Тематический конспект, посвященный ко дню рождения К.Л.Хетагурова «Наш Коста».

Нысан: Сабиты зонгæ кæнын Къостайы сфæлдыстадимæ. Къоста ирон адæмы уарзон хъæбул кæй у, нæ кад, нæ сæрыстырдзинад. Хъомыл кæнын сабиты зæрдæты уарзондзинад поэты сфæлдыстадмæ, ирон æвзагмæ.
Фæлгонц: Зал бæрæгбонхуыз, аив фалгонц, къулыл Къостайы портрет, дидинджытæ, нывты равдыстытæ.
Развæлхъау куыст: Сахуыр кæнын æмдзæвгæтæ, зарджытæ, æмбисæндтæ. Базонгæ кæнын нывтимæ.
Бæрæгбон цыд: Музыкæйы зæлтæм гæсгæ «Осень в гости пришла». Сабитæ кæрæдзийы фæстæ æрбацæуынц залмæ.
1.Сабитæ зæгъут ма махæн нæ райгуырæн бæстæ куыд хуины?(Цæгат Ирыстон).
2.Цавæр адæмы хæтытæ дзы цæры Цæгат Ирыстоны( ирæттæ,уырыссæгтæ).
3.Куыд хуины Цæгат Ирыстоны сæйрагдæр горæт? (Дзæуджыхъæу).
4.Цавæр стыр дон кæлы Цæгат Ирыстоны? (Терк).
5.Мах та цавæр хъæуы цæрæм(Черменыхъæуы).
Байхъусут ма : Мæрхътæн уазалы у зын. Æмæ хъарм бæстæм тæхынц. Адæм бафснайдтой тыллæг. Ома ралæууыд фæззæг.
6.Зæгъут ма сывæллæттæ цавæр афæдзы афон у? (Фæззæг).
Сывæллæттæ , зынаргъ хистæртæ, абон ацы фæззыгон бон мах бæрæг кæнæм Хетæгкаты Къостайы гуырæнбон.
Нæ Иры фæсивæд! Къостайыл ныззарæм
Ирон лæг кæй уарзы фылдæр?
Нæ хуыздæр ныхæстæй йæ хорз ном ыссарæм,
Уый махæн æгас у ныр дæр!
Зарæг: «Къоста».
Бæрæгбон фидауы хъæлдзæгдзинадæй, кафт æмæ зардæй. Æнæхъæн Ирыстоны, ацы куыри, горæтты æмæ хъæуты ирон адæм бæрæг кæнынц Хетæгкаты Къостайы бæрæгбон:
Хетæгкаты Къоста райгуырди Цæгат Ирыстоны, бæрзонд хæхбæсты , Нары хъæуы. Къоста бирæ уарзта йæ адæмы. Фæндыди йæ цæмæй йæ адæм уой сæрибар, амонджын. Адæмæн дæр уыд уарзон хъæбул.
Байхъусут ма ,сывæллæттæ , куыд ныффыста Чеджемты Геор Къостайы тыххæй æмдзæвгæ:
Нæ адæмæ уарзон хъæбул дæ,
Нæ номы ,нæ кады Къоста.
Зæлæд нæ хæхты æнусмæ
Дæ «Ирон фæндыры» зæлтæ!
Сабитæ, Къоста бирæ æмдзæвгæтæ ныффыста махæн. Бирæ уарзта сывæллæтты, фæндыд æй, цæмæй сабитæ хорз ахуыр кæной, хъæлдзæг, амонджынæй цæрой.
Сывæллæттæ иумæуйагæй дзурынц æмдзæвгæтæ.
«Гино».
Гино, гино гис
Иу гæды нæм ис-
Хъарм фæлмæн кæрц дары,
Къонайыл хуыссы,
Аргъæуттæ мысы!
Хъал зæрдæйæ зары.
«Уасæг».
О уасæг, уасæг-
Сызгъæрин къоппа
О, уасæг уасæг
Сырх зæлдаг боцъо,
Куыд раджы фестыс!
Куыд хъæрæй зарыс
Нæ буц лæппуйы хуыссын нæ уадзыс!
-Дарддæр ахуыргæнæг дзуры лæппуимæ «Кæй фырт дæ?»-æмдзæвгæ амоны сывæллон.
-Кæй фырт дæ? Толайы.
-Кæм уыдтæ ? Скъолайы.
Алы бон дæр дзы вæййын,
Фæкæсын Абе-тæ,
Фæфыссын Бе-ве-тæ,
Ахуыр кæнынмæ бæллын!
Хетæгкаты Къоста ныффыста æмдзæвгæ «Фæдуаг лæппуйы» тыххæй:
О, цъиусур, ма мæм дзур,
О, рувас, ма мæм уас!
Хъуысгæ ма кæнын.
О, цæргæс, ма мæм кæс
Кæрдзыныл кæуын.
-Сабитæ, сымах дæр зивæггæнаг стут? Фыдуаг лæппу у – худинаг!
Байхъусæм Къостайы æмдзæвгæтæ уырыссаг æвзагыл дæр.
«Синичка».
Зимою глухою
В какие края
Стремится синица
Рыбачка моя.
У птицы-синицы-
Где сестры, где мать?
И мне бы по небу-
Как птице летать!
«Осень».
Желтеют, темнеют трава и кусты.
На склонах щербатых туманы густы.
Вот сами убрали мы хлеб, наконец
Колотят, молотят, стричь будут овец!
Садами, стадами и хлебом полна,
О, как ты богата родная страна!
-Кæсут ма мæнæ цы рæсугъд цъиу ратæх- батæх кæны. Цæй æмæ йæ æрцахсæм.
Хъазт «Цъиу æмæ сывæллæттæ».
-Сабитæ, Къоста канд фыссæг , поэт нæ уыд, фæлæ ма уыд дæсны нывгæнæг. (Афæлгæст нывтæм.)
-Къоста бирæ уарзта адæмон сфæлдыстад.
-Сабитæ,мах дæр равдисæм нæ зонындзинæдтæ.
«Кæмæн цы».
Алы куыстæн рад
Дзидзидайæн- мад
Хорз фыййауæн-фос
Бирæ фосæн-хос
Хоры кæндæн-зад
Хоры хæрдæн –кад
Сонт рæдыдæн-барст
Хорз зæрдæйæн –уарзт
Рагон мастæн-тад
Загъдкъахæгæн-над
Магусайæн-цæф
Цырд лæппуйæн кæф!
Æмбисæндтæ:
1.Райгуырæн бæстæ аджын у.
2.Не взаг нæ хæзна.
3.Уалдзæг рæсугъд у, фæззæг хъæздыг у.
4.Чи нæ кусы, уый нæ хæры.
5.Зæрдæхъæлдзæгæй кус æмæ бæззай лæгæн.
-Ныхасы бар иннæ сывæллæттæн дæр.
«Мæгуыры зарæг» , «Ныфс», «А-лол-лай».
-Хетæгкаты Къостайы фæндыд, цæмæй адæм цæрой уарзонæй, хæларæй, æфсымæртау. Мах дæр æххæст кæндзыстæм нæ царды Къостайы фæдзæхст!