СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Экскурсия по Алагирскому ущелью

Категория: География

Нажмите, чтобы узнать подробности

Исследовательская работа ученицы 9 по краеведенью 

Просмотр содержимого документа
«Экскурсия по Алагирскому ущелью»

Сæрды Мæскуыйæ ссыди Алагирмæ мæ мады æфсымæр Бутаты Мæирбег.

- Цомут-ма, æз уын Уæлладжыры ком фенын кæнон, - загътæ уый.

- Ǣмæ Уæлладжыры ком стыр у? Цæвæр кæмттæ йæм хауынц? – бафарстон æз.

- О! Нæ ком уы Ирыстоны стырдæр ком. Хауынц æм Мамысоны ком, Туалгом, Куырттаты ком, Цъæйы ком, Урсдоны ком, Ǣрхоны ком, Бады ком. Бирæ хъæутæ дзы ис : Ход, Суадаг , Зджид , Бирæгъзæнг, Црау, Тæмискъ, Зæрæмæг, Бурон, Быз, Нар, Садон, Галон, Ногхъæу, Мызур, Унал, Нузал.

Цæугæдæттæ дæр дзы ис: Ǣрыдон, Цраудон, Цъæйдон.

Машинæйы абадыстæм æмæ нæ фæндагыл ацыдыстæм.

- Мæирбег, Бутатæй фæстамæ Уæлладжыры комы цавæр мыггæгтæ цæры?

- Цæрынц дзы Бутатæ, Икъатæ, Дарчитæ, Черчестæ, Гæлæутæ, Датитæ, Айлартæ, Дзассохтæ, Хетагкатæ, Габолатæ, Уырымтæ, Уазитæ, Агънатæ, Габутæ, Цаллагтæ, Бесолтæ, Баситæ, Баскатæ, Цогойтæ.

Ǣфтæмæй æрхæццæ стæм Хетаджы къохмæ, Ирыстоны стырдæр кувæндонмæ.

- Мæирбег, ам хъæд цæмæн ис, кæцæй фæзынд?

- Раджы заман Кæсæджы цардис зæронд æлдар Инал. Уыдис ын æртæ фырты: Биаслан, Тасолтан æмæ Хетаг. Кæстæр æфсымæр Хетаг чырыстон дин райста. Ǣфсымæртæ йæм фæхæрам сты æмæ йæ амарынвæнд скодтой. Хетæгæн æндæр гæнæн нал уыдис æмæ йæ райгуырæн бæстæйæ алыгъдис.

Ǣ фсымæртæ йæ фæдыл фæфæдис сты. Хетæг фæндагыл айхъуыста цыдæр уæларвон хъæлæс : «Хетаг, хъæдмæ!». Фæлæ лæппуйæн йæ сæр бафснæйыны амал нæ уыдис æмæ йæ хæрзгæнæгмæ адзырдта: «Хетаг хъæдмæ – нал! Хъæд - Хетæгмæ!» Уæлладжыры комы фахсæй хъæды къох сыстæдис æмæ хохрæбын тъæпæны æрæнцадис. Афтæ равзæрдис Хетæджы къох. Ныр у стыр кувæндон. Хетæджы кувæн бон у июлы фыццаг Хуыцаубон.

- Мæирбег, Уæлладжыры комы мæ исты кувæндæттæ зоныс?

- Зонын. Ис дзы Реком, Мыкалгабыртæ, Хуыцаудзуар, Сау барæджы дзуары кувæндон, Ичъынæ.

- Ичъынæ никуы фехъуыстон.

- Ичъынæ у Икъаты мыггæджы кувæндон Ǣрхоны. Бутаты мыггаг-та равзæрд Стыр Мызуры. Уым нымад уыд тыхджын æмæ бирæхъабазджыныл. Иухатт мыггаджы хистæртæй чидæр рахаста уынаффæ, цæмæй хид саразой æмæ йын хъæдæрмæг æрласой Стыр Мызурæй. Уый нæ фæцыд иу мыггаджы зæрдæмæ, кæцытæ цардысты Стыр Мызуры. Адæмы ‘хсæн рауад хыл, чидæртæ дзы мард дæр фесты. Уый ауыл Мызуры цæрджытæй бирæтæ Бутаты ныхмæ фесты. Бутаты мыггаган кæсæджы ‘хсæн уыди хæлæртæ, æфсымæрты цард кодтой. Ǣфхæрд мыггаг сæ кæсгон æфсымæртæй æххуыс бацагуырдтой. Кæсæг бирæ адæм æрæмбырд кодта æмæ сæ Бутаты мыггагмæ арвыстой. Æфсæддонтæ Зилахарæй ахыстысты, фæлæ сæ бон дарддæр цæуын нал уыд хъæды астæуты. Фæндаг кæнын сæ бахъуыд.

