СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Беджызаты Чермен

Категория: Прочее

Нажмите, чтобы узнать подробности

Беджызаты Чермен  Беджызаты Чермен  Беджызаты ЧерменБеджызаты ЧерменБеджызаты ЧерменБеджызаты ЧерменБеджызаты ЧерменБеджызаты ЧерменБеджызаты ЧерменБеджызаты ЧерменБеджызаты ЧерменБеджызаты ЧерменБеджызаты ЧерменБеджызаты ЧерменБеджызаты ЧерменБеджызаты Чермен

Просмотр содержимого документа
«Беджызаты Чермен»

15 урок  Темæ: Беджызаты Чермен

15 урок

Темæ: Беджызаты Чермен

Бакæс скъуыддзаг новеллæ «Кодзыртæ»-йæ … Хæст куы фæцæйцыди йæ фæуынмæ, уæд Кодзырты сылтæй алчи йæ цæгаты рдæм лидзынмæ ныууырдыг ниугæйæ, уæдæ цы уыдаид. Хъелы фæндагыл ныллæууыд лидзынылйæ цæгатмæ Рубайон дæр. Къæссайы къуымбилты æхсæн, мæгуырæг, атъыста йæ æнахъом иунæг лæппуйы æмæ фæндаг- фæндаг фæраст былтæ бастæй. Сывæллон хъыллист кодта къæссайы мидæг, уæдæ цы. Уæд Гаглойтæй иу ацæргæ лæг басырдта усы: - Æнцад дæ бынаты, цы ис дæ къæссайы, тагъд æй зæгъ! - Ницы, дæ нывонд фæуон, мæ сывæллонæн иу гæдыйы лæппын уыди, бирæ йæ уарзта, сывæллоны амардтат æмæ йын йæ гæдыйы лæппыны мæ зæрдæаппарын нæ батардта. Уый хæссын къæссайы,- йæхæдæг хæкъуырцц куыдæй кæуы сахъ сылгоймаг.

Бакæс скъуыддзаг новеллæ «Кодзыртæ»-йæ

… Хæст куы фæцæйцыди йæ фæуынмæ, уæд Кодзырты сылтæй алчи йæ цæгаты рдæм лидзынмæ ныууырдыг ниугæйæ, уæдæ цы уыдаид. Хъелы фæндагыл ныллæууыд лидзынылйæ цæгатмæ Рубайон дæр. Къæссайы къуымбилты æхсæн, мæгуырæг, атъыста йæ æнахъом иунæг лæппуйы æмæ фæндаг- фæндаг фæраст былтæ бастæй. Сывæллон хъыллист кодта къæссайы мидæг, уæдæ цы.

Уæд Гаглойтæй иу ацæргæ лæг басырдта усы: - Æнцад дæ бынаты, цы ис дæ къæссайы, тагъд æй зæгъ!

- Ницы, дæ нывонд фæуон, мæ сывæллонæн иу гæдыйы лæппын уыди, бирæ йæ уарзта, сывæллоны амардтат æмæ йын йæ гæдыйы лæппыны мæ зæрдæаппарын нæ батардта. Уый хæссын къæссайы,- йæхæдæг хæкъуырцц куыдæй кæуы сахъ сылгоймаг.

- Цæугæ уæдæ, хорз ус, дæ фæндаг дæ бар у. Амæндты хуыздæр дæ хай, зæгъгæ, - загъта Гаглойы- фырт æмæ фæстæмæ фездæхти. Рубайон фæцыди йæ цæгатмæ, афтæмæй йæ фыды къонайы фарсмæ схъомыл кодтайæ хъæбулы. Лæппуйыл сæвæрдта ном- Гæды, зæгъгæ, гæдыйы тыхæй йын кæй аирвæзти Гаглоты къухæй, уый сæраппондæн. Гæдыйæн цæуæт рацыди, мæ хуртæ, -смыггаг ис.Никуы фехъуыстат Гæдиатæ, зæгъгæ, иу дзы номдзыд ахуыргонд уыди кæмдæр. Афтæ фесæфтысты Кодзыртæ, сæ ном дæр фесæфти Мидæггаг хъæуы æхсæн.

