СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Иунæджы амонд (сценарий)

Категория: Искусство

Нажмите, чтобы узнать подробности

Инсценированное стихотворение Г.Плиева  

Просмотр содержимого документа
«Иунæджы амонд (сценарий)»

Иунæджы амонд

(æмдзæвгæмæ гæсгæ инсценировкæ)

Плиты Грис



АМОНÆГ

Нæ рагон удхайраг хæхбæсты,

Йæ иунæг фырты хаста мад,

Уыдис уый авд хурау йæ цæсты,

Ныййарæг мад йæ рæзтыл рад.

Уый бонæй-бонмæ стырдæр кодта,

Фæлмæнзæрдæ, рæсугъд, цыргъзонд

Чысыл лæджыбындзæфхад кондæй.

Уыд кафаг зараг æмæ хæрзконд.

Йæ мады нкъардæй бадгæ федта.

Æдзух йæ уæлхъус лæууæг уыд.

Йæ кафтæй, зардæй æмæ хъазтæй,

Сырдта ныййарæгæн йæ хъыг.



Мад - (Мæрзы. Сослан æм фæстæты бацыд æмæ йын йæ къæдзил æрцахста.)

Чи дæ, чи? Кæцы дæ?

Сослан – Нæа.

Мад - Инал дæ?

Сослан – Нæа.

Мад - Алан дæ?

Сослан – Нæа.

Мад - Хазби дæ?

Сослан – Нæа.

Мад - Æ—Æ—Æ базыдтон дæ, Сослан дæ! Алæ-ма æрцахсон дæ. (Рцахста йæ.) Дæ кафт мА хъуыды кæныс мæ къона? А - мА равдис мын æй. (Лæппу кафы.) Афтæ нæ мæ къона, мæнæ афтæ. (Мад ын амоны.)

Сослан (Фæлладæй) Гыцци стонг дæн. Дзыкка ма мын сараз.

Мад – Цом мæ къона, цом. Æз дын дзыкка дæр скодтон æмæ ма дæ уарзон адджын гуылтæ дæр. (Ацæуынц).

Амонæг

Цыдысты бонтæ, лæппу сыстыр.

Бæзæрхыг, змæлаг, уонгæй цырд.

Ныййарæг мад дзы уыд сæрыстыр,

Йæ фыдынгæстæ уыд йæ фырт.

(Мад агуры йæ фырты)

Мад – Сослан! Сослан, мæ къона! Кæм дæ, уæдæ?!

Сослан – Мæнæ дæн! (Фæстæты йæм æрбагæпп кæны . фæтæрсын æй кæны, стæй кафгæ йæ мады йæ разæй скæны. Мад æм рæвдаугæ æвдидзы. Кафы)

Мад -Алæ — ма æз дын дæ хъус сивазон. Абондæргъы дын ххормаг дæр нæу? Ма кæн мæ къæхтæ мын цъæл кæныс.(Хъазгæ ацæуынц.)

2 - ныв

(Репродуктор- Сталины раныхас 1941- æм азы. Сценæ адæмæй дзаг. Нæлгоймæгтæ хæстмæ цæуынц. Сывæллæттæ æмæ сæ сылгоймæгтæ фæндараст кæнынц)

Ацæмæз — Минæт! Дæхи ма фхæр. Æз тагъд рыздæхдзынæн. Сывæллæттæ дæ бар!

Аминæт — Мæ къона (кæуы)

Борæдз- Мæ хотæ иунæгæй уæ уадзын, фæлæ мурдæр ма тыхсут. Уæртæ уæ Дзерассæйæн бафæдзæхстон. Исты цух куы уат, уæд иу уымæ бауайут. Уый уæм йæ къух фæдаргъ кæндзæн.

Астемыр - Зæлинæ мæ къона! Ма мын ску мæ фæндагыл. Ды фидар сылгоймаг дæ! Тагъд ныппырх кæндзыстæм фашистты æмæ дæм уæлихизимæ рæхджы зындзынæн.

( Адæмæй иуварс лæууы Мад æмæ цæстæнгасæй йæ лæппуйы хъахъхъæны. Иу дуджы лæппу фæраст хæстмæцæуджыты рдæм. Мад ын йæ фæндаг ахгæдта æмæ тызмæгæй бафарста)

Мад — Кæдæм?!

(Сослан йæхи хизы йæ мады цæстытæм бакæсыныл.)

Сослан — Хæстмæ Гыцци. (Ноджы тызмæгдæрæй дзуры мад)

Мад — Нырма дыл 15 азы еддæмæ нæ цæуы!!!

Сослан — Æз зæгъдзынæн 18 азы мыл цæуы.

Мад - Лæппу!!! (Сослан азгьордта хæстонты фæдыл, сценæйы кæрон ма фæстæмæ иу каст фæкодта, йæ мады цæстытæ ауыдта. Фефсæрм кæй ацыд йæ ныхасы сæрты. Фездæхт. Балыгьд мадмæ. Хъуамæ йе фцæджы атыхстаид, фæлæ йæ алыварс адæмæй фефсæрмы æмæ йæ иу къахыл мады раз рзоныгуыл кодта æмæ йын йæ астæуыл нытыхст. Мады уырзтæ хъæбулы йæхимæ æрбалхъывтой. Æрæджиау фæгæпп ласта. Алыгъд. Дардæй ма æрхъæр кодта.)

