СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

«Мады рухс цæсгом Плиты Грисы балладæ «Авд цухъхъайы»

Категория: Прочее

Нажмите, чтобы узнать подробности

Открытый урок по осетинской литературе. Урок по балладе Гриша Плиева  "Семь черкесок". Эта баллада о семи братьях Газдановых, героически павших в ВОВ.

Просмотр содержимого документа
««Мады рухс цæсгом Плиты Грисы балладæ «Авд цухъхъайы»»

Темæ: « Мады рухс цæсгом Плиты Грисы балладæ «Авд цухъхъайы»

Урочы нысан: 1. Æппæт хæстæфхæрд ныййарæг мадæлты уæззау хъысмæт.

2. Зынгхуыст хæстонты ном мысын.

3. Рæзгæ фæлтæрмæ гуырын кæнын уарзондзинад райгуырæн бæстæмæ.

Эпигрæф:

Уроы фæлгонц: Плиты Грисы æмдзæвгæты æмбырдгонд, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты темæйыл чингуытæ, Санахъоты С. цыртдзæвæны ныв «Гæздæнты авд æфсымæры», презентации, техникон фæрæз, видео «Авд цухъхъайы».



Урочы цыд:

  1. Бацæттæгæнæн рæстæг.

Ахуыргæнæджы раныхас: Уæ бон хорз! Абон нæ урокмæ æрбацыдысты уазджытæ æмæ сын арфæ ракæнæм.

Истори адæмæн радта цивилизаци æмæ культурæ, фæлæ дзы тынг бирæ уыд хæстытæ.

Ныффыссын ассоциацитæ дзырд «хæст»-мæ.

- Куыд уæм кæсы, ацы ныхæсты нысан хорз у æви æвзæр? Цæмæн?

Бакæсæм-ма чысыл видеоравдыстмæ.

- Цы дзы æвдыст цæуы? Цавæр хæсты кой дзы цæуы?

Æвдыстдзы цæуы хæсты цаутæ. Фыдыбæстæйы Стыр хæст, 1941-1945 азты

- Ирыстонмæ æрхæццæ хæст?

Ирыстонмæ дæр æрхæццæ ис уыцы тугкалæн хæст.

- Куыд равдыстой сæхи хæсты Иры фæсивæд?

Ирыстонæй хæстмæ ацыд бирæ фæсивæд, сæхи хъæбатырæй равдыстой. Сæ фылдæр нал сыздæхтысты хæстæй.

- Æцæг дæр хæстмæ ацыд бирæ фæсивæд, уыдонимæ ирон фысджытæ дæр(слайдтæ). Сæ фылдæр баззадысты хæсты быдыры, чи ссыд, уыдон та нын се сфæлдыстады равдыстой уыцы трагикон хабæрттæ.

Уыцы фысджытæй иу уыд Плиты Грис. Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм йæ уацмыстæ хæсты темæйыл, кæцытимæ базонгæ стут?

- «Мад», «Æртхутæгдон», «Салдат», «Авд цухъхъайы».

Бакæсæм-ма скъоладзауы конд презентации «Цыртдзæвæнтæ хæсты хъæбатыртæн».

- Куыд уынæм, афтæмæй, хъæбатырты нæмттæ рохуаты нæ зайынц.



Лæмбынæг дæр ма æркæсæм Санахъоты Сергейы цыртдзæвæн Гæздæнты авд æфсымæрæн.

- Чи уыдысты? Цæмæй фесгуыхтысты?

1 ахуырдзау: Уыдон уыдысты авд æфсымæры, цардысты Дзуарыхъæуы. Фæлæ хæст куы ралæууыд, уæд авдæй дæр ацыдысты хæстмæ, сæ райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ.

2 ахуырдзау: Сæхи хъæбатырæй равдыстой, авдæй дæр сæ цард радтой сæ райгуырæн бæстæйы сæраппонд.

