СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

"Лексика. Фалхат каныны армаг" в 5 классе.

Категория: Прочее

Нажмите, чтобы узнать подробности

Урок- повторение изученного материала в 5 классе.

Просмотр содержимого документа
«"Лексика. Фалхат каныны армаг" в 5 классе.»

Темӕ: Лексикӕйӕ рацыд ӕрмӕг сфӕлхат кӕнын.

Нысан:

1.Лексикӕйӕ скъоладзаутӕ ӕрмӕг куыд базыдтой, уый сфӕлхат кӕнын.

2.Ныхасы рӕзт ӕмӕ растфыссынадыл бакусын

3.Адӕмон сфӕлдыстадмӕ уарзондзинад ӕвзӕрын кӕнын скъоладзауты зӕрдӕты.

Урочы пайдагӕнӕн ӕрмӕг: дидактикон ӕрмӕг, ӕмбисӕндтӕ,ӕмдзӕвгӕтӕ,презентации.

Урочы цыд.

Бацӕттӕгӕнӕн рӕстӕг: Уӕ бон хорз, сывӕллӕттӕ.(1 слайд).

Абон нӕ урокмӕ ӕрбацыд уазджытӕ, ӕмӕ сын, уӕ хорзӕхӕй , ӕгас цу зӕгъӕм.(2 слайд).

Сывӕллӕттӕ, цӕмӕй нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, цавӕр ӕвзаджы хай ахуыр кодтам фӕстаг рӕстӕджы, уый тыххӕй мӕ фӕнды , цӕмӕй бакусӕм ацы дзырдбыдыл.

с

т

ъ

а

л

ы

т

ӕ





п

е

ц








к

у

ы

д

з





с

а

г



ӕ

р

г

ъ

и

у





б

у

л

к

ъ







м

ӕ

й






1.Нӕ цары цӕхӕры кӕфой.(Стъалытӕ).

2. Зымӕг хӕры, сӕрд – нӕ. (Пец).

3.Адӕймаджы хуыздӕр хӕлар, хӕдзар хъахъхъӕнӕг.(Куыдз).

4.Нӕ галӕн ӕстдӕс сыкъайы.(Саг).

5.Стӕгӕй фӕлмӕндӕр, фыдӕй хъӕбӕрдӕр.(Ӕргъиу).

6.Сау дӕр вӕййы ӕмӕ урс дӕр, зайы зӕххы бын, у халсар. (Булкъ).

7. Нӕ цары къӕдз ӕхсырф.(Мӕй).

Цавӕр дзырд бамбӕхст нӕ дзырдбыды? (Лексикӕ).

Зӕгъут- ма , цӕй руаджы йӕ сбӕрӕг кодтам не мбӕхст дзырд? (Уыци – уыциты руаджы).

- Абоны урокмӕ нын (скъоладзауы ном) бацӕттӕ кодта фысгӕ куыст адӕмон сфӕлдыстады хуыз «Уыци - уыци»-тӕй хъусынгӕнинаг. Табуафси.

УЫЦИ –УЫЦИТЫ ахадындзинад адæймаджы царды.

Уыци –уыци у адæмон сфæлдыстады хуызтæй иу: исты предмет кæнæ фæзынд барæй зынæмбарæн хуызы æвдисын, цæмæй æцæгæй цы у, уый зындæр базонæн уа.

Уыци – уыцитæ хорз æвдисæн сты, адæм раджы дæр æрдзы æмæ царды алыхуызон фæзындтæм сæ цæст куыд бæстон дардтой æмæ сæ цыбыр ныхастæй бæлвырд æмæ аив æвдисынмæ куыд арæхстытсты, уымæн.

Уыци – уыциты æвдыст цæуы адæмы цыргъзонддзинад, æвзаджы уæрæх авналантæ, йæ хъæздыгдзинад.

Уыци – уыциты хуызтæ сты бирæ.