- Цæугæ уæдæ, хорз ус, дæ фæндаг дæ бар у. Амæндты хуыздæр дæ хай, зæгъгæ, - загъта Гаглойы- фырт æмæ фæстæмæ фездæхти.

Рубайон фæцыди йæ цæгатмæ, афтæмæй йæ фыды къонайы фарсмæ схъомыл кодтайæ хъæбулы. Лæппуйыл сæвæрдта ном- Гæды, зæгъгæ, гæдыйы тыхæй йын кæй аирвæзти Гаглоты къухæй, уый сæраппондæн. Гæдыйæн цæуæт рацыди, мæ хуртæ, -смыггаг ис.Никуы фехъуыстат Гæдиатæ, зæгъгæ, иу дзы номдзыд ахуыргонд уыди кæмдæр.

Афтæ фесæфтысты Кодзыртæ, сæ ном дæр фесæфти Мидæггаг хъæуы æхсæн.

Базонгæ у критикон æрмæгимæ  «Мӕсгуытӕ дзурынц». Ирон литературӕйы сӕрмагонд бынат ахсы Беджызаты Чермены уацмыс «Мӕсгуытӕ дзурынц» (1934). Уый мидисӕй дӕр ӕмӕ формӕйӕ дӕр у иттӕг хигъӕдон уацмыс. Йӕ жанр у, дзырдаивады ӕмбал кӕмӕн нӕй, ахӕм. Фыссӕг йӕ уацмысы дыууӕ хайы ӕвдисы царды дыууӕ фӕлтӕры – йӕ ивгъуыд заман ӕмӕ йӕ ног дуг. Иуӕрдыгӕй уынӕм зӕронд цард, рагон адӕм, фыдӕлты ӕгъдӕуттӕ: раздахӕн кӕмӕн нал ис, уыцы таурӕгъон рӕстӕг. Иннӕрдыгӕй уынӕм ног царды ӕууӕлтӕ, ахуырдзау фӕсивӕд, сӕ уаг, сӕ архайд. Фыццаг новеллӕ автор хоны «Кодзыртӕ». Уацмыс у бынӕттон таурӕгъ, мыггаджы истори, йӕ хъысмӕты хабар. Фыссӕг Баймӕты раныхас нывӕнды сыгъдӕг таурӕгъон уагыл, бӕрӕг дзы дары таурӕгъы стиль.

Базонгæ у критикон æрмæгимæ

«Мӕсгуытӕ дзурынц». Ирон литературӕйы сӕрмагонд бынат ахсы Беджызаты Чермены уацмыс «Мӕсгуытӕ дзурынц» (1934). Уый мидисӕй дӕр ӕмӕ формӕйӕ дӕр у иттӕг хигъӕдон уацмыс. Йӕ жанр у, дзырдаивады ӕмбал кӕмӕн нӕй, ахӕм.

Фыссӕг йӕ уацмысы дыууӕ хайы ӕвдисы царды дыууӕ фӕлтӕры – йӕ ивгъуыд заман ӕмӕ йӕ ног дуг. Иуӕрдыгӕй уынӕм зӕронд цард, рагон адӕм, фыдӕлты ӕгъдӕуттӕ: раздахӕн кӕмӕн нал ис, уыцы таурӕгъон рӕстӕг. Иннӕрдыгӕй уынӕм ног царды ӕууӕлтӕ, ахуырдзау фӕсивӕд, сӕ уаг, сӕ архайд.

Фыццаг новеллӕ автор хоны «Кодзыртӕ». Уацмыс у бынӕттон таурӕгъ, мыггаджы истори, йӕ хъысмӕты хабар. Фыссӕг Баймӕты раныхас нывӕнды сыгъдӕг таурӕгъон уагыл, бӕрӕг дзы дары таурӕгъы стиль.

