СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

8-œм Мартъийы бæрæгбонмæ.

Нажмите, чтобы узнать подробности

Бӕрӕгбоны фӕдыл аразӕм нӕ абоны ерыс «А ну-ка девочки»-йы хуызы. Йӕ архайджытӕ та сты нӕ уӕздан ӕмӕ аив, хуры тынты хуызӕн рӕсугъд чызджытӕ.

Бӕрӕгбоны фӕдыл аразӕм нӕ абоны ерыс «А ну-ка девочки»-йы хуызы. Йӕ архайджытӕ та сты нӕ уӕздан ӕмӕ аив, хуры тынты хуызӕн рӕсугъд чызджытӕ.

 

Просмотр содержимого документа
«8-œм Мартъийы бæрæгбонмæ.»


8-œм Мартъийы бæрæгбонмæ.

Хъуысы ирон бӕрӕгбоны цагъд.

Уазджытӕ бацахстой сӕ бынӕттӕ.


Амонæг:

-Уӕ бон хорз нӕ зынаргъ, уазджытӕ! Уалдзӕджы къӕсӕрыл лӕугӕйӕ уын «Ӕгас цу» зӕгъӕм, кӕй нӕм саккаг кодтат. Уалдзӕг дӕр ныййарӕг мадау царддӕттӕг у. Ӕвӕццӕгӕн уымӕ гӕсгӕ уалдзӕджы райдайӕн бӕрӕг кӕнынц сылгоймӕгты бон.


Сылгоймаг у нӕ дзыллӕйы сфӕлдисӕг,

Кӕддӕриддӕр рӕсугъд, зӕрдӕхӕлар.

Сылгоймаг у нӕ дунейӕн йӕ диссаг.

Мӕ уд дӕттын сылгоймагӕн лӕвар!


Бӕрӕгбоны фӕдыл аразӕм нӕ абоны ерыс «Гыццыл Сатанатӕ» дӕр. Йӕ архайджытӕ та сты нӕ уӕздан ӕмӕ аив, хуры тынты хуызӕн рӕсугъд чызджытӕ.


(цагъд/№ 1 (диск Шавтвалов) хуынд цӕуынц чызджыты командӕтӕ кафгӕйӕ, бацахстой сӕ бынӕттӕ).


Амонæг:

Нарты кадджыты сылгоймæгты Сатанайы фӕлгонц никӕцы сылгоймаджы фӕлгонцы хуызӕн у. Сатана у -уæларвон Лӕгты дзуар æмæ Дзерассæйы чызг. Сылгоймаджы рœсугъддзинад, хъару, зонд œмœ œгъдауœн Нарты Сатанайӕн ӕмбал нӕ уыд. Йӕ ныхас уыд кардӕй кӕрдагдӕр, фатӕй растдӕр.



Иры зæхх. Чеджемты Ӕхсар.

Чочиты А.

Иры зæхх- Нарты фыдыбæстæ.

Иры цот- хурмæ тырнæг.

Ацы бæрзонд хæхты цæргæстæ

Никуы фæтæхынц ныллæг.

Ир та нæхи туг, нæхи стæг у,

Ир у нæ фыдæлты кад.

Нарты Уырызмæг нæ хистæр у,

Нарты Сатана - нæ мад.

Амонӕг: Сатанайы ном баст у Нарты хъæбатыр хъуыддæгтæн се ’ппæтимæ дæр. Нарты царды нæ уыдис иунæг ахæм хъуыддаг, Сатана фарст кæм нæ цыдис. Нарты кадджыты нæй ахæм хъæбатыр, зын уавæры уæвгæйæ Сатанайы зондджын уынаффæмæ чи нæ байхъуыста, æмæ кæмæн нæ баххуыс кодта. Уӕдӕ нӕ абоны бӕрӕгбонмӕ Нарты Сатана дӕр йӕ къӕбицы бӕркӕдтимӕ ӕрбацыд сымахӕн арфӕ ракӕнынмӕ. Уӕ хорзӕхӕй суазӕгӕй кӕнӕм.

(Хуынд цӕуы Сатана зарӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, зарынц чызджытӕ лӕугӕйӕ).


5. Зарӕг «Сатана»

Ой, нӕртон ӕфсин Сатана!

Ой, нӕ царды цин Сатана!

Ой, рӕдауцӕстӕй нӕм ракӕс!

Ой, бӕгӕныйы къус рахӕсс!


Ой, дӕ бӕгӕны, Сатана,

Ой, сӕр-сӕр кӕны, Сатана.