а)Хæдзары дзаума: «Нæ чысыл арвæй мит уары» (сасир æмæ ссад),

æ)Хæрд æмæ нозт «Доны райгуыры, афтæмæй донæй тæрсы» (цæхх), «Æнæ сæрæй хæрдмæ цæуы» (хыссæ).

б)Дарæс, къахыдарæс: «Бон – дзаг æхсæв – афтид» (дзабыртæ), «Дæлгоммæ – дзаг, уæлгоммæ – афтид» ( худ).

в)Адæймаджы буары хæйттæ: «Нæ талынг скъæты урс уæрыччытæ» (дæндæгтæ), «

г)Æрдзон фæзындтæ: «Нæ зæххыл лæууы, нæ – арвыл (мигътæ),

«Нæ уæлхæдзар – фæндырдзæгъдæг» (арвнæрд),

Уыци – уыцитæ тынг рагон сты, уый бæрæг у сæ мидисæй дæр, уæмæн æмæ сæ æвдыст цæуы ирон адæмы рагон царды нывтæ, сæ царды уаг:

Нæ чысыл мæсыг рæсугъд амад

Йæ алы дур дæр фидар амад. (Нартхор)



Хохы йæ цыбыр кæрц дары.

Быдыры – йæ даргъ кæрц. (Фыс).

- Сывӕллӕттӕ, нӕ зӕрдыл – ма ӕрлӕууын кӕнӕм дзырд «лексикӕ»- йы нысаниуӕг. ( Лексикӕ у ӕвзаджы ахуырады хай, ӕвзаджы дзырдтӕ иумӕ райсгӕйӕ.)

- Куыд ӕмбарут дзырды лексикон нысаниуӕг? ( Зӕгъӕм, дзырд сӕрак -фӕлмӕн тӕнӕг царм, аразынц ӕй сӕгъы, фысы ӕмӕ роды цӕрмттӕй.

Зӕгъӕм, тинтъычъи- сӕгъы хъуын йе ндахӕй йын бийынц кӕлмӕрзӕнтӕ, цъындатӕ.

Ӕхсарджын – уӕндон, ныфсджын, хъаруджын, хъӕбатыр адӕймаг) .

- Не взаджы хъӕздыгдзинад бӕрӕггӕнӕг дзырдтӕ цавӕртӕ сты? (Иунысанон, бирӕнысанон дзырдтӕ,омонимтӕ, синонимтӕ,антонимтӕ).

Дзырдуатон куыст:

Сӕрак -

Тинтъычъи -

Ӕхсарджын -

Иунысанон дзырдтӕ:

Стъол, пъол, хур, арв, дидинӕг, чиныг.

Бирӕнысанон дзырдтӕ:

Мӕй, къах, хос, ӕвзаг, сӕр, был.

- Цы хонӕм дзырды комкоммӕ ӕмӕ ахӕсгӕ нысаниуӕг? (Зӕгъӕм , сыгъзӕрин, ӕппӕты фыццаг нӕ цӕстытыл ауайдзӕн сыгъзӕринӕй конд дзаума (къухдарӕн , рӕхыс,сахат)- уый у ацы дзырдӕн йӕ комкоммӕ нысаниуӕг). Йӕ ахӕсгӕ нысаниуӕг та уыдзӕн- сыгъзӕрин къухтӕ, сыгъзӕрин фӕззӕг, сыгъзӕрин зӕрдӕ.

- Сбӕрӕг ма кӕнут ныр та ацы дзырдтӕн сӕ иумӕйаг ном…

Фыдхуыз – мӕллӕг

Хъӕздыг – бонджын

Дзӕмбы – къух

Нуазын – цымын

Сагъӕс кӕнын – мӕт кӕнын

(Ацы дзырдтӕ сты синонимтӕ).

Цы хонӕм синонимтӕ та? (Синонимтӕ февдисынц иу хъуыдыйы фӕлгъуызтӕ).