Сослан - Хæрзбон Гыцци!!!

((Хæстон марш хъуысы. Мад сценæйы астæуæй йæ фæдыл каст, дзуар ыл бафтыдта, стæй залмæ раздæхт æмæ кувы)

Мад- О Стыр Хуыцау! О, мады Майрæм, мæ иунæг уæ фæдзæхст уæт! Æнæниз, æнæмастæй мын æй йæ фыды уæзæгмæ сыздахут. (Сындæггай сагьæсгæнгæ ацæуы)

Амонæг

Æмæ йын ныр фæцыди хæстмæ.

Фыдызæхх хъахъхъæнæг солдат.

Æмæ сыгъди, æгъуыссæг арты,

Æнæхъæн фондз азы сыгъди

Куы йын йæхи æзнæгтæ мардтой

Куы сæ йæхæдæг цагъта кардæй

Сæ бынты туглæсæн цыди.

Мæлæты тас дæр æм нæ хъарыд,

Цыма дæлимон уыд æвдиу.

Нæмгуыты их йæ сæрыл уырыд,

Фæлæ ирон лæппу ныззарыд.

(Хæстон музыкæ . Сослан гæххæтт йæ къухы афтæмæй фыстæг фыссы йæ мадмæ)

Лæппу:

Мæ Зынаргь гыцци (Фыссы, стæй сындæггай зары)

О уарзон ныййарæг

О, ме схæссæг мад, ой.

Кæд арæх æнæ мæн фæкæныс æнкъард ой.



Кæд фæндагмæ арæх

Фæцæуыс уынæг, ой.

Кæд искæцæй уаид мæ хъæбул зынæг, ой



О ма кæн ныййарæг

О ма кæн æнкъард, ой

Æнæ дæу мæнæн дæр нæу аджджын мæ цард, ой.

(Дардæй мады цъæхахст фæцæуы «Сослæнбег мæ къона»! Лæппу фæтары. Сценæмæ тыхсгъуызъй рауайы мад)

Мад — Сослæнбег мæ къона! Дæ ныхас мæм кæцæйдæр куы хъуысы! Æвæццæгæн фын уыд. Дæдæй сау арты басудза хæст чи ракъахта уый! Мæ бон æнхъæлмæ кæсын нал у. Ныр цалдæр мæйы ницыуал фыссыс мæ хъæбул... Знон Абайты чызджы федтон. Фæсырх, ныкъæмдзæстыг, раст цыма ныридæгæн нæ чындз у. Ды мын æй æмбæхстай, фæлæ йæ æз зыдтон дæ зæрдæмæ кæй цыдис уый. Хъуыды ма йæ кæныс Иласты чындзæхсæвы куыд рæсугъд фæкафыдыстут?

( Музыкæ. Йæ цæстытыл уайы. Йæ фæстæ сæ хъæубæсты адæм чындзæхсæвы æмдзæгъд кæнынц Сослан æмæ Мæдинæтæн)

О, Стыр Хуыцау дæ фæдзæхст мæ иунæг. ( кулисаты бынмæ фемдзаст ис æмæ дзы гыццыл дидинæг. Сабырæй базары)

Хохы бын та малусæг æрзади

Уалдзæг та æрбалæууы фæлмæн

Алы бон дæ æрцыдмæ куы бæллын

Уæд цымæ цы бæстыл хæцыс. Кæм?

Мадæлты фæдзæхст

Макуыуал уæт хæст…… (Æваст уæлахизы музыкæ æмæ хъæлæба æрбайхъуыст)

Амонæг:

Хæст баздæхт йе ссудзæн бынатмæ.

Æрхауд йæ лæгæты фыдгул.

Æрцыди йе стыр кад солдатмæ!

Фæлæ цы диссаг уа!-Йæ мадмæ

Цæмæннæ раздæхти солдат?

(Хæстонтæй цалдæр фæстæмæ сæздæхт. Солан семæ нæй. Шехерезадæйæ музыкæ.)

Кæм мА ис мах лæппу та? – дзуры

Мад, джихæй цæуджыты фæрсы…

Дзуапп райсы: «Горæтæн йæ цуры

Лæууы бæрзонд къæдзæхын дурыл

Æмæ дæм уырдыгæй кæсы…»



Уæд мад хæдзары ми фæуыгъта.

Йæ фырты фенынмæ фæцыд,

Æмæ йæ ссардта, баззад сагъдæй:

Йæ разы морæ бронзы уагъдæй.

Йæ фырт æнæссыбырт лæууыд.

«Мæ хъæбул!-сабырæй йæм дзуры

Æмæ йæ фарсмæ слæууыд мад.

Цæппузыртæй йæ цæссыг уагъта,

Йæ фырт та морæ бронзы уагъдæй

Лæууыд æнæссыбырт æнцад.

Хуыдта йæ фырты мад сæхимæ.

Фæлæ кæм фезмæлыди цырт.

Мад фырты балвæста йæ риумæ,

Æмæ ныр бронзы уагъдæй иумæ,

Фæлæууынц мад æмæ йæ фырт.

Кæрон.












Скачать

Рекомендуем курсы ПК и ППК для учителей

Вебинар для учителей

Свидетельство об участии БЕСПЛАТНО!