СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Хауæнтæ. Номдарты тасындзæг сфӕлхат кӕнын.

Категория: Всем учителям

Нажмите, чтобы узнать подробности

Гом урок    5б -æм къласы       

Урочы темæ : Хауæнтæ. Номдарты тасындзæг сфӕлхат кӕнын.

Урочы нысан:

1.Номдарæй цы  ӕрмӕг рацыдысты,уый сфӕлхат кӕнын œмœ бафидар кœнын.

2.Фœхъœздыгдœр кœнын скъоладзауты дзырдуат, ныхасы рӕзтыл бакусын.

3. Скъоладзауты  зӕрдӕты гуырын кӕнын уарзондзинад мадœлон œвзагмœ .

 

Урочы æрмæг: компьютер ( презентации),   кроссворд, ребустæ, фæткъуыбæлас ( ныв), видеоæрмæг

 

Урочы цыд

1.Бацæттæгæнæн рæстæг:

 

Ахуыргæнæг: Уæ бон хорз, сывæллæттæ.   

Сывæллæттæ: Æгас нæм цæут, нæ зынаргъ уазджытæ .

Ахуыргæнæг: Нæ урок мæ фæнды райдайын иу таурæгъæй  ( мадæлон æвзаджы тыххæй)     Нæ фыдæлтæй йæ арæх уыдис фехъусæн.  

НыхÆСТ  Æвзаг

Нæ сыхы кадджындæр хистæртæй иу уыд Бердыты Сергей. Бирæ фæрнджын хъуыддæгтæ ныууагъта уый йæ кæстæртæн. Йæ хæстон хабæрттæй та дзы тынгдæр мæ зæрдыл ахæм цау бадардтон. Сергей мын йæхæдæг куыд дзырдта, афтæмæй хæсты иу карз ныббырсты минæйы схъисæй ныппырх йе’фсæры къæдз. Йе ’взагæн йе ’мбис ахауд. Хирургтæ фæрæвдз сты, æмæ йæ зæрдæйы знаджы нæмыг кæмæн ахызт, æмæ дзыхъмард чи фæцис, уыцы салдаты æвзаг баныхæстон Сергейыл. Госпитæлы адаргъ сты бонтæ. Фæстагмæ æрдзæбæх. Йæхæдæг куыд дзырдта, афтæмæй æппæтæй тынгдæр тарст, иронау куынæуал сдзура, уымæй.

Операцийы фæстæ йæ цæстытæй куы ракаст æмæ æппæты фыццаг иронау «гыцци», зæгъгæ, куы сдзырдта, уæд фырцинæй йæ цæссыгтæ фемæхстысты. Арфæтыл схæцыд йæ ирвæзынгæнджытæн.

Черчесты Хъасболат

 

Ахуыргæнæг: Зæгъут – ма, сывæллæттæ, уæ хъуыдытæ.                                              Цæмæй фæтарст Сергей?

Хатдзæг: Мах хъуамæ хъахъхъæнæм не ` взаг, нæ хæс у иронау дзурын.

Ахуыргæнæг: Æркæсут ма, сывæллæттæ, нывтæм æмæ фæрстытæн                 Чи? æмæ ЦЫ? - йæн дзуапп раттут. (2 слайд) (сывæллæтты дзуæппытæ)

Ахуыргæнæг:   Цавæр номдартæ сты?                                                                              ( сæрмагонд æмæ иумæйаг номдартæ.)     сывæллæтты дзуæппытæ)

Ахуыргæнæг: Ныр та ма æркæсам мæнæ ацы дзырдтæм иууон нымæцы æмæ сæ зæгъæм бирæон нымæцты дæр.  

Къордгай куыст:

 Ахуыргæнæг: Кæрæдзимæ раттут фæрстытæ .

Фæйнæгыл фæзынд дзырдбыд. ( 3 слайд).

1-аг къорд:

  1. Адæймаг куы райгуыры , уæд ын æнæмæнг раттынц цавæрдæр ……? (НОМ).
  2. Адæймаг кæм райгуыры, уыцы зæхх та  куыд фæхонынц? (ФЫДЫБÆСТÆ).
  3. Адæймаджы цæрæн бынат? ( ХÆДЗАР).