Къордты куыст:

1 къорд . Ссарын дзырдтӕн сӕ синонимтӕ.

Адджын – хӕрзад

Ӕрдӕг – ӕмбис

Ссӕдз – дыууын

Ӕмбал – ӕрдхорд

Гыццыл – чысыл

2 къорд. Ссарын дзырдтӕн сӕ синонимтӕ.

Стыр – егъау

Згъорын – дугъ кӕнын

Ӕвзонг – ӕрыгон

Цот – зӕнӕг

Хӕрзхуыз – нард

Ниуын – кӕуын

А)- Ныртӕккӕ уын бакӕсдзынӕн Абайты Амырханы ӕмдзӕвгӕ ӕмӕ мын зӕгъут, цы амонынц бӕрӕггонд дзырдтӕ?

Райсомӕй цӕрдӕг куы фесты,

Уӕд хъазуатон кусӕг фесты.

Комбайн рӕвдз ӕфсиртӕ тоны,

Иу гектар дӕтты дӕс тоны.

Сарӕзта цӕрӕнуат халон,

Цӕй, ныр ын ӕй ӕз куыд халон.

Уыгӕрдӕнты федтон ахстон,

Уым уӕрццы лӕппынтӕ ахстон.

Тоны мад йӕ пакъуы хъазӕн,

Райста саби дӕр йӕ хъазӕн.

Расыг чи кӕны нӕ разы,

Уымӕй мах нӕ вӕййӕм разы.



Б) Цухгонд омонимтӕ бавӕрын:

Сӕрвӕты дын хӕрӕг хизы,

Зонд йӕ сӕрмӕ ппын нӕ ……

Иу фыййау фӕнадта цӕуы,

Дзуджы разӕй , дам, нӕ ……

Кӕд къӕрмӕг тъыст ис йӕ хъусы,

Йе уӕддӕр мӕ ныхас ……

Даргъ фыдынд сӕрыхъуын дары,

Уайдзӕф мурмӕ дӕр нӕ ……



В) Ӕркӕсут –ма нывмӕ ӕмӕ зӕгъут, цы сӕм ис иумӕйагӕй?

Хос. Хос.

Хатдзӕг : Омонимтӕ иртасын хъӕуы бирӕнысанон дзырдтӕй. Иу дзырды нысаниуджытӕ цӕмӕйдӕр вӕййынц ӕввахс, се хсӕн вӕййы бастдзинад, омонимтӕн та иумӕйагӕй ницы вӕййы.

- Ныр та ахъазӕм антонимтӕй. (Ахуыргӕнӕг ахуырдзаумӕ баппары пурти ӕмӕ йын фӕзӕгъы дзырд, хъуамӕ йын уый та зӕгъа йӕ ныхмӕвӕрд дзырд)

Сау – урс, зӕронд- ног, зымӕг – сӕрд, ӕвзӕр – хорз, разӕфтуан – фӕсӕфтуан, ахуыргӕнӕг – скъоладзау, хъӕздыг – мӕгуыр, тыхджын – ӕдых, мӕллӕг – хӕрзхуыз.

Диктант.

Маст чи нӕ бахордта, уый адджын нӕ зоны. Сау къуымбил урс къуымбилыл чъизийӕ худти. Мады зӕрдӕ -риссаг , фыды зӕрдӕ – мӕтгӕнаг. Нартӕн се лгъыст дӕр ӕмӕ сӕ арфӕ дӕр цӕуаг уыдысты.

Даргъ лӕгыл цыбыр рон. (Ссарын антонимтӕ ӕмӕ сын сӕ быны бахахх кӕнын. Дыккаг хъуыдыйад хъуыдыйады уӕнгтӕм гӕсгӕ равзарын).

Уӕдӕ цы хонӕм антонимтӕ? (Сӕ нысаниуӕг ныхмӕвӕрд кӕмӕн вӕййы, ахӕм дзырдтӕн сӕ иумӕйаг ном у антонимтӕ).

