СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

15 -оем Май. Ирон оевзаджы боероегбон.

Нажмите, чтобы узнать подробности

Мероприятия в 3-х классах. День осетинского языка.

Просмотр содержимого документа
«15 -оем Май. Ирон оевзаджы боероегбон.»

Сценарий



1 амонæг: Абон Ирыстоныл азæлыд цины зард,

Ногæй нæ галуан байтыгъта дуар

Фехъусут иууылдæр, фехъус , Ирыстон,

Ацы æхсызгон, фæрнæйдзаг хабар.



2 амонæг Кавказы нарæг кæмтты арфæй,

Нæ Иры цот æмбырдæй ам

Сымахæн абон æрвитынц арфæ

Æмæ бæрæгбоны (иумæ) –САЛАМ!

Зарæг

1 амонæг Абон диссаджы уалдзыгон бон! Хур дæр нæ æндæрхуызæн тавы Уый уымæн æмæ абон æнæхъæн Ирыстон, нæ раздæры президент

Дзасохты Алыксандры указмæ гæсгæ, бæрæг кæны ирон æвзаг æмæ литературæйы борæгбон!



2 амонæг Мах тынг амонджын стæм, уымæн æмæ нæ Иры зæххыл райгуырдысты æмæ сæрттывтой Колыты Аксо, Хетæгкаты Къоста, Мамсыраты Темырболат, Брытъиаты Елбыздыхъо, Абайты Васо æмæ сæ чи фæуыдзæн нымад!

I амонæг:

Цæмæй райдайы райгуырæн бæстæ? Ацы фарстæн алчи æмхуызон дзуапп нæ фæдæтты, фæлæ мæнмæ гæсгæ, æппæты растдæр у мæнæ ацы хъуыды: «Райгуырæн бæстæ райдайы авдæны зарæгæй, мадæлон æвзагыл цы авдæны зарæг вæййы, уымæй». Зæгъæн ис, Ирыстон райдайы ирон æвзагæй.







1 амонæг Мæлæн дын нæй, нæ мадæлон æвзаг,

Дæ дыккаг мад у ацы зæххы къори.

Æмæ куы сæфа, ма зæгъæд ызнаг,

Дæуимæ сæфы дунейы истори!



Æмдзæвгæ 1 кæсæг

Ныууагътой мын мæ фыдæлтæ æвзаг –

Мæ ис, мæ бон, мæ царды рухс хæзна,

Æмæ йыл никуы сивдзынæ мæ зæрдæ,

Мæ зæрдæйæн йæ уадындзтæ – йæ зæлтæ.

Цы уыдзæн сом, тъымы-тъыматы фæстæ,

Мæнæн мæ сагъæс абон ууыл, нæу,

Æз цин кæнын, мæ мæйрухдзаст уæлвæзтæ,

Нæ цъитиджын къæдзæхтæ мæ нæ хъæу

Ирон зæлтæй зæрæхсидыл узæлынц.

Мæ авдæн уыд мæ мадæлон æвзаг –

Мæ ис, мæ бон, мæ дард балцы фæндаг.

(Джиоты Х)

2 кæсæг

Ирон зæланг ныхас, дæу аис мæнæй,

Уæд баззаин къуырма æмæ куырмæй,

Нæ арв , нæ зæххæн нал уынин сæ хуызтæ,

Æнæ дæр мын мæ къæхтыл ацæуæн дæр нæй.

(Цæрукъаты Алыксандр)

кæсæг

Ис æртæ хорзы мæ уды,

МЕ 'ВЗАГ УАРЗТ ÆМÆ МÆ ЗÆХХ!

Æз уæ цуры нал кæнын тæхуды,

Æз уæ ныфсæй – хохаг лæг, Къæдзæх.



1-- Зæрдæйæн зынаргъдæр цы у, стæй – ма удæн адджындæр цы хæзнатæ сты, уыдоны мах абарæм мадимæ.


2 – Не 'взаг дæр у нæ хæзнаты хæзнадæр æмæ йæ уымæн хонæм Мадæлон.


1 – Мадæлон æвзаг! Цас хъуыдытæ, цас бæллиццтæ сæвзæрын кæны уый алы адæймагмæ дæр.


2 – Мадæлон æвзаг! Уырдыгæй суадзы билцъ сабийы зонд. Уырдыгæй райдайы йæ балц алы адæймагæн дæр царды гуылфæнтæм.


1 – Мадæлон æвзаг! Ирон адæмы фарн æмæ намысы тырыса.

2 – Ирон адæмы ныфс æмæ сæрбæрзонддзинад.



1 – Сты зондæн уацхæссæг æппæт дунейы взæгтæ,

Нæ дзы взарын хæстæг æмæ дæрддаг,

Фæлæ ныххойыс зæрдæйы къæсæртæ

Æрмæстдæр ды, мæ мадæлон æвзаг.