2-аг къорд:

  1. Ирæтты райгуырæн бæстæ куыд хуыйны? (ИРЫСТОН).
  2. Хъобаны чи цард, ахæм адæмон хъайтары ном? (ЧЕРМЕН).
  3. Нарты гуыппырсартæй æппæты тыхджындæры ном? ( БАТРАЗ)

 Ахуыргæнæг:

     Нæ дзырдбыдыл кусгæйæ сбæрæг кодтам нæ урочы темæ дæр.

( 4-5 слайд)

Эпиграф: (6 слайд)

Бæстæтæ бирæ сты, дуне –уæрæх, Цард сæ рæвдауы фæрнæй. Фæлæ дæу хуызæн, Мæ Райгуырæн зæхх, Ацы стыр дунейыл нæй. Балцы уон искуы, хæстæг æви дард, Амонд мæ хурмæ хæссы, Æмæ Ирыстон цыма у мæ мад, Афтæ мæ фæдыл кæсы.

(Чеджемты Æ.)

Ахуыргæнæг:Æцæгæй дæр бирæ алыхуызон бæстæтæ ис. Кæмфæнды куы уат, дард уа, кæнæ хæстæг, уæддæр уын уæ Райгуырæн зæххы ад не ` скæндзæн.

 

      Нæ урочы хъуамæ æрдзурæм, номдарæй цы базыдтам, ууыл. Номдары тыххæй мах хъæуы зонын:

  1. Цы у номдар? Цавæр фæрстытæн домы дзуапп?
  2. Иумæйаг æмæ сæрмагонд номдартæ. Сæ растфыссынад.
  3. Номдарты тасындзæг.
  4. Номдарты бирæон нымæц аразыны хицæндзинæдтæ.

Ахуыргæнæг:  ( 7 слайд). Текстимæ куыст.

Аргъау.

Нæма райгуырд, афтæмæй хъуыды кодтой, цы йыл сæвæрой. Куы райгуырд, уæд æй схуыдтой            . Райгуырди æмæ ссис         . Тынг хæларзæрдæ уыд, йæ фыццаг дзырд дæр уыд «А», æмæ йæ схуыдтой                    

Тынг хорз иртæста хорз æмæ æвзæр, æмæ йæ схуыдтой            Къухæй тынг дæсны кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ райдыдтой хонын          

Хæдзары æппындæр нæ бадти. Уарзта  бæстæтыл зилын, фæндыд æй дуне фенын. Æмæ йæ уый тыххæй схуыдтой

Æмгарджын кæй уыд,   уый тыххæй йæ хуыдтой

Йæ ныййарджыты халдих кæй рауад, уый тыххæй та йæ рахуыдтой

Ахуыргæнæг: (8 слайд) Тынг хорз, сывæллæттæ. Ныр та ма мæнæ хауæнтæм æркæсут.

Номон                        Кæйау? Цæйау? Куыд?

Гуырынон         Кæмæн? Цæмæн?

Дæттынон          Чи? Цы?

Иртæстон           Кæй? Цæй? Кæм? Цæм?

Арæзтон             Кæмæ? Цæмæ? Кæдæм?                           

Æддагбынатон Кæимæ? Цæимæ?

Цæдисон            Кæуыл? Цæуыл?

Хуызæнон                   Кæмæй? Цæмæй? Кæцæй?

 

Раст æвæрд сты?   ( сывæллæтты дзуæппытæ). Уадæ ма сæ раст рафыссæм.

Ахуыргæнæг: Кæд хауæнты кой скодтам, уæд ма мæнæ ацы текстимæ дæр бакусæм. (сывæллон кæсы хæслæвæрд).  

Нæ фыдæлты царды мæсыгæн уыд стыр ахадындзинад.

Мæсыг амадтой бæрзонд бынаты, цæмæй иу мæсыгæй иннæ мæсыг зындаид.

         Знаг-иу куы ’рбацæйцыд, уæд-иу мæсыгмæ схызтысты æмæ-иу йæ сæрыл арт скодтой. Кæд-иу искæйы мæсыгыл арт фæзынд, уæд-иу базыдтой – тыхгæнæг æрбацæуы. Æмæ-иу уæд уыцы мæсыгау иннæ мæсгуыты сæр дæр æртытæ скодтой.

