Гом урок 5-ᴂм къласы
семинар
Дзырдты лексикон нысаниуᴂг
30-ᴂм скъолайы
ирон ᴂвзаг ᴂмᴂ
литературᴂйы
ахуыргᴂнᴂг
Фᴂданты И.В
Темᴂ:Лексикᴂ.Дзырдты лексикон нысаниуᴂг.
Нысан:1Скъоладзауты базонгᴂ кᴂнын лексикᴂимᴂ,цы у дзыр-
ды лексикон нысаниуᴂг.
2.Ахуырадон нысан ᴂвᴂрын.
3.Хи хъуыдытᴂ ᴂргом кᴂнын.
4.Сывᴂллᴂттᴂм ᴂвзᴂрын кᴂнын уарзондзинад культу-
рᴂмᴂ,аивадмᴂ. Сᴂ миддуне сын хъᴂздыгдᴂр кᴂнын
ᴁрмᴂг:карточкᴂтᴂ,уᴂлᴂмхасᴂн ᴂрмᴂг,компьютерон
технологи.
Фᴂйнᴂгыл фыст эпиграф
Нывгᴂнᴂг ныв кᴂны,цы уыны,уый нᴂ,фᴂлᴂ цы нкъары,уый.
Пабло Пикассо.
Рᴂсугъддзинад фервᴂзын кᴂндзᴂнис дуне.
Ф.Достоевский.
Зынᴂмбарᴂн дзырдтᴂ
Сфᴂлдыста-сарᴂзта
тᴂмᴂнтᴂ калы-ᴂрттивы
абухгᴂ-тызмᴂг,уылᴂнтᴂгᴂнгᴂ
ᴂвзист-серебро
Бакᴂсын фᴂйнᴂгыл фыст цитатᴂ.
Ахуырг.Куыд ᴂмбарут ын йᴂ хъуыды?
Дзуапп.Нывгᴂнᴂг йᴂ нывты равдисы йᴂ хъуыдытᴂ,сагъᴂстᴂ ᴂмᴂ бᴂллицтᴂ.
Ахуырг.Ацы хъуыдыйад цᴂмᴂй арᴂзт у?
Дзуапп.Хицᴂн дзырдтᴂй.(бакᴂсын сᴂ)
Ахуырг.Алы дзырд дᴂр цыдᴂр нысан кᴂны.Ис ын йᴂхи лексикон нысаниуᴂг.Цᴂуыл уыдзᴂн абон нᴂ ныхас?Цы у нᴂ урочы темᴂ?
Дзуапп. Дзырдтᴂ ᴂмᴂ сᴂ нысаниуджытᴂ.
Ахуырг.Нᴂ размᴂ цавᴂр хᴂс ис?
Дзуапп.Базонын,цы сты дзырдтᴂ,иумᴂ цы аразынц,цы у сᴂ нысаниуᴂг.
Ахуырг.Ныффыссут абоны нымᴂц ᴂмᴂ темᴂ.
Ахуырг.Хᴂдзармᴂ та цавᴂр хᴂс лᴂвᴂрд уыд?
Дзуапп.Ныффыссын цыбыр нывᴂцᴂн: «Зымᴂг йᴂ тыхы бацыд»
Ахуырг.Уᴂ хъуыдытᴂ,уе нкъарᴂнтᴂ зымᴂджы тыххᴂй куыд равдыстат уᴂ цыбыр сфᴂлдыстадон куысты?
Скъоладзаутᴂ кᴂсынц сᴂ нывᴂцᴂнтᴂ(слайдтᴂ зымᴂджы тыххᴂй)
Индивидуалон куыст(карточкᴂ)
Хᴂс:равзарын фонетикон ᴂгъдауᴂй дзырд дзоныгъ
Дзо-ныгъ 5 мыр. 5 дамгъ.
Дз[дз]-зыл.ᴂмхъ.
О[о]-тых.хъ.
Н[н]-зыл.ᴂмхъ.
Ы[гъ]-лᴂм.хъᴂл.
