Гом урок «Стыр дамгъæ бæстæты, горæтты, хъæуты, дæтты нæмтты»
Дзæуджыхъæуы
30-æм скъолайы ахуыргæнæг
Туаты Х.Х.
Нысан: 1. Сывæллæттæн раттын æмбарынад сæрмагонд нæмтты тыххæй . 2.Бамбарын кæнын сæрмагонд нæмтты растфыссынад.
3. Рæзын кæнын сыввæллытты зæрдæты уарзондзинад сæ мадæлон æвзаг æмæ райгуырæн бæстæмæ.
Универсалон ахуырадон архӕйдтытӕ:
Метопредметон:
Регулятивон – сахуыр кӕнын сабиты ӕвӕрын сӕ размӕ конкретон ахуырадон хӕс.
Зонындзинӕдтӕ райсыныл архайд – хъуамӕ сахуыр уой чиныджы ӕнӕкъуылымпыйӕ хъӕугӕ ӕрмӕг ахуыр кӕнын.
Коммуникативон : хъуамӕ сахуыр уой раст фехъусын ӕмӕ раст дзуаппытӕ дӕттын фӕрстытӕн.
Предметон : 1. Хъуамӕ сахуыр уой пайда кӕнын стыр дамгъайæ бæстæты, горæтты,
хъæуты, дæтты нæмтты 2. Раст пайда кӕной дзырдтæй хъуыдыйады мидӕг.
Урочы цыд.
I.Бацæттæгæнæн хай.
1.Фонетикон зарядкæ
Ден-ден-ден,джыз-джыз-джыз
Джын-джын-джын,дын-джыр!!!
2.Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.
3.Рацыд æрмæг фæлхат кæнын.
-Ирон æвзаджы цал дамгъæйы ис?
-Уырыссаг æвзаджы та?
-Ирон дамгъуаты дамгъæтæ фылдæр цæмæн сты?
-Кавказаг мыртæ иннæтæй цæмæй хицæн кæнынц?
Интерактивон фæйнæгыл æвдыст цæуы ирон дамгъуат.
II.Ног æрмæг.
1.- Сывæллæттæ,нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм Айларты Измаилы æмдзæвгæ «Фыдыбæстæ».
Æз нырма гыццыл дæн,
Ард хæрын нæ зонын.
Райгуырæн бæстæйы.
Æз мæ мад куы хонын.
-Цæуыл у ацы æмдзæвгæ?
-Нæ райгуырæн бæстæ цы хуыйны?
-Йæ сæйраг сахар та цы хуыйны?
-Ирыстоны цал горæты ис? Цавæртæ?
Равдисын сывæллæттæн презентаци «Мæ уарзон Ирыстон»
-Ацы дзырдтæ куыд фысгæ сты? Цæмæн?
Скæнын хатдзæг :Бæстæты, горæтты, хъæуты, дæтты нæмттæ фыссын хъæуы стыр дамгъæйæ,уымæн æмæ уыдон сты сæрмагонд нæмттæ.
2.Тетрæдты куыст.
Ныффыссын нымæц, къуырийы бон, къласы куыст.
Сыгъдæгфыссыннады минут
У у уа уи уæ уы
Уæрæсе
-Сывæллæттæ, ныффыссæм тетрæдты цы дзырдтæ ранымадтам уыдон:
Уæрæсе, Ирыстон, Мæскуы, Дзæуджыхъæу, Алагир, Æрыдон, Дигора, Беслæн, Мæздæг.
3.Скæнын физминуткæ.
4.Чиныгимæ куыст. Æххæст кæнæм 149-ӕм фæлтæрæн. Фыццаг йын йæ хæслæвæрд равзарын .Раиртæст бакæсын.
5.Сфæлдыстадон куыст.
Хъазт « Ссар уæлдай дзырд»
Фæйнæгыл фыст дзырдтæ. Рафыссут уæлдай дзырдтæ уæ тетрæдтæм. Мæскуы, Дзæуджыхъæу, Беслæн, Заманхъул.
Терк, Фиййагдон, Урсдон, Мады-хох.
Джызæл, Саниба, Хуымæллæг, Дигора.
6. Кæд ма рæстæг уа уæд æххæст кæнæм хæслæвæрд
«Дзырдтæн ссар се ̕ мбæлттæ»
хъæу Терк
горæт Уæрæсе
цæугæдон Ногир
бæстæ Мæздæг
IV.Кæронбæттæн.
-Нæ урочы темæ цавæр уыди?
_Цæуыл дзырдтам?
-Куыд фысгæ сты сæрмагонд нæмттæ иууылдæр?
-Сæрмагонд нæмттæм цы хауы?
-Нæ урочы райдайæны мах дзырдтам мадæлон æвзаг æмæ райгуырæн бæстæйы тыххæй .Цавæр æнкъарæнтæ уым гуырын кæнынц уыцы ныхæстæ?
-Ногæй цы базыдтат ацы урочы?
Сӕвӕрын бӕрӕггӕнӕнтӕ.
Рефлекси.
Ӕз базыдтон…..
Ӕз сахуыр дӕн…..
Мӕ бон суыдзӕн…..
Мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд….
Нӕ бамбӕрстон……
-Стыр бузныг алкӕмӕн дӕр ,тынг хорз бакуыстат урочы.
Фембӕлдмӕ!
IV.Хæдзармæ куыст.
150 - æм фæлтæрæн æххæст кæнæм тетрæдты.
Зонинаг сахуыр кæнын зæрдывæрдæй.