СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Дæнцæгон ахуырадон программæ

Нажмите, чтобы узнать подробности

Программæ арæзт æрцыд ног Федералон Паддзахадон Ахуырадон Стандарты (ФПАС-ы) домæнтæм гæсгæ 2-æм кълæсты ахуыргæнджытæн æххуысæн (къуыри 2 сахаты).

Просмотр содержимого документа
«Дæнцæгон ахуырадон программæ»

Цæгат Ирыстон-Аланийы ахуырады кусджыты зонындзинæдтæ уæлдæргæнæн институт









Дæнцæгон ахуырадон программæ

Гуыриаты Меретхан æмæ Бдайциаты Зинæйы 2-æм къласы Ирон æвзаджы чиныгмæ гæсгæ чи кусдзæн, уыдонæн




Программæ арæзт æрцыд ног Федералон Паддзахадон Ахуырадон Стандарты (ФПАС-ы) домæнтæм гæсгæ 2-æм кълæсты ахуыргæнджытæн æххуысæн (къуыри 2 сахаты).


Программæйæ чи пайда кæндзæн, уымæн йæ бон у ивддзинæдтæ бахæссын, куыд сахæтты дих, афтæ йæ мидисмæ дæр.








Программа сарæзта АЗУРИ-йы ирон

æвзаг æмæ литературæйы

кафедрæйы ахуыргæнæг

Дзытиаты Эммæ æмæ фидаргонд

æрцыд кафедрæйы æмбырды

(Протокол №4, 12.04.2011 аз)




Дзæуджыхъæу 2012 аз



ÆМБАРЫНГÆНÆН ФЫСТÆГ


Программæ арæзт у Республикæ Цæгат Ирыстон – Аланийы иумæйаг æмæ профессионалон ахуырады Ирон æвзаг æмæ литературæйы программæйы бындурыл.

Ирон æвзаг – нæ республикæйы паддзахадон æвзæгтæй иу, ирæтты мадæлон æвзаг. Ирæттæ – Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы титулон наци. Куыд уырыссаг æвзаг, афтæ ирон æвзаг у филологон циклы иу хай æмæ рæзын кæны скъоладзауы коммуникативон культурæ, æххуыс ын кæны йæ ныхасы рæзтæн, уæрæх ын кæны йæ дунеæмбарынад æмæ хъомыл кæны ирæтты хуыздæр традицитæ æмæ æгъдæуттыл.

Ирæттæ сæ рæвзæрдæй фæстæмæ аудынц сæ мадæлон æвзагыл, уымæн æмæ æмбарынц: цалынмæ æвзаг цæра, уæдмæ фидар уыдзæн национ культурæ, национ хиæмбарынад.

Ног (дыккаг фæлтæры) стандартты домæнтæ сты, цæмæй Уæрæсейы цæрæг алы адæмæн дæр йе ΄взаджы кад се ΄хсæн бæрзонддæр ист æрцæуа, цæхгæр фæхуыздæр уа йæ ахуыр кæныны хъуыддаг. Уыцы хæстæ та æххæст кæны райдайæн скъола.

Райдайæн скъолайы бындур æвæрд æрцæуы сывæллæтты алывæрсыг рæзтæн. Уымæ гæсгæ ирон æвзаг ахуыр кæныны хъуыддаг арæзт у ахæм нысан æмæ хæстæ сæххæст кæнынмæ:

- хъуамæ сывæллæттæ сæ кæрæдзимæ иронау дзурын сахуыр уой. Уый тыххæй та хъæуы фидар фæлтæрддзинад кæсын, фыссын æмæ хъуыды кæнынæй;

- сывæллæттæ зоной: æхсæнады адæмты ΄хсæн ног ахастытæ кǽй ис, иннæ æдæмы хæттыты сывæллæттæ дæр ирон æвзаг кæй ахуыр кæнынц, æмæ сæ уый кæрæдзийыл фидардæр кǽй бǽтты; сæ алыварс цæрæг адæмтимæ хæларæй цæрын кǽй хъǽуы,уый;

- иумæйаг ахуырадон зонындзинæдтæ бæрзонддæр кæнын; ныхасы рæзтыл кусын; фылдæр базонынмæ æмæ интеллект уæрæхдæр кæнынмæ тырнын;

- мадæлон æвзаджы фæрцы сывæллоны алывæрсыгæй хъомыл кæнын;

- райдайæн скъолайы сывæллæтты лингвистикон зонындзинæдтæ рæзын кæнын хуымæтæг хуызы, цæмæй кæсын фыссын базоной;

- адæймаджы хъуыздæр миниуджытыл хъомыл кæнын.

