14 урок
Темæ: Мамсыраты Дӕбе.
Бакæс радзырд «Аууон»-æй скъуыддзаг
Сауаты Гæбил къаннæг лæг у. Бакæс ын йæ гуырыкондмæ, йæ цæсгоммæ, уæд се ппæтыл дæр бæрæг дарынц гæдыдзинады, тæнзæрдæйы, фæлывды нысæнттæ. Схъæл рихитæм æмæ цыргъ боцъомæ кæсгæйæ æдзухдæр зыны, цыма, сæ астæу цы чысыл дзых ис,уый ныртæккæ фегом уыдзæн æмæ, лæгъстиаджы фæлывд мидбылты худгæйæ, æфсæрмхуызæй сдзурдзæн:
- Ай- гъай, дæ ныхас тынг раст у. Мæ хъуыранæй дын ард хæрын, дæ хуызæн лæг ацы зæххыл нæма æрлæууыдис.
Зæрдæбынæй никуы бахудт, афтæмæй былтæ æппынæдзухæй кæнынц худгæ, æрттивынц гыццыл цъæх, цыргъ цæстытæ.
Ныртæккæ рацыд бригадæй. Цæуы сындæггай. Кæсы бынмæ йæ аууонмæ. Йæ сæры гуыры цыдæр хъуыдытæ.Фæнды йæ ныхас кæнын, фæлæ йæ хъуыдытæн нæй искæмæн радзурæн.
- А-а-а! Байрай, мæ хæлар! – фæхъæр ласта æвиппайды йæ аууонмæ.- Мæ фæдыл цæуыс? Æниу ма ма рацу! Зын дын у мæ фæдыл цæуын? Мæнæн дæр зын уыдис… фæлæ гæнæн нæй. Æз мæ таурæгътæ куы ракæнин, уæд дæм зын нал фæкæсид мæ цард. Ды мæныл баст дæ, æмæ æз куыд кæнон, афтæ кæн. Кæсыс, æз систон мæ къух, ды дæр æй систай. Æз акъæдз кæндзынæн мæхи, ды дæр дæхи акъæдз кæндзынæ. Æз мæ сæрæй æркувдзынæн, ды дæр дæ сæрæй æркувдзынæ.. .Уыныс? Кæй бар дыл цæуы, уый фæндон æххæст кæнын хъæуы. Уый раз хъуамæ дæхимæ мацы фæндон уа…
Базонгæ у критикон æрмæгимæ
Дӕбе лӕмбынӕг каст цардмӕ, уыдта йын йӕ хъӕнтӕ ӕмӕ сӕ иртӕста аивадон фӕрӕзтӕй. Йӕ курдиат ӕмхиц уыд юмор ӕмӕ сатирӕмӕ. Йӕ бон уыд адӕймаджы ӕууӕлтӕ рахатын, йӕ уаг ӕмӕ йӕ миты аххосӕгтӕ фӕлгъауын.
Ирон новеллистикӕйы бӕрзонддӕр ӕнтыстытӕй иу у радзырд «Аууон» (1933). Ам сатирӕ ӕмӕ юмор цӕхӕр калынц ӕмӕ цырагъ дарынц адӕймаджы миддунемӕ. Дӕбе йӕ персонажӕн дӕтты цыбыр, фӕлӕ рӕстдзӕвин характеристикӕ: «Сауаты Гӕбил къаннӕг лӕг у. Бакӕс ын йӕ гуырыкондмӕ, йӕ цӕсгоммӕ, уӕд се ‘ппӕтыл дӕр бӕрӕг дарынц гӕдыдзинады, тӕнзӕрдӕйы, фӕлывды нысӕнттӕ. Схъӕл рихитӕм ӕмӕ цыргъ боцъомӕ кӕсгӕйӕ ӕдзухдӕр зыны, цыма, сӕ астӕу цы чысыл дзых ис, уый ныртӕккӕ фегом уыдзӕн ӕмӕ, лӕгъстиаджы фӕлывд мидбылты худгӕйӕ, ӕфсӕрмхуызӕй, сдзурдзӕн: «Ай-гъай, дӕ ныхас тынг раст у. Мӕ хъуыранӕй дын ард хӕрын, дӕ хуызӕн лӕг ацы зӕххыл нӕма ӕрлӕууыдис». Уыдон сты дӕлдзиныг ӕмӕ козбауы ӕууӕлтӕ. Радзырды сюжет у Гӕбилы ныхас йӕ аууонимӕ. Гӕбил хӕлӕг кӕны йӕ аууонмӕ – уый фӕзмы йӕ хицауы змӕлдтытӕ ӕмӕ нӕ рӕдийы. Ахӕм сюжетон нывӕст тынг ахъаз у фӕсдзӕуины психологи фӕлгъауынӕн. Аууон сси символон фӕлгонц. Гӕбил къаннӕг у асӕй нӕ, фӕлӕ удыхъӕдӕй, нӕй йӕм лӕгдзинад, кӕны аууоны цард ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр сси аууон.
