VIΙ -ой районный научный конкурс молодых исследователей
«ЗОНАДЫ ФИДÆH»
Направление: краеведение
Название работы: «Мё райгуырён хъёу: знон ёмё абон»
Автор работы
Магкоева Милена Казбековна
Место выполнения работы:
МКОУ СОШ с. Црау, 8 класс
Научный руководитель
Чельдиева Мадина Коммунарова
учитель осетинского языка и литературы
2014
Сёргёндтё:
Разныхас………………………………………………………..3
Ёнустём кал цёхёр, мё уарзон хъёу!....................................4
Црауы хъёуы равзёрд………………………………………4
2.2.Црайуёгты ёхсар ёмё лёгдзинад Афганистаны хёсты…...6
2.4.Зёххыл цы стырдёр хёст ёрцыд….(Црауы фёсивёд Фыдыбёстёйы)…………………………………..…………7
2.3.Сё удтё нё кодтой ёвгъау…(Црауы фёсивёд 1992азы цауты)…………………………………………………………………..7
3.Ёнусты сёрты ахызтис мё хъёу….
3.1. Бирё нын цёрут, нё буц хистёртё
3.2. Сё удты рухс дёттынц кёстёртён…(Црауы скъола)…………9
3.3. Ерысты стём фыццёгтё (Црауы футболы командё)………….9
3.4.Уаз бынёттё (Црауы кувёндёттё)……………………………..10
4.Фёсныхас…………………………………………………………10
Спайдагонд литературё……………………………………………..11
Уёлёмхасён ёрмёг (презентаци)……………………………….….12
Разныхас
Темёйы актуалондзинад дызёрдыггаг нёу, уымён ёмё алы ирон адёймаг дёр хъуамё зона йё фыдёлты равзёрд, цардыуаг, цёрёнбынаты уавёртё. Ёппёт адон зонынён махён ёнёмёнг феххуыс уыдзён нё хъёуы равзёрд арфдёр базонын, йё ивгъуыд, йё абон. Ёрдзурын хъёудзён йё сомбоны ёркёсинаг фарстатыл.
Темё равзаргёйё нё разы ёвёрдтам ахём нысантё:
Хъёуы равзёрды фёрстытём лёмбынёг ёркёсын
Хъёуы зындгонд адёмы тыххёй ёрдзурын
Хъёуы абоны уавёрыл цин ёмё сагъёс кёнын
Хъёуы фёсивёд Фыдыбёстёйы ,Афганистаны ёмё Мёхъёлы хёстыты.
Лёвёрд нысантё цёмёй нё къухы бафтой, уый тыххёй махён нё разы уыд ахём хёстё :
Иртасён куыстыл фёлтёрын
Ёрмёг агурын, хъёуы хистёртимё ныхас кёнын.
Уёлёмхасён литературёйё пайда кёнын
Хатдзёгтё кёнын.
Куысты практикон ахадындзинад. Ацы куыстёй пайдагёнён ис Ирыстоны историйы ёмё ирон ёгъдёутты урочыты.
Иртасинаг объект: Нё адёмы ивгъуыд ёмё абон
Иртасинаг предмет: Нё райгуырён хъёуы истори
Куыст арёзт у ёртё хайё: Разныхас, сёйраг хай, фёсныхас (кёронбёттён).
Перспективё: Республикон наукон библиотекёйы ма ссардтам бирё ёрмёг, фёлё сё ёрбиноныг кёнын абоны бонмё нё къухы нал бафтыд, уымё гёсгё нё разы ёвёрём хёс, уыдон лёмбынёг сахуыр кёнын. Нё зёрды ма ис нё республикон архивмё ацёуын дёр.
2.Ёнустём кал цёхёр, мё уарзон хъёу!
