СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Новогодние праздники

Категория: Музыка

Нажмите, чтобы узнать подробности

НОВОГОДНИИ СЦЕНАРИИ ДЛЯ СРЕДНЕ ГРУППЫ НА ОСЕТИНСКОМ ЯЗЫКЕ

Просмотр содержимого документа
«Новогодние праздники»

Средняя группа


Махæн у уæ уынд æхсызгон

Æнæзивæг æрцыдыстут нæм абон,

Иумæ арвитæм нæ Ног бон

Цæй ныр райдайæм бæрæгбон.


(Сабитæ æрцыдысты музыкалон уатмæ сбадæнт.)


Хъомылгæнæг. Ног æз, Ног æз!

Хъæлдзæгай лæууы нæ заз

Арфæтæ кæнæм мæх сабитæн,

Иры адæмæн æмæ уазджытæн.

(хъомылгæнæг ныззыланг кодта йæ телефон, дзуры).

Хъомылгæнæг. Дæ бон хорз Митын Дада!

Зæгъма, чи дæ смæсты кодта?

Бафæладтæ ды фæндагыл

Фембæлдтæ цыдæр хæдзарыл?

Карчы къæхтыл уый лæууы?

Къулбадæг усы ныхæс дзы цæуы?

Цавæр фыдбылыз æрхаста?

Цы? Митæйы хъæдмæ фæхаста?

Агурæг йæм фæцæуыс?

(Йе ргом раздæгъта сабитæм æмæ дзуры).

Цæй цы кæнæм ныр æмбæлдтæ.

Фыдбылызы сты хæллæрттæ.

(Фæзынд къулбадæг ус).

Къулбадаг ус: Фу – фу – фу!

Цыдæр тæфтæ мыл цæуы?

(Кæсы зазмæ)

Ай та цавæр къудзи у?

(Кæсы дисхуызæй).

Бæсты астæу уый лæууы.

Хъомылгæнæг.: Ды ныл хинæй мæ цу

Рæвдздæр абон Митæйы æрбахон.

(Къулбадаг ус худы)

Къулбадаг ус: Цæмæй Митæйы фенат

Хъалон хъуамæ бафидат.

Се ʾппæтæй æмбырд кæнын

(Зилы ныййарджыты хсæн).

Рæвз хуынджылæг нæ кæнын.

Хъомылгæнæг.: Сыв-тæ разы стут?

Кæд сабитæ разы стæм

Уæд зæронды ирхæфсæм

Митæйы æрбахонæм

Цæй зæронд ныр райдайæм?

Къулбадаг ус: Иумæ зарæг акæнæм.

Хъомылгæнæг. Стыр зылдæй ныр мæх æрллæууæм

Заз бæласыл зарæг азарæм.


(зарæг : Стъалытæй æртивы заз).


Сыв-та бадынц бандæттыл.

Къулбадаг ус. Зарджытæ зарынмæ дæсны стут уый бамбæрстон. Фæлæ уыци – уыцитæ зонут?


(Уыци – уыцитæ)


Къуылбадаг ус. Тынг хорз. Базыдтат се ʾппæт уыци – уыцитæ.

Уæдæ ма мын зæгъут кафын зонут.

Хъомылгæнæг. Чи фæкафы æмæ зары

Хъæлдзæг уый йæхи фæдары

Зардзыстæм, кафдзыстæм

Нæ хъыг дардмæ сурдзыстæм.


(Зарæг : «Как красива наша елка» ).


Хъомылгæнæг. Цæй, концерт дæр равдыстам

Хъæлон дæр дын бафыстам

Ды зæронд фæлитой ма у.


(Къулб. ус кæлæнтæ кæны Муз. Уатмæ æрбахыст Митæ).


Митæ: Уæ бонтæ хорз!

Кæдæй – уæдæй уæм сымбæлтæн

Сабиты рæвдауæндонмæ.

Сымæх фенынмæ тынг бæлыдтæн

Æнхъæлмæ кастæн бæрæгбон мæ

Митын гæлæбутæ мæ фæстæ тæхынц

Æмæ сæ зилдух кафт махæн кæнынц.


(Митын гæлæбуты кафт).


Хъомылгæнæг. Сабитæ, Митын Дадайæн

Фехъусын кæнын хъæуы,

Митæйы кæй фервæзын

Кодтам уый тыххæй!

Фæдзурæм Митын Дадамæ

Æмæ нæм тагъддæр фæзына.


(Сыв – тæ дзурынц æмæ æмдзæгъд кæнынц). 3 хатты.


Митын Дада. Уæ бонтæ хорз, уæ бонтæ хорз!

Мæ зынаргъ хæлæрттæ,

Чызытæ æмæ лæппутæ.

Æз уæм аргъауæй æрцыдтæн

Зардзынæн æмæ афдзынæн

Æрбахастон уын лæвæрттæ

Сабитæн сæ радзынæн.


(дзуры Митæмæ)


Митын Дада. Митæ, Дадайы хъæбул

Мæты бацыдтæн дæуыл.


(дзуры Къ. Усмæ).


Ды та зæронд кæн зыр – зыр

Цæй да фыд фæуыром ныр!

Мæ цæстынгас куы фæивон

Хъуамæ дæ ныссæлын кæнон.


(Хойы йæ лæдзæг, æвзиды Къулыбадаг усмæ).


