СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Гом урок. Темæ: 8 мартъи

Нажмите, чтобы узнать подробности

Просмотр содержимого документа
«Гом урок. Темæ: 8 мартъи»


ГОСУДАРСТВЕННОЕ БЮДЖЕТНОЕ ОБЩЕОБРАЗОВАТЕЛЬНОЕ УЧРЕЖДЕНИЕ ШКОЛА-ИНТЕРНАТ

«АЛАНСКАЯ ГИМНАЗИЯ»





Къласы сахат 3 Б къласы

« 8 МАРТЪИ »



















Хъомылгǽнǽг: Гуыриаты А.А.

НЫСАНТÆ: 

- сабиты зæрдыл æрлæууын кæнын, тǽргǽйтты мǽйы цы стыр бæрæгбоныл сæмбæлынц уый;

- базонгǽ сǽ кǽын бǽрǽгбоны историимǽ. Кǽд ǽмǽ йǽ кǽм райдыдтой бǽрǽг кǽнын;

- рǽзын кǽнын уарзондзинад сылгоймǽгтǽм, мадǽлтǽм, нанатǽм, хотǽм. Стыр аргъ ǽмǽ сын кад кǽнын, уарзон цǽстǽй сǽм кǽсын;

- саразын сабитима хи къухтǽй лǽвар (открытка) мадǽн.



АРХАЙÆН ФÆРÆЗТÆ: 

компьютер, проектор, экран, плакаттæ арфæйы ныхæстимæ, музыкæ.


Мероприятийы цыд:

Ǽмдзǽвгǽ радзурдзǽн: Гаглойты Софийǽ

Хур нæм хъæлдзæгæй кæсы,

Дымгæ цины зæл хæссы.

Ног та бæрæгбон æрцыд,

Алцæмæй ыстæм рæвдыд.

Ахуыр кодтам зарджытæ,

Кафт æмæ æмдзæвгæтæ.

Нанатæн мæ мадæлтæн,

Срухс кæнæм сæ зæрдæтæ.



Уæ бон хорз, нæ зынаргъ сабитæ. Куыд æй бамбǽрстат, афтæмæй æрхæццæ кæны 8 мартъийы бæрæгбон æмæ мах сымахимæ абон уый фæдыл арфæтæ кæндзыстæм нǽ мадǽлтǽн, нанатǽн, ахуыргǽнджытǽн, нæ къласы чызджытæн.

Ацы бæрǽгбон фыццаг бæрæг кæнын райдыдтой 1911 азы, фæлæ мартъийы 8-æм боны нæ, фæлæ 19-мы, уый: Австрийы, Данийы, Германийы, Швейцарийы. Уæрæсемæ ацы бæрæгбон æрцыди 1913 азы.

Бæрæгбоны фæдыл арфæтæ фæкæнынц æппæт сылгоймæгтæн дæр: мадæлтæн, хотæн нанатæн, ахуыргæнджытæн. Алчидæр æй зоны 8-ǽм мартъиимæ æрцæуы афонты рæсугъддæр - УАЛДЗǼГ. Тынг хæрз хъæлдзæг æмæ зæрдæмæдзæугæ у, уымæн æмæ æрхæссы бирæ мидбылхудт сылгоймæгтæн, нæ мадæлтæн, нæ æмкъласон чызджытæн.

Ǽмдзǽвгǽтǽ радзурдзысты: Джиоты Георгий ǽмǽ Гǽззаты Михаил.

  1. Сылгоймаг тæхуды, куыд рæсугъд дæ куыд,

Дæ зæрдæ куыд райдзаст у уарзтæй.

Сылгоймаг, дæ бакаст, дæ фæлмæн хъæлæс

Нæй уыдонæй адджындæр махæн.

  1. Сылгоймаг у нæ дзыллæйы сфæлдисæг,

 Кæддæриддæр рæсугъд, зæрдæхæлар.

 Сылгоймаг у нæ дунейæн йæ диссаг.

 Мæ уд дæттын сылгоймагæн лæвар!