           Афтæ, мæсыджы фæрцы кæрæдзийæн хабар хъусын кодтой.

 

Ахуыргæнæг:  Хорз. Уæдæ æрхæццæ кæны Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы  70 – ай азы бон. Бакæсæм ма чысыл видеороликмæ. (Ролик)Хæдзармæ куыст уын уыди бацæттæ кæнын Æрыдоны хъæбатырты тыххæй гыццыл хъусинæгтæ  - презентацитæ.

( сывæллæттæ размæ цæуынц æмæ компьютерыл архайгæйæ дзурынц сæ хъусынгæнинæгтæ).

Ахуыргæнæг: Уæ цæрæн бон бирæ. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджытæ – ветерантæ бирæ нал сты æмæ сыл хъæуы аудын, аргъ, кад сын кæнын æмæ уæ хорзæхæй, сывæллæттæ, уе ` ххуысы хай сын алкæддæр кæнут. Уæдæ та акусæм текстимæ.  

 

Бакœсут лœвœрд текст. Номдартœ дзы ссарут œмœ зœгъут,кœцы нымœцы œмœ хауœны сты.

Плиты Иссœйы сгуыхтдзинœдтыл скодтой зарджытœ, фыстой йыл œмдзœвгœтœ, поэмœтœ, романтœ œмœ пьесœтœ. Фœлœ бœгъатырœн поэтикон цыртдзœвœн бантыст ацы чысыл уацмыс. Поэт нœ нымайы номдзыд инœлары сгуыхтытœ.Плиты Грис ын йœ цардœй райста иунœг уысм, иу скъуыддзаг, œмœ уым, йе `мдзœвгœ «Æртхутœгдон»- ы равдыста геройœн йœ хœстон курдиат дœр, йœ царды философи дœр.  Нœ разы – хъуыдыгœнаг инœлар. Уый исдуг фœкомкоммœ хуымœтœг дзаумамœ - œртхутœгдонмœ. Поэты цœстœнгасœй алœмœтау хуымœтœг œрмœг фесты поэзи. Æртхутœгдон фестад царды айдœн. Уым нын байгом геройы мысинœгты дуне – поэтикон, фœлœ тызмœг дуне

 

Ахуыргæнæг: Чи уыд Плиты Иссæ? (9 слайд)

Ирон адæмæй æфсæддон хъуыддаджы æппæты уæлдæр къæпхæнмæ схызт æмæ фыццаг ирон советон инæлары цин райста Плиты Алыксандры фырт Иссæ. Советон Цæдисы дыууæ хатты Хъæбатыр, Манголы Адæмон Республикæйы Хъæбатыр.  Æфсады инæлар Плиты Иссæ уыд, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты сæхи æцæг æфсæддон разамонджытæй  чи равдыста, уыцы арæхстджын æфсæддонтæй иу.

Иссæ уыд бæхджын механизацигонд æфсæдты командæгæнæг

Хæрзиуджытæй йæ риу цæхæртæ калд!

 

  1. Улæфæн рæстæг. (кафынц «Симд»)

Ахуыргæнæг: Акусæм та. Бакæсæм мæнæ ацы текст æмæ дзы ссарæм сæрмагонд æмæ иумæйаг номдартæ. (10 слайд)

             Ирыстоны хæхтæн сæ бæрзонддæр у Хъазбеджы Хох. Ирон адæм æй хонынц Сæнайы Хох, Чырыстийы цъупп. Йæ бæрзонд у 5033 метры.

               Ирыстоны суардæтты кой айхъуысти æгас бæстæйыл нæ, фæлæ ма суанг фæсарæнтыл. Сæ зынгæдæртæ сты: Заманхъул, Урсдон, Зæрæмæг, Хилак, Хъæрмæдон, Тæмискъ, Тиб.

             Республикæйы ис бирæ рæсугъд бынæттæ: Цъæйы ком, Дзинага, Уæлладжыры ком. Ам арæзт æрцыдысты фысымуæттæ æмæ отельтæ, фæлладуадзæнтæ: «Осети», «Редант», «Тæмискъ», «Фыййагдон», «Къæхтысæр», «Цъæй», «Урсдон», æмæ «Дзинага». Уымæ гæсгæ Ирыстонмæ тырнынц бæлццæттæ дунейы алы кæрæттæй. 