Рахӕсс цыхтытӕн сӕ бинаг,

Ой, дӕ уынд у махӕн цинаг.


Рахӕсс нын хӕрзад чъиритӕ,

Бирӕ сӕ уарзынц сабитӕ,

Ой, нӕ буц ӕфсин Сатана,

Ой, нӕртон ӕфсин Сатана, ой.

Сатанайы къухы-цыхт

Русик - физонӕгимӕ

Чочиев – бӕгӕныйы къусимӕ

Джиоев – чъиритимӕ


(фынгыл сӕ ӕрӕвӕрын ӕмӕ Сатанайӕн ныхасы бар раттын)

Тут подходят Геор+ Артур-=в ряд выстроились


Сатанайы лӕвар

Фарнӕй бафсӕдут, хӕлӕрттӕ!

Фарны хойрӕгтӕ – уӕ бар.

Махӕн авд авды бӕркӕдтӕ

Сты Сатанайы лӕвар.



Сты Сатанайӕн йӕхи фых,

Ноджы диссагдӕр – сӕ кад.

Уымӕн вӕййы мах уӕливых

Афтӕ диссаджы хӕрзад.



Сир кӕнӕ дзӕрна цы кӕны?!

Сойӕвдылдӕй та – дзыкка!

Рауадз къусмӕ сау бӕгӕны,-

Урс цӕппузыртӕ хӕсса!



Фынджы астӕу - бур ӕртхурон,-

Арвӕй цыма ракаст мӕй.

Рауадз, кӕстӕр, бур ӕлутон

Ӕмӕ бакувӕм фӕрнӕй.



Амонӕг: Уӕдӕ бакувӕм Дунераттӕг стыр Хуыцаумӕ!

Чочиев А.(№ Нуазӕны цагъд)

Дунесфӕлдисӕг Иунӕг Стыр Кадджын Хуыцау! Оммен!

Дӕумӕ кувӕм ӕмӕ нын дӕ хорздзинӕдтӕй дӕ цӕст бауарзӕд!

Уастырджи! Уӕларвӕй зӕхмӕ Хуыцауы минӕвар дӕ ӕмӕ нӕ дӕ арфӕ уӕд! Оммен!

Мады-Майрӕм! Дӕ хорзӕх нӕ уӕд! Рӕсугъд ӕмӕ нын ӕнӕниз кӕстӕртӕ Ирыстонӕн куыд гуыра, ахӕм амонд балӕвар кӕн. Нӕ кӕстӕртӕ де уазӕг! Оммен!

Гаев А.

Хоры Уацилла! Нӕ уалдзӕджы бакуыстӕй фӕззӕджы нӕ къутутӕ хорӕй дзаг куыд уой, ӕмӕ дзы ӕртыгай чъиритӕ куыд кӕнӕм, уыцы амонд балӕвар кӕн! Оммен!

Джаджиев А.

Нӕ зынаргъ сылгоймӕгтӕ, уӕ цардамонд Хуыцау бирӕ фӕкӕнӕд! Бирӕ азты мидӕг ӕртыгай чъиритӕ куыд кӕнат, ахӕм амонд уӕ уӕд! Уӕ кӕстӕрты хуртӕй ӕфсӕст ут, сылгоймаджы амондӕй та хайджын!

(Сатанайы ракафын кӕнын Артуримӕ/д.Шавтвалова №16 ӕмӕ йӕ афтӕмӕй афӕндараст кӕнын)


Амонæг.

Ныртæккæйы чызджытæ дæр, махмæ гæсгæ, Сатанайæ фæстæдæр не 'рлӕудзысты. Уымæн æвдисæн уыдзæн нæ абоны ерыс «Гыццыл Сатанатӕ». Нœ ерысы сœ арœхстдзинад равдисдзысты нӕ сӕрӕн чызджытœ. Уыдон алыхуызон хœслœвœрдтœ œххœстгœнгœйœ œвзардзысты сœ тыхтœ, сӕ зонындзинӕдтӕ, сӕ арӕхстдзинад.


1-аг командæ «Хур»-ы архайджытӕ. (сыстадысты ӕмӕ сын амдзӕгъд кодтой)


2-аг команда «Тынтӕ» -йы архайджытӕ.(сыстадысты ӕмӕ сын амдзӕгъд кодтой)

Амонӕг:ныхасы бар командӕйы хистӕртӕн.

Рацӕудзысты командӕйы командиртӕ ӕмӕ девиз радзурдзысты!


Девиз общий:

Уадз мӕ Хурты Хур кӕса бӕрзондӕй,

Иры зӕххыл уафа ног тын.

