СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

7 класс контрольный тест по осетинскому языку за III четверть владеющая группа

Нажмите, чтобы узнать подробности

Просмотр содержимого документа
«7 класс контрольный тест по осетинскому языку за III четверть владеющая группа»

III цыппӕрӕмхайы контролон тест 7 къласӕн ирон къорд.


1. Бацамон раст æмбарынӕдтӕ.

а) Фæрсдзырдтæн ис æртæ бæрцбарæны: бындурон бæрц, барæн бæрц, уæлахизон бæрц.

ӕ) Хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ фæрсдзырдтæ вæййынц фадатон дзырдтӕ.

б) Фæрсдзырдæн ис дыууæ здæхæны.

в) Фӕрсдзырд у ӕххуысгӕнӕг ныхасы хай.


2. Бацамон, нымæцонæй арæзт фæрсдзырд цы хъуыдыйады ис, уый.

ӕ) Хистæр-иу бинонты алырдæм арвыста, алы куыстытæ кæнынмæ.

б) Уазæг хæдзармæ фыццаг хатт куы æрбацæуы, уæд ыл фысымтæ бацин кæнынц.

в) Адӕм алкӕй нӕ уарзынц.


3. Бацамон дзырдбæстытæ бынаты фæрсдзырдтимæ.

а) арæхстгай фæцæуы, раджы райхъал, бынæй хъуысы, бирæ зоны, фыдæнæн худы;

æ) ардыгæй цыдис, фалæмæ азылдис, ам ныллæууыдис, дæлæрдыгæй хъуысы;

б) иухатт фехъуыста, асæрды ссыдис, иудзæвгар ахъуыды кодта, дæлиау ныххаудта;

в) рагацау йæхи цæттæ кæны, фæрсæй-фæрстæм цæрынц, бынæй хъуысы.


4. Фæрсдзырдтæ раст фыст кæцы рæнхъы сты?

а) галиуырдæм, цæгатырдæм, дæлæрдыгæй, ис кæцæй, кæцæй дæриддæр;

æ) фæстыйау, дæлыйе, фалырдыгæй, разырдыгæй, æдтыйе;

б) рахизæрдæм, ныгуылæнæрдæм, фалиау, абон, уæлæрдæм, дæле;

в) а бон, хуссарырдыгæй, ни кæцæй, тынг дæр, ма кæцы.


5. Бацамон раст æмбарынӕдтӕ.

а) Фæсæвæрд домы бæлвырд фæрстытæ.

ӕ) Фæсæвæрд хъуыдыйады уæнг вæййы æрмæстдæр, цы дзырдимæ баст у, уыимæ иумæ.

б) Фæсæвæрд фæлæууы, тасындзæг чи нæ кæны, ахæм ныхасы хæйтты фæстæ.

в) Фӕсӕвӕрд у ӕххуысгӕнӕг ныхасы хай.


6. Бацамон, бæрæггонд дзырд фæсæвæрд цы хъуыдыйады у, уый.

а) Ибрагим разы уыдис Дзамболаты бæсты хæстмæ ацæуынмæ.

ӕ) Ацы бæсты ахæм хабар никуыма уыдис, æмæ иууылдæр дис кодтой.


7. Дзырдбаст райсомæй фæстæмæ-йы фæсæвæрд раст æвзæрст кæцы пункты у?

а) фæсæвæрд, архайды бынат æвдисæг, гуырынон хауæн;

æ) фæсæвæрд, архайды хуыз æвдисæг, иртæстон хауæн;

б) фæсæвæрд, архайды афон æвдисæг, иртæстон хауæн.


8. Бацамон, æрхæцæн нысæнттæ раст æвæрд цы хъуыдыйады сты, уый.

а) Хæхтæ уæйгуытау лæууынц, æмæ сæ алæмæты рæсугъддзинадмæ æгомыгæй кæсынц.

ӕ) Хæстонтæ, сымах тох кæнут знаджы ныхмæ, мах та æхсæвæйбонæй кусдзыстæм быдыры, æххуыс кæндзыстæм фронтæн, цæмæй тагъддæр фæуæлахиз уат, уый тыххæй.

б) Æрцыд уалдзæг æмæ, бæлæстæ цъæх адардтой


9. Бацамон раст æмбарынад.

а) Разæвæрд йæхæдæг вæййы хъуыдыйады уæнг.

ӕ) Разæвæрд цы дзырдимæ баст вæййы, уымæн фæлæууы йæ разæй.

б) Разæвæрд нысан кæны æууæл.


10. Бацамон, разæвæрд раст фыст цы хъуыдыйады нæу, уый.

а) Зымæг æнæ худæй ма цу, дæ сæр суазал уыдзæн.

ӕ) Æнæхицау фосы бирæгъ хæры.

б) Æнæдзæбуг, æнæзæгæлæй йæхицæн скæны хæдзар.

в) Æд чингуытæ куы æрбацыдаиккам, уæд нæ ахуыртæ кæронмæ ахæццæ кодтаиккам.


11. Бацамон, разæвæрд раст фыст цы хъуыдыйады у, уый.

а) Зымæг æнæ худæй ма цу, дæ сæр суазал уыдзæн.

ӕ )Æнæхицау фосы бирæгъ хæры.

б) Æнæдзæбуг, æнæзæгæлæй йæхицæн скæны хæдзар.

в) Æд чингуытæ куы æрбацыдаиккам, уæд нæ ахуыртæ кæронмæ ахæццæ кодтаиккам.


12. Æнæ разæвæрд кæцы хъуыдыйады у?

а) (Æнæ) къахæй цæуы æмæ (æнæ) къухæй амоны.

ӕ) (Æнæ) нхъæлæджы ног хабар афтæ батыхсын кодта адæмы, æмæ сæ сдзурынхъом ничиуал уыдис.


13. Æд разæвæрд кæцы хъуыдыйады у?

а) (Æд) кусæндзаумæттæ кусджытæ цыдысты быдырмæ.

ӕ) Тыхджын дымгæ ракодта, æмæ (æд) хих бæлæстæ бындзарыл скъуыдта æмæ фæлдæхта


14. Бацамон дзырдбаст разæвæрд æнæ + номдар иртæстон хауæны:


а) æнæууæнк лæг б) æнæ ном æ) æнæ аххосæй в) æнарæхст чызг


15. Хъуыдыйад морфологион ӕвзӕрст ракӕнын.


Иу хъарм рæсугъд бон сыстадис æд сабитæ Марине, хæрзбон загъта


сыхæгтæн æмæ араст ис паддзахвæндагыл.