( сывæллæтты дзуæппытæ).

Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ, æркæсæм мæнæ ацы ребустæм æмæ сæ равзарæм. ( сывæллæтты дзуæппытæ)

Ахуыргæнæг: Уæдæ ма скæнæм хатдзæг: ( ахуырдзаутæ) Номдартæ вæййынц иумæйаг æмæ сæрмагонд. Иумæйаг номдартæ сты бирæ иумыггаг предметы нæмттæ. Сæрмагонд номдартæ сты, хицæн предметтыл се ` мхуызон предметтæй сæ хицæн кæныны тыххæй цы нæмттæ ис, уыдон. Сæрмагонд номдартæ фыссын хъæуы стыр дамгъæйæ .

Ахуыргæнæг: Бузныг. Хорз. Зæгъут – ма, сывæллæтæ,  номдартæ вæййынц иумæйаг æмæ сæрмагонд загътат. Æмæ ма цавæртæ вæййынц ноджыдæр ? (сывæллæттæ – удджын æмæ æнæуд).

Ахуыргæнæг: Раст. Уæдæ ма лæвæрд  дзырдтæ дыууæ цæджындзыл адих кæнæм æмæ сæ афыссæм.   фæйнæгыл кусынц дыууæ ахуырдзауы).

  1. Чиныгимæ куыст.( ахуырдзаутæ фæйнæгыл тасындзæг кæнынц дзырдтæ)

 

Ахуыргæнæг:Æртæккæ уын айуардзæнæн къонверттæ. Сæ хуылфыты ис дамгъæтæ, кæцытæй саразын хъæуы дзырдтæ. 1-  минут уын рæстæг . Уый фæстæ кæрæдзийæн хæслæвæрдтæ æрхъуыды  кæндзыстут.

ДЖ, И, Т, Д, И, Æ, Н, Ы, Д - ДИДИНДЖЫТÆ

Р, М, ГЪ, Æ, Т, Æ, - МÆРГЪТÆ

Г, Ы, Æ, Х, А, Г, У, Н, Æ, Р, - АХУЫРГÆНÆГ

КЪ, О, С, А, Л, - СКЪОЛА    

 

Хатдзæгтæ:  Иууон нымæцы номдар фæнысан кæны бирæ иухуызон предметтæй иуы ном.

        Бирæон нымæцы та номдар фæнысан кæны цалдæр иухуызон предметы.  

 

  1. Дзырдуатон куыст.

Алæмæт - чудесный

Æртхутæгдон - пепельница

Мæсыг – башня

Сгуыхтдзинад – заслуга, победа, подвиг

Иртасын – различать, исследовать

Халдих – очень похожий    

 

Ахуыргæнæг: Уæдæ ма хатдзæгтæ скæнæм.  Мах нæ зæрдыл æрлæууын кодтам номдар, рохуаты нæ ныууагътам нæ районы хъæбатырты, алы куысты хуызтæ баххæст кодтам. Тынг хорз бакуыстат сывæллæттæ æмæ ма мæнæ ацы бæласыл баныхасæм фæткъуытæ – бæрæггæнæнтæ.

( фæйнæгыл бæлас нывгонд) . Табуафси, баныхасут уæ фæткъуытæ.

 Бæрæггæнæнтæ сæвæрын

Хæдзармæ куыст .

Ахуыргæнæг:

     Нæ урочы кæрон мæ раздæхын фæнды нæ эпиграфмæ. Æцæгæй дæр бирæ алыхуызон бæстæтæ ис. Кæмфæнды куы уат, дард уа, кæнæ хæстæг, уæддæр уын уæ Райгуырæн зæххы ад не скæндзæн.

   Бирæ хатт афтæ рауайы, æмæ иутæ ахуыр фæкæнынц æндæр бæстæты, иннæтæ кусгæ. Мæ зæрдæ уын зæгъы фыццаджыдæр, цæмæй уе ` гъдау æмæ уе ` фсарм макуы фесафат, дыггаджы та, цæмæй суат стыр ахуыргонд чызджытæ æмæ лæппутæ.

