æххуысгæнæг уæд. Афæдзæй афæдзмæ рæздзыстут, хистæр кæндзыстут, фылдæр зонындзинæдтæ исдзыстут нæ адæмы истори, æгъдæуттæ æмæ бæрæгбæтты тыххæй. Уыцы зонындзинæдтæ райсынæн уын æххуыс уыдзысты, уæ хæдзары цыхистæртæ ис, уыдон, уæ ахуыргæнджытæ, чингуытæ. Абон мах нæурокмæ æрбахуыдтам нæ чиныгдоны сæргълæууæг Б.З.Т. табуафси ныхасы бар дæуæн. (З.Т. раныхас ирон æгъдæутты чингуыты фæдыл).

  • Аулæфт. Просмотр слайдов Ю. Бацазов «Ирондзинад».

  1. Сбæрæгкæнæм нæ урочы хæстæ куыд сæххæст кодтам, уый.

  • Къордты куыст. (Слайд фæрстытимæ.)Тест. Раттут раст дзуапп. Чи тагъддæр æмæ растдæр.

- Нæ скъоламæ æрбацыд фыстæг. Бакæсæм æй, байхъусæмæм. Дзуапп раттын фæрстытæн цалынмæ музыкæ цæгъды, уæдмæ. Сбæрæг кæнын тесты дзуæппытæ.

7. Кæронбæттæн хай. Бакæсут презентацимæ. Уæ зæрдыл æрлæууын кæнут абон урочы цæуыл ныхас кодтам, уыдон. Ныффыссут уæ арфæтæ кæрæдзийæн, нæ уазджытæн… кæй къорд раздæр æмæ хуыздæр. Æрмæст, арфæтæ иу хъуыдыйадæй куыд уой, афтæ! (Бакæсын арфæтæ).

- Абон урок уæ зæрдæмæ фæцыди?

- ногæй цы базыдтат? (зымæгон ирон бæрæгбон - Доныскъæфæн).

- Зындæр уæм цы фæкасти урочы? Кæцы хæс?

- Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.

Х./к. Бианна уæ цы бæрæгбонимæ базонгæ кодта, уымæ скæнут нывтæ, æмæ ныффыссут арфæтæ!












































Ног азæй æхсæз боны фæстæдæр ирон адæм бæрæг кодтой Доныскъæфæн. Скодтой иу алыхуызон басылтæ. Райсомраджы – иу ног чындз кæнæ чызг, кæнæ хæдзары сылгоймаг басылтæ райста æмæ донмæ ацыди. Цас раздæр ацыдаид, уыййас хуыздæр. Адæммæ афтæ каст, Доныскъæфæнты чи раздæр æрбахæсса, уыцы бинонтæ амондджындæр уыдзысты, уыдоны Хуыцауы хорзæх уыдзæн.

Дондзау - иу скуывта, Хуыцау æмæ зæдтыл бинонты бафæдзæхста. Куывта æмæ йæм цы басылтæ уыд, уыдоны доны уылæнтæм æппæрста: кæмдæр цæрынц донычызджытæ æмæ сын барст фæуæнт, азы дæргъы сын сæ бинонтæн æххуыс кæнæнт, хъуаг куыд ницæмæй æййафой.

Дондзау донмæ цæугæйæ æмæ фæстæмæ здæхгæйæ дæрницы дзырдта. Донæй – иу хæдзары пъол, къултæ, къуымтæ бапырх кодта. Уыцы донæй – иу скодтой кувинæгтæ, сæхи дæр æхсадтой.

Доныскъæфæнты цы дон хастой, уый уыди æппæты сыгъдæгдæр кувынæн. Уый уыд удтæ сыгъдæггæнæн дон.














Скачать

Рекомендуем курсы ПК и ППК для учителей

Вебинар для учителей

Свидетельство об участии БЕСПЛАТНО!