СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Иппард ма Ирай-ма уды рыст(Хетагкаты Къ)

Нажмите, чтобы узнать подробности

Просмотр содержимого документа
«Иппард ма Ирай-ма уды рыст(Хетагкаты Къ)»

Темæ. «Ӕнæ хай», «Тæхуды». (Хетæгкаты Къоста)

Нысан. Ахуырдзаутимæ æрдзурын Хетæгкаты Леуаны фырт

Къостайы цард æмæ сфæлдыстадыл

Абоны царды проблемæтæ ссарын Къостайы сфæлдыстады

Лæмбынæг ахуыр кæнын Къостайы сфæлдыстад æмæ йын

йæ фæдзæхстытæ æххæст кæнын



Нæ дзыллæйы зæрдæ —
Мæ хуымгæнды хай;
Нæ бæсты сагъæстæ —
Мæ фæззыгон най…

Къоста.

Урочы цыд. (Ныхасы бадынц 3 зæронд лæджы, ныхас кæнынц).

1-аг лæг. Уæззау у нæ цард! Азтæ цæуынц, фæлæ нæ царды уавæртæ

хуыздæр нæ кæнынц!

2-аг лæг. Нæхи бар не сты не уæнгтæ. Нæ бартæ æцæгæлон адæмы

къухты сты. Уæлдай катайаг та нæ цæрæнуæттæ.

3-аг лæг. Тæхуды, нæ уды рыст искæмæ куы бахъарид! Ацы

зындзинæдтæй нæ исчи куы ракæнид!



(Ӕрбалидзы гыццыл лæппу. Хъæр кæны)

-Леуанæн лæппу райгуырди! Леуанæн лæппу райгуырди!

1-аг лæг. Ахæм хъуыддагæн ракувын хъæуы! Кæстæртæ, сыкъатæ ма

радавут!

Нæ ноггуырд цæринаг уæд! Хорз кæстæрæй куыд рæза!

2-аг лæг. Нæ адæмæн сæрхъызой куыд уа! Сæ зынты се ΄ххуысгæнæг

куыд уа, сæ сæрыл тохгæнæг!

3-аг лæг. Йæ ном æнустимæ æмдзу куыд кæна æмæ æрвнæрæгау куыд

нæра! Ирыстоны ном дæрдтыл куыд айхъуысын кæна!

Аммен

(Равдысты архайджытæ къласы сæ бынæтты æрбадтысты)

А-г. Сывæллæттæ, уæ бон хорз! Нæ чысыл равдыстмæ гæсгæ ма зæгъут, абон нæ урочы кæй кой кæндзыстæм? Ныхасыбадæг зæронд лæгты куывд кæуыл æрцыди, уый чи у?

Скъ. Зæронд лæгты куывдæй æххæст чи уыд, уый – Хеттæгкаты Леуаны фырт Къоста. Уымæ гæсгæ, абон нæ урочы дзурдзыстæм Къостайы цардыл.

А-г . Алы ирон адæймаг дæр хорз зоны Хеттæгкаты Къостайы. Нæ зæрдыл ма ногæй æрлæууын кæнæм, кæд æмæ кæм райгуырд нæ ирон адæмы фæтæг?

Скъ. Фыссæг, нывгæнæг, ирон литерæтурæйы бындурæвæрæг Х.Л. Къоста райгуырд 15 октябры 1859 азы Нары хъæуы.

А-г. Кæм ахуыр кодта Къоста?

Скъ. Райдиан скъола каст фæци сæхи хъæуы. Уый фæстæ иучысыл ацахуыр кодта Дзæуджыхъæуы дæлгимназы. Стæй ахуыр кæнын райдыдта Стъараполы гимназы, фæлæ йæ ныууагъта. Йæ ахуыргæнæг В.И Смирновы амындмæ гæсгæ 1881 азы бацыд Бетъырбухы аивадон академимæ. Фæлæ уый дæр, йæ уавæртæм гæсгæ, каст нæ фæци. Сыздæхт Ирыстонмæ.

А–г. Йæ фембæлд Ирыстонимæ куыд уыд Къостайæн?