Ныртæккæ та байхъусæм Агайты Сосланмæ, кæцы нын абонмæ бацæттæ кодта хъусынгæнинаг Гæздæнты авд æфсымæры тыххæй презентациимæ:

«Ираны стыр поэт Фирдауси фыста: «Ǽнусон ницы ис зæххыл, æнæмæлæт сты æрмæст геройты сгуыхт æмæ куырыхон ныхас» ацы ныхæстæ хауынц Гæздæнты æфсымæртæм, кæцытæ хæсты быдырæй нал сыздæхтысты, сæ цард радтой сæ райгуырæн бæстæйы сæраппонд. Кæд сæхæдæг фесæфтысты, уæддæр сæ хъайтары ном, сæ кад æмæ намыс цæрдзæн æнусты. Уымæн та æвдисæн, фысджытæ, нывгæнджытæ се сфæлдыстадæй сæ ном куыд арынц. Ис сыл адæмон зарæг, нывтæ, зæгъæм, Абойты З. ныв, кæцыйы æвдыст ис Гæздæнты фсымæрты цыртдзæвæн, йæ алыварс адæм, се хсæн лæууы стыр зындгонд дагъыстайнаг поэт Расул Гамзатов. Уый ныффыста диссаджы æмдзæвгæ «Журавли». Плиты Грис сыл ныффыста балладæ «Авд цухъхъайы» (слайдтæ).

- Абон лæмбынæг æрдзурæм балладæйыл. Фæлæ уал ма зæгъут, цы у балладæ?

Балладæ у, сюжет кæм ис, ахæм лирикон таурæгъ. Уый æвдисы таурæгъон кæнæ историон цаутæ, кады сгуыхтытæ, йæ хъайтартæн вæййы æнахуыр диссаджы хъысмæттæ.



Бакæнæм дзырдуатон куыст:

Æдарæг – æнæдарæг

Æнхъæлцау – ныфс, зæрдæдарæн фырт

Хъуытазхъæлæс – зараг

Клейст – немыцаг æфсæддон раздзæуæг, инæлар.

Бакæсæм-ма чысыл видеомæ.

- Цы дзы æвдыст цæуы?

- Цы нысан кæнынц уыцы авд цухъхъайы?

Авд æфсымæры Гæздæнтæй ацыдысты хæстмæ æмæ нал сыздæхтысты. Æрмæст-ма сæ цухъхъатæ ауыгъдæй лæууынц. Сæ мад цухъхъатæ йæ къухæй сæрфы æмæ семæ дзуры.

- Цы уавæры ис мад?

Мад ис тынг уæззау уавæры. Хъæбулы зындзинадæй æвзæрдæр ницы ис.

Кæцы рæнхъыты тынгдæр æвдыст цæуы мады уавæр, ссарут ма сæ?

«Мад йæ хъæбулты рæвдауы

Цухъхъатæ йæ уырзтæй дауы,

Иуæй иннæмæ цæуы…

Айнæг сау фырчытæй хауы,

Арв цыхцырджытæй кæуы»


Ацы рæнхъытæ фæлхатгонд цæуынц алы хайы фæстæ, цæмæн? Куыд хуыйны уыцы фалхат?

Ацы фæлхат хуыйны рефрен, балладæйы у ахъаззаг, уымæн æмæ дзы æвдыст цæуы мады стыр трагеди, æрдз дæр нæ уромы йæ рыст.


Хатдзæгтæ:


- Скæнæм хатдзæг мады хъысмæтæн.

- Мады хъысмæт у трагикон.

- Цавæр фæлгонц у мад балладæйы?

- Мад балладæйы у символон. Иу ныййарæджы хъысмæты зыны æппæт ныййарджыты хъысмæт, æвдыст æрцыд хæсты трагедии.

- Уæдæ, цæмæй у мады цæсгом рухс, кæд йæ авд фырты фесæфтысты хæсты?

- Мадæн йæ цæсгом рухс у йæ фырттæй. Уыдон сæ сæрмæ худинаг не рхастой, фæлæ сæ фыдыбæстæйы сæраппонд, сæрибарыл радтой сæ цард.

Кæронбæттæн:


  1. Абоны урочы уæ зæрдæмæ цы фæцыд? Цы нæ фæцыд?

  2. Цы райстат абон урокæй уæхицæн?

  3. Цæуыл нæ ахуыр кæнынц ахæм уацмыстæ?


Байхъусын дзуаппытæм, сæвæрын бæрæггæнæнтæ комментаритимæ.


Хæдзармæ куыст раттын:


Ныффыссын нывæцæн: «Мæ мады рухс фæлгонц».