Сæргæндтæ
1. Разныхас
2. Цардæрфыст
3. Къостайы номимæ баст хæдзар
4. Къоста Теккаты хъæуы.
5. Мæ райгуырæн хъæу Лабæ.
6. Кæронбæттæн
Разныхас
Къоста! Ацы дзырдимæ баст сты ирон адаймаджы æппæты рæсугъддæр бæллицтæ, йæ сæрыстырдзинад. Цас æмæ цас хъуыдытæ равзæры ацы ном фехъусгæйæ адæймагмæ!
«Ирон адæмы сæуæхсид», «нæ цæугæ мæсыг», «нæ культурæйы астæуккаг цæджындз» - фыр буцæй ахæм нæмттæй фæхонынц ирон адæм сæ цытджындæр поэт æмæ уарзондæр хъæбул Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы. Нæ литературæ æмæ культурæйы кой кæнгæйæ фыцйаджыдæр кæй ном фæзæгъæм, уый вæййы Къоста.
«Нæ литературæйы рæзты нæм Къостайы размæ дæр, стæй йæ фæстæ дæр, бирæ куырыхон æмæ курдиатджын фысджытæ уыдис æмæ ис, фæлæ уыдон се 'ппæт дæр, стъалытæ хуры алыварс куыд сты, афтæ бадзыгуырд сты Хетæгкаты Къостайы стыр ном æмæ генион поэзийы амфамблай. Национ литературæ саразын æмæ бабиноныг кæнын адæмы зонды дæр, стæй нацийы монон сфæлдыстады дæр, уымæн стыр зонд æмæ курдиат хъуыд, стыд ныфс æмæ удуæлдайдзинад. Æмæ нæ адæмы историйы ахæм адæмаг разынд, ахæм сгуыхдзинад бакодта иунаг Хетагкаты Къоста». Уыцы лæгдзинад, уыцы стыр сгуыхтдзинад никуы рох кæнынц ирон дзыллæтæ. Уымæн у кæдфæндыдæр Къоста ирон адæмæн сæ карздæр сомыйы, сæ зæрдæбындæр арфæйы сæр, сæ ныфс, сæ хъаруйы фидар мæсыг. Афтæмæй баззад нæ абоны фæлтæрæн, афтæмæй баззайдзæн нæ фидæны фæлтæртæн дæр.
Сомыйы сæр, арфæйы сæр… уыдон сæхæдæг сæхи 'гъдауæй не 'рцæуынц адæймагмæ. Алы лæджы бон нæ вæййы уыцы стыр кад æмæ намысы аккаг суæвын. Йæ адæмы хуыздæр миниуджытæ кæм баиу вæййынц, æрдзæй ахæм стыр курдиат чи рахæссы, йæ цард æппæтæй дæр адæмы хъысмæтыл чи бабæтты, æрмæстдæр уыдонмæ кæсы ахæм стыр намыс æмæ кад, æрмæстдæр ахæм адæймæгтæй вæййынц адæм сæрыстыр, æрмæстдæр уыдон цæрынц сæ зæрдæты æнустæм.
Къоста цардис тызмæг æмæ зын рæстæджы. Уыцы уавæрты йæ цард æппæтæй дæр сбаста адæмы хъысмæтимæ. Йе стыр нафс, йæ куырыхон зонд, йе стыр хъару æнæвгъау лæвæрдта æфхæрд дзыллæты фидæны рæсугъддæр æмæ амондджындæр царды сæраппонд. Уымæн æй афтæ тынг уарзтой адæм сæхæдæг дæр, уымæн ын кодтой ахæм стыр аргъ. Хурыскастау бæллыдысты фæллойгæнæг дзыллæтæ йæ фенынмæ. Йæ алы ногзарæг дæр сын хаста ныфс, æууæндын сæ кодта цардыл,рæсугъддæр фидæныл. Уымæн азæлыдысты йæ диссаджы зарджытæ, йæ зæрдæбын сагъæстæ нæ Иры хæхты æмæ быдырты, уымæн уыд сæ зын æмæ сæ тыхсты сахат сæ ныфс, сæ хъаруйы мæсыг.