2.1. Црауы хъёуы равзёрд
Фыдыбёстё….Райгуырён зёхх…Ныййарёг…Ацы ныхёстён иу мидис ис. Иухуызон ёнкъарёнтё равзёрын кёнынц зёрдёйы. Ёрдз афтё арёзт у ёмё нё райгуырён бынат уарзём ёнёкёрон уарзтёй. Ис ын ныййарёджы ад.
Мёнён мё райгуырён хъёу у Црау. Уый ёппёт Ирыстоны дёр нымад кёй у, уый бёлвырд у, фёлё мё фёнды, цёмёй уё зёрды арфдёр фёд ныууадза цёрёнбонтём .
[ Црауы хъёу равзёрд хауы 1910 азмё. Уыцы аз уалдзёджы бельгийаг хёххон инженертё фёцёйцыдысты Садоны здыйы- цинчы комбинат абон кём ис, уырдём- хёхтён сё хёзнатё бёрёггёнёг.Семё уыдис, ирон адёмы равзёрд хорз чи зыдта, ахём немыцаг зындгонд ахуыргонд лёг Иохан Штедер,Бельгийё нём чи ёрцыд ,уыдонён куыста тёлмацгёнёгёй. Бафёлладасты ёмё Алагирёй (Хърупсёй) хурныгуылёны рдём доны цурмё сё сихор ёрбахастой.Ёрурёдта сё хъёдхъахъхъёнёг гуырдзиаг Дауыт. Уый та хъёдмё никёй уагъта,уымён ёмё хъёдёрмёг самал кёныны фарста паддзах Никъалайы рёстёджы уыд карз ,иу бёлас ёвастёй акалыны тыххёй адёймаджы Сыбыры бинагкъёй бакодтаиккой ёнё тёрхонёй. Гыццыл акомдзаг кодтой ёмё фёллад кёй уыдысты ,уымё гёсгё бафынёй сты. Ёвыст ныккалдта тёрккъёвда ёмё цы цёугёдоны цур ёрфынёй сты, уый ёнёнхъёлёджы куы раивылид.
Штедер дёр хуыссёгхъёлдзёгёй, хуылыдзёй кёсы ёмё ёвиппайды фёхъёр кодта: «Цырнау!» Диссаг ём фёкаст, цёугёдон зылынтё-мылынтё кёй цыдис, уый.
Немыцаг ёвзагыл дзырд «цырнау» амоны «цъил» ,ома цырнау зил зёгъынмё хъавыд Штедер.Ирон ёвзаджы мидзакъёттём гёсгё «Цырнау»-ёй рауад «Црау»] [5].Афтёмёй равзёрд мё райгуырён хъёу.
Уыцы ёзты хохы цёрёг адём лыгъдысты быдырмё хуыздёр царды фёдыл. «Фыццаг ралидзджытимё уыдысты Мызуры, Ксурты,Инджынты,Дагомы,Зынцъары, Уналы,Бызы цёрджытё. Ёппёты фыццаг зёххы гёппёлтё райстой Есенатё,Агънатё,Ёмбалтё,Къуымёллёгкатё,Хёситё, Хестантё»[1] .(Уыдон ёрбёстон сты Црауы. «Зын уавёрты райдыдтой сёхицён цёрён бынёттё аразын. Нё сын фаг кодта аразёг ёрмёг,кусёнгёрзтё,фёлё уёддёр фыццаг хъёдын ёмё сахъари арёзт хёдзёрттё»[4. ].
«Рёстёг цыди ёмё 1956-1957 азы Црауы доны рахиз фарс ёрцардысты Мёхъёлы хъёуы Плиево ёмё Экажевойё ёрбалидзёг мыггёгтё: Гёззатё, Болататё, Хёбёлатё,Гёбёратё), фёлё Гёззатё нымёцёй фылдёр кёй уыдысты, уымё гёсгё йё нёхи хсён уыцы сых хонын райдыдтам «Гёззаты сых»,зёгъгё [3]. Хъёуы дыууё фарсы баст цёуынц доны сёрты ёвёрд хидёй. Уыцы хид ахсджиаг бынат ахсы хъёуы царды, иу кёны хъёуы дыууё фарсы. Ам цёры фондзсёдё хёдзарёй фылдёр. Алы хёдзары дёр цёры зёрдёхёлар, цёстуарзон ёмё кусаг адём,уыцы фёрнёйдзаг адёмы тыххёй радзурдзынён бёстондёр.