Нæ фыдæлтæм сылгоймагæн кад кæнын уыди æгъдауы сæры сæр. Стыр худинагыл нымад уыди сылгоймагмæ къух сисын, йæ цуры æвзæр дзыхæй дзурын, хыл кæнын.    

Сылгоймаг-иу уынджы куы рацæйцыд, уæд ын-иу нæлгоймæгтæ сыстадысты. Бæхджын-иу йæ бæхæй æрхызт, цæмæй сылгоймаджы йæ разæй ауадза. Цыфæнды карз хыл дæр-иу басабыр

сылгоймаджы фæзындимæ, уæлдайдæр та-иу йæ сæрбæттæн зæххмæ куы æрæппæрста, уæд.

Ǽмдзǽвгǽ радзурдзǽн: Кожиты Алинǽ

Мœ нана.

Нœу мœнœн мœ бон зœгъын,

Цас уарзын нанайы,

Фыны дœр йœ фœлмœн худт

Цœстытыл фœуайы.


Зымœгмœ мын бавœры

Чырыны фœткъуытœ,

Хъулон хъœдуртœй мœнœн

Саразы фœрдгуытœ.

  • Уæдæ нæ бæрæгбон иу гыццыл бахъæлдзæг кæнæм конкурстæй.

1. Конкурс "Базон æмкъласон чызджы". Архайджытæ къласы лæппутæ. Фǽйнǽгыл чызджыты къамтǽ 3-5 аздзыдǽй, лǽппуты хǽс, алкǽй дǽр дзы ссарын (базонын).

2. Ныр та фенæм нæ чызджыты арæхстдзинад викторинæйы:

-Фыццаг сылгоймаг зæххы къорийыл? (Евæ)

-Ирыстоны сылгоймæгты националон костюм куыд   

  хуыйны?(Разгæмттæ)

-Куыд хуыйны цыхтæй арæзт хæринаг? (Дзыкка)

-Цавæр хæринаг рауайдзæн  прындз  æмæ дзидзайæ?( Плов)

-Куыд хуыйны "мæлдзгуыты" тъорт? (Муравейник)

-Цавæр къафетты ном баст у цъиутимæ? (Птичье молоко)


3.Рахизæм уæдæ нæ иннæ конкурсмæ: "Сылгоймаджы хызын".

Адих кǽнын 3 къордыл. Чызджыты хǽс: 5 минутмǽ сымбырд кǽнын ǽнǽмǽнг цы хъуамǽ уа сылгоймаджы хызыны. Амбулдзǽн уыцы къорд, чи фыццаг байдзаг кǽндзǽн хызын уый.

4. «Подиум. Чи хуыздар ацǽуа».

Кǽрǽдзи фǽстǽ цǽуынц амонǽгмǽ, уый цын дǽтты бар райсын гǽххǽт. Гǽххǽты иннǽ фарс фыст чи куыд хъуамǽ ацǽуа, зǽгъǽм: куыд фотомодель, кǽнǽ зǽронд усы цыд, лǽджы, расыг лǽджы, рувасы… ǽмǽ афтǽ дарддǽр.

5. Конкурс «Самая сообразительная одноклассница»

Девочки получают листки с заданием составить, как можно больше слов из заданных букв (К, Р, А, С, О, Т, А). Кто составит больше слов, та и самая сообразительная.

Кǽрон:

Цǽттǽ кǽнǽм лǽвǽрдтǽ мадǽн

Нǽ къласы сахат кǽронмǽ ǽрхǽццǽ, фǽнды ма мǽ иухатт раарфǽ кǽнын смахǽн, чызджытǽ, кǽддǽриддǽ ут ахǽм рǽсугъд, уǽ ныййарджытǽм хъусут, ахуырмǽ бǽллут. Лǽппутǽ смах та сǽ куыд хъахъхъǽнат.

Нǽ иннǽ фембǽлдмǽ!!!
















Скачать

© 2023, 73 0

Рекомендуем курсы ПК и ППК для учителей

Вебинар для учителей

Свидетельство об участии БЕСПЛАТНО!