     Арфæгонд ут!

 

Просмотр содержимого документа
«Хауæнтæ. Номдарты тасындзæг сфӕлхат кӕнын.»

Гом урок 5б -æм къласы

Урочы темæ : Хауæнтæ. Номдарты тасындзæг сфӕлхат кӕнын.

Урочы нысан:

1.Номдарæй цы ӕрмӕг рацыдысты,уый сфӕлхат кӕнын œмœ бафидар кœнын.

2.Фœхъœздыгдœр кœнын скъоладзауты дзырдуат, ныхасы рӕзтыл бакусын.

3. Скъоладзауты зӕрдӕты гуырын кӕнын уарзондзинад мадœлон œвзагмœ .



Урочы æрмæг: компьютер ( презентации), кроссворд, ребустæ, фæткъуыбæлас ( ныв), видеоæрмæг



Урочы цыд

1.Бацæттæгæнæн рæстæг:



Ахуыргæнæг: Уæ бон хорз, сывæллæттæ.

Сывæллæттæ: Æгас нæм цæут, нæ зынаргъ уазджытæ .

Ахуыргæнæг: Нæ урок мæ фæнды райдайын иу таурæгъæй ( мадæлон æвзаджы тыххæй) Нæ фыдæлтæй йæ арæх уыдис фехъусæн.

НыхÆСТ Æвзаг

Нæ сыхы кадджындæр хистæртæй иу уыд Бердыты Сергей. Бирæ фæрнджын хъуыддæгтæ ныууагъта уый йæ кæстæртæн. Йæ хæстон хабæрттæй та дзы тынгдæр мæ зæрдыл ахæм цау бадардтон. Сергей мын йæхæдæг куыд дзырдта, афтæмæй хæсты иу карз ныббырсты минæйы схъисæй ныппырх йе’фсæры къæдз. Йе ’взагæн йе ’мбис ахауд. Хирургтæ фæрæвдз сты, æмæ йæ зæрдæйы знаджы нæмыг кæмæн ахызт, æмæ дзыхъмард чи фæцис, уыцы салдаты æвзаг баныхæстон Сергейыл. Госпитæлы адаргъ сты бонтæ. Фæстагмæ æрдзæбæх. Йæхæдæг куыд дзырдта, афтæмæй æппæтæй тынгдæр тарст, иронау куынæуал сдзура, уымæй.

Операцийы фæстæ йæ цæстытæй куы ракаст æмæ æппæты фыццаг иронау «гыцци», зæгъгæ, куы сдзырдта, уæд фырцинæй йæ цæссыгтæ фемæхстысты. Арфæтыл схæцыд йæ ирвæзынгæнджытæн.

Черчесты Хъасболат



Ахуыргæнæг: Зæгъут – ма, сывæллæттæ, уæ хъуыдытæ. Цæмæй фæтарст Сергей?

Хатдзæг: Мах хъуамæ хъахъхъæнæм не ` взаг, нæ хæс у иронау дзурын.

Ахуыргæнæг: Æркæсут ма, сывæллæттæ, нывтæм æмæ фæрстытæн Чи? æмæ ЦЫ? - йæн дзуапп раттут. (2 слайд) (сывæллæтты дзуæппытæ)

Ахуыргæнæг: Цавæр номдартæ сты? ( сæрмагонд æмæ иумæйаг номдартæ.) сывæллæтты дзуæппытæ)

Ахуыргæнæг: Ныр та ма æркæсам мæнæ ацы дзырдтæм иууон нымæцы æмæ сæ зæгъæм бирæон нымæцты дæр.

Къордгай куыст:

Ахуыргæнæг: Кæрæдзимæ раттут фæрстытæ .

Фæйнæгыл фæзынд дзырдбыд. ( 3 слайд).

1-аг къорд:

  1. Адæймаг куы райгуыры , уæд ын æнæмæнг раттынц цавæрдæр ……? (НОМ).

  2. Адæймаг кæм райгуыры, уыцы зæхх та куыд фæхонынц? (ФЫДЫБÆСТÆ).

  3. Адæймаджы цæрæн бынат? ( ХÆДЗАР).