Гъ[гъ]-зыл.ᴂмхъ.
Скъоладзаутᴂ рацыд ᴂрмᴂгмᴂ гᴂсгᴂ(фонетикᴂйᴂ) кᴂрᴂдзимᴂ дᴂттынц фᴂрстытᴂ.
1.Цы ахуыр кᴂны фонетикᴂ?
2.Куыдᴂй равзᴂрынц мыртᴂ?
3.Цавᴂр дыууᴂ къордыл дих кᴂнынц мыртᴂ?
4.Хъᴂлᴂсонтᴂ цавᴂр хуызтыл дих кᴂнынц?
5.ᴁмхъᴂлᴂсонтᴂ цавᴂр вᴂййынц?
6.Цы хонᴂм дамгъуат?
Дзырдуатон куыст(кᴂрᴂдзи куыстытᴂ бᴂрᴂг кᴂнынц)
Бамбарын кᴂнын дзырдты растфыссынад
Ерыс,егъау,ссарын,змᴂлын,не мбᴂлы,ме мбал,йемᴂ
Ног ᴂрмᴂг
Ахуырг.Ног аз райдыдта ᴂмᴂ нын йемᴂ ᴂрбахаста лᴂвᴂрттᴂ
(чыргъᴂды алыхуызон предметтᴂ).
Зᴂгъут-ма сын сᴂ нᴂмттᴂ.Куыд федтам,афтᴂмᴂй алкᴂмᴂн дᴂр дзы ис ном.Алы дзырдᴂн дᴂр ис йᴂхи лексикон нысаниуᴂг.
Уᴂдᴂ ᴂвзаджы ᴂппᴂт дзырдтᴂ иумᴂ хуыйнынц лексикᴂ.(Дон,хур,зᴂхх,уᴂлдᴂф,кᴂрдᴂг ᴂмᴂ аф.д.)
Дзырд цы фᴂбᴂрᴂг кᴂны,уый та у йᴂ лексикон нысаниуᴂг.
Сᴂ нысаниуджытᴂ сын базонᴂн вᴂййы синонимты,дзырдуаты руаджы.
Бакᴂсын раиртᴂст(44-ᴂм ур,91 фарс)
Хᴂс:ᴁмхᴂццᴂ дамгъᴂтᴂй саразын дзырдтᴂ.Бамбарын кᴂнын сᴂ лексикон нысаниуᴂг(къордтᴂй куыст) «Чи тагъддᴂр?»Саразут семᴂ дзырдбᴂстытᴂ.
Адᴂймаг,нывгᴂнᴂг,ахорᴂнтᴂ,культурᴂ, денджыз, уылᴂнтᴂ, цᴂугᴂдон, ᴂфсымᴂр,ᴂмбᴂлттᴂ.
Физминуткᴂ
Слайд
Экраныл кроссворд
Хᴂс:Сᴂ лексикон нысаниуᴂгмᴂ гᴂсгᴂ базонын нᴂмттᴂ,дзырдтᴂ.
к | ᴂ | р | д | о |
с | а | х | а | т |
с | къ | о | л | а |
Дж | ы | з | ᴂ | л |
ᴁ | в | з | а | г |
Чырᴂгты бавᴂрын хъᴂугᴂ дамгъᴂтᴂ ᴂмᴂ саразын дзырдтᴂ.
1.Адджын,донджын дыргъ
2.Рᴂстᴂг амонᴂг дзаума
3.Зонындзинᴂдтᴂ исᴂн бынат
4.Ирыстоны хъᴂутᴂй иу.
5.Кᴂрᴂдзи ᴂмбарыны фᴂрᴂз
Ахуырг.ᴁрмᴂст хицᴂн дзырдтᴂй ᴂххᴂст хъуыды равдисᴂн нᴂй.Фᴂнды мᴂ,цᴂмᴂй ᴂмхᴂццᴂ дзырдтᴂй саразат хъуыдыйᴂдтᴂ.(фысгᴂ куыст)
1.Хорз хъуыддаг адᴂмᴂй никуы рох кᴂны.