Стыр цымыдисаг сты зындгонд ахуыргонд Абайты Васойы рæстдзæф ныхæстæ Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстады ахадындзинады тыххæй нæ адæмы истории æмæ культурæйы. Иристоны дзыллæтæ Къостайы сæдæ дыууын азы кадджын юбилей куы бæрæг кодтой, уæд йæ цыбыр раныхасы фыссæджы тыххæй афтæ дзырдта: «Алы адæмтæ дæр æхсызгонæй æмæ сæрыстырæй фæзæгъынц, дзыллæты цæсты сæ кадджын чи скодта, сæ национ гении, уалдзыгон дидинагау, кæй фæрцы райхалд, сæ уыцы ахсджиаг хъæбулты нæмттæ. Англисаг сæрыстырæй фæзæгъы Шекспиры ном, шотландиаг – Бернсы, немыцаг – Гетейы, италиаг – Дантейы, уырыссаг – Пушкины.
Мах, ирæттæ та фæзæгъæм Къоста, æмæ ным нын уыцы ном нæ зæрдæтæ байдзаг кæны æгæрон сæрыстырдзинад æмæ хъæбулы уарзондзинадæй».
Ирон номдзыд адæмон поэт, ирон аив литературæйы æмæ æвзаджы бындурæвæрæг, фыццаг ирон профессионалон нывгæнæг, зынтæ æхсæнадон архайæг Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста райгуырди 1859 азы 15-æм октябры Цæгат Ирыстоны, Уæлладжы комы, Нары хъæуы. Ам арвыста йæ сывæллоны бонтæ. Ам æдæрсгæ акодта йæ фыццаг къахдзæфтæ, ам фыццаг хатт фехъуыста ирон адæмон зарджытæ æмæ таурæгътæ. Ам федта йæхи цæстытæй мæгуыр æмæ æфхæрд хæххон адæмы уæззау æмæ хъизæмайраджы цард, ам сын фыццаг хатт фехъуыста с4æм федта йæхи цæстытæй мæгуыр æмæ æфхæрд хæххон адæмы уæззау æмæ хъизæмайраджы цард, ам сын фыццаг хатт фехъуыста сæ хъарзын, ирон сылгоймаджы зæрдæхалæн хъарджытæ æмæ сæ йæ амæлæты бонмæ нал ферох кодта.
Къостайы мад Гуыбаты Маря амард, фидæны поэт мА хæрз чысыл сывæллон куы уыдис, уæд. Уымæ гæсгæ Къостайы хъомыл кæнынмæ радтой се 'рвадæлты ус Чендземæ. Уый афтæ бауарзта Къостайы, афтæ тынг æй йæ зæрдæмæ айста æмæ йæ хи хъæбулау рæвдыдта. Къоста дæр бирæ уарзта Чендзейы, нымадта йæ йе схæссæг мадыл, кодта йын стыр аргъ, йæ амæлæты бонмæ йын нæ ферох кодта йæ хорздзинæдтæ, йæ рæвдауæн дзырдтæ, йæ фæлмæн ныхас. Фæстæдæр ын йæ ном ссардта зæрдæбын æмæ арфæйаджы ныхæстæй.
Мæн иу ус фæхаста…
Сывæллон ахуыр,
Йæ дзидзи нæ ласта
Мæ дзыхæй, мæгуыр.
Куыд фæрæзта уыйас-
Æппæтæй дæр фаг!
Фæцардтæн æм иу аз,
Фæдæм иу дыккаг-
зæгъы Къоста йæ зынгонд поэмæ «Чи дæ?» зæгъгæ, уым.