2-аг къорд:

  1. Ирæтты райгуырæн бæстæ куыд хуыйны? (ИРЫСТОН).

  2. Хъобаны чи цард, ахæм адæмон хъайтары ном? (ЧЕРМЕН).

  3. Нарты гуыппырсартæй æппæты тыхджындæры ном? ( БАТРАЗ)

Ахуыргæнæг:

Нæ дзырдбыдыл кусгæйæ сбæрæг кодтам нæ урочы темæ дæр.

( 4-5 слайд)

Эпиграф: (6 слайд)

Бæстæтæ бирæ сты, дуне –уæрæх,
Цард сæ рæвдауы фæрнæй.
Фæлæ дæу хуызæн,
Мæ Райгуырæн зæхх,
Ацы стыр дунейыл нæй.
Балцы уон искуы, хæстæг æви дард,
Амонд мæ хурмæ хæссы,
Æмæ Ирыстон цыма у мæ мад,
Афтæ мæ фæдыл кæсы.

(Чеджемты Æ.)

Ахуыргæнæг:Æцæгæй дæр бирæ алыхуызон бæстæтæ ис. Кæмфæнды куы уат, дард уа, кæнæ хæстæг, уæддæр уын уæ Райгуырæн зæххы ад не ` скæндзæн.



Нæ урочы хъуамæ æрдзурæм, номдарæй цы базыдтам, ууыл. Номдары тыххæй мах хъæуы зонын:

  1. Цы у номдар? Цавæр фæрстытæн домы дзуапп?

  2. Иумæйаг æмæ сæрмагонд номдартæ. Сæ растфыссынад.

  3. Номдарты тасындзæг.

  4. Номдарты бирæон нымæц аразыны хицæндзинæдтæ.

Ахуыргæнæг: ( 7 слайд). Текстимæ куыст.

Аргъау.

Нæма райгуырд, афтæмæй хъуыды кодтой, цы йыл сæвæрой. Куы райгуырд, уæд æй схуыдтой . Райгуырди æмæ ссис . Тынг хæларзæрдæ уыд, йæ фыццаг дзырд дæр уыд «А», æмæ йæ схуыдтой

Тынг хорз иртæста хорз æмæ æвзæр, æмæ йæ схуыдтой Къухæй тынг дæсны кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ райдыдтой хонын

Хæдзары æппындæр нæ бадти. Уарзта бæстæтыл зилын, фæндыд æй дуне фенын. Æмæ йæ уый тыххæй схуыдтой

Æмгарджын кæй уыд, уый тыххæй йæ хуыдтой

Йæ ныййарджыты халдих кæй рауад, уый тыххæй та йæ рахуыдтой

Ахуыргæнæг: (8 слайд) Тынг хорз, сывæллæттæ. Ныр та ма мæнæ хауæнтæм æркæсут.

Номон Кæйау? Цæйау? Куыд?

Гуырынон Кæмæн? Цæмæн?

Дæттынон Чи? Цы?

Иртæстон Кæй? Цæй? Кæм? Цæм?

Арæзтон Кæмæ? Цæмæ? Кæдæм?

Æддагбынатон Кæимæ? Цæимæ?

Цæдисон Кæуыл? Цæуыл?

Хуызæнон Кæмæй? Цæмæй? Кæцæй?



Раст æвæрд сты? ( сывæллæтты дзуæппытæ). Уадæ ма сæ раст рафыссæм.

Ахуыргæнæг: Кæд хауæнты кой скодтам, уæд ма мæнæ ацы текстимæ дæр бакусæм. (сывæллон кæсы хæслæвæрд).

Нæ фыдæлты царды мæсыгæн уыд стыр ахадындзинад.

Мæсыг амадтой бæрзонд бынаты, цæмæй иу мæсыгæй иннæ мæсыг зындаид.

Знаг-иу куы ’рбацæйцыд, уæд-иу мæсыгмæ схызтысты æмæ-иу йæ сæрыл арт скодтой. Кæд-иу искæйы мæсыгыл арт фæзынд, уæд-иу базыдтой – тыхгæнæг æрбацæуы. Æмæ-иу уæд уыцы мæсыгау иннæ мæсгуыты сæр дæр æртытæ скодтой.

