СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Авзаг-адамы монон хазна

Нажмите, чтобы узнать подробности

Авзаг-адамы монон хазна

Просмотр содержимого документа
«Авзаг-адамы монон хазна»

Наукон конференцимæ







Доклад

« Ӕвзаг - адæмы монон хæзна»

Доклад бацæттæ кодта

Ӕрыдоны 3-æм астæуккаг

скъолайы ирон æвзаг æмæ

литературæйы ахуыргæнæг

Гæбæраты Хадизæт



2019 аз









Аннотаци докладмæ

Доклады темæ: «Ӕвзаг - адæмы монон хæзна».

Алы нацийæн дæр йæ рæзты сæйраг хотых у æвзаг. Уыцы нациты ʾхсæн сты ирон адæм дæр. Абон ирон адæмæн се҆ взаг ис уæззау уавæры. Бонæй-боныл къаддæр дзурынц. Ирон хæдзæртты кæстæртæ иронау рæстмæ æмбаргæ дæр нал кæнынц.

Скъолаты ирон æвзаг æмæ литературæйы фæлварæнтæ ист æрцыдысты.

Ирон адæмы фыдæлтæ бахъахъхъæдтой сæ мадæлон æвзаг,йемæ æппæт ирон адæмы æгъдæуттæ. Уыдон сты ирон адæмæн сæ хæзнатæ. Абоны ирæтты раз ис хæс æвæрд,цæмæй сæ фыдæлты хæзнатæ æнæфехалгæйæ размæ,фидæнмæ фæхæццæ кæной.

Ирон адæмы сæрвæлтау тох кодта Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста. Архайдта ирон адамы иудзинадыл, сæ цард, сæ уавæртæ сын фæхуыздæр кæныныл. Фæлæ иунæг уыд Къоста уыцы тохы. Иу та хæсты быдыры æфсад нæу. Абон дæрма ирон адæм зындзинæдтæ æвзарынц. Къостайы фæдзæхст сæххæст кæнын хъæуы. Ирон адæм кæрæдзийыл хъуамæ фæхæцой. Сæ бындур , се ʾвзаг хъуамæ фидар кæной.

Иудзинад кæцы адæммæ нæ вæййы,уыдоныл æддагон адæм дæрфæтых вæййыц,алчи дæр сæм сæ ныфс фæхæссы æмæ фæархайынц сæ фесафыныл. Ӕмвæнд ,æмзонд адæмæн та ничи ницы ракæндзæн. Ирон адæм кæрæдзимæ хъуамæ æнгом балæууой. Афтæмæй нацийæн уыдзæн фидар бындзæфхад.

















Уæ бон хорз, нæ зынаргъ адæм!

Æгас цæут, нæ кадджын уазджытæ!

Абон мæ раныхасы темæ у «Ӕвзаг - адæмы монон хæзна».

Нæ дзыллæйы зæрдæ —
Мæ хуымгæнды хай;
Нæ бæсты сагъæстæ —
Мæ фæззыгон най…

Къоста.

Куыд зонæм, афтæмæй алы нацийæн дæр йæ тых, йæ астæумагъз у йе ΄взаг. Æвзаг у нацийы фидиуæг, нацийы Дунетимæ кæрæдзийыл бæттыны фæрæз. Æнæ ΄взаг иу адæмыхаттæн дæр уæвæн нæй. Национ æвзагимæ рæзы нацийы ном, йæ культурæ, йæ кад.

Йе ΄взаг схъæздыг æмæ сфидар кæныныл цы адæм архайдтой æмæ архайынц, уыдонæн ис хъæздыг историон бындзæфхад æмæ æнæмæлгæ рухс фидæн. Нацийы рæзтæн уыдон сты се стырдæр нысан.

Бирæ æвзæгтæ ис зæххыл. Алы адæм дæр архайынц се ΄взаджы рæзтыл, се ΄взаг бахъахъхъæныныл. Мæн дæр фæнды мæ мадæлон (ирон) æвзаджы тыххæй раныхас кæнын.

Дунейы бирæ ΄взæгты ΄хсæн ис нæ ирон æвзаг дæр. Бирæ не сты ирон адæм. Цы ма сты, уыдон дæр царды уæззау аххосæгтæм гæсгæ афтыдысты дунейы алы къуымтæм. Дыууæ гыццыл бындзыгæй ма цæрынц Цæгат Иры æмæ Хуссар Иры. Уыдонæй ма чидæртæ архайынц сæ мадæлон æвзагыл дзурын æмæ йæ бахъахъхъæныныл. Зæххы алы къуымтæм чи фæцыд цæрынмæ, уыдонырдыгæй мæгуыраудæр у ирон æвзаджы уавæр.

