СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Гом урок «Фыдыбæстæ, ды махæн мады ад кæныс»

Нажмите, чтобы узнать подробности

Гом урок ирон авзагай. Фыдыбаста хъахъхъанаджы бонма. 6-ам къласы.

Просмотр содержимого документа
«Гом урок «Фыдыбæстæ, ды махæн мады ад кæныс»»

РФМЛИ ГОМ УРОК Темæ: «Фыдыбæстæ, ды махæн мады аргъ кæныс»















Къомайты К.Э.









2019 аз.



Темæ: Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон.


Нысан: 1. Мадæлон æвзагмæ уарзондзинад гуырын кæнын.

2. Ныхасы рæзтыл куыст; растдзурынадыл куыст.

3. Сывæллæтты зæрдæты гуырын кæнын патриотон æнкъарæнтæ,

базонгæ сæ кæнын бæрæгбоны равзæрдимæ.

Урочы цыд:

  1. Бацæттæгæнæн рæстæг.

– Уæ бон хорз!

- Æгас цу!

- Чи у абон радгæс? (…) Къуырийы бонтæй кæцы у? (…)

-Афæдзы афонтæй та цавæр афон у? (…)

-Нæ абоны урочы мах дзурдзыстæм диссаджы бæрæгбоны тыххæй.

- Цавæр бæрæгбоны тыххæй дзурдзыстæм, уый иумæ базондзыстæм.

-Бакæсут-ма слайдтæм, цавæр дзырдтæ дзы уынут?

-Ратæлмац ма сæ кæнут

-Куыд баст сты карадзиимæ ацы дзырдтæ?

-Уæдæ цавæр бæрæгбоны тыххæй дзурдзыстæм абон?

-Уый у Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон.

  1. Текстимæ куыст.

-Тынг хорз. Абон мах нæ урочы дзурдзыстæм, нæ бæстæ нын чи хъахъхъæдта æмæ хъахъхъæны, уыцы адæмы тыххæй. Куыд сæ хонæм?

(Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ)

- Фæнды мæ сымах базонгæ кæнын Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боæрæгбоны фæзындимæ.

Байгом кæнут уæ чингуытæ, ссарут текст.

(Ног дзырдтæ иууылдæр зонæм)

- Цæмæй тексты мидис бамбарæм, уый тыххæй йæ хъæуы ратæлмац кæнын уырыссаг æвзагмæ.

Алкæцы скъоладзау дæр кæсы фæйнæ æртæ хъуыдыйады æмæ сæ тæлмац кæны.





- Фæрстытæ текстмæ:

  • - Цæвæр бæрæгбон у æмæ йæ кæд бæрæг кæнæм ?

  • -Кæй бæрæгбон у ?

  • Кæд снысан кодтой ацы бæрæгбон?

  • Бæрæгбон фыццаг куыд хуындис?

  • Цал адæймаджы ацыдис Ирыстонæй хæстмæ?

  • -Цавæр у йæ сæйраг мидис ?

  • - Бæрæгбоны нысаниуæг нæ абоны царды ?

ІІІ. Къордты куыст.

-Адих кодтам кълас 2 къордыл. Алы къордæн дæр лæвæрд æрцæудзæн æмхуызон хæслæвæрд рæстæгмæ.

1-аг хæслæвæрд:

Ратæлмац кæнын ног дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ: æфсæды лæггад кæнын, кадджынæй, æфсады рæнхъытæ, арæнтæ, хæстон-денджызы флот, Фыдыбæсты Стыр хæст, сæраппонд, Советон Цæдисы хъæбатыр, ацæргæ адæм.

2-аг хæслæвæрд:

Сæмбырд кæнын æмæ ратæлмац кæнын æмбисæндтæ. Фыдыбæстæ зæрдæйæ уарзын хъæуы.

- Хъæбатыры ном æнустæм цæры. Куыд æмбарут ацы æмбисонд?

- Хъæбатыр хæсты быдыры рабæрæг вæййы.

3-аг хæслæвæрд:

Сæвæрын хъуыдыйæдтæ фæд фæдыл цæмæй уæм рауайа текст æмæ йæ ратæлмац кæнын (стр. 90 №1).

4-м хæслæвæрд:

-Командæты хæдзармæ куыст

-Бацæттæ кæнын фыстæг æфсадæй

ІV. -Ныр та аулæфæм, аулæфын кæнæм нæ цæстытæ хæстон-денджызон флоты (Физ минутка). Ракæсут фæйнæгмæ.



V. Чиныгимæ куыст:

-Февралы мæйы 23-æм бон нæ бæстæйы адæм сæмбæлдысты кадджын бæрæгбоныл. Уымæн йæ ном рæстæгимæ иумæ куыд ивта, уый базондзыстæм нæ раздæры урочы текстмæ гæсгæ (инт. фæйн.). Цы пълан сарæзтам уымæ гæсгæ.

Пълан:

  1. 23-æм феврал - Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон.

  2. Бæрæгбоны ном ивыны истории æмæ йæ сæйраг мидис.

  3. Стырдæр фæлварæн - Фыдыбæсты Стыр хæст.

  4. Бæрæгбоны нысаниуæг нæ абоны царды.

(Кæсынц)



. Æмдзæвгæтæ

-Сывæллæттæ дзурынц æмдзæвгæтæ, кæцытæ бацæттæ кодтой зæрдывæрдæй дзурынмæ, Ирыстоны, мадæлон æвзаджы æмæ æфсады тыххæй.

VІІ. «Кæмæй у сæрыстыр Ирыстон».

-Æз ма уын бацæттæ кодтон презинтаци «Кæмæй у сæрыстыр Ирыстон».

-Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæи Ирыстоны хъæбатырты, хæсты быдыры чи фæмард ис уыдоны.

-Сывæллæттæ бацаттæ кодтой чысыл уацтæ æмæ сæ кæсынц.

-Ветерантæй ма чи баззади, уыдонæн хъæуы лæггад кæнын. Уæлахизы бæрæгбонмæ алы скъола дæр архайы уыдоны сбуц кæнын æмæ семæ фембæлын.

Бузныг лæппутæ сбадут.

VІІІ. Рефлекси

  • Æз базыдтон...

  • Уыдис цымыдисаг...

  • Мæ зæрдæмæ фæцыд...

  • Мæ зæрдыл дардзынæн...