Афтæ, мæсыджы фæрцы кæрæдзийæн хабар хъусын кодтой.



Ахуыргæнæг: Хорз. Уæдæ æрхæццæ кæны Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 70 – ай азы бон. Бакæсæм ма чысыл видеороликмæ. (Ролик)Хæдзармæ куыст уын уыди бацæттæ кæнын Æрыдоны хъæбатырты тыххæй гыццыл хъусинæгтæ - презентацитæ.

( сывæллæттæ размæ цæуынц æмæ компьютерыл архайгæйæ дзурынц сæ хъусынгæнинæгтæ).

Ахуыргæнæг: Уæ цæрæн бон бирæ. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджытæ – ветерантæ бирæ нал сты æмæ сыл хъæуы аудын, аргъ, кад сын кæнын æмæ уæ хорзæхæй, сывæллæттæ, уе ` ххуысы хай сын алкæддæр кæнут. Уæдæ та акусæм текстимæ.



Бакœсут лœвœрд текст. Номдартœ дзы ссарут œмœ зœгъут,кœцы нымœцы œмœ хауœны сты.

Плиты Иссœйы сгуыхтдзинœдтыл скодтой зарджытœ, фыстой йыл œмдзœвгœтœ, поэмœтœ, романтœ œмœ пьесœтœ. Фœлœ бœгъатырœн поэтикон цыртдзœвœн бантыст ацы чысыл уацмыс. Поэт нœ нымайы номдзыд инœлары сгуыхтытœ.Плиты Грис ын йœ цардœй райста иунœг уысм, иу скъуыддзаг, œмœ уым, йе `мдзœвгœ «Æртхутœгдон»- ы равдыста геройœн йœ хœстон курдиат дœр, йœ царды философи дœр. Нœ разы – хъуыдыгœнаг инœлар. Уый исдуг фœкомкоммœ хуымœтœг дзаумамœ - œртхутœгдонмœ. Поэты цœстœнгасœй алœмœтау хуымœтœг œрмœг фесты поэзи. Æртхутœгдон фестад царды айдœн. Уым нын байгом геройы мысинœгты дуне – поэтикон, фœлœ тызмœг дуне



Ахуыргæнæг: Чи уыд Плиты Иссæ? (9 слайд)

Ирон адæмæй æфсæддон хъуыддаджы æппæты уæлдæр къæпхæнмæ схызт æмæ фыццаг ирон советон инæлары цин райста Плиты Алыксандры фырт Иссæ. Советон Цæдисы дыууæ хатты Хъæбатыр, Манголы Адæмон Республикæйы Хъæбатыр. Æфсады инæлар Плиты Иссæ уыд, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты сæхи æцæг æфсæддон разамонджытæй чи равдыста, уыцы арæхстджын æфсæддонтæй иу.

Иссæ уыд бæхджын механизацигонд æфсæдты командæгæнæг

Хæрзиуджытæй йæ риу цæхæртæ калд!



  1. Улæфæн рæстæг. (кафынц «Симд»)

Ахуыргæнæг: Акусæм та. Бакæсæм мæнæ ацы текст æмæ дзы ссарæм сæрмагонд æмæ иумæйаг номдартæ. (10 слайд)

Ирыстоны хæхтæн сæ бæрзонддæр у Хъазбеджы Хох. Ирон адæм æй хонынц Сæнайы Хох, Чырыстийы цъупп. Йæ бæрзонд у 5033 метры.

Ирыстоны суардæтты кой айхъуысти æгас бæстæйыл нæ, фæлæ ма суанг фæсарæнтыл. Сæ зынгæдæртæ сты: Заманхъул, Урсдон, Зæрæмæг, Хилак, Хъæрмæдон, Тæмискъ, Тиб.

Республикæйы ис бирæ рæсугъд бынæттæ: Цъæйы ком, Дзинага, Уæлладжыры ком. Ам арæзт æрцыдысты фысымуæттæ æмæ отельтæ, фæлладуадзæнтæ: «Осети», «Редант», «Тæмискъ», «Фыййагдон», «Къæхтысæр», «Цъæй», «Урсдон», æмæ «Дзинага». Уымæ гæсгæ Ирыстонмæ тырнынц бæлццæттæ дунейы алы кæрæттæй.

