СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

"Детские обряды осетин"

Нажмите, чтобы узнать подробности

В данном мероприятии показаны детские обряды осетин. Такие как, укладывания новорожденного в калыбель, наречение именем и 

пир в честь мальчика.

Просмотр содержимого документа
«"Детские обряды осетин"»

Ноггуырды æгъдæуттæ.

Ирон адӕмӕн се ‘гъдӕуттӕ сты, сӕ цӕсгом, сӕ удварн ирдӕй кӕм зыны, ахӕм хӕзнатӕ. Национ ӕнтыстытӕ, национ уӕлахизтӕ ӕмӕ национ къуыхцытӕ, наци йӕ историйы дӕргъы цӕмӕ бӕллыд ӕмӕ бӕллы, цӕмӕ тырныдта ӕмӕ тырны, йӕ дунеӕмбарынады – уыдон иумӕйагӕй сты ирон традицион культурӕйы иу хай, ноджы ахӕм хай, адӕмӕн стыр ахсджиаг чи у.

Ирон адæм куывдтæ бирæ кæнынц, æмæ уый æвзæр нæу. Адæм кæрæдзимæ цæуынц, сæ цæхх æмæ кæрдзын хæрынц иумæ. Хуыцаумæ кувынц æмæ дзы хорздзинад курынц . Куывдтæ фылдæр кæнынц, адæймаг фыдбылызæй куы аирвæзы, уæззау низæй куы сдзæбæх вæййы, бæлццон фæндагыл куы фæцæуы, балцæй фæстæмæ куы сыздæхы. Фæлæ се’ппæтæй кадджын куывдтыл нымад сты лæппуйы гуырд æмæ кæхцгæнæн.

Алы ирон бинонтæ дæр фæкувынц хуыцаумæ цæмæй сæ хæдзары бирæ сывæллæттæ уа, уæлдай фылдæр та лæппутæ. Ныридæгæн чындзæхсæвы бон сæ сæйрагдæр куывд вæййы цæмæй æрыгон бинонтæн бирæ æмæ æнæниз цот уа, уый тыххæй.

(Чындз æрбакæнд, хызисты æгъдау).


Къухылхӕцӕг: Ой, фарн фӕцӕуы, фӕрнджын хӕдзармӕ! Ой, амондыкъах февӕры, мӕнӕ фӕрныг къӕсӕртыл.

Ӕмдзуарджын: Рӕстӕмбӕлӕг чи фӕуа, уымӕн йе ‘мбал Уастырджи, Табу Хуыцауӕн, дзӕбӕхӕй нӕ ӕруагъта! Ныр – мидӕмӕ, Ныфсхаст ӕмӕ уӕнгрогӕй!

Къухылхӕцӕг: Ой, рухсытӕ ыссудзут, файнустытӕ – ӕфсинтӕ! Зӕд фӕцӕуы, фӕцӕуы йӕ фӕрнджын къонамӕ.

Хуры чызг уын ӕрхастам, мӕйтӕ хъазынц йӕ рустыл.

Хызисӕджы ӕгъдау. Хызисӕг лӕппу чындзы чъылдыммӕ фӕлахс ныллӕг бандоныл алӕууыд, сласта хъама, афӕлгӕсыд адӕмыл, скасти Сӕрызӕды рагъынмӕ, чындзы тырысайыл хъамайы лӕгъз фарс аныдзӕвын кодта, стӕй чындзырдӕм разылд ӕмӕ йын хъамайы фындзӕй йӕ хызыл гӕзӕмӕ схӕцыд рахизырдыгӕй кувы:


Раджы заман –иу сывæллон райгуырдис æвгъæддоны. Æрыгон мадмæ –иу кастысты хистæр файнустытæ æмæ сыхæгты сылгоймæгтæ. Уыдон Хуыцаумæ æмæ Мадымайрæммæ куывгæйæ куырдтой æнæниздзинад сывæллон æмæ æрыгон мадæн. Сывæллоны фæдзæхстой Бынаты хицауыл.

Сыхы лæппутæ зæрдиагæй æнхъæлмæ кастысты сывæллоны гуырдмæ, цæмæй хæрзæггурæггаг фæуой хæстæджытæм æмæ хиуæттæм.

Цины хабар-иу куы райстой хæстæджытæ, уæд-иу ноггуырды хæдзармæ цыдысты æртæ чъирийы æмæ æгъдауы лæвæрттимæ, зæгъæм, урс хъуымац-хæдоны фаг. Сывӕллоны цур –иу нӕлгоймӕгтӕ ӕрӕвӕрдтой лӕварӕн фат, сызгъӕрин ӕхцатӕ, сылгоймӕгтӕ ӕйчытӕ ӕмӕ бӕмбӕг. Бинонтӕ –иу сарӕзтой «лӕппуйы куывд». Лӕппуйы гуырды фӕстӕ-иу ӕрыгон чындзы бынат сылгоймӕгты ‘хсӕн фӕбӕрзонддӕр.

