СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Дзесты Куыдзаг " Хорхассаг"

Категория: Всем учителям

Нажмите, чтобы узнать подробности

Открытый урок проводиля в 7 клаасе. Объяснение нового материала.

Просмотр содержимого документа
«Дзесты Куыдзаг " Хорхассаг"»

Темӕ: Дзесты Куыдзӕг. «Хорхӕссӕг»

Урочы хӕс:

1.Скъоладзауты базонгæ кæнын Дзесты Куыдзæджы уацмыс «Хорхæссæг»- имæ.

2. Ныхасы рæзтыл бакусын.(Равзарын хӕххон ӕвадат царды нывтӕ уацмысы, бамбарын кӕнын хорхӕссӕджы трагедион уавӕр; абарын хӕххон зынвадат цард абоны цардимӕ, сбӕлвырд кӕнын куыд сӕххӕст сты архайджыты сӕйраг бӕллицтӕ ныры дуджы).

3. Хъомыладон куыст: Хъомыл кӕнын уарзондзинад Ирыстоны дзӕнӕтон ӕрдзмӕ.

4. Бакусын дзургӕ ныхасы рӕзтыл.

Урочы ӕрмӕг: фыссӕджы хуызист, слайдтӕ ӕрдзы нывтимӕ, музыкӕ.


Урочы хуыз: комбинацион, индивидуалон бафарст, беседӕйы элементтӕ.


Эпигрӕф

О Иры лӕг! Бирӕ хъӕдгӕмттӕ

Уыдис дӕ домбай риуы, фӕлӕ

Байгас сты, ныффӕрӕзтой

ӕппӕтӕн дӕр.


1.Организацион хай. Уæ бон хорз, сывæллæттæ. Абон нæ урокмæ æрбацыдис уазджытæ, æмæ сын æгас цу зæгъæм.

2.Музыкӕ цӕгъды легендӕ «Мады хох» дзуры ахуыргӕнӕг.


Дзӕуджыхъӕуы хуссарварс хӕхты бӕрзонд фӕцыд Мады-хох. Зымӕг ӕй мит куы ӕрӕхгӕны, уӕд йӕ тъӕпӕн сӕр урс хъуымацӕй ӕмбӕрзт егъау фынджы хуызӕн фӕзыны .Гъе, уымӕ гӕсгӕ йӕ Уырыссагау схуыдтой Столовая гора. Уыцы ном ын фӕстагмӕ тых кӕнын райдыдта йӕ ирон номыл. Не взаг куыд рох кӕнӕм, афтӕ уый ӕцӕг ном дӕр рох кӕны ӕмӕ ма йӕ бирӕтӕ хонын райдыдтой Фынджы хох. Афтӕмӕй та, Мады-хох цӕмӕн хуыйны, уый тыххӕй ис диссаджы таурӕгъ…

Раджы, тынг раджы, кӕддӕр ма лӕгӕтты ӕмӕ тархъӕдты уӕйгуытӕ ӕмӕ залиаг кӕлмытӕ куы цардысты, уӕд иу Залым ныббырста Мады хохы цӕгатварсы паддзахадмӕ. Фӕтых ыл ис ӕмӕ йыл сӕвӕрдта хъалон: ӕрвылаз дӕр ын уыцы иу бон комӕй йӕ рацыдмӕ йӕ размӕ паддзахады ӕвддӕсаздзыд чызджыты рӕсугъддӕры куыд кӕной хӕрынӕн. Уыцы-иу рӕстӕг-иу разылд Залым йӕ лӕгӕтӕй, чызгмӕ-иу фӕлӕбурдта ӕмӕ-иу ӕй аскъӕфта. Адӕмы рис, зӕрдӕскъуыйӕн ӕрдиаг ӕмӕ кӕуын ницӕмӕ дардта.