Цардæрфыст
Æппæт дуне –
мæ кувæндон…
Ирыстоны хохбæсты астæу, зæронд Нары хъæуы номджын æхсæны лæгæн Хетагкаты Леуаны райгуырди лæппу. Нары хистæртæ йыл сæвæрдтой ном – Къоста. Къоста райгуырд 1859 азы 15 октябры. Дыууæаздзыдæй йæ мад – уыди Гуыбатæй – амарди. Сæ хæстæг ус Хетæгкаты Чендзе райста сидзæры хæссынмæ… сызгъæрин зæрдæ уыди уыцы усæн… ирон мады ад ын фенын кодта.
Йæ дзидзи нæ ласта
Мæ дзыхæй, мæгуыр!..-
зæгъы йæхæдæг Къоста. Лæппуйыл фондз азы куы цыд уæд йæ фыд, уырыссаг æфсады прапорщик хæстон операциты архайæг ракуырдта дыккаг ус, уымæй йын райгуырди чызг Олга.
Нæ бæстæйы номдзырддæр адæмæй иу уыд, фыссæг, нывгæнæг, æхсæнадон архайæг Хетагкаты Леуаны фырт Къоста. Къоста уыл стыр зонды хицау, йе сфæлдыстад æмбæлыд адæймаджы зæрдæйыл.
Къоста ахуыр кодта Нары скъолайы, фæстæдæр та – Дзæуджыхъæуы реалон училищейы. 1870 азы йæ арвыстой Стъараполы гимназимæ. Лæппу йæ фыды уæзæгæй кæй фæиппæрд, йæ хæдзармæ кæй мысыд, уый фæрцы ирддæрæй рабæрæг йе сфæлдыстады курдиат. Ахуыры фыццаг бонтæйаъуыргæнджытæь рахатыдысты, Къоста æнæхин, цардбæллон ахуырдзау кæй у уый. Ахуырдзауы бирæвæрсыг зонд адæмы æфтыд та дисы. Гимназы ахуыр кæнгæйæ, Къоста базонгæ А.С. Пушкины, М.Ю.Лермонтовы, Н.А. Некрасовы, А.Н. Островскийы æмæ æндæр номдзыд фысджыты сфæлдыстадимæ. Уырыссаг классикты уацмысты æмæ зæрдæхæлар педагогты фæрцы Къоста ссис мæгуыр адæмы сæрылхæцæг. Адæмы сæрхъуызой тох кодта хохæгты æхсæн рухс тауыны, адæмы культурæйыл ахуыр кæныны сæрæппонд.
Нывкæнынады ахуыргæнæг В.И. Смирнов лæппумæ рахатыд нывгæнæджы æвæджиауы курдиат. Ахургæнæг Къостайы нывтæй арæх арæзта равдыстытæ, 1877 азы та йын сæ арвыста Нывты æппæтуæрæсейон равдыстмæ. В.И. Смирнов бацархайдта, Къостайæн стипендии фидын цæмæй райдайой, ууыл æмæ ахуырдзауы йæхи хардзæй аласта Петербурджы академимæ.
Къоста академии кæронмæ каст нæ фæци. Академийы разамонджытæй иу ныххæлæттаг кодта ахуыргæнæндоны ахца, æмæ Къостайæн стипендии нал фыстой. Æхца бакусынæн студент наулæууæйы куыста æвгæнæгæй, заказмæ гæсгæ кодта нывтæ… къоста рынчын кæй фæци, уымæ гæсгæ ныууагъта йæ ахуыр æмæ 1885 азы сыздæхт Ирыстонмæ.
Ирон адæмы мæгуыр æмæ æфхæрд царды тыххæй Къоста ныффыста, адæм къухæй-къухмæ кæй лæвæрдтой, бирæ ахæм зæрдæмæхъаргæ æмдзæвгæтæ.
Паддзахады администрации агуырдта æфсон Къостайы адæмæй фæхицæн кæнынæн. 1891 азы 5 январы Гуырдзыстоны дины разамонæджы бардзырдмæ гæсгæ сæхгæдтой Ольгæйы номхæссæг чызджыты скъола. Къоста разы нæ уыд скъола сæхгæнынæй, æмæ уымæ гæсгæ паддзахы бинойнаг Ольгæ Федоры чызгмæ æмæ Сыгъдæг сидоны обер-прокурор К.П. Победоносцевмæ арвыста хъаст. Скъола ногæй байгом кодтой. «Къоста ирон адæмы хицауады ныхмæ кæй ардыдта, хицауады та сайгæ кæй кодта», уымæ гæсгæ йæ облæстæй арвыста.