2.Равдысты федтон зындгонд нывгᴂнджыты куыстытᴂ.
3.Ахорᴂнты руаджы равдисᴂн ис рᴂсугъд хъуыдытᴂ.
Сᴂххᴂст кᴂнын чиныджы лᴂвᴂрд 1-ᴂм фᴂлт.44-ᴂм урок.
Бамбарын кᴂнын фᴂйнᴂгыл фыст зынᴂмбарᴂн дзырдтᴂ.Сбᴂрᴂг кᴂнын тексты микротемᴂтᴂ.Цал абзацᴂй конд у?
1.Айвазовский уарзта ᴂнᴂзмᴂлгᴂ денджыз ныв кᴂнын.
2. «Сау денджыз»-йᴂ нывты хуыздᴂр.
3.Денджызы фᴂлгонц адᴂймагмᴂ ᴂвзᴂрын кᴂны рᴂсугъд ᴂнкъарᴂнтᴂ.
Фарст.Цавᴂр сᴂргонд ын раттиккат? (слайдтᴂ)
Дзуапп.
Айвазовский- денджыз нывгᴂнᴂг
Аивады тых
Бамбарын кᴂнын тексты бᴂрᴂггонд дзырдтᴂн сᴂ лексикон нысаниуджытᴂ
сфᴂлдыста-сарᴂзта
абухгᴂ-тызмᴂгᴂй
арвгᴂронᴂй-тынг дардᴂй
ᴂрбалᴂгᴂрдынц-ᴂрбабырсынц
Ахуырг.Уырыссаг культурᴂйы тыххᴂй дзургᴂйᴂ, зᴂгъын хъᴂуы нᴂ национ аивады тыххᴂй дᴂр.Зындгонд уырыссаг нывгᴂнджыты сфᴂлдыстадыл ахуыр кодта номдзыд поэт Хет.Къоста Бетъырбухы Аивᴂдты Академийы.Стыр лᴂггад бакодта ирон культурᴂйᴂн.Уый дᴂр йе ргом здᴂхта ᴂрдзы нывтᴂм,пейзажмᴂ. (слайдтᴂ)
Фарст.Абарут дыууᴂ нывгᴂнᴂджы куыстытᴂ.Цᴂмᴂй хицᴂн кᴂнынц кᴂрᴂдзийᴂ?
Дзуапп.Кᴂд Айвазовский ныв кодта фылдᴂр денджыз,йᴂ уылᴂн-тᴂ,наутᴂ,уᴂд Къоста та ᴂвдыста хᴂххон ᴂрдз,дᴂттᴂ,цᴂугᴂдᴂт-тᴂ арф кᴂмтты.Цᴂмᴂн?Уымᴂн ᴂмᴂ йын зынаргъ уыдысты йᴂ райгуырᴂн бᴂстᴂ,хᴂххон ᴂрдз.
Ахуырг.Къостайы фᴂстᴂ ирон нывкᴂнынады фᴂзынд ирд стъалы-Тугъанты Махарбег,кᴂцы бындур сᴂвᴂрдта национ аивадᴂн,Бетъырбухы Аивᴂдты Академи каст фᴂуыны фᴂстᴂ.Уый та йе ргом фылдᴂр здᴂхта Нарты кадджытᴂм,кодта сᴂм иллюстрацитᴂ. (слайдтᴂ)
Рефлекси
1.Цы базыдтат абон урочы?
2.Цымыдисаг уᴂм цы фᴂкаст?
3.Цавᴂр куысты хуызтᴂ уыдысты ᴂппᴂты ахадгᴂдᴂр?
Хᴂдз.хᴂс:44-ᴂм урок.Ирон нывгᴂнджытᴂй иуы тыххᴂй бацᴂттᴂ кᴂнын хъусынгᴂнинаг.Бамбарын кᴂнын 7 дзырдᴂн сᴂ лексикон нысаниуᴂг.