Афтӕ ахаста дзӕвгар азты дӕргъы, ӕмӕ йын сӕ бон ницы уыд. Паддзах ӕмӕ йӕ адӕм сӕхимӕ ныхъхъуыстой, се нӕбон, ӕгады бынатӕй зӕрдӕрыст уыдысты, боны рухс сӕ нал рӕвдыдта, цин сӕм нал хъардта. Уӕд иуахӕмы дард бӕстӕй ӕрыздӕхтысты паддзахы зондагур ӕрвыст лӕгтӕ. Ӕмӕ рахабар кодтой, фервӕзӕн, дам, нын дзы ис афтӕ: ӕвддӕсаздзыд бӕстырӕсугъд ӕм уыцы бон йӕхӕдӕг куы базгъорид ӕмӕ йӕ хъӕлӕсы йӕхи куы баппарид, уӕд Залымӕн ӕрцӕуид йӕ кӕрон-йӕ уд сисид.

Паддзах бацин кодта. Адӕмыл дӕр ахъӕр хорз хабар. Фӕлӕ сӕ цин бирӕ нӕ ахаста: уыцы аз ӕвддӕс азы сӕххӕст паддзахӕн йӕхи чызгыл дӕр. Йӕ рӕсугъддзинад та уыд дзуринӕгты дзуринаг. Паддзах йӕ чызджы уайтагъд мӕсыджы фӕмидӕг кодта. Чызгимӕ уыдысты йӕ фӕсдзӕуин чызджытӕ ӕмӕ Дыджызӕ- йе схӕссӕг мад. Уыдонӕн дӕр паддзах бафӕдзӕхста, цӕмӕй йын дӕсныйы ныхас ма схъӕр кӕной.

Паддзахы чызг Заринӕ уӕлдай тынгдӕр тыхст, йӕ уарзон лӕппу Сӕнайы кӕй нал уыдта, уымӕй. Сӕна паддзахы ӕфсады балхоны фырт уыд. Иу кӕрты схъомыл сты. Сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ кӕрӕдзийыл ӕрхъӕцмӕ дӕр нӕ лӕууыдысты. Сӕна йӕ фыды фосрӕгъӕутты фыййӕуттӕм хӕхтӕм уазӕгуаты цӕуын бирӕ уарзта. Иуӕй йӕм фосимӕ архайын хорз каст, иннӕмӕй та йыл хӕххон ӕрдзы нывтӕ базыртӕ сагътой. Заринӕйы дӕр-иу ын йӕ Дыджызӕимӕ хатт йемӕ ауагътой. Сӕна ныр хабар базонгӕйӕ йӕхи бынтондӕр айста хӕхтӕм. Зӕгъынц, сусӕг хабар фехъусынмӕ, дам, къултыл дӕр хъустӕ базайы. Бӕстырӕсугъдмӕ адӕмы сусӕг хъӕрзын бахӕццӕ.Ралӕууыд та уыцы ӕнамонды бон. Адӕм хъарӕггӕнгӕ, ӕрдиаггӕнгӕ цыдысты комы дымӕгмӕ.Семӕ кодтой Залымы амӕддаджы. Цӕмӕй зыдтой, Зӕринӕ йӕ фӕсдзӕуин чызджы уӕлӕдарӕсы мӕсыгӕй кӕй рахъуызыд ӕмӕ раззаг рӕнхъыты кӕй цӕуы, уый.

Адӕм куыддӕр Залыммӕ ӕрбаввахс сты, афтӕ паддзахы чызг размӕ азгъордта ӕмӕ йӕхи йӕ хъӕлӕсы баппӕрста. Бӕстӕ ныццарыдта ӕвирхъау уынӕргъын, ӕмбу, арты ӕвзӕгтӕ уӕларвмӕ фӕцыдысты, стӕй ӕппӕт дӕр фӕздӕджы бын фӕци… Дуне куы ӕрсабыр, фӕздӕг куы ахӕлиу, уӕд Бӕстырӕсугъд Заринӕ. Уый сынтыл хуыссӕгау адаргъ хурыскӕсӕнырдӕм, йӕ къухтӕ йӕ риуылӕвӕрд, йӕ уылӕнтӕнгӕс сӕрыхъуынтӕ Арвыкомырдыгӕй къӕдзӕхтыл ӕркалдысты.