Къоста фæстæмæ æрбацыд, кæддæр кæм ахуыр кодта, уыцы Стъараполмæ, ногæй та фембæлд йæ раздæры ахуыргæнæг В.И. Смирновимæ.
Къоста тох кодта йæ Райгуырæн бæстæйы куыстад æмæ адæмы фæрныгад фæхуыздæр кæныны сæраппонд, фæндыд æй, хъКъоста тох кодта йæ Райгуырæн бæстæйы куыстад æмæ адæмы фæрныгад фæхуыздæр кæныны сæраппонд, фæндыд æй, хъæууонхæдзарадон æмæ хæххон хайæдтæ кæм уа, ахæм политехникон институт Кавказы цæмæй байгом кæной, уый. Ахæм рæсугъд бæллицтæ уыд канд не 'мзæххонмæ нæ, фæлæ Кавказы æппæт рæстуд адæммæ.
Къоста Уæрæсейы хуыдта «нæ иумæйаг райгуырæн бæстæ» æмæ йæ нымадмæ гæсгæ Кавказы хохæгтæ «уæрæйсейаг ногдзауимæ хъуамæ кæной æмгуыст».
Къоста хæсджын уыд уæрæсейаг культурæйæ, æмæ адæмы рæзтæн æмæ рухсадæн бирæ чи бакуыста, уыцы фысджыты кадæн сфæлдыста зæрдæмæхъаргæ æмдзæвгæтæ. Фæлæ паддзахы хъузæттæ нæ поэты æнцад нæ уагътой. 1898 азы Дзæуджыхъæуы иу чындзæхсæвы рæстæг фæсивæд æгъдау фехалдтой. Ахст адæмыæхсæн разынд, «уæдмæ цалдæр азы дæргъы Терчы облæсты чи нæ цард». Къоста уыцы æмном æрвад, фæлæ поэты Ирыстонæй ахастой фондз азы æмгъуыдмæ. Къоста барадхъахъхъæнджытæн бавдыста, кæимæдæр æй кæй фæивддзаг кодтой, уый, фæлæ рынчын лæгæн тæрхон ивд не 'рцыд. 1903 азы Къоста фæрынчын уæззау низæй æмæ хуыссæнæй сыстын йæ бон над уыд.
Къостайы æнæмæлгæ æмдзæвгæтæ, поэмæтæ æмæ нывиæ мыхуыргонд цæуынц дунейы бирæ бæстæты. «Ирон фæндыр» рауагътой Чехославакийы, Венгрийы, Болгарийы, Румыны, Аглисы, Германы, Данийы, Мысыры, Индийы, Японы æмæ æндæр бæстæты. Бирæ европæйаг поэттæ сæ уацмысты арынц Къостайы ном.
Къостайы уацмыстæ мыхуыргонд æрцыдысты хийдины æмæ араббаг æвзæгтыл. Мысыраг журнал «Аль-Иха-йы» рацыд уац Къостайы сфæлдыстады тыхæй, стæй йе 'мдзæвгæтæ «А-ло-лай», «Катай», «Æнæхай».
Ацы уацы бæстон радзурæн нæй, дунеон муыхуыры Къостайы тыххæй цы æрмæджытæ рацыд, уыдоны се 'ппæты тыххæй, фæлæ куыд уынæм, афтæмæй номдзыд ирон поэтæн дунейы кæнынц стыр кад. Къостайы райгуырды 100 азы кадæн Кремлы театры уыд æмбырд. Æмбырды ныхас кæнгæйæ, Н.А. Тихонов загъта: «Хетагкаты Къостайы никæимæ ис абарын. Уый уыд курдиатджын поэт, прозаик, публицист… æмæ нывгæнæг».