Базонут – ма уыци-уыци: «Тулы, тулы ӕмӕ никӕдӕм хӕццӕ кӕны». (авдӕн)

Ӕртӕ- цыппар боны фӕстӕ – иу сывӕллонӕн скодтой «авдӕнбӕттӕн». Уыцы ӕгъдау сӕйрагдӕр баст уыдис цӕмӕй ног бинонтӕн ахъаз кодтаиккой Бынаты хицау ӕмӕ Сафайы рӕхыс. (равдыст)


Базонут – ма уыци-уыци: «Цæмæн нæ хъæуы,ахæм нæй» . (ном)

Номӕвӕрӕны ӕгъдӕу, бинонты царды, ахста сӕрмагонд бынат. Уыцы хабары фӕдыл – иу скодтой «номӕвӕрӕн куывд».

Ирон адӕммӕ гӕсгӕ, ном, адӕймаджы царды ахста стыр бынат. Цы ном равзӕрстаиккой сывӕллонӕн, ахӕм амонд ӕй уыдаид. Арӕх нӕм иу адӕймагыл ӕвӕрдтой дыууӕ номы . Иуӕй йӕм дзырдтой – хӕдзары, иннӕмӕй-та –адӕмы ‘хсӕн.

Арӕхдӕр –иу равзӕрстой нӕмттӕ Нарты эпосӕй: Ӕхсар, Уырызмӕг, Батрадз, Сослан, Ацӕмӕз, Дзерасса, Агундӕ а.д.(равдисын ӕгъдау)

Сеппӕтӕй сӕйрагдӕр ӕмӕ кадджындӕр бӕрӕгбоныл, лӕппуйы гуырды фӕдыл , нымад у кӕхцгӕнӕн. Ӕндӕр адӕмы хӕттытӕ йӕ нӕ кӕнынц.

Ацы бӕрӕгбон йӕ ном райста комкоммӕ дзырдтӕй «кӕхц» ӕмӕ «гӕнӕн»-ӕй. Ӕгъдау баст у фылдӕр сывӕллоны мадимӕ. Кӕхцгӕнӕны бонмӕ ма – иу дыууӕ къуырийы куы баззад, уӕд – иу, фыццаг лӕппу кӕмӕн райгуырд, уыцы сылгоймаджы йӕ сывӕллонимӕ хуынимӕ йӕ цӕгатмӕ кӕхцгур арвыстой. Чызджы бинонтӕ-иу хуынмӕ сыхӕгты ӕрхуыдтой, чызгӕн йемӕ чи уыд, уыдонӕн – иу фӕарфӕтӕ кодтой, хорз-иу сӕ сбуц кодтой.

Фӕлӕ ма ӕгъдауы апп уый мидӕг уыдис , ӕмӕ –иу чызг йӕ цӕгаы ӕрзылдис йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады хӕстӕджытыл хъӕдӕй конд къусимӕ (кӕхцимӕ). Уыдон ын – иу скодтой лӕвӕрттӕ, кӕмӕн цы йӕ бон уыд, уый. Йӕ мад ӕмӕ йын йӕ фыд та лӕвӕр кодтой нывондгонд фыс, науӕд гал, цӕмӕй йӕ куывды бон акусарт кодтаиккой, уый тыххӕй. Афтӕмӕй мойгонд сылгоймаг ӕнгом баст цыдис йӕ фыды хӕдзаримӕ, йӕ райгуырӕн къонайымӕ, йӕ мыггагимӕ. Бонджындӕр мадырвадӕлтӕ сӕ хӕрӕфыртӕн лӕвар кодтой байраг кӕнӕ ӕдсаргъ бӕх, хонгӕ дӕр ӕй кодтой мадырвадӕлты саргъыбӕх. Адӕмы ӕхсӕн бӕхджын лӕг нымад уыд кадджын ӕмӕ ӕгъдауджыныл.

Кӕхцагур сылгоймӕгтӕ сӕ хӕдзӕрттӕм здӕхтысты хуыцаубоны, ӕмӕ – иу адӕм ӕнхъӕлмӕ кастысты , уӕдӕ сывӕллонӕн йӕ мадырвадӕлтӕ цы балӕвар кодтой, зӕгъгӕ.

Хуынтӕ ӕмӕ ноггуырды лӕвӕрттӕ бахӕссынц хистӕр сылгоймӕгты бӕстыхаймӕ. Уым сӕ равдисынц. Ӕнӕмӕнгӕй лӕвӕрттимӕ хъуамӕ уыдаид авдӕн. Уымӕн ӕмӕ авдӕн бӕтты хӕрӕфырты йӕ мады цӕгатимӕ. Цӕмӕй йӕ фыды хӕдзары цӕргӕйӕ рӕза ӕмӕ йӕ мады цӕгаты тыхтӕ дӕр ӕмбырд кӕна. Афтӕмӕй – иу лӕппу баст ӕрцыд мадырвадӕлтимӕ..