Скъ. Къоста Ирыстоны æддейæ уыд 14 азы. Ирыстонæй куы ацыд, уæд йæ адæмы ныууагъта мæгуыр, æфхæрд æмæ тыхстæй. Ныр куы рцыд, уæд æнхъæлдта хуыздæр цæргæ сæ æрæййафдзæн, фæлæ фыдæнхъæл фæци.

(Къоста рахызт æмæ дзуры æмдзæвгæ «Ракæс»)

А–г. Фæрысти нæ фыссæджы зæрдæ йæ дзыллæйы мæгуыр цардæй. Хицæутты тыхы уæззау уаргъ æнцон аиуырдæмгæнæн нæ уыд. Æмæ уæд Къоста райста рæстæгæй домгæ хæцæнгарз – фыссæнгарз - æмæ райдыдта йæ адæмы бартыл тох кæнын. Фæлæ царды куыд иунæг уыд, афтæ иунæг уыд йæ хæсты быдыры дæр. Иугæйттæй та хæст рамбулæн нæй. Æмæ Ирыстонæй хаст æрцыд ирон адæмы сæрхъызой. Стæй иухатт нæ, фæлæ дыууæ хаты.

Фыццаг хатт-Хъæрæсемæ

Дыккаг хатт-Херсонмæ

Фыццаг хастæй йæ зæрдæйы зындзинæдтæ равдыста æмдзæвгæ «Æнæ хай»-ы. Ацы æмдзæвгæ уын хæдзармæ уыд зæрдывæрдæй ахуыр кæнынмæ.

(Æмдзæвгæ дзурынц сывæллæттæ).

А-г. Равзарæм ма æмдзæвгæ.(«Ӕнæ хай» æвзарын)

Къоста йæ уды ′мбæрц уарзта йæ фыдыуæзæг, йæ адæмы. Йе ′мдзæвгæты æдзухæйдæр дзуры семæ, сагъæс сыл кæны, риссы сыл зæрдæбынæй. Йæ адæмимæ баст у уд, зæрдæ æмæ зондæй. Фæтардтой йæ йæ адæмы ′хсæнæй æмæ æнæ хайæ баззад сæ зындзинæдтæй. Æппæт Иры фæсивæдмæ дзуры æмæ сын йæ зæрдæйы рæбинаг æвæрæнтæ æргом кæны. Зæгъы, зæгъгæ, уæ цинæй, уæ хъыгæй фæластон мæ сау зæрдæ дард. Ам сау зæрдæ фыдадæймаджы нысан нæу, фæлæ авторæн йæ зæрдæ бафхæрд йæ адæмы уæззау цардмæ кæсынæй. Тæрсы, æцæгæлон бæстæйы куы амæла æмæ ирон цæстысыгæй æнæхай куы фæуа. Йæхи зæххыл дæр æй æцæгæлон адæм æфхæрынц. Уыйæддейæ ма æцæгæлæттæ ис йæхи адæмæй дæр, паддзахы закъæтты тыххæй йæ адæмы сæрибардзинад чи ауæй кодта.

Къоста мæлæтæй нæ тæрсы, тæрсы йæ уæлмæрдмæ йын сугхæссæг куы ничи разына. (Ирон адæммæ ахæм æгъдау ис, зианæн йæ афæдз цалынмæ нæ ацæуы, уæдмæ Ногбоны, кæнæ сæ кулдуармæ кæнæ уæлмæрды йæ ингæны цур арт скæнынц номарынæн. Бинонтæ йын нæ фæкæнынц, фæлæ æввахс æмæ хæларæй кæимæ цард, уыдон.

Кадджын адæймагыл-иу скодтой кæнæ зарджытæ, кæнæ йæ номыл фæндырæй цагъд. Стæй-иу нæлгоймаг – зианы номыл бæхты дугътæ уагътой. Поэт сагъæс кæны, зæгъгæ, мæ адæмы æппæт æгъдæуттæй æнæнхай баззадтæн. Уымæн æмæ иппæрд у йæ Ирæй. Сæ зынты дæр сæ фарсмæ нæй. Уымæ гæсгæ йе ′мдзæвгæ дæр схуыдта «Æнæ хай».

А-г. Æркæсæм - ма, сывæллæттæ, æмдзæвгæмæ æмæ мын зæгъут, цавæр аивадон мадзæлттæй спайда кодта фыссæг?