Уадз мӕ Хурты Хур кӕса бӕрзондӕй

Иры зӕхх нын тава зондӕй.

Уадз мӕ хуры тынтӕ тавой махдӕр

Иры зӕххӕн уарой арфдӕр,

Хорз фӕзминаг, хорз кӕстӕртӕ

Коммӕгӕс, ысуинаг фӕлтӕр.


Амонæг:

1.Уӕдӕ рахизӕм нӕ ерысы хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнынмӕ. Нӕ дыууадӕс хуры тынты хуызӕн чызджытӕ, уӕ хорзӕхӕй ма басусӕг нын кӕнут,

цымӕ цавӕр ирон дыууадӕс дзырды уӕ зӕрдыл даргӕйӕ, цӕут царды фӕндагыл.


(сӕ къухты уыдзысты тынтӕ)


Ирон дзырдтӕ мын хуртӕ сты…уӕддӕр

Дыууадӕс дзырды се 'ппӕтӕй хуыздӕр.

Лӕууы сӕ сӕргъы фарны дзырдтӕн Цард.

Йӕ фидауц уымӕн – арвы стъӕлфӕн- Арт.

Нӕртон дзырдтӕн сӕ фӕлмӕндӕр у Мад.

Цӕуы йӕ армӕй адӕмыл -Бӕркад.

Нӕ дзыллӕйӕн йӕ рухсдӕр бӕллиц-Фарн.

Уӕздан лӕгӕн йӕ уӕлдӕр цин- Ӕфсарм.

Сыгъдӕг удӕн йӕ мӕты сӕр- Хӕлар.

Ыскӕны мах Хуыцауы 'мсӕр Ӕхсар.

Лӕджы нысан – сӕрибар ӕмӕ кад.

Йӕ сӕрвӕлтау хъӕуы хӕцынӕн Кард,

Ӕппӕт хӕрзтӕн Ирыстон у бындур.

Ӕнӕ уый мӕн нӕ тавдзӕни сӕ Хур.

(хуры тынтӕ куы фӕуой къулыл ӕндӕгъд, уӕд сбаддзысты сӕ бынӕтты чызджытӕ)


2.Амонӕг:

Ирон дӕн ӕз, ӕз дзурдзынӕн иронау!

Зынаргъ мын у мӕ мадӕлон ӕвзаг!

Мӕйдар ӕхсӕв нӕ рухс кӕны уый бонау,-

Ирон ӕвзаг - ирон фарнӕй у дзаг.


Нӕ ерысы иннӕ хай: чи аивдӕр радзурдзӕн мадӕлон ӕвзагыл ӕмдзӕвгӕ.

(Поблагодарить)


3.Амонæг.

Цымӕ Нартӕ цавӕр зарӕг уарзтой?

Стӕй хуыцӕутты цавӕр фаттӕй састой?

Чи фӕсырдта денджызӕн йӕ хуыссӕг?

Чи уыди фыццаг зарӕг ныффыссӕг?


Нӕ ерысы иннӕ хӕслӕвӕрд:«Азарӕм иумӕ»

Чызджыты командӕтӕй чи рӕсугъддӕр азардзӕн.

1 команда-Мадӕлон ӕвзаг.

2 команд- Аланты зарӕг.


4.Амонӕг:

Куыд хорз куыд кадджын дӕ мӕ цӕсты,

Нӕ ирон мадӕлон ӕвзаг!


Нӕ ерысы иннӕ этап: чызджытӕй чи аивдӕр сарӕхсдзӕн тагъддзуринаг радзурынмӕ. Уӕ разы ис къонверттӕ хӕслӕвӕрдимӕ, уӕ хорзӕхӕй байгом сӕ кӕнут, сисут хӕслӕвӕрд, бакӕсут тагъддзуринаг, рӕстӕг уын дӕттын уӕхи бацӕттӕ кӕнынӕн.


Амонӕг:Куыд фехъуыстат уӕхӕдӕг афтӕмӕй нӕ гыццыл Сатанатӕ тынг хорз арӕхсын зарынмӕ, ӕмдзӕвгӕтӕ аив дзурынмӕ, цымӕ къухӕй та сылгоймаджы куыстытӕм куыд арӕхсынц, уӕдӕ ӕмӕ сӕ бафӕлварӕм ахӕм ерысы дӕр.