Аууоны хъысмӕт ис райкомы кусӕг Хӕмӕтхъанӕн дӕр («Фӕсмон», 1954). Ацы радзырды Дӕбӕ разынд ныфсджын нывгӕнӕг, раргом кодта бюрократизмы ӕууӕлтӕ, фелвӕста партион функционеры гамхуд. Партион ӕмбырды ӕвзарынц райкомы секретары куыст. Хӕмӕтхъан тӕрсы, дзурын ӕй куы бахъӕуа,уымӕй. Тӕссаг у хицауы критикӕ кӕнын. Дӕбе бӕстон ӕвдисы дӕлдзиныг адӕймаджы мидхъуырдухӕн. Хӕмӕтхъаны бахъуыд дзурын. Фӕсдзӕуины бон нӕу ӕргомӕй йӕ хъуыды зӕгъын, йӕ ныхас у фӕдфӕливӕн. Дӕбе сюжетӕн ссардта ӕвӕджиау фӕзилӕн. Тутт адӕймагӕн йӕ сабийы хъысмӕтӕй зынаргъдӕр у йӕ карьерӕ. Хицауы систой, уӕд фӕсмонӕй хӕры йӕхи, йӕ ныхас карз кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй. Ахӕм фӕзилӕнты кӕронмӕ раргом фӕсдзӕуины удыхъӕд. Радзырд амад у реализмы хуыздӕр традицитыл, характеры психологизм у йӕ сӕйраг ӕнтыст.
Бакæс фыссæджы тыххæй мысинæгтæ
'Ссӕдзӕм азты кӕронӕй райдай ӕмӕ суанг йӕ царды фӕстаг бонтӕм Мамсыраты Дӕбейы ном тынгӕй-тынгдӕр зӕлыд Ирыстоны. Адӕм ын йӕ уацмыстӕ кастысты зӕрдиагӕй. Йӕ чингуытӕ фӕд-фӕдыл цыдысты ам, нӕхимӕ, ӕмӕ Мӕскуыйы рауагъдӕдты дӕр. Ӕз йемӕ раджы базонгӕ дӕн. Фыццаг, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕ уацмыстимӕ. Стӕй та уӕд йӕхиимӕ лӕгӕй-лӕгмӕ. Дӕбе фыста бирӕ. Йӕ литературон куыст райдыдта ӕмдзӕвгӕтӕй. Йӕ фыццаг чиныг дӕр уыдис ӕмдзӕвгӕты ӕмбырдгонд — «Фыццаг къахдзӕфтӕ». Мамсыраты Дӕбейы уацмыстӕ бирӕ сты. Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, йӕ сфӕлдыстады бӕрзонддӕр рындз у йӕ роман «Хъӕбатырты кадӕг». Уым Дӕбе ӕвдисы, Ирыстоны цы революцион тымыгътӕ уыди, уыдонӕн сӕ карздӕрты хицӕн нывтӕ. Романӕн йӕ мидисыл нӕ дзурдзынӕн. Чиныг мыхуырӕй куы рацыд, уӕд ыл нӕ газетты ӕмӕ журнал «Мах дуджы» фӕзынд бирӕ уацтӕ. Ӕз ыл мӕхӕдӕг дӕр фыстон га¬зет «Рӕстдзинад»-ы. Хорз уацмысы фӕндаг цыбыр никуы уыд ӕмӕ никӕд дӕр уыдзӕн. Дӕбемӕ та хорз уацмысгӕ иу ӕмӕ дыууӕ нӕй.