Лӕппуйы хӕдзар дӕр – иу сцӕттӕ кодтой сӕхи кӕхцгӕнӕнтӕм, ӕргӕвстой – иу уӕныг, кӕнӕ фыркъа, кӕмӕн йӕ фадат куыд амыдта, афтӕ. Куывдмӕ – иу ӕрхуыдтой хъӕубӕсты, сывӕллоны мадырвад лты. Фынджы хистӕрмӕ-иу бахастой лӕппуйы ногнадӕй, ног уӕлӕдарӕсы, ӕмӕ – иу ын йӕ мадырвадӕлтӕ цы хуын рарвыстой, уый скуывтой. Фылдӕр куывтой Мады Майрӕммӕ, Уастырджимӕ. Хистӕр – иу куы фӕци куывд, уӕд – иу сывӕллоны райста, йӕ рахиз къухы ӕнгуылдз ын – иу дзыккайы къусы атъыста.

Кӕхц не скӕнын худинаг уыди, стӕй – иу афтӕ дӕр дзырдтой, зӕгъгӕ, Кӕхцгӕнӕнӕны арфӕтӕ кӕй номыл нӕ уа, уыцы лӕппу рынчынтӕгӕнаг уыдзӕн. Уымӕ гӕсгӕ – иу кӕхц скӕнын афоныл кӕмӕн нӕ бантыст, уыдон – иу ӕй фӕстӕдӕр дӕр сарӕзтой. (равдыст).


Кӕуылты аив уыдысты Кӕхцгӕнӕны кувыны ныхӕстӕ,куыд хорз фидыдтой цыбыр мидисджын гаджидӕуттӕ? Кафыны , зарыны уагимӕ – комкоммӕ цинтӕ ӕмӕ арфӕтӕн банымайӕн дӕр нӕй. Фӕлӕ ӕппӕт цинты, арфӕты, хъӕзтыты хуызисӕг уӕддӕр уыди «Сой- сойы» зарӕг. Зарыдысты йӕ лӕугӕйӕ бӕдты адӕм. Хистӕр амыдта зарӕджы мидис, кӕстӕртӕ ӕмхъӕлӕсӕй дзырдтой базарды хъуыды.


Кӕхцгӕнӕны зарӕг.


Амонӕг: Фарн ӕрцыди, буц хъӕубӕстӕ!

Базард: Фарн ӕрцыди, фарн…

Лӕппу гуырдтӕй – кӕхцгӕнджытӕй!

- Кӕхцхӕсджынтӕ, ой…

Алы аз дӕр сой куы цӕуы!

- Сой куы цӕуы, сой…

Сойӕн мӕнӕ фӕрнджын бынат!

- Фӕрнджын бынат, ой.

Ӕнӕ лазӕй – ӕнӕ сахъат,

- О, мӕ хуртӕ, о.

Нӕ ноггуырдтӕ – цӕрӕццӕгтӕ,

- Фарн куы зӕгъид, фарн!

Цӕрӕццагӕй – бӕстӕн лӕгтӕ,

- О, мӕ хуртӕ, о!

Уӕдӕ сойӕн цы фӕнызтам?

- Сау бӕгӕны, сау!

Уӕдӕ хорзӕн цы равдыстам?

- Фарн ӕмӕ ӕгъдау.

Фидӕнабон – кӕхцхӕсджытӕ!

- Мадизӕн зӕгъӕд…

Уӕдӕ «Сой-сой» - къӕрцӕмдзӕгъдӕй,

- Къӕрцӕмдзӕгъдӕй, ой!

Фысымӕггаг бӕгӕныйӕ.

- Сой цӕуы, сой!

Сой арӕхӕй – кӕстӕр арӕх,

- Буцӕй нын цӕрай!


Алы кӕмтты хицӕн хуызты зарыдаиккой кӕхцгӕнӕнты зарджытӕ, фӕлӕ сӕ нысан уыди иу: иумӕйаг цинӕй райын, хистӕртӕй кӕстӕрты, нӕлгоймӕгтӕй сылгоймӕгты астӕу, фарнӕй нымд кӕнын ирон намысӕн бӕркадармӕй ӕмӕ цӕстуарзонӕй. Ӕппӕт уыдӕттимӕ фӕсивӕды ахуыр кодтой фыдӕлты царды хуыздӕр фӕлтӕрддзинадыл кувыны, балӕггады, дзырдарӕхсты хуызты.


Кӕронбӕттӕн.


Ирон фарн цӕмӕй фыдӕлтыккон раст уагыл йӕ бынаты сбада нырыккон уавӕрты, уый тыххӕй хъӕуы ӕппӕт фӕлтӕртӕн сахуыры фӕтк саразын ӕртӕ сӕйраг бындурыл ӕвӕрдӕй, уыцы хъомыладон – ахуырадон бындуртӕ сты бинонтӕ (хъӕдзар), уынг (ныхас, сых, хъӕубӕстӕ) ӕмӕ скъола (ахуыргӕнджытӕ, ӕхсӕнад, хицауад). Ахӕм ӕртӕкъуымоны ӕвӕрдӕй рӕзгӕ фӕлтӕртӕ ныллӕудзысты царды раст фӕндагыл ӕмӕ фидӕны суыдзысты фыдӕлты хорз фӕндиаджы фӕлтӕртӕ – цардаразджытӕ.