- хъазты хуызы сывæллæтты эмоционалон уавæр рæзын кæнын;

- зонындзинæдтæ фылдæр кæнынмæ тырнындзинад рæзын кæнын. Чингуытæм, иннæ ахуырадон предметтæм сæм аудыны цæстæнгас рæзын кæнын.

Скъолайы иннæ ахуырадон предметты ′хсæн ирон æвзаджы нысан у ирон æвзагæй зонындзинæдтæ фылдæр кæнын æмæ сывæллæтты æхсæны культурæ бæрзондæр кæнын:

1-аг нысан – зонындзинæдтæ фылдæр кæнын. Ам скъоладзаутæн æмбарын кæнын хъæуы æппæтдунеон наукæйы иу къабаз кæй у, йæ сæйрагдæр хæйтты йын зонын кæй хъæуы; уыцы зонындзинæдты бындурыл та аразын логикон хъуыдыкæнынад.

2-аг нысан – æхсæны культурæ бæрзонддæр кæнынмæ хауы скъоладзауты коммуникативон арæхстдзинад, ома дзургæ æмæ фысгæ ныхасы рæзт, монологон æмæ диалогон ныхас, раст æмæ æнæрæдыдæй фыссын. Уыдон иумæ сты адæймаджы иумæйаг культурæйы бæрæггæнæнтæ.



Хъæлæсонтæ æмæ æмхъæлæсонтæ. Зылангон æмæ æзылангон мыртæ. Æмкъай зылангон æмæ æзылангонтæ. Æмхъæлæсонты растфыссынад. Дзырдты схемæтæ аразын. Дызæрдыггаг æмхъæлæсонты растфыссынад. Уæнг. Дзырдтæ уæнгтыл дих кæнын, иу рæнхъæй иннæмæ хæссын.

Æмхъæлæсонтæ й æмæ у кæм уа, ахæм дзырдтæ иу рæнхъæй иннæмæ хæссын. Хъæлæсон у æмхъæлæсон у-йæ иртасын.

Уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дамгъæтæ э, ю, я, е, ы, ж, ш, щ, ь.

Дзыртæ иу рæнхъæй иннæмæ хæссын.

Цавд. Дзырдты мидæг цавдон æмæ æнæцавдон уæнгтæ.

Дамгъуат. Дамгъуат зонын. Чиныджы кæрон лæвæрд чысыл дзырдуаты дзырдтæ агурын зонын.

Дзырдуатон куыст. Активон æмæ пассивон дзырдуат. Дзырдуат хъæздыгдæр кæнын алы куысты хуызтæй.

Дзырд. Фæрстытæ чи?, цы?-йæн дзуапп цы дзырдтæ дæттынц, уыдон зонын. цавæр?, цы хуызæн?-æн дзуапп цы дзырдтæ дæттынц, уыдон иртасын. Фæрстытæ цы ми кæны?, цы кæны?-йæн дзуапп цы дзырдтæ дæттынц, уыдон æвзарын.

Предмет, архайд æмæ миниуæгæвдисæг дзырдтæ кæрæдзийæ хицæн кæнын.

Антонимтæ æмæ синонимтæ иртасын.

Дзырдуатон куыст. Дзырдты нысаниуæг бæрæг кæнын. Баст тексты хæстæг æмæ ныхмæвæрд дзырдтæ агурын, предметтæй тематикон къордтæ аразын, æууæлæвдисæг дзырдтæ къордтыл дих кæнын.

Хъуыдыйад. Ныхас хъыдыйæдтыл дих кæнын. Хъуыдыйады сæйраг уæнгтæ. Дзырдты хсæн бастдзинад бæрæг кæнын фæрстыты руаджы. Æрхæцæн нысæнттæ. Хъуыдыйад раст хъæлæсы уагæй кæсын зонын. дзырдтæ æмæ цыбыр хъуыдыйæдтæ æвзарын æмæ фыссын.

Ныхасы рæзтыл куыст. Сфæлдыстадон куыстытæ кæнын: лæвæрд дзырдтæй хъуыдыйæдтæ аразын; æнцойгæнæг дзырдимæ куыст; текстæн æндæр кæрон аразын, сæргондимæ куыст, нывмæ гæсгæ чысыл радзырдтæ аразын; бирæнысанон дзырдтæ агурын. Алы урочы дæр 3-4 дзырды амонын.



Къæлиндарон-тематикон пълан


Темæ

Сах.

дих

Равзаринаг фарстатæ

Практикон куыст

I.

Рацыд æрмæг фæлхат кæнын

5

Ныхас хъуыдыйæдтыл, хъуыдыйæдтæ дзырдтыл дих кæнын. Мыртæ æмæ дамгъæтæ.