Уыцы рӕстӕг Сӕна фыййӕуттимӕ фос хызта хохы бӕрзонд фахсыл. Ӕвирхъау хъӕр уырдӕм дӕр байхъуыст. Зыдта, абон та сӕ чызджыты рӕсугъддӕртӕй иу Залымы амӕддаг кӕй бауыдзӕн, ӕмӕ йӕ сагъӕс хордта. Мӕнӕ уӕдмӕ фӕздӕг кӕмтты нарджыты ӕрбадт, ӕмӕ Сӕнамӕ йӕ уарзоны фӕлгонц хохы хуызы разынд. Лӕппу йӕхи къӕдзӕхӕй фехста. Ӕрмӕст ма ныхъхъӕр кодта : « О, Стыр Хуыцау! Дунескӕнӕг Хуыцау, кӕд мын дӕ зӕрдӕ исты хорздзинад зӕгъы, уӕд мӕн дӕр хох фестын кӕн!» Ӕмӕ уыцы уысм Сӕна дӕр хохы хуызы хӕрдмӕ фӕцыд арвы хъӕбысмӕ, дӕрдты рафӕлгӕсыд иннӕ хӕхты сӕрты, йӕ уарзоны агургӕ. Йӕ цӕст ыл ӕрхӕцыд, ӕмӕ йӕм уӕдӕй абонмӕ кӕсы йӕ уарзӕгой цӕстӕнгасӕй . Зӕгъынц, хур бонты, дам, йӕ уындӕй йӕ зӕрдӕ афтӕ фӕрайы, ӕмӕ йӕ цъупп тӕмӕнтӕ фӕкалы: мигъ бонты йӕ нал фӕуыны ӕмӕ йыл сусӕг хъынцъым, уынӕргъын бахӕцы, мигъты куы иуырдӕм, куы иннӕрдӕм зыгъуыттытӕ кӕнын райдайы.


3. Ахуыргӕнӕджы ныхас.

1.Бирӕ таурӕгътӕ ис нӕ хӕхбӕстыл. Ирон лӕгӕн уӕлдай адджын сты уыцы гуымирытӕ. Ӕмӕ сын кӕд царддӕттӕг уыдысты 4 ӕнусы дӕргъы, уӕддӕр бирӕ фыдӕбӕттӕ ӕмӕ тухитӕ бавзӕрстой сӕ тызмӕг хъӕбысы.

2. -Уӕдӕ абон нӕ урочы цӕуыл дзурдзыстӕм?( « Хорхӕссӕг»).

-Раст.

3.-Абон нӕ урочы равзардзыстӕм Дзесты Куыдзӕджы радзырд «Хорхӕссӕг». Нӕ цӕстытыл ауайын кӕндзыстӕм хорхӕссӕджы трагедион уавӕр, хӕххон зымӕджы тызмӕгдзинад, абардзыстӕм хъайтарты цард нӕ абоны цардимӕ, сбӕрӕг кӕндзыстӕм, цымӕ куыд сӕххӕст сты архайджыты сӕйрагдӕр бӕллицтӕ. Нӕ урокӕн эпигрӕфӕн равзӕрстон Чеджемты Ӕхсары ныхӕстӕ.


5. Дзырдуатон куыст.

ӕртысгӕн – шипцы для углей

ӕввонгхор – дармоед.

Рӕхснӕг – прямой, гладкий.

Пут – 16 килограмм

Къӕсса – кожаный мешок.


6. Текстыл бакуыст.


1.Зӕгъут, легендӕйы цы чызджы кой скодтам, уый кӕимӕ абарӕн ис?