Афта кæсгон æфсæддонтæ æнæнхъæлæджы Стыр Мызурмæ бахæццæ сты. Уыдон хъæубæстæмæ арвыстой æвзарст лæгтæ, кæцытæ хъуамæ баныхас кодтаиккой кæнæ Бутаты мыггагмæ хæлардзинад, кæнæ хæст. Хъаубæстæ ахæм тыхджын æфсад куы федтой, уæд сразы балымæн уæвыныл. Уæдай фæстæмæ уыцы фæндаг хонын райдыдтой «Бутаты бæхты фæндаг». Рацыд рæстæг. Уæлладжыры коммæ знæгтæ æрбабырстой. Бирæ адæм фæци мард. Мызурæгтæ уæддæр сæ маст Бутатæм нæ аныхъуырдтой æмæ загътой: кæд Бутаты мыггаг ахæм тыхджын æмæ хъаруджын у, уæд æрцæрæнт коммæ бацæуæны æмæ йæ ныббырстытæй хъæхъхъæндзысты. Цы гæнæн ма уыд Бутаты мыггагæн? Æмæ срази. Уыдон сæ сæрмæ не ‘рхастой лæмæгъдзинад æмæ æгаддзинад. Уæззау уаргъ се ‘ккой скодтой. Сæ хистæр Бутаты Бызимæ æрцардысты комнарæджы. Хъæу схуыдтой Бызыхъæу, абон та у Быз. Иу афæдзы бæрц дар на рацыд, афтæ кæсæг, кæцытæ баххуыс кодтой Бутатæм, стыр æфсадæй сфæнд кодтой Уæлладжыры коммæ ныббырсын. Æрцыдысты Бутатæм. Уыдон сыл тынг бацин кодтой, хорз сæ суазæг кодтой. Сæ абадты кæрон схъæр кодтой се ‘рбацыды сæр кæсæг. Бутатæ ныккатай кодтой. Ныр цы бакæной? Кæддæр сын чи баххуыс кодта, сæ зындзинады сæ фарсмæ чи ‘рлаууид, уыцы адæмы коммæ ауадзой? Ǣмæ уæд сæ худинаджы хъæр куы айхъуысдзæн?! Ǣви бахъахъхъæной сæ комбæсты адæмы? Бирæтæ дзы фæмард уыдзысты, фæлæ æгады бæсты – мæлæт хуыздæр! Сæ уынаффæ захътой кæсгон адæмæн: «Мах хъахъхъæнæм ком знæгтæй. Аххæссут, цы уæ хъæуы, уый, махæй ацæут». Кæсгон адæмы зæрдæмæ Бутаты уынаффæ нæ фæцыд. Уыйадыл се ‘хсæн хæст бацайдагъ. Кæсгон адæм иууылдæр цагъд фæсты, Бутатæй ма иу æрыгон лæппу, Тага зæгъгæ, цæфтæй аирвæзт. Хъæубæсты ‘руаджы сдзæбæх. Уыцы хабары фæстæ иунæг Уæлладжыры комы цæрджытæ хъалон никæмæн уал фыстой. Рацыд бирæ рæстæг. Б азæронд Тага, бакуырм. Иухатт коммæ бадилатæ æрбабырстой. Сылгоймæгтæ (уыдоны ‘хсæн уыд Тагайы чындз дæр) бафиппайдтой лæбурджыты. Хъæубæсты иу лæг нæ уыд. Тагайæн гыццыл лæппу хабар фехъусын кодта. Уый райста йæ хæцæнгарз æмæ чындзæн бафæдзæхста, цæмæй йын бадилатæ тигъæй куы ‘рбазыной, уæд зæгъа. Лæппуйы та арвыста мæсыджы арт скæнынмæ, цæмæй хъæубæстæ базоной знæгты æ рбабырст. Тага æппындæр нал уыдта, фæлæ хъуыды кодта, знæгтæ кæцæй фæзындзысты уыцы бынат æмæ та иу ныхъхъавыд. Хæст бацайдагъ, бадилатæ пырхгонд æрцыдысты. Ахæм хабар дæр уыди.

Ды зоныс, Соня, мах, Бутатæ, раджы заманæй нырмæ кувæм Сау барæджы дзуарма. Хистæртæй куыд фехъуыстон, æфтæмæй Сау барæджы дзуар сау бæхыл æмæ сау дарæсы уыди. Давынмæ æмæ стигъынмæ чи цыди, уыдон æм куывтой. Афтæ дæр дзурынц, холыдзуан æхсæвдзу бирæгъты бардуаг уыди. Сау барæджы дзуармæ Уæлладжыры комы йеддæмæ никуы кувынц. Бызмæ хæстæг йæ номы ис хъæды къох. Уыцы къохы йæ бон бамбахсын уыдис алы фыдгæнæгæн дæр. Июлы дыккаг къуырий, дыццæджы боны, Бутатæм вæййы стыр бæрæгбон. Куывдмæ Бызы бынмæ æрцæуынц Бутатæ æмæ сæ хæстæджытæ. Сау барæг уы тынг æргом дзуар. Уæлиау къæдзæхыл ис лæгæт. Къæдзæх æхæм уырдыг уы æмæ йæм тæссæг уы схизын. Кæддæр Уæрæсейæ æрбацыди альпинисты къорд. Иу альпинист къæдзæхы сæрæй бæндæныл æруагътой лæгæтмæ. Лæппу мидæмæ бакаст æмæ бакуырм.

- Диссаджы хабар мын ракодтай, Мæирбег.