Цӕмӕй арӕзт сты диктанты тексты рӕнхъытӕ? (Ӕмбисӕндтӕй)





Цы хонӕм ӕмбисӕндтӕ?

ÆМБИСÆНДТÆ сты цыбыр уацмыстæ, æвдисынц адæмы цыргъзонд æмæ æвзаджы хъæздыг æвæрæнтæ.

Æмбисæндтæн ис хъомыладон ахадындзинад. Фыдæлтæм ахæм ныхас уыд: « Æмбисондхæссæг – зондамонæг».

Сæ тематикæ у алыхуызон:

а)Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад: «Лæгæн дунейыл адджындæр цы баззад?» - «Мад, хæдзар, райгуырæн бæстæ», «Уызын дæр йæхи къудзийы бынмæ лыгъди», «Нарт – иу сæхи уæзæгыл чи нæ райгуырди, уый сæхицæй нæ хуыдтой»,

æ)Куыст æмæ фæллой: «Цард куыстæй у», «Цард куыстæн у», «Цард куыстæй у», «Чи нæ кусы, уый нæ хæры», «Куыстæй адæймаг нæуæг кæны», «Фылдæр кусæг фылдæр цæры», « Цы куыст кæнай, уый – зæрдæйæ».

б)Фыдгуыбын. Фырхæрд: « Æвзæрæн йæ уæлмæрд йæ гуыбын», «Хæрдæй æфсис нæ зоны», «Æдых лæг йæ тых хæрдыл æвдисы», «Йæ гуыбын йе ’ккой акодта æмæ куывдмæ ныффардæг».

в)Æфсæст. Æххормаг: «Æфсæст лæг æнæмæт у», «Æфсæст æххормаджы мæт нæ кæны», «Æфсæсты зæрдæ зарын агуры», Æххормаг лæг йæ гуыбынмæ хъусы», «Фырæххормагæй мæ уд схауы», «Му фырæфсæстæй куырм у, иннæ та фырыстонгæй», «Æххормаджы бафсадын удыбæстæ у».

г) Æфсарм. Уæздандзинад. Æгъдау: «Цæсгом армыдзаг йеддæмæ нæу», «Æфсæрм адæмы у», «Æдзæсго лæг цыдæриддæр фæразы», «Уый æфсæдтæ дæр нæ басæтдзысты», «Адæймаг йæ цæсгомæн чъизийæ куы нæ тæрса, уæд цынæ бакæндзæн?», «Уымæн йæ цæсгомыл дæр бату кæн», « Ирон æфсарм хуыцау макуы байсын кæнæд», «Æфсарм æфсарм у, æгъдау та æгъдау у».



Хатдзӕгтӕ:

1.Уӕдӕ абоны урочы мах сфӕлхат кодтам лексикӕ.

2. Нӕ ферох кодтам нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын адӕмон сфӕлдыстады хуызтӕ. Нӕ урок райдыдтам уыци – уыцитӕй ӕмӕ йын кӕрон скодтам ӕмбисӕндтӕй.

Рефлекси:

Ӕртӕккӕ алчидӕр банымайӕд йӕ дзуӕппытӕ таблицӕмӕ гӕсгӕ, скӕнӕд йӕ зонындзинӕдтӕн бӕлвырд аргъ ӕмӕ равзарӕд хъӕугӕ бӕрӕггӕнӕны хуыз. Бӕрӕггӕнӕнтӕ та сты фӕткъуытӕ… Сырх- иттӕг хорз, бур- хорз, цъӕх- хуыздӕрхъуаг.Бафидар сӕ кӕнут нӕ дыргъбӕласмӕ.

Хæдзармæ куыст:

Алкӕмӕн дӕр байуарын карточкӕтӕ бӕлвырд хӕслӕвӕрдимӕ, кӕцытӕ хъӕудзӕн баххӕст кӕнын.

Хӕрзбон. Арфӕгонд ут.