2. Цӕуыл у сӕ мӕт Уӕллагкомы адӕмӕн?

1 скъоладзау:-Халас куы æрбада, уæд сæ хортæ сæфдзысты.

3. Ссарут тексты ӕмӕ бакӕсут, хъӕу уыцы ӕхсӕв цы уавӕры ис, уыцы бынат.

4. Куыд дарынц сӕхи хъӕуы адӕм уыцы уӕззау рӕстӕг? (Уацилламӕ кувынц).

5. Куыд спайда кодта фыссӕг ирон мифологийы адӕмы тыхст уавӕр хуыздӕр равдисынӕн?

6. Ссарут тексты ӕфсирты мӕлӕт ӕмӕ йӕ аив бакӕсут.

Дзуапп: Куыд базӕронд сты ӕхсӕвӕй бонмӕ! Сӕ сӕртӕ фӕкъул сты. Цъӕх-цъӕхид цыллӕ сыгтӕ мӕрдон фӕлурс ныйисты ӕмӕ сӕ мидбынаты хуры тӕвдмӕ сӕ цӕстысыг лӕдӕрсы. Кӕуынц ӕфсиртӕ. Кӕуынц сусӕгӕй. Афтӕ ма фӕкӕуы ног чындз сӕрзӕды бын йӕ цӕгаты зиан фехъусгӕйӕ.

7. Зӕгъут-ма, цы хонӕм пейзаж?(Пейзаж у францусаг дзырд, амоны бӕрӕг бынатӕн, ранӕн йӕ ӕрдзон сконды сфӕлыст).

8. Ссарут тексты хӕххон зымӕджы ныв ӕмӕ хӕхты тызмӕгдзинад ӕвдыст кӕм цӕуы, уыцы бынӕттӕ.

9. Чи у уацмысы сӕйраг архайӕг? Цавӕр маст ын хӕры йӕ зӕрдӕ?

10. Бакӕсут-ма, Темсыры бинонтӕ ӕвдыст кӕм ӕрцыдыстӕ, уыцы бынат.

11. Цавӕр хъуыдымӕ ӕрцыд Темсыр?

12. Араст сты уӕззау фӕндагыл фыд ӕмӕ фырт. Кӕуыл фӕдзӕхсы йӕхи Темсыр?(Лӕгтыдзуарыл)

13. Ирон адӕммӕ рагӕй дӕр Лӕгтыдзуары ном тынг кадджын уыд. Мӕнӕ цы зӕгъы уый тыххӕй зынгӕ археолог В. Кузнецов: « Культ Уастырджи- покровитель мужчин и путников- очень популярен в Осетии. Это походы по узким горным тропам в соседние ущелья в поисках хлеба, дальние переходы через грандиозные хребты и ледяные перевалы были далеко не безопасными и не всегда кончались счастливым концом. Вот почему отправляясь в путь осетины просят покровительства Уастырджи».

14. Цӕуыл ныхас кӕнынц фыд ӕмӕ фырт сӕ дард фӕндагыл?

15. Ам рабӕрӕг Темсыры стыр бӕллиц. Цавӕр у?

16. Зӕгъут-ма, абоны царды цӕстӕй, куыд сӕххӕст Темсыры бӕллиц?

17.Радтой сын сӕ хӕстӕджытӕ хор. Дыууӕ путы ис Темсыры къӕссайы, иу пут Додийы дзӕкъулы. Цы ма хӕссы ноджыдӕр Темсыр?

Дзуапп: (цыппар нартхоры кӕрдзыны ӕмӕ фӕлмӕн цыхт).

18. Цавӕр лӕппу уыд Доди? Цӕмӕ бӕллыд царды?

Дзуапп: (Йе стырдӕр бӕллиц Додийӕн уыди скъоламӕ цӕуын).

19. Цавӕр фыдӕбӕттӕ бавзӕрстой фӕндагыл фыд ӕмӕ фырт?