1-2. Текст бакæсын. Хъуыдыйæдты нымæц нымайын. Дзургæ-дзурын æмæ фысгæ-фыссын иу хъуыдыйад иннæмæй цæмæй хицæн кæны (фæлт.1-4)

3-4. Текст хæйттыл дих кæнын. Хъуыдыйæдты дзырдты нымæц нымайын. Нывмæ гæсгæ радзырд аразын (фæлт.5-7)

5. Мыртæ æмæ дамгъæтæ кæрæдзийæ иртасын. 151-æм фарсыл цы зæрдылдаринæгтæ ис, уыдонæй спайда кæнын.

II.

Хъæлæсонтæ æмæ æмхъæлæсонтæ.

15

Мыртæ æмæ дамгъæтæ

1.Мыртæ фысгæйæ нысангонд цæуынц дамгъæтæй (фæлт.12-14).

2. Дзырдты нысаны ивынад дамгъæты фæрцы. Æмкъай дзырдтæ. (фæлт.15-18).

3. Нывмæ гæсгæ куыст. Схемæтæм гæсгæ дамгъæтæ ивын. Дзырдты иумæйаг нæмттæ агурын. (фæлт.19-21)

4. æмкъай дзырдты иухуызон хæйттæ агурын. Хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон дамгъæтæ. Зæрдылдаринаг.(фæлт.22-23)

5. Нывмæ гæсгæ радзырд аразын. Дзырдтæ уæнгтыл дих кæнын. Базон-базон. Хъæлæсон мыртæ – уæнг аразæг. (фæлт.24-26).

6. Æмдзæвгæйы текст тетрадмæ фыссын. Нывмæ гæсгæ куыст. Дзырдты æмхъæлæсон мыртæ агурын. (фæлт.27-29).

7. Нывмæ гæсгæ куыст. Мыртимæ куыст. Æмхъæлæсон мыртæ.

8-9. æмхъæлæсонты тыххæй раиртæст. Æмхъæлæсонты нымæц зонын. (фæлт.30-31)

10-12. Зылангон æмæ æзылангон æмхъхæлæсонтæ. Зæрдылдаринаг. (фæлт.32-33).

13-15. Рацыд æрмæг фæлхатт кæнын.

III.

Уæнг

2

Уæнг.Дзырд

1. Дзырдтæй хъуыдыйæдтæ аразын, уæнгтæй-дзырдтæ (фæлт.34-36)

2. Дзырдтæ уæнгтыл дих кæнын. Нывмæ гæсгæ радзырд аразын. Зæрдылдаринаг(фæлт.39-42)

IV.

Дзырдтæ иу рæнхъæй иннæмæ хæссын

4

Дзырдтæ иу рæнхъæй иннæмæ хæссыны æгъдæуттæ.

1. Дзырд иу рæнхъæй иннæмæ хæссыны нысан. Иу уæнгон æмæ бирæуæнгон дзырдтæ(фæлт.43-45).

2. æмхъæлæсонтæ й æмæ у кæм уа,ахæм дзырдтæ иу рæнхъæй иннæмæ хæсын Нывмæ гæсгæ куыст. Дзырдты хæзнадонæй. (фæлт. 46-57)

3-4. Дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ дзырдты астæу æмæ сæ растфыссынад, дзырдтæ иу рæнхъæй иннæмæ хæсгæйæ(фæлт.98-112)

V.

Уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дамгъæтæ

2

Э,Ю,Я,Е,Ж,Ш,Щ,Ъæмæ Ь нысантæ раст кæсын æмæ фыссын

1-2. Уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дамгъæтæ зæрдыл бадарын æмæ сæ дзургæйæ раст пайда кæнын. Се 'мкъай ирон дамгъæтæй сæ хицæн кæнын зонын(фæлт.58-72).

VI.

Цавд

2

Цавд. Дзырдты мидæг цавдон æмæ æнæцавдон уæнгтæ.

1. Цавдон æмæ æнæцавдон уæнгтæ. Цавды нысан. Зæрдылдаринаг Фæлтæрæнтыл куыст

2. Цавдон уæнг у хъæрдæрæй дзургæ. Цавды бынат ирон æвзаджы(фæлт.113-123).

VII.

Дамгъуат

2

Дамгъуат. Абетæ.

1.Дамгъæты рæнхъæвæрд. Сæ нæмттæ.

2.Дамгъуаты рæнхъæвæрдмæ гæсгæ дзырдтæ фыссын(фæлт.124-135).

VIII


Дзырд

10

Дзырд. Стыр дамгъæ нæмтты, фыды нæмтты æмæ мыггæгты.