Зёххыл цы стырдёр хёст ёрцыд….
(Црауы фёсивёд Фыдыбёстёйы Стыр хёсты)
1941 аз нё бёстёмё ёрбалёбурдтой нёмыцаг ёрдонгтё. Фехёлдтой адёмы сабыр цард, семё ёрбахастой маст,цёссыг,сагъёс. Уыцы ёвирхъау хабар фехъусгёйё Црауы хъёуы цёрджытё сё хёсыл банымадтой знёгты дард фёсурын сё райгуырён бёстёйё. Бырстой ёмхуызонёй хёстмё чи сусёгёй, чи ёргомёй. «Уыцы номхыгъды уыд 300 хъёбатыр лёппуйы ёмё семё 6 чызджы дёр : Бутаты Царицё, Дзебойты Соня, Баскаты Соня, Дудиаты Райычкё,Баскаты Ежетхан, Гёдзалаты Оля).Ацы сахъгуырд фёсивёд сё удтё ёнёвгъауёй цёттё уыдысты раттын райгуырён бёстёйы сёраппонд»[1.]. Иу ахём хёдзар нё разындзён ёнёхъён хъёуы ёмё дзы иу, дыууё ,ёртё ёмё уымёй фылдёр хъёбултё нё фёхъуыд сё бинонтёй .Уыцы хъёбатырты хсён уыдысты:Мсойты Аслёмырзё,Гёззаты Захар,Джерапты Тега,Бутаты Царицё,Черчесты Мишел,Цуцаты Ахъмырзё,Гёззаты Арчил…
ёмё иннё фёзминаг хёстонтё. Кёд хёрз ёрыгонёй ацыдысты хёстмё,уёддёр сё хъёбатырдзинад ёнустём баззайдзён нё зёрдёты ёмё цалынмё зёххыл цёрём ,уёдмё сын сё ном нё фёрох кёндзыстём. «…сё нымёц уыд 196»[5.430.] «Уый фёдыл сё къонатём чи нал сыздёхт, уыдонён скъолайы кёрты 1975 азы ёвёрд ёрцыд номарён цыртдзёвён» [4]. Канд скъоладзаутё нё,фёлё ёнёхъён хъёубёстё дёр зёрдиагёй зилынц,сыгъдёг кёнынц дидинёгцух нё уадзынц уыцы уаз бынат.
2.3.Црайуёгты ёхсар ёмё лёгдзинад Афганистаны хёсты
Ёхсар ёмё арёхстдзинад равдыстой нё хъёуы сахъ гуырдтё Афганистаны хёсты, уым дёр та фёстёйы нё баззадысты нё фёсивёд. Уыдон сты: Лолаты Владислав,Зёнджиаты Владимир,Гёззаты Олег,Саламаты Тотрадз,Черчесты Владимир ёмё Бутаты Розё.Цалдёр азы дёргъы тох кодтой знёгтимё, хъахъхъёдтой сёрибаруарзёг адёмы цард.
2.4.Сё удтё нё кодтой ёвгъау…(Црауы фёсивёд 1992азы цауты)
Лёгдзинад равдисын та бахъуыд 1996 азы мёхъёлимё хёсты.Сё фыдёлты ёхсар бафёзмыдтой Нартыхъты Батрадз ёмё Гёззаты Рафик. Хъыгагён, Рафик нал сыздёхт сёрёгасёй йё къонамё,йё ныййарёгмё,йё уарзон чызгмё. Фёхъуыд йё мгёрттёй , йё уарзон хъёубёсты хсёнёй.Уый йё сёйраг хёсыл банымадта райгуырён зёххы сёрвёлтау йё уд ёнёвгъауёй раттын. Йё фёстё цы уарзон адёмы ныууагъта ,уыдон йё ном ёнустём сыгъзёрин дамгъётёй ныффыстой ёмё цы уынгыл акодта фыццаг къахдзёфтё,уый абон хёссы йё ном.