2 – Мадæлон æвзаг – дзыллæйы ахсджиагдæр тугдадзин.

1 – Мадæлон æвзаг – уæле исгæ, бынæй ахадгæ кæбиц.

2 – Ам æвæрд сты нæ дзыллæйы историон æмæ культурон бынтæ.

1 – Арвы айдæнау дзы зынынц нæ фыдæлты цин æмæ маст, нæ адæмы национ удыхъæд.



Ирон æвзаг, мæ зæнджы хай, мæ арт!

Æрттив, æхсид æнусбонтæм æдæсæй.

Дæ цæрайы, дæ рухс æмæ тавсæй.

Цæрдзынæн æз æмæ хæрдзынæн ард.



2 амонæг.

Уый Цæрукъаты Алыксандрмæ афтæ кæсы. Фæлæ бирæтæй, тынг бирæтæй рохуаты баззад нæ ирон æвзаг. Чеджемты Георы загъдау:

«Ирон æвзаг, ирон кæрдзын

Уæ сæрмæ дæр куы нал хæссут!

Дзæбæх мын ут, фæлæ тыхстæй

Иронау дæр куы нал дзурут.

Йæхи дурæй, йæ бындурæй

Æргъæу мæсыг цæмæн кæлы?

Мæ сау нымæт, мæ сау саргъыл

Мæ цæстысыг цæмæ згъæлы?..»

1 амонæг Мæсты ма кæн, фæлæ ма мæнмæ дæр байхъус. Кæм ма ис ирон æвзаг? Хуссары схæццæ гуырдзиаг æвзагимæ, цæгаты – уырыссаг æвзагимæ.

2 – амонæг Худинаг уæм куыд нæ кæсы

Æнцад бадын фыддæрадæн.

Иу уæ лæгау куыд нæ тæрсы

Фесæфынæй Иры 'взагæн.






Ис æвзагæй нал дзурæм иронау,

Ис хъæбулæй – не взаг у æвæрд,

Стыр уырысæн нал хизæм сæ ронæй.

Удæй ма куыд уæм ирæттæ уæд.





Сценкæ «Ирон нæ жони».



Ус: Ирон нæ дæ, ацы дзæбæх лæппу?

Лæппу: Ирон нæ жони.

Ус: Мæнæ ма мын ацы гæххæттмæ æркæс. Хохæй рацыдтæн. Мæ лæппу æрбарынчын, ацы гæххæтт мын мæ къухмæ авæрдта, хостæ, дам, мын æрбахæсс. Кæм ис афтек, уый мын ацамон.

Лæппу: Я говорю «Ирон нæ жони а она опять все равно за свое».

Мад: Кæй агурыс, ацы дзæбæх ус?

Ус: Уæууа, ирон куы дæ. æмæ мæнæ ацы дзæбæх лæппу дæу нæу?

Мад: Мæн у, мæн. Йæ ном Вовычкæ хуыйны.

Ус: Æмæ мæм уæдæ куыд ницы дзуры. Æви зæронд адæймагмæ дзурын йæ сæрмæ нæ хæссы? Уæвгæ ма зæронд та кæй хъæуы?

Мад: Причем тут зæронд æмæ ног? махæн Вовæчкæ по-осетинский иу ныхас дæр не понимает. Нæ бинонтæй иронау ничи дзуры.

Ус: Худинаг нæу, ахæм гуырд æмæ йæхи æвзаг ма зонæд.

Мад: Цы дзы хъавы ирон æвзагæй, ардыгæй Елхотмæ, стæй ма кæм хъауы? Уырыссагау куы зонай, уæд алцыдæр сараздзынæ.

Ус: Уырыссагау зонын хорз у, æз мæнæ мæ кæлмæрзæны габаз раттин, уырыссагау мын иу-дыууæ ныхасы чи бацамонид , уымæн. Фæлæ фыдæлты æвзагыл къух ауигъын, уый раст нæу.

Мад: Уф, цы кадджын дæм кæсынц нæ предкæтæ. Исты мын Рим кæнæ Грецийы предкæтау стыр цивилизаци ныууагътой. Кæй ма хъæуы ирон æвзаг? Хорз у фынгыл кувын æмæ кæрæдзи æлгъитынæн.

Ус: Мæрдты 'взагæй дзурыс æви цы хабар у. Ирыстоны хор æмæ донæй схъомыл у æмæ йын йæ адæмы хъæр ма бамбар. уæдæ дæ фыртæн дæр дæхæдæг сæнад кодтой йæ мадæлон æвзаг

Мад: Цæй, ацы дзæбæх ус! Дзæгъæл ныхæстæ ницы пайда сты. Исты æххуыс дæ хъæуы мæнæй.

Ус: ницы ма хъæуы дæуæй, адæмы низтæ дæ хъуыры аирвæзæнт.

Мад: Не поняла! Вовочка! пошли кушать.



1– Æрмæст Елхотмæ дæ кæмæндæр.