Кодзыртӕ хӕццонӕн зӕхх истой ӕмбис хаймӕ «тыхджын, зӕхджын мыггаг» Хъоротӕй. Хъал у Хъороты Бӕдту «йӕ ис, йӕ бонӕй». Хъал ӕмӕ схъӕлби у «рӕуӕг, ӕнӕуаг адӕймаг» Гаглойты Парса дӕр: ныфс дзы ис йӕ мулк ӕмӕ йӕ бирӕ мыггагӕй. Афтӕ уыд мыггагон царды уаг. Уыцы тых ӕмӕ хъалдзинад сты быцӕуы ӕмбӕхст аххосаг. Фӕлӕ сӕ базмӕста ӕмӕ сӕ цырвау сӕнхъизын кодта Кодзырты Тохтӕйы сӕрыстырдзинад. Быцӕу райста этикон ахаст. Ацы хъуыддаджы дӕр таурӕгъгӕнӕг канд дӕсны дзурӕг нӕу, фӕлӕ у хъуыдыгӕнӕг: арф кӕсы цауты уидӕгтӕм, быцӕуты ратӕдзӕнтӕм. Тохтӕ уыд хӕрзӕгъдау,кусаг, хъаруджын лӕппу. Фӕлӕ фӕиртӕст мыггаджы цардӕй, сси хӕтӕг барӕг, ацыд амалы фӕдыл. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ уый уыд йӕ рӕстӕджы «ног ирон». Райста амалджыны ӕууӕтӕ – сси хъал, къӕйных, хирвӕсон. Ӕппӕлы йӕ кардӕй, фӕлвары йӕ Бӕдтуйы кардыл.

Кодзыртӕ хӕццонӕн зӕхх истой ӕмбис хаймӕ «тыхджын, зӕхджын мыггаг» Хъоротӕй. Хъал у Хъороты Бӕдту «йӕ ис, йӕ бонӕй». Хъал ӕмӕ схъӕлби у «рӕуӕг, ӕнӕуаг адӕймаг» Гаглойты Парса дӕр: ныфс дзы ис йӕ мулк ӕмӕ йӕ бирӕ мыггагӕй. Афтӕ уыд мыггагон царды уаг. Уыцы тых ӕмӕ хъалдзинад сты быцӕуы ӕмбӕхст аххосаг. Фӕлӕ сӕ базмӕста ӕмӕ сӕ цырвау сӕнхъизын кодта Кодзырты Тохтӕйы сӕрыстырдзинад. Быцӕу райста этикон ахаст. Ацы хъуыддаджы дӕр таурӕгъгӕнӕг канд дӕсны дзурӕг нӕу, фӕлӕ у хъуыдыгӕнӕг: арф кӕсы цауты уидӕгтӕм, быцӕуты ратӕдзӕнтӕм. Тохтӕ уыд хӕрзӕгъдау,кусаг, хъаруджын лӕппу. Фӕлӕ фӕиртӕст мыггаджы цардӕй, сси хӕтӕг барӕг, ацыд амалы фӕдыл. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ уый уыд йӕ рӕстӕджы «ног ирон». Райста амалджыны ӕууӕтӕ – сси хъал, къӕйных, хирвӕсон. Ӕппӕлы йӕ кардӕй, фӕлвары йӕ Бӕдтуйы кардыл.

