Темæ: Хистартан кад канут. Синонимта.
Урочы нысан: 1. Сывæллæты базонга кæнын ног лексикæимæ.
2. Ахуыр кæнын сæ дзурын сæхæстæджытæ æмæ сæ дæсныйæдты тыххæй; базонга сæ кæнын синонимтимæ
3. Хистæрæн кад кæнын зонын, хъусын.
Урочы цыд.
Бацæттæгæнæн рæстæг.
- Уæ бон хорз, сывæллæттæ! Абон урокмæ æрбацыдысты уазджытæ. Раттæм сын салам.
Мотивацион уавæр (звучит музыка).
- Байхъусут ма æмæ мын зæгъут, кæуыл цæудзæн нæ ныхас абон урочы.
Вступительное слово.
Рагæй дæр ирон адæммæ хистæр уыди тынг кадджын, уыдис ын хæдзары хицæн æгъдау (почитался в семье). Æппæт бинонтæ хъуыстой хистæры ныхасмæ, фарстой йæ зондæй æмæ иу дзырдтой «Хистæр – зондамонæг» (наставник).
- Уæдæ мын чи зæгъдзæн цæуыл дзурдзыстæм урочы?
- Абон мах урочы ныхас кæндзыстæм нæ буц хистæрыл. Уымæй уæлдай ма дзурдзыстæм нæ хæстæджытæ æмæ сæ дæсныйæдтæ.
- Бæкæсæм ма нæ урочы эпигрæф сывæллæттæ.
Хистæрæн кæстæр куы нæ кæна æгъдау
Кæстæрмæ ничи æрхæсдзæн фау.
Если младший будет почитать старшего
Тогда младшего никто не осудит.
Старший своим поступком поведением тоже должен подавать пример младшему.
Фонетическая зарядка.
Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм мыр æмæ дамгъæ х-хъ. Арæх ивддзаг фæкæнут æмæ йыл акусæм. (Поработаем над произношением звуков х-хъ).
Х-хъ, хом-хъом, хус-хъус, хæр-хъæр,
хион, хæстæг, хæлар, хæрæфырт,
хъаз, хъæу, хъуыдатт.
Хъæуæй хъæзты хъæр цæуы.
Хъæдхой хъæндилмæ хъуызы. (Кæсæм иумæ)
(на интерактивной доске + рисунки.)
Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.
Хæдзармæ куыст уын лæвæрд уыди проектон куыст саразын «Нæ бинонтæ» (рассказать о себе, о своей семье, о своей учебе) 3-4 уч-ся
Ног æрмæг
Словарная работа (семантизировать слова с помощью картинок и перевода).
Хион, хæстæг – родственник
Хъомылгæнæг – воспитатель
Хъуыдат кæнын – кудахтать
Фыдæбон кæнын – трудиться
Хъугдуцæг – доярка
(картинки на интерактивной доске)
Чиныгимæ куыст.
- Сывæллæттæ ног дзырдтимæ цавæр дæсныйæдтæ уыди?
Хистæртæй алчидæр кусы дохтырæй, хъомылгæнæгæй, æфснайæгæй.
- Цавæр дæсныйæдтæ ма зонут?
- Уыцы фарстатæн нын дзуапп раттынмæ феххуыс кæндзæн 3-аг фæлтæрæн.
- Кæй уынут нывты? (ответы детей).
VI. Къордтæй куыст.
Нывтæм гæсгæ диалогтæ саразын.
Алы къордæн дæр лæвæрд цæуы 2 нывы.
I гр. Ахуыргæнæг цы ми кæны?
Ахуыргæнæг сабиты ахуыр кæны
Дохтыр цы ми кæны?
Дохтыр рынчынмæ кæсы.
II гр. Хъомылгæнæг цы ми кæны?
Хъомылгæнæг сабитимæ хъазы.
механизатор?
Механизатор хуым кæны.
III гр. Цы ми кæны хъугдуцæг?
Хъугдуцæг хæссы æхсыр.
Цы ми кæны аразæг?
Аразæг амайы къул.
- Ребята у С. Михалкова есть стихотворение о профессиях. Дети рассказывают, кем работаю их мамы.
- А у вас кем работаю мамы?
- Кто как помогает маме?
- Тынг хорз, йæ мадæн чи æххуыс кæны, уый. Æрмæст мадæн нæ хъæуы æххуыс канын, фæлæ ма бабайæн, нанайæн.
Физминутка.
VII. Работа в рабочих тетрадях.
- Дети, чтобы ваша речь на осетинском языке была богата, для этого надо знать синонимы. Слова, которые написаны по-разному, но выражают одинаковую мысль, по-осетински тоже называются синонимами.
- Байгом кæнут уæ тетрæдтæ æмæ сæххæст кæнут с. 7 фæлт.
(2 хъуыдыйады иумæ авзарæм, иннæтæ хибарæй)
VIII. Абон нæм уазæгуаты æрбацыд Хæццæгæнæг (Путаник) æмæ нын схæццæ кодта фæйнæгыл цы синонимтæ уыди, уыдоны. Сраст ма сæ кæнæм.
Сылгоймаг – ус,
Нæлгоймаг – механизатор,
Къул – лæг
Саби – хæстæг
Хион – æрыгон
Кæстæр – ус
(интерактивная доска)
По одному выходят и соединяют слова.
- Зæгъут ма, мын æмбисонд ацы дзырдтæй искæимæ. Æмбисæндтæ адæм æрхъуыды кодтой. Æмбисонд кæд цыбыр у, уæддæр йæ хъуыды арф у.
- Куыд æмбарут ацы æмбисонд: Кæстæрæн йæ хæс хистæрмæ хъусын
Младший должен слушать старшего.
- Тынг раст, ууыл фыста Ирыстоны уарзон хъæбул Хетæгкаты Къоста. Æрæджы йын бæрæг кодтæм йæ гуырæн бон. Йе’мдзæвгæты Къоста фæдзæхста: Зондамонæгмæ хъус, цы зæгъа уый иу кæн.
- Чи у зондамонæг?
Хæдзары – мад, фыд, баба, нана.
- Скъолайы та чи у?
Ахуыргæнæг.
- Тынг хорз.
Уæдæ мах дæр хъуамæ æххæст кæнæм Къостайы фæдзæхст.
Рефлексия. Урокæн хатдзæгтæ скæнæм.
- Ацы урочы уæ зæрдæмæ тынгдæр цы фæцыди?
- Цы уын рауади хуыздæр?
- Цы базыдтат ногæй?
- Цавæр бæрæггæнæнтæ сæвæриккат уæхицæн?
Хæдзармæ куыст. Ныффыссын ног дзырдтæ æмæ сæ сахуыр кæнын.