( сывæллæтты дзуæппытæ).

Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ, æркæсæм мæнæ ацы ребустæм æмæ сæ равзарæм. ( сывæллæтты дзуæппытæ)

Ахуыргæнæг: Уæдæ ма скæнæм хатдзæг: ( ахуырдзаутæ) Номдартæ вæййынц иумæйаг æмæ сæрмагонд. Иумæйаг номдартæ сты бирæ иумыггаг предметы нæмттæ. Сæрмагонд номдартæ сты, хицæн предметтыл се ` мхуызон предметтæй сæ хицæн кæныны тыххæй цы нæмттæ ис, уыдон. Сæрмагонд номдартæ фыссын хъæуы стыр дамгъæйæ .

Ахуыргæнæг: Бузныг. Хорз. Зæгъут – ма, сывæллæтæ, номдартæ вæййынц иумæйаг æмæ сæрмагонд загътат. Æмæ ма цавæртæ вæййынц ноджыдæр ? (сывæллæттæ – удджын æмæ æнæуд).

Ахуыргæнæг: Раст. Уæдæ ма лæвæрд дзырдтæ дыууæ цæджындзыл адих кæнæм æмæ сæ афыссæм. фæйнæгыл кусынц дыууæ ахуырдзауы).

  1. Чиныгимæ куыст.( ахуырдзаутæ фæйнæгыл тасындзæг кæнынц дзырдтæ)



Ахуыргæнæг:Æртæккæ уын айуардзæнæн къонверттæ. Сæ хуылфыты ис дамгъæтæ, кæцытæй саразын хъæуы дзырдтæ. 1- минут уын рæстæг . Уый фæстæ кæрæдзийæн хæслæвæрдтæ æрхъуыды кæндзыстут.

ДЖ, И, Т, Д, И, Æ, Н, Ы, Д - ДИДИНДЖЫТÆ

Р, М, ГЪ, Æ, Т, Æ, - МÆРГЪТÆ

Г, Ы, Æ, Х, А, Г, У, Н, Æ, Р, - АХУЫРГÆНÆГ

КЪ, О, С, А, Л, - СКЪОЛА



Хатдзæгтæ: Иууон нымæцы номдар фæнысан кæны бирæ иухуызон предметтæй иуы ном.

Бирæон нымæцы та номдар фæнысан кæны цалдæр иухуызон предметы.



  1. Дзырдуатон куыст.

Алæмæт - чудесный

Æртхутæгдон - пепельница

Мæсыг – башня

Сгуыхтдзинад – заслуга, победа, подвиг

Иртасын – различать, исследовать

Халдих – очень похожий



Ахуыргæнæг: Уæдæ ма хатдзæгтæ скæнæм. Мах нæ зæрдыл æрлæууын кодтам номдар, рохуаты нæ ныууагътам нæ районы хъæбатырты, алы куысты хуызтæ баххæст кодтам. Тынг хорз бакуыстат сывæллæттæ æмæ ма мæнæ ацы бæласыл баныхасæм фæткъуытæ – бæрæггæнæнтæ.

( фæйнæгыл бæлас нывгонд) . Табуафси, баныхасут уæ фæткъуытæ.

Бæрæггæнæнтæ сæвæрын

Хæдзармæ куыст .

Ахуыргæнæг:

Нæ урочы кæрон мæ раздæхын фæнды нæ эпиграфмæ. Æцæгæй дæр бирæ алыхуызон бæстæтæ ис. Кæмфæнды куы уат, дард уа, кæнæ хæстæг, уæддæр уын уæ Райгуырæн зæххы ад не скæндзæн.

Бирæ хатт афтæ рауайы, æмæ иутæ ахуыр фæкæнынц æндæр бæстæты, иннæтæ кусгæ. Мæ зæрдæ уын зæгъы фыццаджыдæр, цæмæй уе ` гъдау æмæ уе ` фсарм макуы фесафат, дыггаджы та, цæмæй суат стыр ахуыргонд чызджытæ æмæ лæппутæ.

Арфæгонд ут!




Скачать

Рекомендуем курсы ПК и ППК для учителей

Вебинар для учителей

Свидетельство об участии БЕСПЛАТНО!