Ирыстоны цæрæг ирон адæмы раз уыдис æмæ ис стыр хæс æвæрд: фыдæлты истори, фыдæлты æвзаг, фыдæлты кад æмæ ном фидæнмæ æнæфехалгæйæ фæхæссын.

Нæ историйыл нæ цæст куы рахæссæм, уæд нæ ирон цардвæндагыл фендзыстæм бирæ хæстытæ. Нæ номдзыд фыдæлтæ - алантæ дæр æппынæдзух тохты уыдысты. Фæстæдæр ирон зæххыл дæр æрцыд бирæ хæстытæ:

1830 азы Цæгат æмæХуссар Ирыстоны кæмтты хæстытæ паддзахы æфсæдтимæ.

1941-1945 азты Стыр Фыдыбæстæйы хæст.

1920 азы гуырдзиаг меньшевикты æрбабырст Хуссар Ирыстонмæ.

1989-1992 азты мæхъæл æмæ гуырдзыйы æрбабырст дыууæ Ирыстонмæ.

2008 азы гуырдзиаг экстремистты хæст Хуссар Ирыстонимæ.

Уæззау у Ирыстоны историон цардвæндаг. Фæлæ йæ хъæбатыр фæсивæды фæрцы абон дæр цæры нæ гыццыл Ирыстон.

Æппæт хæстыты бирæ ирон туг ныккалди. Цыбыркъух уæвгæйæ, кæм лæгæй-лæгмæ, кæм хи къухтæй арæзт хуымæтæджы хæцæнгæрзтæй ирон адæм æрлæууыдысты се знæгты ныхмæ. Нæ хъæбатыртæ сæ удтæй бахъахъхъæдтой сæ зæххытæ, се ΄взаг, сæ бартæ, сæ сæрыстырдзинад æмæ сæ нæргæ ном. Уыдон уыдысты ирон адæмæн се стырдæр хæзнатæ. Уыцы зынаргъ хæзнатæ абон мах къухты сты. Мах стæм ивгъуыд æмæ фидæны кæрæдзийыл бæттæг хид. Мах фæрцы хъуамæ ацы хъæздыгдзинæдтæ æнæфæкъахырæй ахизой нæ кæстæртæм, нæ фидæнмæ.

Махæн, нæ фыдæлтимæ абаргæйæ, уыцы хъуыддаг бакæнын æнцондæр у. Уымæн æмæ абон мах цард у бирæ хуыздæр, рæсугъддæр æмæ сабырдæр. Нæ фыдæлтау нын нæ хæзнаты хæсты цæхæрыл хæссын нæ хъæуы. Ныртæккæ тыхгæнджыты æфсæрсты бын не стæм, ничи нæ хъыгдары, æргом хæстæй нын не ᾿взаг, не ᾿гъдæутты ничи сафын кæны.

…Фæлæ, хъыгагæн, нæхæдæг, ирон адæм, систæм нæхи ныхмæ тохгæнджытæ. Нæхи къухтæй бавнæлдтам нæ хæзнаты куынæг кæнынмæ. Махæй бирæтæ систы фыдыуæзæг уæйгæнджытæ, национ æвзаг сафджытæ.

Зын уавæры ис абон не ᾿взаг. Бонæй – бонмæ æвзæрдæр уавæрмæ цæуы. Фаг хъусдард æм нæй, куыдфæндыйы цæстæй йæм кæсæм. Кæй зæрдæ йыл риссы, уый дæр, цæмæдæргæсгæ, ныхъхъус. Кæрæдзимæ æнхъæлмæ кæсæм, чи йыл сдзурдзæн, чи йæ кой скæндзæн. Афтæмæй рæстæг згъоры, не ᾿взаджы уавæр та сæфтмæ цæуы.

Не ᾿взаг рæсугъд у. Дунеты йæхимæ æрыхъусын кæны. Уыдис рæстæджытæ, æмæ йыл æндæр нациты æвзагиртасджытæ дæр куыстой (зæгъæм, ахуыргæндтæ А. Шёгрен, В. Миллер æмæ æндæртæ). Абоны царды йыл нæхæдæг куы нæ кусæм, куы нæ йæ хъахъхъæнæм, уæд армыдзаг йеддæмæ не стæм æмæ Зæххы цъарæй фæтары уыдзыстæм.

Фыццаджыдæр уал æвзаджы уавæр сфидар кæнын хъæуы бинонты ᾿хсæн, стæй рæвдауæндæтты æмæ скъолаты.

Бирæ бинонтæ сæ сывæллæтты иронау дзурын нæ фæуадзынц хæдзары дæр æмæ уынджы дæр. Дзурын сæ кæнынц уырыссагау, стæй ма ныртæккæ англисагау дæр. Сывæллæттæ уыцы уавæрты хъомыл кæнынц. Куыд стыр кæнынц, афтæ сæм иронау дзурын худинаг кæсы. Æгад æвзагыл сæм нымад у. Сæ сæрмæ йæ нал фæхæссынц.