Мæнæн та – хуры уæзмæ.

Мæ уды азæлы тæмæнтæй

Дæ алы мыр хъуытазау.

2 – Кæмæндæр дæ æрмæст Елхотмæ

Мæнæн – зæххы кæрæттæм.

1 – Елхоты онг ды кæмæндæр.

Мæнæн та нарты бæстæм.

Сæрмæтты, аланты хæтæнтæм

Уæнт арфайаг сæ хъæстæ.

2 – Кæмæндæр дæ æрмæст Елхотмæ

Мæнæн та дæ Парнасмæ

Мæнæн та дæ стъалытæн сæ кондмæ

Къостайы дзырды тавсмæ.

1 – Кæмæндæр дæ æрмæст гуыбынмæ

Мæнæн та дæ зæрдæмæ.

Кæмæндæр дæ æрмæст къæсæрмæ

Мæнæн та дæ Хуыцаумæ.

2 – Кæмæндæр дæ æрмæст изæрмæ

Иумæ: Мæнæ та дæ тъымы-тъымамæ.

кæсæг

Мин азты ирон æвзаг нæ басаст,

Мин азты зын фæндæгтыл фæцыд, -

Абон нæм цы мæрдты хур æрбакаст?

Абон нæм цы замана æрцыд?

1 скъол. Абон Ирыстоны худæджы 'взаг и

2 скъол. Дæдæдæй Захъа, дам, нæ, фæлæ Жака,

Номдзыд Джызæл та нæм фестад Гизел.

1 – амонæг Денджыз ма чи дзуры, море, дам, море.

Дзыхы Цъæйы бæсты абады Цей.

2 – Дæдæдæй, хъазæн фæз нал, фæлæ поле,

Хохаг Дæйыхъæу та фестад нын Дей,

1 – Адджын æрвыстон фос дæр нæ хæры.

Карчы ысгуыты, дам, хонут окарачка,

2 – Мæнæ нæртон диссаг – не 'взаг куыд хæлы

Нæй, дам, цæсткæсæнтæ, ис нæм очки.

1 – Абон нæм ахæм æвзагджынтæ бирæ,

У сын мæкæразау адджын силос.

2 – Уыдон «Ирон фæндыр» хонынц ныр лира,

Радтой Секъайæн та ног ном Широн

1 – Хъуста иронæн ирон мыртæй дудынц,

Иннæ иронæн дзы зæрдæ фæцъæх.

2 – Худынц ныл сыхæгтæ, дæдæдæй худынц,

Зæрынц нæ хъæдгомыл аивæй цæхх.



Цалынмæ наци йæ æвзаг нæ фесæфа, уæдмæ у наци, уæдмæ йæ фарн цары. Æгъдæуттæ æмæ рæсугъддзинад дæр æвзагæй цæуынц.

Кæронбæттæн.

1 – Абон кадæг нал кæнæм иронау.

Кадджытæн дæр азгъæлдис йæ фист,

Кафгæ дæр мах нал кæнæм иронау,

Сахуыр ыстæм буш-буш, твист.

2 – Мидбылты худт зæрдæйæн фæндаг у,

Тайын кæны дурзæрдæйы мит,

Иу зæгъы «Ирон язык мæгуыр у», -

Инна «Демæ нал кæнын дружит».

3 – Бонæй бон кæны нæ мыгтаг къаддæр,

Нозтæй тайæм, нал нæм ис æфсарм,

Сæфы не 'гъдау – былмæ тулæм дарддæр.

Цыма систам фидæныл на арм.

4 – Не 'взаг у нæ хурæмсæр фыдæлтæй,

Иры кæмттæм иумæйаг мæсыг:

Иры ронтæ суры уый йæ зæлтæй –

Фарны гуырд цыкурайы фæрдыг.

5 – Æз зæгъын: кæд абон ирæттæн,

Бахъуыди Къостайы дæр тæлмац,

Дарæнт уæд сылгоймаджы сæрбæттæн, -

Фаг сын у æрдæг адли хъуымац.

6 – Нæ, мæ хур, ыскæсдзыстæм та ногæй,

Сисдзыстæм мæ Иры ‘взаг бæрзонд,

Не ппæт иумæ – хистæрæй, æвзонгæй, -

Иу лæгау куы акæнæм нæ зонд!

7 – У махæн арвау стъалыджын нæ дзырдуат.

8 – Нæ намыс – не взаг, зæрдæтæн сæ таг.

1 – Ирæттæй нæ æрмæстдæр зонынц уымæн,

2 – Кæй нын ис Нартæ, Симд æмæ Къоста

3 – Куы нæ уа не 'взаг, нал уыдзыстæм мах дæр.

4 – Нæхи сæфтмæ цæмæн бæллæм зæгъ-ма?






Скачать

Рекомендуем курсы ПК и ППК для учителей

Вебинар для учителей

Свидетельство об участии БЕСПЛАТНО!