20. Цӕуыл баивтаид ныр йе стыр бӕллиц Доди йӕ фӕдӕй куы фӕхицӕн, уӕд?

21. Чи уыд Хъаныхъуаты Бола?

22. Кӕй ма зонут ирон номдзыд богӕлттӕй?( Андиаты Сослан, Хӕдарцаты Махарбег, Таймӕзты Артур, Фадзайты Арсен).

23. Додиимӕ абаргӕйӕ абоны сывӕллӕтты цард куыд аивта?

24. Ис нӕм абон дӕр зын уавӕры чи ис ахӕм сывӕллӕттӕ. Чи сты сымахмӕ гӕсгӕ уыдон?

15. Цавӕр ӕмбисондтӕй спайда кодта фыссӕг Темсыр ӕмӕ Доди куы фӕхицӕн сты, уӕд?

26. Ныр-ма хорз ахъуыды кӕнут ӕмӕ зӕгъут: абоны цардимӕ абаргӕйӕ цавӕр ивддзинӕдтӕ бахӕссӕн ис текстмӕ?

27. Цӕмӕй фӕцис уацмыс? Цӕмӕн фесӕфтысты фыд ӕмӕ фырт?


7. Хъомыладон куыст дзулы тыххӕй.


Уӕдӕ абон мах дзулӕн цы аргъ кӕнын хъӕуы, ахӕм аргъ ын кӕнӕм? Хъыгагӕн нӕ. Ирон лӕг иу кӕрдзынӕй ард куы бахордтаид, уӕд уымӕн фӕсайӕн нӕ уыд. Ӕнусты сӕрты фӕхастой се рдхӕрӕны ӕртӕ уӕлибӕхы. Ӕмӕ иу искуы дзулы къӕбӕр зӕххы куы фенат, уӕд иу уӕ зӕрдыл ӕрлӕууӕд Додийы хъысмӕт. Абон дӕр хор ӕрзайын кӕнын ӕнцон нӕу. Тынг бирӕ адӕм ыл бакӕнынц хидвӕллой.


8. Ӕрдз ӕмӕ экологи.


  1. Абон мах хӕхбӕсты вӕййӕм? Цӕмӕн?

  2. Цы у не стырдӕр хӕс ?

Махыл дӕр ӕвӕрд ис стыр хӕс. Нӕ фыдӕлтӕ ӕнусты дӕргъы цы ӕрдз бахъахъхъӕдтой, уый рӕсугъдӕй нӕ кӕстӕртӕм адӕттын.



9. Адӕмы хӕлардзинад зын сахаты.

1.Абон хӕхты фыдбылызтӕ не рцӕуы. Уыдонӕн дӕр баххуысгӕнӕг

Нӕ вӕййы?


10. Уӕдӕ эпигрӕфӕн Ӕхсары ныхӕстӕ хуымӕтӕджы нӕ равзӕрстон. Ирыстон нӕлгоймагӕй рагӕй дӕр домбай уыд, ныффӕрӕзта иу алы тухӕнтӕн дӕр, уӕддӕр Ирыстоны кад дӕлӕмӕ никуы ӕруагъта. Ныр та уыцы хӕс ӕрхаудта сымахмӕ. Ӕмӕ кӕд ӕккойӕ хор нал хӕссӕм, уӕддӕр лӕджыхъӕд равдисынӕн ныртӕккӕ дӕр бирӕ гӕнӕнтӕ ис.


11. Рефлекси:

Уæдæ урочы чи куыд бакуыста , уый сбæрæг кæнæм.

1). Æз урочы куыстон… хорз/æвзæр

2). Урок мæм фæкаст… цыбыр/даргъ

4) Урочы ногæй базыдтон…/ нæ базыдтон


12. Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын.


13. Хӕдзармӕ куыст. Ныффыссын нывæцæн «Темсыр ӕмӕ Додийы трагикон хъысмæт»