Хорз у бирæ ᾿взæгтæ зонын. Æмбисонд амоны, зæгъгæ, адæймаг цал æвзаджы зоны, уал адæймаджы у. Уадз æмæ нæ кæстæртæ зоной бирæ ᾿взæгтæ, фæлæ ма йæ йæ мадæлон æвзаг цас бахъыгдардзæн, цас æй бакъуылымпы кæндзæн йæ царды, йæ цæсты раз ын æй æгады бынаты цæмæн æвæрыс?

Стæй ацы фæстаг дыууæ азы ныййарджытæ уæлдай арæхдæр цæуынц скъолатæм, директорты номыл фыссынц курдиаттæ, цæмæй сæ сывæллæттæ ирон æвзаджы урочыты уырыссаг къордтæм цæуой, уый фæдыл. Сæ фылдæрæн сæ бинонтæ фыдæй фыртмæ иууылдæр ирæттæ. Сывæллоны куы бафæрсай, цæмæ цæуыс уырыссаг къордмæ, уæд йæ дзуапп вæййы, мæ мад загъта, зæгъгæ. Ныййарджытимæ уыцы фарстайыл куы дзурай, уæд фæзæгъынц, ирон æвзаг ахуыр кæнын нын зын у, æмæ ма сæхи сраст кæнынæн бафтауынц, мæхæдæг дæр æй хорз нæ зонын, зæгъгæ. Уæд фæсарæйнаг æвзаг дæр нæ фембарæм, нæ фыдæлтæ дæр ыл нæ дзырдтой, фæлæ бирæтæ сæ фæстаг къæбæры æхца дæр ратдзысты фæсарæйнаг æвзаг сахуыр кæныны тыххæй, ирон æвзаг та сæ лæвар ахуыргæнгæйæ дæр нæ хъæуы.

Ирон адæмæй бирæтæ нæ хъуыды кæнынц, афтæмæй наци мæлгæ кæй кæны æмæ Ирыстон дæр кæй фесæфдзæн, ууыл.

Не скъолаты ирон æвзаг æмæ литературæйæ фæлварæнтæ кæнын нæ хицауад, цæмæдæргæсгæ, æнæмæнг хъуыддагыл нал нымайынц. Скъолатæн сæ сæхи бар бакодтой. Кæй фæнды, уый фæлварæны бæсты скæнæд фысгæ куыст, зæгъгæ. Сæ бон у, уый дæр ма кæной. Афтæмæй скъоладзаутæ ирон чингуытæ гом дæр нал кæндзысты. Ирон уацмыстæ стыр хъомылад дæттынц нæ кæстæртæн. Раст фæндагыл сæ хонынц, сыгъдæгзæрдæйыл, рæстудыл, æгъдау æмæ сæ æфсармыл ахуыр кæнынц. Стæй, сæйрагдæр, хистæр- кæстæры ᾿хсæн уæздан ахастытыл. Нæ нацийы тых та уыдон сты. Ма сæ бауадзæм фесафын!

Ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ ахуыргæнинæгтæн æрвылбон дæр урокты дзурынц сæ мадæлон æвзаг, се ᾿гъдау бахъахъхъæныны фæдыл. Фæлæ мæм ис иу фæндон. Мæнмæ гæсгæ, бирæтæ мемæ сразы уыдзысты. Ирыстоны цæры бирæ дзырддзæугæ, æгъдауылхæст хистæртæ. Тынг хорз уаид, уыдон афæдз иу хатт скъолаты ирон æгъдæутты уроктæ куы кæниккой, уый. Уæд сывæллæттæ не ᾿гъдæутты тынгдæр бадариккой сæ зæрдыл. Сæ ахуыргæнджыты ныхас æрвылбон хъусынц, фæлæ сæм æддейæ æрбацæуæджы ныхас арфдæр бахъардзæн, стæй йæ сæ цæрæнбонты рох дæр нал фæкæндзысты.

Стæй ма мæ фæнды зæгъын уый, æмæ ирон цардæн йæ сæргълæууæг, йæ тых, йæ фæткæвæрæг кæддæриддæр уыди нæлгоймаг. Абоны онг ирон æгъдау, ирон æвзаг æрхæццæ сты нæ ирон хъæбатыр нæлгоймæгты руаджы. Ныртæккæ Ирыстоны уавæр нæу хорз, бонæй-бонмæ кæны æвзæрдæр. Уыцы хъуыддагмæ нæ хистæр нæлгоймæгтæ æмæ нæ лæппу-фæсивæд куы нæ фæдаргъ кæной сæ къух, уæд Ирыстонмæ хорз фидæн не ᾿нхъæлмæ кæсы…