Скъ. Æмдзæвгæйы ис эпитет: сау зæрдæ.

А-г. Цы у эпитет?

Скъ. Эпитет амоны уæлæфтау, уæлæмхасæн. Æххуыс у предмет кæнæ фæзынды миниуæг ирддæрæй равдисынæн.

Олицетворени: кæй кæуынæй риздзæн кæдзæх?

Олицетворени у аивадон фæрæз: зайæготæ,цæрæгойты æмæ æрдзы фæзындтæ адæймаджы миниуджытæй хайджын кæнын.

Метафорæ: фæластон мæ сау зæрдæ дард.

Метафорæ амоны дзырдæн йæ ахæсгæ нысаниуæг. Автор йæ уацмысы иу претметы миниуджытæ ахæссы æндæр, æнгæс предметмæ.

Хæдзармæ ма нын уыд лæвæрд æмдзæвгæ «Тæхуды» кæсынмæ æмæ æвзарынмæ.

(Скъоладзаутæ радгай кæсынц æмдзæвгæ. Ӕвзарынц æй)

  1. Фыссæг мады рæвдыд нæ зыдта, мады буц хъæбул никуы уыди. Зымæджы фæстæ рагуалдзæгыл адæймаг хъæлдзæгæй фæцин кæны. Къоста иу ахæм уалдзæг дæр нæ хъуыды кæны. (Йæ сидзæры уавæр ын йе онг мардта йæ цард-цæрæнбонты. Æдзух æй мысыд. Нæ йæ зыдта, фæлæ йæ уæддæр бирæ уарзта. Адæмы радзырдмæ гæсгæ йæ ныв дæр скодта)

  2. Тæхуды кæны адæммæ, йæ фыды зæххыл æмгæрттимæ кæмæн хъуысы йæ зарæг, стæй ма йæ гутонимæ, хæрзифтонг бæхуæрдонимæ йæ бинонтæн чи у сæ дарæг.

  3. Тæхуды барджын ныхас чи ракæны йæ адæмы раз, кæй фæрсынц зондæй; йæ хорз ном, фыдæлты кад чи уадзы уæлæуыл зæрондæй.



А-г. Къоста хъуыды дæр никуы акодта ууыл, царды æппæт хæрзтæй дæр æххæст кæй уыди, зондджын, кадджын, адæмæн уарзон кæй уыди. Стыр ном ныууагъта Къоста йæ фæстæ. Æнустæ цæудзысты, Къостайы кадджын ном та рæздзæн æмæ рæздзæн. Уымæн æмæ йæ алы уацмысæй дæр адæмы зæрдæтæм фæндаг ары. Уæлдайдæр та адæмы уæззау цардæй рухсмæ фæндæгтæ кæм агуры, æргомæй кæм тох кæны йæ адæмы сæрыл, кæм æфхæры тæрхоны лæгты. Ахæм æдзæвгæтæй иу у «Додой».

Скъ. Ӕмдз.«Додой»

(Музыкæ хъуысы, скъолдзау дзуры æмдз. «Додой»)

А-г. Федтат, куыд риссы Къостайы зæрдæ йæ адæмыл, куыд тох кæны сæ сæрыл. Агуры раздзог, адæмы раст фæндагыл йæ фæдыл чи акæна. Зæгъут-ма, сывæллæттæ, уæ хъуыдытæ ацы æмдзæвгæйы фæдыл.

Скъ. Къоста сидти æмæ агуырдта йæ адæмæн ахæм раздзог, иумæ сæ чи бамбырд кæна, цæмæй адæм кæрæдзи фарсмæ балæууой, кæрæдзийыл сæ зынты фæхæцой. Ирон æмбисонд куыд амоны, æмвæнд адæм хох халынц, уымæ гæсгæ, ирон адæм дæр æмзонд, æмвæнд, ныфсхаст куы уыдаиккой, уæд сæ цард бирæ хуыздæр уыдаид.



А-г. Цавæр ирон æмбисæндта ма зонут адæмы иудзинады тыххæй?

Скъ. Æмзонд адæмыл Уырысы æфсад дæр нæ фæтых уыдзысты

Æмвæндæй чи цард, уыдон рамбылдтой

Æмзонд адæм Хъарсы фидар халынц

Æмзонд адæмæн басæттæн нæй

А-г. Къостайы сфæлдыстад æнæхъæн цард у. Стыр хъомылад дæтты.