- Соня, ды искуы дзындзырмен бахордтай?

- Уый та цы уы?

- Махмæ, Уæлладжыры комы, ис диссаджы кæрдо. Мах, Уæлладжыры комы адæм, йæ хонæм дзындзырмен. Радзырдзынæн дын, цæмæн афтæ дзурæм æмæ нам кæцæй фазынд уыцы кæрдо. 19 æнусы Алагиры уыдис æвзист æмæ здыйы завод, кæцыйы куыстой бельгиæгтæ. Уыдонæй иу йемæ æрбаластæ францусаг кæрдойы талатæ æмæ сæ ныссагътæ йæ цæхæрадоны. Дыргътæ куы радтой, уæд сæ хорзы ном айхъуыст æнæхъан Уæрæсейыл: уыдысты хæрзад, донджын. Ирон адæм «Сен-Жермен» хъуыстой куыд «дзындзырмен» Уæлладжры комы уыцы кæрдойы ном баззади «дзындзырмен», Уæрæсейы та йæ хонынц «алагирская груша»

- Мæирбег, хъуыды кæныс, бабу иу дедатæ куыд котда? – бафарстæ мæ мад.

- Цæмæ сæ кодта?

- Раздæр-иу хæдзары æфсинтæ Ног азы кодтой стыр гуыдынтæ – æртхуронтæ, гыццыл гуылтæ – басылтæ æмæ дедатæ. Мах-та дæ мадимæ, «Хæдзаронтæ» заргæйæ, нæ сыхæгты хæдзæрттыл зылдыстæм. Фысымтæ нын æрфæтæ кодтой æмæ-иу нæ адджын басылтæй æмæ дедатæй хорз федтой.

Радзырдта : Бутаты Георгийы фырт Мæирбег,

1965 азы гуырд, Алагирæй рацæугæ, Мæскуыйы цæрæг.

Ныффыста : Коккаты Соня, 2-æм курсы студенткæ.







Ацы сæрды æз ацыдтæн мæ бабуйы хомæ -Бутаты Заирамæ. Уый цæры Алагиры. Заира мын радзырдта Сыкъаджын калмы хабар.

- Кæйдæр хъæуы скъæты цардис калм. Уыдис тынг расугъд æмæ стыр, уымæй уæлдай уыдис ын сыкъæтæ. Иу бон лæппутæ хæдзары хъазыдысты, калм дæр йæхи ирхæфста. Лæппу смæсты, хъил сцыргъ кодта æмæ скъæты фарсмæ бамбæхстис. Калм рудзынгæй йæ сæр куыд радардта, афтæ йын йæ хурх фæрæхуыста. Калм рагæпп кодта æддæмæ æмæ хуымтæ ссæндгæ ацыдис. Тынг бирæ туг калмæй рацыд, галæй дæр уыйбарц нæ рацыдаид. Адæм йæ фæстæ ацыдысты, фæлæ йæ нал ссардтой. Уымай фæстæмæ хистæртæ дзурынц: «Калм зæхх куы хæра, уæд дынджыр кæны. Фæлæ йæ хæрын нæ уæнды, фæуынæй йын тæрсы»

Иу дыууæ сахаты дзырдтам ирон фольклоры тыххæй. Ǣрæмысыдыстæм «Мысты ныгæнд». Йæ фыдæй фехъуыста ацы таурæгъ.

Зджыды абырджытимæ баст чи уыди, ахæм лæппу цард кæддæр. Фæззыгон хъæды æрбацæйцыдис -кæсы æмæ дыууæ галы. Сæ хицау суг кæны, лæппуйы нæ федта. Абырæг галтæ феуæгъд кодта æмæ сæ раскъæрдта. Хъæды цас фæцыди, чи зоны, фæлæ иу ран æрбадтис. Кæсы, мыст йæ мæрамæ æхсæртæ скъæфы. Мыст ногæй куы ауадис, уæд ын лæппу йæ ныгæнæн ракъахта æмæ дзы нымæтхуды дзаг æхсæртæ систа. Мыст йæ ныгæн афтидæй куы федта, уæд рагæпп кодта, йæ къæхтæ фæхæрдмæ сты æмæ ма сæ цалдæр хатты батылдта. Уыйадыл амард. Лæппу дисы бафтыл. Ǣркъæртт æй кодта, æмæ мыстæн йæ зæрдæ атыдта. Хъуыды кæны : «Уæдæ ацы галтæ кæй сты, уый афонмæ цы ми кæны». Сыстад æмæ галтæ фæстæмæ аскъæрдта. Сæхимæ куы бацыд, уæд йæ мадæн æртæ кæрдзыны скæнын кодта. Кувæндоны бынмæ ацыд æмæ уым ард бахордта, куыд никуыуал никæй бахъыгдардзæн.

Радзырдта : Бутаты Мураты чызг Заирæ,

1944 азы гуырд, Алагиры цæрæг.

Ныффыста : Коккаты Соня, 2-æм курсы студенткæ.


Скачать

Рекомендуем курсы ПК и ППК для учителей

Вебинар для учителей

Свидетельство об участии БЕСПЛАТНО!