Хъалтӕ архайынц хин ӕмӕ чъизи фӕрӕзтӕй. Бӕдту лӕгӕй-лӕгмӕ ӕнӕбон у Тохтӕйы раз. Уый ӕмдзӕхдон у абырӕг Парсаимӕ ӕмӕ ныр уымӕй скодта мастисӕн хотыл. Рӕузонд Парса Бӕдтуйы ардыдӕй фӕлвары Тохтӕйы цардӕмбалы фӕчъизи кӕнын ӕмӕ уымӕй нӕртон Тохтӕйӕн йӕ намыс байсын. Тохтӕ амары Парсайы, тугӕй ӕхсы йӕ кад ӕмӕ йӕ къайы намыс. Фӕлӕ туджы фӕдыл туг цӕуы. Хъоротӕ растадысты Парсайы сӕрыл. Фӕлӕ «адӕм кӕрӕдзийӕн ӕвзӕр куыд сты, хорз дӕр афтӕ сты: дыууӕ мыггаджы ‘хсӕн бацыдысты ӕмӕ сӕ фыдбылызӕй баиргъӕвтой». Фӕлӕ ӕрбабыстой Парсайы мыггаг ӕфсадӕй. Кодзыртӕ равдыстой ӕхсар, фӕлӕ фесты быныскъуыд.

Хъалтӕ архайынц хин ӕмӕ чъизи фӕрӕзтӕй. Бӕдту лӕгӕй-лӕгмӕ ӕнӕбон у Тохтӕйы раз. Уый ӕмдзӕхдон у абырӕг Парсаимӕ ӕмӕ ныр уымӕй скодта мастисӕн хотыл. Рӕузонд Парса Бӕдтуйы ардыдӕй фӕлвары Тохтӕйы цардӕмбалы фӕчъизи кӕнын ӕмӕ уымӕй нӕртон Тохтӕйӕн йӕ намыс байсын.

Тохтӕ амары Парсайы, тугӕй ӕхсы йӕ кад ӕмӕ йӕ къайы намыс. Фӕлӕ туджы фӕдыл туг цӕуы.

Хъоротӕ растадысты Парсайы сӕрыл. Фӕлӕ «адӕм кӕрӕдзийӕн ӕвзӕр куыд сты, хорз дӕр афтӕ сты: дыууӕ мыггаджы ‘хсӕн бацыдысты ӕмӕ сӕ фыдбылызӕй баиргъӕвтой». Фӕлӕ ӕрбабыстой Парсайы мыггаг ӕфсадӕй. Кодзыртӕ равдыстой ӕхсар, фӕлӕ фесты быныскъуыд.

Таурӕгъы ис тугӕйдзаг цаутӕ, хӕрам, мӕлӕт. Тызмӕг ӕгъдӕутты уынӕм тызмӕг адӕймӕгты, уыдон сты карз ӕмӕ ӕгъатыр. Фӕлӕ таурӕгъӕн ис гуманистон здӕхт. Адӕмы хуыздӕртӕ сты уӕздан, ӕнӕрцӕф, сӕрыстыр, сӕ цардӕй сын зынаргъдӕр у сӕ намыс, худинаджы бӕсты ӕвзарынц мӕлӕт. Цымыдисаг у иу цау: тыхгӕнджытӕ Кодзырты кӕнынц мыггагдзагъд, фӕлӕ дзы иу лӕг ауагъта сылгоймаджы ӕд сывӕллон йӕ цӕгатмӕ, арфӕйы ныхасимӕ. Уыцы сабийӕ равзӕрд Гӕдиаты мыггаг.

Таурӕгъы ис тугӕйдзаг цаутӕ, хӕрам, мӕлӕт. Тызмӕг ӕгъдӕутты уынӕм тызмӕг адӕймӕгты, уыдон сты карз ӕмӕ ӕгъатыр. Фӕлӕ таурӕгъӕн ис гуманистон здӕхт. Адӕмы хуыздӕртӕ сты уӕздан, ӕнӕрцӕф, сӕрыстыр, сӕ цардӕй сын зынаргъдӕр у сӕ намыс, худинаджы бӕсты ӕвзарынц мӕлӕт. Цымыдисаг у иу цау: тыхгӕнджытӕ Кодзырты кӕнынц мыггагдзагъд, фӕлӕ дзы иу лӕг ауагъта сылгоймаджы ӕд сывӕллон йӕ цӕгатмӕ, арфӕйы ныхасимӕ. Уыцы сабийӕ равзӕрд Гӕдиаты мыггаг.