5. Ӕрмгуыстгӕнынад: байгом кӕнут уӕ къонверттӕ куыстӕн уӕ цы хъӕуы уыдон сты сӕ мидӕг. Фыццаг хӕслӕвӕрд –хъуамӕ бахуыйат ӕгънӕг, уый фӕстӕ та гӕххӕттимӕ бакусдзыстут.


6.Амонӕг:

Ӕрхӕццӕ нӕ ерысы тӕккӕ цымыдисагдӕр хӕслӕвӕрд. Хъуамӕ сымах бацархайат ӕмӕ саив кӕнат ирон чындзы разгӕмттӕ. Уӕ разы къонвертты ис алыхуызон фӕрдгуытӕ. Уӕ хорзӕхӕй размӕ алы командӕйӕ дӕр рацӕудзӕн фӕйнӕ дыууӕ чызджы ӕмӕ бакусдзысты хӕслӕвӕрдыл.

фон: «Мады зарӕг».


7. Амонӕг:

Авдӕнхъӕдыл уӕд мӕ фарсмӕ

Чи зарыди, чи?!

Уый ды уыдтӕ о ныййарӕг,

О мӕхи гыцци!


Нӕ ерысы иннӕ хӕслӕвӕрд чи хуыздӕр бабӕтдзӕн сабийы авдӕны ӕмӕ йын азардзӕн авдӕны зарӕг.


А-ло-лай /на диске №25

Агуысси кӕн, агуысси!

Ды нанайӕн йӕ хур дӕ.

Агуысси кӕн, агуысси!

Ды нанайӕн бындур дӕ.

Ӕцитт, гӕды ма 'рбацу,

Бауадз фынӕй гӕбулы.

Ӕцитт, гӕды ма та уас,

Йӕ баппа йын ма алас.



Агуысси кӕн, агуысси

Ды нанайӕн йӕ дзыкк дӕ,

Агуысси кӕн, агуысси

Ды нанайӕн зӕрдӕ дӕ.

Ало-ло кӕн тагъддӕр, цӕй.

Уӕ, мӕ гӕбул, кӕн фынӕй.

Дзӕбӕхӕй мын байрӕзай,

Ало-ло кӕн, а-ло-лай.

Амонӕг: Диссаджы суинаг чызджытӕ. Афтӕ мӕм кӕсы ӕмӕ сымахӕй ӕцӕг ирон хӕдзары чызджытӕ кӕй рауайдзӕн.

Ирон чызг хъуамӕ уа ӕгъдауджын,

Йӕ хистӕртӕн кӕна лӕггад.

Уый хъуамӕ уа уӕздан, ӕфсармджын

Ӕмӕ дзы уӕд уыдзӕни кад.

Нӕ ерыс ӕрхӕццӕ кӕронмӕ. Тынг бӕстон куыст бакодтой нӕ чызджытӕ. Нӕ зӕрдӕ дарӕм, фидӕны кӕй уыдзыстут Ирыстонӕн аккаг хъӕбултӕ. Нӕ ерысы кӕронбӕттӕны та мӕ фӕнды, цӕмӕй азарӕм иумӕ «Сабиты зарӕг».

( се 'ппӕт дӕр размӕ рацӕудзысты, афтӕмӕй азардзысты).

Сабиты зарӕг.

Сабитӕ азарӕм иумӕ нӕ зарӕг.

Махӕн нӕ райгуырӕн бӕстӕ нӕ дарӕг.

Арвӕй рӕсугъддӕр, хурӕй тыхджындӕр

Махӕн нӕ бӕстӕ, гъей!

Арвӕй рӕсугъддӕр, хурӕй тыхджындӕр

Нӕ Иры бӕстӕ, гъей!



Зарӕм нӕ зарджытӕ барджын уӕндонӕй,

Иумӕ фӕллойгӕнӕг сабиты номӕй

Арвӕй рӕсугъддӕр, хурӕй тыхджындӕр

Махӕн нӕ бӕстӕ, гъей!

Арвӕй рӕсугъддӕр, хурӕй тыхджындӕр

Нӕ Иры бӕстӕ, гъей!



Амонӕг:

Мӕ зынаргъ чызджытӕ, лӕппутӕ!

Ӕнӕмӕнг бадарут зӕрдыл.

Нӕ фидӕн сымах ыстут, мӕ хуртӕ,

Ӕмӕ хъуыды кӕнут дӕрдтыл.



Бузныг уе 'ппӕтӕн дӕр.

Хӕрзбон, нӕ иннӕ фембӕлдмӕ.

11



Скачать

Рекомендуем курсы ПК и ППК для учителей

Вебинар для учителей

Свидетельство об участии БЕСПЛАТНО!