Абон нæ конференцийы куыст баст у нæ рухстауæг Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы райгуырæн бонимæ. Къоста дæр уыди уыцы куырыхон нæлгоймæгтæй, йæ удæй фылдæр йæ бæстæйы, йæ адæмы чи уарзта. Къоста нын йæ нæргæ номимæ ныууагъта хъæздыг сфæлдыстадон бынтæ. Йе сфæлдыстад царды не ᾿мдзу кæны. Йæ куыстытæ алы рæстæгимæ дæр сты баст . Йæ адæмы проблемæтыл рыст нæ Куырыхон, нæ Патриоты зæрдææмæ йæ уды рыст ралæвæрдта фыссæнгарзæй. Зæрдæрыстæй фæдисы хъæр ныккодта йæ дзыллæмæ. Уыцы тыхст сидт айзæлыд Ирыстоны хъæутыл, кæмттыл æмæ хæхтыл. Уый уыд æнусон сидт. Абон дæр ма нæм сиды, цæмæй бахъахъхъæнæм нæ ирон наци, нæ ирон дзырд, æфсымæртау кæрæдзийыл хæцæм. Фæлæ нæм, хъыгагæн, йæ уды хъæр нæма фехъуыст, æмæ абоны онг дæр ирон адæм æфсымæртау кæрæдзимæ сæ къухтæ нæма радтой. Кæрæдзийыл нæ хæцæм, кæрæдзи нæ уарзæм, иу иннæмæн цыфыддæр ми куыд бакæна, ууыл архайы. Ныддихтæ стæм.Иу наци стæм, иу æвзагыл дзурæм, уæддæр кæрæрдзи цæстытæ фæкъахæм: ды къуыдайраг дæ, ды чысайнаг дæ, ды дыгурон дæ. Мæнæ сæфты фæндагмæ цæуы не ᾿взаг. Æвзагимæ наци дæр сæфы. Æмæ нæ уæд фæстæдæр уыцы дихдзинæдтæ æндавгæ дæр нал кæндзысты. Уый бæсты иумæ бацархайæм æмæ не ᾿взæргæнджытæн «ма кæ» зæгъæм, нæ хæрзтæй та нæ сæртæ бæрзæндты хæссæм.

Алчидæр нæ йæ разы æрæвæрæд нæ наци бахъахъхъæныны хæс. Æз та æппæт ирон ахуыргæнджыты номæй курын нæ хицауадæй, цæмæй рæвдауæндæтты, скъолаты æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты ирон æвзагмæ фаг хъусдард раздахой. Фæлварæнта сæвæрой рауагъдон кълæсты, æмæ алы ирон сывæллон та ахуыр кæна йæ мадæлон æвзаг æмбæлон æмвæзадыл.

Науæд Къоста цæйау загъта, цы уыдзæн нæ фидæн, нæ сомбон!

Мæ раныхасы райдайæны Къостайы ныхæстæй хуымæтæджы не спайда кодтон. Уымæ куыд хъардтой йæ бæстæйы сагъæстæ, йæ адæмы удты рыст, йæхи хæсджыныл куыд нымадта йæ дзыллæйы раз, афтæ ма мах дæр бацархайæм нæ адæмы фидæныл, нæ наци бахъахъхъæныныл, æрмæст иугæйттæй нæ, фæлæ иууылдæр иумæ. Иугæйттæй тохæй ма Къоста абон дæр тох кæны…

Кæронбæттæны ма фæнды мæхи фыст æмдзæвгæ бакæсын.









Мæ цин, мæ рис!

Мæ цин, мæ рис-мæ мадæлон æвзаг.

Цы нæм ис рисæй-дзурдзынæн æргомæй:

Нæхи фæкодтам не знæгтæн дзырддаг

Æмæ нæ ҆фхæрынц иудадзыг уæндонæй.



Æгады цæстæй не’взагмœ кæсæм,

Иронау дзурын нал хæссæм нæ сæрмæ,

Æмæ нæ сæфты къардиуыл лæууæм,

Мыййаг нæ знаг куы фесхойа дæлæмæ.



Куы байсæфа мæ диссаджы æвзаг,

Куы батайа мæ Ирыстон нæ зæххыл,

Йæ къах æркъуырдзæн цингæнгæ знаг

Æмæ ныззардзæн тынг хъæрæй нæ сæфтыл.



Куыд тæрсын уымæй,баризы мæ уд

Æмæ лæгъстæйæ ме’мбæстæгтæм дзурын:

Æвзаг хæзна у,фидар ыл хæцут-

Фыдæлты номæй уе’гасæй дæр курын.



Рæсугъд у ме’взаг –зæрдæйœн йœ цинаг,

Ирыстон у нœ бœстœйы рæсугъд.

Мæ Ирбæстæ,сфидар уæд дæ уидаг!

Дæ цардвæндагыл макæдбон фæцуд!