Къоста Петербурджы Аивæдты академийы куы ахур кодта, уæд йæ ахуыргæнæг уыд В.А. Серов, æмæ Къостайы сфæлдыстад йæ ахуыргæнæджы сфæлдыстадæй дæлдæр нæ лæууы. Къостайы уацмыстæ «Дурсæттæг лæппутæ», «Дондзау» дзурæг сты, нывгæнæг адæмы зæрдæйæ кæй уарзы, ууыл. Адæм куыд, зæгъынц, афтæмæй «Дондзауы» Къоста сфæлдыста, кæй никæд федта, йæ уыцы мады сурæт.
Мæнæ æрыгон сылгоймаг хæцы йæ «бæхылбадæг» хъæбулыл. Бæрæг у, сылгоймаг йæ лæппуйыл зæрдиагæй æнувыд кæй у æмæ йæ бирæ кæй уарзы, уый. Къоста конд сурæттæ æххæстæй сты адæмы æнгæс æмæ сæ æвдисынц æргом.
Адæмы зæрдæмæ фæцыд, къоста йæхæдæг кæй сныв кодта, йæхи уыцы сурæт: хъуыдыгæнæг адæймаг æнкъард цæстæнгасимæ.
Нывгæнæг бирæ нывтæ сарæзта Квказы рæсугъд æрдзы тыххæй. Къостайы нывтæ адæмы зæрдæмæ цæуыец, цард ирдæй кæй æвдисынц æмæ бирæйыл дзурæг кæй сты, уый тыххæй. Номдзыд нывгæнæджы уацмыстæ хуыздæр музейты ахсынцаккаг бынат.
1899 азы «Ирон фæндыр» кæй фæзынд, уымомдзыд нывгæнæджы уацмыстæ хуыздæр музейты ахсынцаккаг бынат.
1899 азы «Ирон фæндыр» кæй фæзынд, уымæй Ирыстоныл æрцыд стыр цау.
Номдзыд фыссæг С. Михалков загъта: «Бирæ азты фæстæ дæр ирон адæмы намысджын хъæбулы ном æрттивдзæн Кавказы цъитийау. Адæм кæддæриддæр зæрдиагæй нуазджысты Къостайы сфæлдыстады сыгъдæг суадонæй».
Къостайы номимæ баст хæдзар
Цæвиттон, Байаты Чермены уынг кæддæр, революцийы агъонмæ, хуындис «Къупецаг», цардысты дзы фæрæзджын адæм. Уæлдай бæрæгдæр се 'хсæн уыдис дыууæуæладзыгон агуыридурæй амад бæрзонд бæстыхай. «Высокий барский дом», афтæ хуыдта Къоста Поповты хæдзар. Ам цардис йе сфæлдыстады уæлтæмæны суадон – Аннæ Попова. Ацы чызджы фыццаг хатт куы федта, уæдæй дыууæ азы дæргъы æнцой нал зыдта Къоста. Æрыгон поэты зæрдæ сыгъдис тыхджын æрæрон уарзондзинадæй, фæлæ йын нæ уæндыдис йе 'нкъарæнтæ раргом кæнын. Бирæ хъизæмар бонтæ æмæ æгъуыссæг æхсæвтæ арвыста Аннæйы уарзгæйæ Къоста. Ацы уарзондзинадæй равзæрдис йæ поэмæ «Фатимæ» дæр. Дзаттиаты Тотырбеджы роман-хроникæ «Хæххон стъалы»-мæ гæсгæ, ам, Терчы был, ныффыста поэмæйæ бирæ рæнхъытæ, йæ бакомкоммæ цы бæрзонд хæдзар уыдис, уый рудзгуытæй нæ иста йæ цæстæнгас дæр, бæллыдис, уæддæр иу уысм Аннæйы уындмæ. Уарзты фæдыл ын саккаг кодта æмдзæвгæтæ, æрвитгæ дæр ын сæ бакодта поэмæйы райдайæн номарæнимæ, фæдзæхста йын, цæмæй рæнхъыты фыццаг дамгъæтæ уæлейæ бынмæ бакæса, уый дæр.
