СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Гом урочы темœ: "Къостайы ном - œнусон".

Нажмите, чтобы узнать подробности

Данная работа была представлена на открытом уроке в октябре 2021года. Дети активно работали. Урок был интересным, плодотворным

Просмотр содержимого документа
«Гом урочы темœ: "Къостайы ном - œнусон".»

Темœ: Къостайы ном – œнусон.

Æвзаджы темœ: Вазыгджын дзырдтœ.

Нысантœ: 1.Базонгœ кœнын ахуырдзауты Къостайы номимœ баст бынœттимœ,

афœлгœст скœнын фыссœджы цардœрфыстыл.

2. Вазыгджын дзырдты тыххœй зонындзинœдтœ фœуœрœхдœр кœнын.

3.Фразеологизмтœй рацыд œрмœг сфœлхат кœнын.

4.Ныхасы рœзтыл бакусын.

Хъомыладон куыст:

Ахуырдзауты зœрдœты œвзœрын кœнын уарзондзинад ирон аив дзырдмœ, Къостайы сфœлдыстадмœ.

Цœстуынгœ œрмœг: Чингуыты равдыст, ахуырдзауты конд нывтœ, презентации.



Эпиграф: «Азтœ куыд фылдœр цœуынц,

Афтœ Къоста мœ цœсты кœны

кадджынœй – кадджындœр,

цытджынœй – цытджындœр,

тыхджынœй – тыхджындœр».

Абайты Васо.





Урочы цыд.

Бацœттœгœнœн рœстœг. Радгœсимœ ныхас.

Мотивацион уавœр.

Сценкœ «Æз Къоста дœн»- мœ бакœсыны фœстœ йыл œрдзурын.

Зœгъут – ма уœдœ, абон нœ урочы кœй кой кœндзыстœм?

Фонетикон œрмœгыл бакусын.

Кавказаг мыртœ фœлхат кœнын.

Къуырисœр, къорд, бирœгъ, аргъау, хъœдхой, цъиу, цъœх, хъœр,

цъиусур.

Ацы мыртимœ тагъддзуринœгтœ дзурын.

1)Хъœуœй хъазты хъœр хъуысы

Хъœдхой хъœндилмœ хъуызы.

2)Хъœбœр галœн хъœбœр хъœдœй

Хъœбœр къœлœт.

3)Къупп- къупп – хъœдхой хойы

Къупп –къупп – тœрс рœхойы

4)Цъиусур кауы сœрыл абадт,

Цъиуты зард йœ хъустыл ауад.

Цы у тагъддзуринаг?

Тагъддзуринаг у адœмон сфœлдыстады хуызтœй иу.



Хœдзармœ куыст сбœрœг кœнын.

Ахуырдзаутœ дзурынц œмдзœвгœтœ.

Зонындзинœдты актуализаци. Ахуыргœнœджы раныхас.

1.Дзырдуатон куыст.

Хœстœджытœ – родственники

Цыртдзœвœн – памятник

Зœрдыл дарын – помнить

Сфœлдыстад – творчество.

Ленк кœнын – плавать

Сœрыстырœй хœссын – гордо нести.

2. Презентаци. Текстимœ куыст.

-Бакœсœм текст œмœ йœ равзарœм.

-Йœ сœргондмœ гœсгœ, нœ бон зœгъын у, цœуыл цœудзœн ныхас тексты?

- Тексты сœргонд у «Балц Къостайы номимœ баст бынœттœм», уœдœ тексты ныхас цœудзœн

Къостайы номимœ баст бынœттыл.

Фœрстытœ дзуœппытœ раттын.

1)Кœд афтыдысты Къостайы хœстœджытœ Стъараполы краймœ?

2)Цœмœн уыд Къоста Херсоны?

3)Къостайы номимœ баст бынœттœй цавœртимœ базонгœ стут?



3. Грамматикон œрмœгыл бакуыст.

Цы хонœм вазыгджын дзырдтœ?

Ссарын тексты вазыгджын дзырдтœ

Цард+ агур= цардагур

Цырт+ цœвын =цыртдзœвœн

Фœллад + уадзын =фœлладуадзын

Цард + фœндаг =цардвœндаг

Дзœуг + хъœу = Дзœуджыхъœу.

4. Карточкœтимœ куыст

Чиныгимœ куыст

4-œм фœлтœрœн сœххœст кœнын



5. Зœгъут, ацы хъуыдыйœдтœ œцœгдзинад œвдисынц œви нœ.

1) Къоста райгуырдис Нары.

2)Къостайы œмдзœвгœты чиныг хуыйны «Ирон фыййау»

3)Нары скъолайы фœстœ ма Къоста ахуыр кодта Дзœуджыхъœуы œмœ Стъараполы.

4)Къоста Бетъырбухы ахуыр кодта университеты

5)Къоста амард 46 аздзыдœй.

6)Къостайы ингœн ис Дзœуджыхъœуы

7) Къоста скодта œрмœст иу ныв.



Релаксаци. Байхъусын œмœ азарын «Балцы зарœг».

6.Эпиграфыл куыст.

-Къостайы хуызœн адœймœгтыл цавœр œмбисœндтœ нœ бон у œрхъуыды кœнын.

1) «Дœ рафœлдисœгœн сыгъзœрин тœбœгъты фœкуывдœуа».

2)»Хорз адœмœн иумœйаг у».

3)»Лœг йœ рœстœгмœ гœсгœ лœг у».

4) «Мœрдты сыгъзœрин талатœ суадзœд».

-Цœуыл сахуыр кœниккат Къостайыл?

(Райгуырœн бœстœ уарзын, рœстœг дзœгъœлы нœ сафын,

Адœмы уарзын, искœмœн œххуыс кœнын, хистœрœн кад кœнын, …)



Синквейн скœнын.

-Къоста

-Кадджын, зындгонд

- уарзын, œххуыс кœнын, тох кœнын

-Къоста – ирон адœмы уарзондœр хъœбул.

-Гени.



Рефлекси (œрмœг куыд бамбœрстой, уый сбœрœг кœнын).

Хœдзармœ куыст:

Ныффыссын аст мивдисœджы алыхуызон разœфтуантимœ.