Фыссæджы уацмысты дæр æмбæлæм тынг бирæ æмбисæндтыл. Æмбисæндтæ цардæй райсгæ сты. Ис сын стыр хъомыладон нысаниуæг. Къостайы сфæлдыстады цы æмбисæндтæ ис,уыдон бындурыл нын скъоладзау доклад бакæсдзæн.

Æмбисæндтæ Хетæгкаты Къостайы чиныг «Ирон фæндыр»-ы


Бирæвæрсыг у Къостайы сфæлдыстад. Ис дзы Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад, адаммæ хорз зæрдæ дарын, адæмы сарыл тох кæнын, кæстæртæн амоны раст фæндагыл цæуын, хъæздыг у фыссæджы сфæлдыстад афоризмтæй, ис сын хъомыладон нысаниуæг. Уæрæх пайда кодта поэт адæмон сфæлдыстадæй. Хорз æй кæй зыдта, уый зын раиртасæн нæу. Къостайы чиныг «Ирон фæндыр» -мæ йæ райдианæй йæ кæронмæ куы ̒ркæсæм, уæд дзы фембæлдзыстæм тынг бирæ æмбисæндтыл.

Зæгъæм , «Лаппуйæ рæдиаг нæ вæййы æвзæр».

Къоста дæр кæмдæр йæ фыды зондыл нæ ацыд, кæд йæ фыды фæндыд йæ фырт афицер суыдаид, уæддæр æндæр фæндаг равзæрста нæ фыссæг, зын, уæззау, йæхи пайдайæн нæ, йæ цард адæмæн нывондæн æрхаста. Фæлæ поэт никуы ‘рфæсмон кодта йе ‘взæрст фæндагыл, кæд ын дзы иу æнцой уысм дæр нæй, уæддæр.

«Ма худ аууонмæ æвзæрыл, хорзы-иу йæ цуры бафау!»

Ацы æмбисонд нæ фыссæджы зæрдыл æрлæууыд. Уый ууыл дзурæг у æмæ миддунейæ Къоста уыд раст адæймаг, фæсаууонмæ митæ йæм нæ уыди. Йæ ныхас уыд фидар æмæ æргом. Фыдæфхæрдтытæ дæр уымæн æййæфта. Фыссæгæн йæ миддунейы сконд разыны йе сфæлдыстады.

«Цæстмæхъус ныхас фыдбылыз хæссы…»

Ам дæр та Къоста йе’мдзæвгæмæ ракаст йæ арф миддунейæ.Зыны дзы йæ зæрдæйы æмæ уды сыгъдæгдзинад. Ацы æмбисонды дæр та фыссæджы æргом æмæ раст удыхъæд бæрæг кæны. Цас амындтытæ æмæ хъомылад ис райсæн Къостайы сфæлдыстадæй.

“Алчи зыдгæнæджы бирæгъ фæхоны.”

Нæ фыссæгæн йæ царды фæндагыл нæ цæст куы ̒рахæссæм, уæд дзы æппынæдзух уынæм йæ лæггадтæ йæ адæмæн. Йæ уды кой никуы бакодта , йæхи царды мæт никуы `ркодта ,йæ фæстаг иу сом дæр мæгуыртæн лæвæрдта . Уый мах зонæм йæ таурæгътæй дæр.

Иухатт Леуаны фырт сæхицæй рацæйцæугæйæ фæндагыл амбæлд иу мæгуыртæ конд сылгоймагыл, скъуыдта æмæ бызгъуыртæ дзаумæтты уыди. Къоста йын тынг фæтæригъæд кодта, йæ дзыппытæ акъахта æмæ ма йæм цы фондз сом разынд,уый йын радта,дæхицæн дзы,зæгъгæ,дзаума балхæн.

Ацы таурæгъæй бæрæг у, Къоста зæрдæхæлар адæймаг кæй у, зыдгæнæг адæмы кæй нæ уарзта. Ахæмтыл худгæ кодта æмæ йын уыдысты æнæуынон.

«Дæ фыдæлтæ рухсаг, дæхæдæг мын бæзз!»