Бирæ бонмæ арвыстон сусæгæй æмбæлгæйæ Терчы был дыууæ уарзон уды. Ффебæлды кæрон-иу Къоста Аннæйы сæхимæ ахæццæ кодта. Чызг тарстис йæ мад æмæ йæ 'фсымæртæй, куы сæ базоной, уæд сæм цавæр цæстæнгас разындзæн Къостаимæ сæ ахастдзинадтæм, фæлæ йыл фæстагмæ æгæрон уарзт фæтых, æмæ сын сæ хъуыдытæ ницæмæуал æрдардта.
Поповты хæдзары уыдис АннÆйы райгуырÆн боны фæдыл бæрæгбон. Хуынд æм æрцыдис Дзæуджыхъæуы зындгонддæр адæм: Терчы облæсты хицау – инæлар Каханов, сауджын – Цæлыккаты Александр йæ чызг Аннæимæ, Дзахсорты Дзамболат, æлдар Хъуыбадты Амырхан æмæ йæ фырт Æхтæнг.
Аннæ дзырдта Къостайæн, йæ мад æмæ йе 'фсымæры кæй фæнды, цæмæй смой кæна æлдары фыртмæ, йæхæдæг дæр ыл Æхтæнг иузæрдион у, фæлæ йæхи зæрдæмæ та кæй нæ цæуы, уый.
Къоста залмæ куы бахызт, уæд æй хъуыды дæр ничи æркодта. Зилгæ кафт, хъæздыг уæлæдарæсы цы адæм кафыд, уыдоныл йæ цæст ахаста. Аннæ Къостайы куы ауыдта, уæд йæ размæ рауад, оайста йын йæ къухæй дидинджытæ æмæ æмдзæвгæты альбом.
Къостайы æрбацыд Æхтæнгæн уыдис тынг хъыг. Бамбæрста йæ йæхирдæм стыр æфхæрдыл. Куы федта Аннæйы Къостайыл цингæнгæ, уæд банкъардта тызмæг ныхмæлæууæг ын кæй фæцис, уый.
Фæлæ уæддæр не 'мбæрста, бæрæгбонмæ йæ чи æрбахуыдта, уый. Изæры, Аннæ куы схуыссыдис, уæд ын йе 'фсымæр Петр йæ æмдзæвгæты альбом адавта. Мад æмæ фырт куы бамбæрстой, Къостаимæ кæрæдзи кæй уарзынц, уый уæд сæ сфæнд кодтой фæхицæн кæнын. Дуарæхгæдæй дардтой Аннæйы йæ уаты, хæринаг дæр ын уырдæм хастой. Се 'ххуырстытæн бафæдзæхстой, цæмæй иунæг фыстæг дæр Къостайххуырстытæн бафæдзæхстой, цæмæй иунæг фыстæг дæр Къостайæ ма исой, куы фæзына, уæд та хæдзары хицæуттæн куыд фæхъусын кæной. Петры сæры сæвзæрдис æбуалгъ хуыды – Къотацы амарын, фæлæ йæ йæ мад нæ бауагъта, бауынаффæ йын кодта Аннæйы Тифлисмæ сæ хæстæджытæм аласын, афтæмæй йæ тагъддæр ферох кæндзæн.
Лакъон Терк йæ фынчы пыпхæнтæ доны былыл калдта. Къоста ницы хуыста, ницы хъуыды – фембæлдзысты мА, ави нæ, йæ дзыппæй систа чысыл фыссæн чиныг, æмæ йæ сыфтæм æркалдысты иу иннæйы фæдыл масты рæнхъытæ:
«Высокий барский дом.
Подъезд с гербом старинным
Узорчатый балкон, стеклянный мезонин,
Закрытый экипаж, ямщик с пером павлиным,
И с медною трубой кондуктор осетин.
Густая пыль столбом, и понеслась карета
Завод, Чугунный мост, базар, застава, степь,
Безумная, не покидая поэта…»
Къоста цалдæр хатты хаст кæй уыд, уый аххосæй йе 'нæниздзинад фæцудыдта æмæ 1906 азы амард.