Къулыбадаг ус Нæ – нæ – нæ, Митын Дада

Æз кæнын фæсмон

Сабитимæ æз Дада

Кафдзынæн уый зон!

Митын Дада. Уæ заз бæлас у тынг рæсугъд

Алы хуызон фардгуытайыл ауыгъд

Цæхæр цырæгътæй уый калы

Æмæ ныр лæууы нæ залы.

Митын Дада, æз зонын сабитæ сæхи

бæрæгбонмæ кæй бацæдтæ кодтой

Уыдон азардзысты зарæг: Митын Дада.


(зараг Митын Дада)


Хъ – г Нырта ахъазæм: «Ныссæлын кæнын».

Митын Дада. Ох! Диссаджы адæм стут, Дадайы тынг

хъалдзæг дарут, зарут æмæ кафут.

Æмдзæвгæтæ та зонут?


(сыв- тæ кæсынц æмзæвгæтæ).


Митын Дада Тынг хорз кæсут æмдзæвгæтæ

Хъ – г: Дада, мах зарыдыстæм кафыдыстам

Уадæ кæм сты на лаварттæ?

Митæ: Дада, иумæ куы цæдтæ кодтæм

Лæвæрттæ. Кæм ис дæ голлаг?

Митын Дада. Æз ай дуары цур фауахтон…

Сабитæн цæ ардæм хастон…


(агуры голлаг)


Къулыбадаг ус Митын Дада мæнæ дæ голлаг

Митын Дада. Бузныг Къулбадæг - ус кæй мын

ахуыс кодтай. Æртæккæ мын

сабитæ акафдзысты

Æмæ цын уæд байуардзынæн сæ лæвæрттæ.


(кафт)


Митын Дада. Къулбадæг ус, Митæ фæкæсут æмæ

сабитæн байуарут са лæвæрдттæ

Къулбадаг ус: Мæнæ райсут.

Митæ. Адон цы сты?

Къулбадаг ус: Куыд цы сты, мæ рагон къаба. Æз иу куы скодтон, уæд мæм хъады цæрджыта кæсынæй не фсастысты.

Ай, та у мæ стъол æмбæрзæн, гыццыл йæ мыст бахъыгдæрдта.

Мæната мæ тебæ. Ауыл дæр сæдæ азæй фылдæр нæма цæуы.

Митын Дада. Къулбадæг ус цы фæкодтай мæ голлаг?

Æртæккæ йæ куы нæ æрбахæссай, уæд дæ ныссæлын кæндзынæн.

Кълбадаг ус Дада, мæхи Дада

Хатыр бакæн. Æз хуынджылæг кодтон

Цæмæй нæм абон хъæлдзæгдæр уа!

Митын Дада. Уайгæ æмæ мын мæ голлаг æрбахæс.


(ацыд къулыбадаг ус æрбахаста голлаг).


Митын Дада. Митæ райс лæвæрдтæ

Æмæ цæ байуар сабитæн.

Митын Дада. Ног азы хорзæх уæ уæд!

Хордзинæдтæ уын архæссæд!

Æз уæм иннæ аз цæудзынæн

Æмæ ног лæвæрттæ æрхæсдзынæн

Хæрз бон! Не ʾннæ фембæлдмæ.









Митын Дада.


Митын Дада, Митын Дада

Цу нæм алыбон æгас!

Митын Дада рахæс демæ

Сывæллæттæн заз бæлас.


Заз бæласыл гагадыргътæ

Хуртæ, стъалытæ мæ мæй

Заз бæласыл хъазæн мæргътæ

Хъазæнт къалиутыл фæрнæй.


Митын Дада, Митын Дада

Цу нæм алы бон æгас!

Иры бæстæн алы хатт дæр,

Амонджын куы уа сæ аз!


























Ног аз.

1. Заз бæлæс рæвдауæн доны

Аив кæны уат,

Сабитæн сæ бæрæгбоны

Хъуысы дардмæ зард


Базард: Ног аз, Ног бон,

Зарæг дыл кæнæм,

Ног аз, Ног бон,

Æгас цу! Дын зæгъæм.


2. Хъазæнтæ æмæ фæрдгуытæй

Сфæлдыстам нæ заз,

Стъалытæ æмæ цырæгътæ

Ссудзæм алы аз.


Базард: Ног аз, Ног бон,

Зарæг дыл кæнæм,

Ног аз, Ног бон,

Æгас цу! Дын зæгъæм.


3. Митын Дада нæм фæзыны –

Сабиты уарзон,

Азæй – азмæ дæу фæмысы

Махæй алчи зон!


Базард: Ног аз, ног бон

Зарæм мæх дæуыл

Ног аз, ног бон

Æгас цу дын зæгъæм.







Стъалытæй æрттивы заз.


Стъалытæй æрттивы заз

Зарынц сабитæ уымæн йæ раз

Хъæлдзæгæй лæууы бæлас

Кафынц сырдтæ йæ алыварс


Базард: Рувас, тæрхъус æмæ арс

Кодтой цæуыл дæр тых ныхас

Зæронд бирæгъмæ кæс

Цæуы дæндæгты къæс – къæс – къæс


Зилдух иууыл кæнынц

Бузныг зæронд азæн зæгъынц

Митын Дедамæ кæсынц

Æмæ худæгæй мæлынц


Базард: Рувас, тæрхъус æмæ арс

Кодтой сæхи ахсæн ныхас

Кафы æхсæрæг, мæ мыст

Уынджы та у уазал æмæ хъызт.