Дӕбе уыдис ӕмбалджын. Хӕлардӕрӕй кӕимӕ цардис, ӕз дӕр мӕхи уыдонӕй иуыл нымайын. Кӕрӕдзийы зӕрдӕхудты никуы ницӕмӕй бацыдыстӕм. Йе 'ппӕт ӕмбӕлттимӕ дӕр Дӕбе цардис афтӕ хӕлар ӕмӕ уарзонӕй. Ӕмӕ ныр исчи куы бафӕрсид, мӕ уарзон фыссӕг ӕмӕ мӕ иузӕрдион ӕмбал Мамсыраты Дӕбейы лӕгдзинад ӕмӕ зӕрдӕйы уаг цавӕр уыдысты, зӕгъгӕ, уӕд ын хӕрз цыбырӕй зӕгъин: Дӕбе уыдис ӕцӕг адӕймаг, уӕздан, ӕгъдауджын, рӕсугъд ӕмӕ фӕлмӕн зӕрдӕйы хицау. Кӕддӕриддӕр-иу ын ӕхсызгон уыд искӕй хорздзинад, йӕ зындзинӕдтыл та йын алкӕддӕр кодта хъыг. Йӕ фарсмӕ-иу ӕрлӕууыд, йӕ сӕр-иу ӕй куы бахъуыд, уӕд.Адӕмы зӕрдӕмӕ чи фӕцыд, ахӕм уацмыстӕ Мамсыраты Дӕбемӕ иу ӕмӕ дыууӕ нӕй. Ацы ны¬хас та уымӕн ракодтон, ӕмӕ Дӕбейы уацмыстӕй бирӕтӕн сӕ цардвӕндаг даргъ у. Ӕмӕ хъуыддаг кӕд афтӕ у, уӕддӕр иу лӕгӕй дӕр ӕз никуы фехъуыстон, ӕмӕ Дӕбе йӕ уацмыстӕй ӕппӕла. Кусгӕ бирӕ кӕй кодта, уый та махӕй алчи дӕр хорз зыдта. Дӕбе ӕмбӕлтты 'хсӕн хъазӕн ныхас кӕнын дӕр уарзта ӕмӕ йӕм арӕхст.
Арӕхст кафынмӕ дӕр, зарынмӕ дӕр.Фысджыты ӕмбырды, кӕнӕ-иу правленийы куы ныхас кодта, уӕд кӕддӕриддӕр йӕ ныхасы хъӕд уы¬дис рӕсугъд ӕмӕ хӕрзаив. Тырныдта, цӕмӕй нӕ ирон советон ли¬тературӕ кӕна хъӕздыгдӕр, вазыгджындӕр, цӕмӕй нӕ бирӕ национ аивады хӕзнадоны ахса зынгӕ бынат ӕмӕ дзы рӕсугъд талатӕ уадза. Гъе уый уыдис Мамсыраты Дӕбейӕн йӕ ахсджиагдӕр бӕллиц. Аудыдта литературон фӕсивӕдыл.
Дарчиты Дауыт
Ратт дзуапп тестытæн.Сбæлвырд кæн дæ зонындзинæдтæ
1. Мамсыраты Дæбейы радзырд «Аууон»- ы Гæбил йæ хæлар хоны
а) Гаврил Хамицовичы
б) йæ аууоны
в) Сандыры
г) йæ сыхаджы
2.Гæбилæн йæ æддаг бакастыл бæрæг дары
а) гæдыдзинад
б) хъæбатырдзинад
в) æргомдзинад
г) хиндзинад
3. Гæбил йæ аууонæй домы
а) цæмæй йын йæ фæндтæ æххæст кæна
б) йæ фæдыл ма цæуа
в) хъахъхъæна йæ
г) йемæ цæуа
4.Дæбейы зындгонддæр уацмыс у
а) « Хъæбатырты кадæг»
б) «Фыдæлты намыс»
в) «Уады уынæр»
г) «Уæззау операци»