1.Цы нысан кæнынц дзырдтæ. Нывмæ гæсгæ куыст. Фæрстытæн дзуапп дæттын(фæлт.136-139)

2.Предметты нæмттæ цы дзырдтæ нысан кæнынц, уыдон. Дзырдтæй хъуыдыйæдтæ аразын. Нывмæ гæсгæ куыст(фæлт.140-143).

3.Стыр дамгъæ фосы нæмтты. Дзырдты хæзнадонæй(фæлт.144-148).

4.Стыр дамгъæ бæстæты, горæтты, хъæуты, кæмтты, дæтты æмæ уынгты сæрмагонд нæмтты(фæлт.149-154).

5.Фæрстытæ чи?,цы?-йæн дзуапп цы дзырдтæ дæттынц,уыдон къордтæ кæнын(фæлт.155-169).

6.Фæрстытæ цыхуызæн?,цавæр?-æн дзуапп цы дзырдтæ дæттынц,уыдон æвзарын.(фæлт.170-186).

7.Фæрстытæ цы ми кæны?,цы кæны?-йæн дзуапп цы дзырдтæ дæттынц, уыдон æвзарын(фæлт.187-204).

8-9.Предмет,предметы миниуæг æмæ архайд цы дзырдтæ æвдисынц.уыдон кæрæдзийæ хицæн кæнын(фæлт.205-214).

10.Сæ хъуыдымæ гæсгæ кæрæдзимæ хæстæг чи лæууы кæнæ ныхæй-ныхмæ чи у,ахæм дзырдтæ(фæлт.215-227).






Дыккæгæм къласы ахуыры кæронмæ скъоладзаутæ хъуамæ

зоной:


-æппæт дамгъæты нæмттæ;

-цавдон æмæ æнæцавдон уæнгтæ;

-зылангон æмæ æзылангон мыртæ;

-дамгъуат;



æмæ арæхсой:

-дзырдтæ иу рæнхъæй иннæмæ уæнггай хæссын;

-хъæлæсон у æмхъæлæсон у-йæ иртасын;

-дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ раст фыссын;

-дзырдтæ фæрстытæм гæсгæ иртасын;

-дзырдтæ сæ нысаниуæгмæ гæсгæ хицæн кæнын;

-хъуыдыйады ныхас кæуыл, кæнæ цæуыл цæуы, уый æмбарын;

-æрхæцæн нысæнттæ раст æвæрын;

-дзырдтæ æмæ цыбыр хъуыдыйæдтæ æвзарын æмæ фыссын.

Литературæ



  1. Никандров Н.Д., Рыжаков М.В., Кондаков Л.М. Примерные программы начального общего образования.ч.1. М. «Просвещение» 2009.

  2. Дзампаты Л. Ирон æвзаг 2 къл. Дзæудж., ЦИППИ-йы рауагъдад 2011

  3. Гуыриаты М.., Райдайæн кълæсты мадæлон æвзаджы методикæ. Ордж., 1978

  4. Моурауты М. Дидактикон æрмæг ныхасы рæзтыл кусынæн. Дзæудж, 2010

  5. Моурауты М. æмбисæндтæ æмæ уыци-уыцитæ. Джæудж., 2010

  6. Моурауты М. дидактикон хъæзтытæ æмæ улæфты минуттæ. Джæудж., 2010

  7. Майрæмыхъуаты Ф. Дидактикон æрмæг текст æмæ хъуыдыйадыл кусынæн. 1-4 кълас. Дзæудж., 1997

  8. Ирон. æвзаг æмæ литературæйы программæтæ. 1-11 къл., Дзæудж,2005

  9. Пагæты З. 1-4 къл.ахуыргæнинæгтæ кæсын æмæ фыссын куыд зонынц, уымæн бæрæггæнæнтæ æвæрыны бæрцбарæнтæ. Дзæудж. «Иристон» 2002

  10. Æлдаттаты В. Нæ алыварс дуне. Дзæуджыхъæу: «Ирыстон» 2003.

  11. Дзытиаты Э., Гæбæраты Р. Диктанттæ æмæ сфæлдыстадон куыстытæ ирон æвзагæй 1-2 кълæстæн. Дзæуджыхъæу 2011.

  12. Уалыты Т., Джусойты К. Дзытиаты Э. Сывæллæтты литературæйæ хæслæвæрдтæ 2 къл.ирон æвзаг æмæ кæсыны уроктæм. Дзæудж.2005

  13. Ирон æвзаг æмæ литературæйы программæтæ 1-11 къл., Дзæудж. 2005





Скачать

Рекомендуем курсы ПК и ППК для учителей

Вебинар для учителей

Свидетельство об участии БЕСПЛАТНО!