3.Ёнусты сёрты ахызтис мё хъёу….
3.1. Бирё нын цёрут, нё буц хистёртё
Цард цёуы ёмё йемё хёссы йёхи ивддзинёдтё,йёхи ног домёнтё.Уыцы домёнтё раст ёххёст кёнын та нё ахуыр кёнынц абоны куырыхон ёмё дзырддзёугё хистёртё.Ацы ёрмёг куы ёмбырд кодтон ,уёд бирё хистёрты бафарстон чи уыд ёмё у уёлдай арфёйы ,бафёзмыны аккаг ,зёгъгё. Иууылдёр цыма ныхас бакодтой,афтё мём фёкаст ёмё загътой уыцы иу мыггёгтё: Саулаты Хёсанё, Гёззаты Арчил, Дзебойты Юрий, Гёззаты Шакро,Хъантеты Геор,Тедеты Садул, п
Уыцы арфёйаг адёмы хсён зынгё бынат ахсы хъёуы хистёр Бутаты Сергей. Иу циндзинад циндзинадыл банымайён нёй ёмё дзы Сергей хистёры фарн ма бахёсса ёппёт хъёуы дёр.Цёстуарзон ёмё фёзминаг кёй у ,уый та бёрёг у йё алы сныхасы, йё алы фезмёлды дёр.Циндзинад кём ис, уым зиан дёр ис ёмё та Сергейы уынаффё, йё сёрызонд ёнёвгъауёй цёттё вёййы бацамонын кёстёртён.
3.2. Сё удты рухс дёттынц кёстёртён…(Црауы скъола)
Црауы хъёуы астёуккаг цёджындз у скъола. Йё равзёрдёй фёстёмё уым цы ахуыргёнджытё кусынц, уыдон сабиты ахуыр кёнынц ёгъдауыл ,ёфсармыл, райгуырён бёстё уарзыныл, хистёртён ёгъдау дёттыныл, ахуырмё уарзондзинад ёвзёрын кёныныл. Уыдоны хсён зынгё бынат ахсынц Дудиаты Варварё,Черчесты Муштан,Калоты Риффё,Теместы Раисё, Хъайттаты Мариет. «Ёз Црауы хъёумё ахуыргёнёгёй ёрвыст ёрцыдтён ёрыгон чызгёй ёмё уёдёй абонмё ахуыр кёнын фёсивёды уырыссаг ёвзаг ёмё литературёйыл. Мёнмё гёсгё Црауы фёсивёд кёддёриддёр тырныдтой ахуырмё, не скъолайы рауагъдонтёй бирётё систы зындгонд адём. Махён, ахуыргёнджытён, уый у сёрыстырдзинады нысан»,-загъта нын Хъайттаты Мариет. Ацы хистёр фёлтёры хъомылгёнджыты куыстён ахуырады министрад аккаг аргъ скодтой ёмё сын кад ёмё радимё лёвёрд ёрцыд Республикёйы сгуыхт ахуыргёнджыты ном. Ахём хистёртё кём уа ,уым кёстёртё дёр фёархайынц хуыздёрты фёзмынынмё сё амынд фёндагыл цёуынмё ёмё нём цы ёрыгон ахуыргёнджытё ис, уыдон дёр хистёрты фёлтёрддзинад хынцгёйё аразынц сё куыст.