Адæм куыд зæгъынц, афтæмæй, Къоста куы амард, уыцы бонты хохæй рацыд стыр зæйтæ, Цъæйы цъитийæ рацыд уæлдай фылдæр дон. Цардæй ахицæн, дзыллæтæ уæлдай фылдæр кæй уарзтой æмæ адæмы амонды сæраппонд æппæт хъарутæй тох чи кодта, уыцы адæймаг. Бирæрæтæ фæкуыдтой сæ номдзыд æмзæххоны зианыл.
Йæ хъуыдыты æмæ фæ курдиат дзыллæты хорздзинады сæрвæлтау чи снывонд кæны, уыцы адæймаджы ном цæры æнусмæ. Къоста уыд стыр поэт æмæ фæ поэзийы ирд стъалы абон дæр тæмæнтæ кал дунеон литературæйы сыгъзарин æвæрæнты.
Къоста Теккаты хъæуы.
1896 ави 97 азы сæрды Теккаты хъæуы Æрæфы былгæрон йæ тынджын бацыд хуымæтæг ирон чызгæрвыст – бирæ хуыд адæм дзы сæмбæлд Ирыстоны алы кæрæттæй. Мæнæ ныр чындзы кæртмæ ракæндзысты – кæрт та йемыдзаг уыд фæсивæдæй, симды бацыдысты, сæ ирон дарæс хурмæ тæмæнтæ калдта. Чындзхæсджытæ кафыгæй сæхиуыл нал ауæрстой, цыма афтæ загътой, тагъд нæ цæуын хъæуы уæддæр æмæ ма кафынæй нæ мондæгтæ суадзæм, зæгъгæ – хистæртæмæ сæ кæй тагъд кодтой, уый дæр сæ ферох: хъæугæронæй хъуамæ сæ чындзхонты бæхтæ æрбатардтаиккой, æхсæвæддæ сæ уым хъæуы лæппутæ фæхызтой.
Уалынджы цъæтджын уæрдон ног уазджытимæ æрбахæццæ, се 'хсæн сын уайтагъддæр Къостайы урс нымæт, цъæх уæлдзармхуд æмæ фæлурсбын цъæх цухъхъайы ауыдтой. «Къоста æпбацыд!» - ахæлиу адæмыл, фæндыр фæурæдтой, алчи йæ бынат æрцахста кафджытæй: чызджытæ хæдзары æмкъулрагæй слæууыдысты, лæппутæ сæхи хæстæгдæр кулдуар æмæ каубыдмæ байстой – кæрты астæумæ бахуыдтой Къоста æмæ йе 'мбæлтты: дохтыр Хетæгкаты Андухъапары, афицер Гайты Иналыхъы, стæй ма, æнхъæлдæн, Кочынаты Сабаны.
Мæ райгуырæн хъæу Лабæ.
1880 азы Ирыстонæй Кубаны областмæ ацыд делегации зæххытæ уынын æмæ æвзарынмæ. Делегацийы уыдысты подпоручик Хетæгкаты Леуан, прапорщик Гуытъиаты Мысырби æмæ дзырддзæугæ кадджын лæгтæ – Бирæгъты Дауыт æмæ беджызаты Темыр.
Делегаци ацыд цæугæдон Лабæйы былмæ, Краснодары краймæ. Зæххытæ ссардтой. Уыдысты тынг хорз, хъæздыг зæххытæ, фæлæ бынат сæ зæрдæмæ нæ фæцыд, хæхтæ, дам, дзы нæй, æмæ уæд равзæрстой Кубаны доны был – уым уыди быдыртæ дæр æмæ хæхтæ дæр.
Сæ хъæуы ном фыццаг хуынди Шоапинское (Суаны аргъуаны номмæ гæсгæ). Ацы аргъуан, стæй ма ноджы, уым 20 километры уæлдæр хæхты, Сынты хъæуы (Нижняя Теберда) аргъауан дæр арæзт сты Зруджы аргъуанимæ иу рæстæджы, ома, XI æнусы. Уый фæстæ хъæу схуыдтой Ново-Осетинское, 1879 азæй та – Георгиевское-Осетинское.