Къоста стыр аргъ кодта,рæстудæй чи цæры,йæ дуджы царды аккаг чи у,искæй ныфсæй,искæй æххуысæй чи нæ цæры æмæ архайы,фæлæ йæхæдæг æргом царды æргом дзуапп чи фæразы,ахæмтæн. Адæймаг хъуамæ йæ фыдæлты номæй ма цæра. Аргъ кæнын хъæуы фыдæлтæн,фæлæ йæхицæн та ном йæхæдæг хъуамæ араза.

«Авд сæры уæйыгыл зайы, зондæй та –къæдзæх!»

Ам Леуаны фырт стыр аргъ кæны зондджын,хъуыдыджын адæмæн. Адæймаг хъуамæ дардыл хъуыды кæна,æвзæрдзинад макæмæн хъуамæ кæна. Уæд ын аргъ дæр уыдзæн æмæ йæ цæрæнбон дæр фылдæр уыдзæн.

Хетæгкаты Къоста йæ фæстæ йæ адæмæн ныууагъта стыр хъомыладон скъола, йе сфæлдыстад ахуыр кæны рæстдзинадыл,адæмуарзондзинадыл.

А-г. Сывæллæттæ, зæгъут-ма мын, Къостайы сфæлдыстадæй цавæр хъомылад райстат? Искæмæ уæ исты ног хъуыдытæ, ног бæллицтæ сæвзæрд.

Скъ.-Райгуырæн бæстæ уарзын

-Адæмæн лæггад кæнын

-Мæгуыртæ æмæ æдыхтæн æххуыс кæнын

-Кæстæртæн раст хъомылад дæттын

-Кæдæмфæндыдæр куы ацæуай, уæддæр фыдыуæзæг нæ рох кæнын

-Адæмы кæрæдзимæ уарзондзинад, зынты кæрæдзи фарсмæ лæууын.

А-г. Къостайы тыххæй ма мын цыргъзонд ныхæстæ зæгъут.

Къоста-цардмæ фæндагамонæг

Къоста ирон адæмы фæтæг

Къоста нæ раздзог

Къостайы сфæлдыстад нæ царды фæндаг

А-г. Райдианы Къостайы рахуыдтат нывгæнæг. Къостайы конд нывтæ цавæртæ сты? Ранымайут-ма сæ.

(Нывтæ равдисын)

(Сывæллæттæн рагацау сæхицæн уацмыстæм гæсгæ нывтæ скæнын кæнын. Урокыл сæ равзарын)

А-г. Сывæллæттæ, сымахæн Къостайы сфæлдыстад ницы хæстæ æвæры уæ разы?

Скъ. Æвæры.Махæн равдыста нæ фыдæлты цард. Сиды йæ фидæны кæстæртæм,агуры ирон адæмæн сæрхъызой. Чизоны, абон царды не ΄хсæн дæр ис уыцы раздзог. Хъуамæ архайæм Къостайы фæдзæхстытæ æххæст кæныныл. Фыццаджыдæр уал æнгом балæууæм кæрæдзи фарсмæ,æфсымæртау кæрæдзи къухтыл ныххæцæм, æмæ афтæмæй иумæ ссардзыстæм рухс фидæн.Уымæ нæм сиды йе ΄мдзæвгæ «Балцы зарæг»-ы.

(Сывæллæттæ иумæ дзурынц «Балцы зарæг»-æй 2 куплеты)

Къоста рахызт æмæ дзуры:

«Мæ ирон адæм! Мæ ном хуымæтæджы не ′мдзу кæны уемæ. Æз уæ фарсмæ дæн. Абон дæр уын дзурын мæ ныхæстæ. Абон дæр агурын ирон адæмæн раздзог, фæлæ уыцы раздзог, æвæццæгæн, алчи йæхæдæг у. Уымæ гæсгæ, бацархайут кæрæдзи бамбарыныл,кæрæдзи зæрдæбынæй уарзыныл, уæ зынты кæрæдзийы фарсмæ лæуут! Ирон адæм кæрæдзийæн куыннæ уой, уæд сын ничи ницы фæуыдзæн. Хъахъхъæнут уæ зæхх, уе ′взаг, уе ′гъдæуттæ, уæ фыдæлты кад.Уыдон сты уæ фидæн, уæ сомбон.