3.3. Ерысты стём фыццёгтё (Црауы футболы командё)
Диссагён дзуринаг та у нё футболы командё. Йё тренер Дудиаты Алан цалдёр азы дёргъы кусы рёзгё фёлтёримё ёмё уёлахизмё тырныны ёнкъарёнтимё цёттё кодта йё хъомылгёнинёгты куыд Уёрёсейы ,афтё фёсарёнты хи арёхстджынёй равдисынмё. Ёртё азы фёд-фёдыл нё командё уыдис Германы ёмё Данийы ёмё -иу бацахстой-иу раззаг бынёттё.
3.4. Уаз бынёттё (Црауы хъёуы кувёндёттё)
Ахём арфёгонд адём кём цёры, уый у фыццаджыдёр Хуыцау ёмё зёдты арфёйё хайджын бёстё. Бёрёг у уымёй, ёмё дзы ёрбынат кодтой Хуыцауы дзуар ёмё Уастырджийы кувёндёндон. Кувёндётты тыххёй нын радзырдта Бутаты Сергей: «Уыцы уаз бынёттём зёрдёрухс ёмё уарзонёй фёцёуынц канд Црауы цёрджытё нё, фёлё ёнёхъён Ирыстонёй дёр.Уырдём адём цёуынц кувынмё, удтё сыгъдёг кёнынмё, кёрёдзийён уёлдай арфётё зёгъынмё. Цас зёрдиагдёрёй ракувынц адём, уыйас хуыздёр арфёгонд вёййынц хуыцёуттё,дзуёрттё ёмё дауджытёй. Курём нё дзуёрттёй фыдбылызёй нё куыд бахизой, алкёй хёдзары дёр куыд бафысым кёной ирон фарн,бёркад,ёнёниздзинад ёмё цёстуарзондзинад».
4.Фёсныхас:
Ацы темё иртасгёйё ёз бёлвырддёр базыдтон мё хъёуы равзёрд, ивгъуыд ёмё абон.
Ёз бамбёрстон, мё хъёуы цёрджытё кёддёриддёр уыдысты хъёбатыр, кадджын, махён кёстёртён фёзминаг. Мах тырндзыстём уыдоны бёрзёндмё схизынмё, сё кад фидёны фёлтёртём хёссынмё.
Мё уарзон хъёу,мё гыццыл ,фёлё ёгёронуарзаг зёрдё дын зёгъы, цёмёй дё кад Хъазыбеджы хохы цъуппёй акёса, дё хистёрты кад ёнустём нёра, дё уарзон байзёддаг та фёзминаг куыд уой ,ахём арфё нё уёд!
Цёр ёнусты, мё уарзон хъёу. Ёртё азы размё ахызтё дё сёдё азы сёрты ёмё ма сёдё сёдёйы куыд фёцёрай, ахём арфё дын Ирыстоны зёдтё ракёнёнт!
Знон уыдис ёппёт чырыстон адёмы бёрёгбон- Куадзён! Нё зёрдё уын зёгъы ёнёниз, ёнёмаст, зёрдёрухс куыд уат. Стыр Хуыцауы фёдзёхст уёд, мё райгуырён Ирыстон!
Стыр бузныг!
Спайдагонд литературё:
Саулаты Х. Мё хъёуы равзёрд//«Заря»//,1991,27 август
Саулаты Х. Црау абон.// « Рёстдзинад» //1971 ,9 декабрь
Толпарты С. Гёззаты сых. //Растдзинад//, 1987, 7 октябрь
Черчесты Л.Црауы хъёуы равзёрд //Рёстдзинад//, 26 июль, 1991
Хёбёлаты Дз. Фыдёлты къахвёндёгтыл-Дзёуджыхъёу:Гасситы Викторы номыл рауагъдадон-полиграфион куыстат,2010-648ф.
Cозёты В.Цырау. //Рёстдзинад// 2004 ,4 февраль
Информатортё:
1. Бутаты Сергей, Црауы хъёуы хистёр
2.Хъайттаты Мариет, Црауы скъолайы уырыссаг ёвзаг ёмё литературёйы ахуыргёнёг.
3.Дудиаты Алан, футболистты тренер.
7