1939 азы та йын, Къостайы райгуырдыл 80 азы сæххæсты бон, радтой ном Коста Хетагурово. Адæм та йæ фыццагау ныр дæр ма хонынц Лабæ. 1871 азы Лабæйы царди 864 адæймаджы, 1890 азы – 1596, 1915 азы та – 2 мины бæрц. Фыдыбæсты Стыр хæсты размæ, 1940 азы, Лабæйы цардис 3000 адæймаджы. Уыдонæй 805 адæймаджы ацыдысты знагимæ хæцынмæ, се 'мбисæй фылдæр – 435 адæймаджы сæ фыдæлты къонайыл нал сæмбæлдысты. Ныр уыдоны нæмттæ сты, Лабæйы хъæуы астæу цы цыртдзæвæн ис, ууыл фыст.
Кæронбæттæн
Къоста канд стыр поэт, курдиатджын нывгæнæг, публицист æмæ драматург нæ уыдис. Уый уыдис, йæ рæстæджы тæккæ прогрессион зондахастыл лæуд чи уыди, ахæм лæг, æмбаргæ политик, æхсæнадон цаутæ раст чи æмбæрста, ахæм куырыхон зондыл хæст адæймаг. Къоста хорз æмбæрста, Ирыстон Уæрæсеимæ кæй баиу, уый прогрессивон ахадындзинад. Фæлæ Къостайæн Уæрæсе иу ахорæнæй ахуырст нæ уыд. Уырыссаг культурæйæй стыр аргъ кæнгæйæ адæмты 'хсæн хæлардзинад, æфсымæрдзинад парахат кæнгæйæ, Къоста карз тох кодта Уæрæсейы уæды рæстæджы хицауады æнæсæрфат политикæйы ныхмæ. Къостайы сæрмæ та ногæй æмбырд кæнын байдыдтой сау мигътæ.
«Къостайæн йæ цыбыр царды цы бантыст ирон адæмы кад æмæ нæмысæн, уый у ахæм сфæлдыстадон сгуыхт, ахæм историон хъуыддаг, биографион цауты равдисæн кæмæн нæй. Уымæн бамбарæн ис Къостайы цард хорз сахуыр кæнгæйæ, йе сфæлдыстады къабæзтæм лæмбынæг æркæсгæйæ, уыдон бæстон равзаргæйæ».
1916 азы нæ зынгæдæр драматург, ирон профессионалон театры бындурæвæрæг Брытъиаты Елбыздыхъо афтæ дзхырдта: «Рухс у мæ зæрдæ – ис нæ чиныгæн æмæ не 'взагæн бындур. Къоста нæ литературæйæн у Пушкин уырыссаг литературæйæн цы у, раст уый… Æрлæудзæн ахæм рæстæг, æмæ алы ирон лæджы хæдзары дæр Къостайы ныв уыдзæн зæды нывау». Елбыздыхъойы куырыхон ныхæстæ æцæгæй дæр æрцыдысты.
Библиографи
Ардасенты Х. Цард æмæ поэзии. Орджоникидзе, 1696, 4, 9 ф.
Абайты В. Уымæн æй уарзæм. Ныхас Къостайы тыххæй. Цхинвал, 1989, 10 ф.
Джусойты Н. Ирон литературæ. Цхинвал, 1987, 82 ф.
Методика преподования литературы. Под. ред. З.Я. Рез, М. 1985, 216 ф.
Рæстдзинад 13 февраль 2001 аз
Рæстдзинад 18 май 1999 аз
Рæстдзинад 15 октябрь 2003 аз
Рæстдзинад 6 ноябрь 1999 аз
Рæстдзинад 1 апрель 2000 аз
Рæстдзинад 24 ноябрь 2005 аз
http//allingvo.ru/PERSON/Kosta.htm