СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

« Ирон æвзаг, мæ зынджы хай, мӕ арт!»

Категория: Русский язык

Нажмите, чтобы узнать подробности

Æмдзæвгæ «Ирон æвзаг». Кæсы Азиты Катя.

   Ахуыгӕнӕджы разныхас.  Уæ бонтæ хорз æмæ нæм алы бон æгас цæут нæ уазджытæ, ахуыргæнджытæ!

Абоны бæрæгбоны хорзæх уæ уæд, æмæ уыл алы хатт дæр хорз бæрæгбæттæ цæуæд!

    Уалдзæджы рæсугъддæр мæйы Ирыстоны бæрæгбæттыл ма бафтыд иу-алы ироны зæрдæйæн уæлдай зынаргъдæр чи у, ахæм. Нæ ирон æвзаг æмæ литературæйы бæрæгбон.

       Абон нæм æрбацыд уазджытæ, æмæ арфæйы ныхасимæ хонæм сценæмæ.

Ныртæккæ ныхасы бар ратдзыстæм нæ уазæг сывæллæттæн.

(уазӕг скъоладзаутӕ дзурынц ӕмдзӕвгӕтӕ).

         1-аг амонæг.    Мадæлон æвзаг… Цы ис адæймагæн уымæй зынаргъдæр, цы ис зæрдæйæн уымæй адджындæр.

        2-аг амонæг.  Мадæлон æвзаг-Хуыцаумæ фæндаг. Ног зонындзинæдтæм, царды бæрзæндтæм хæстæгдæр æмæ фæрнджындæр фæндаг.

       1-аг амонæг.   Ирон æвзаг. Нæ фыдæлты хæзна, у тынг рагон æмæ хъæздыг. Æнусæй æнусмæ алы рæтты цæргæйæ ирон адæмæн уыди бирæ алыхуызон сыхæгтæ. Уымæ гæсгæ не взаг у бирæвæрсыг, къабазджын. Ирон æвзаг у, зæххы къорийыл рагондæр цы фондз æвзаджы ис, уыдонæй иу.

Æмдзæвгæ «Мадæлон æвзаг» - Киситы Аделинæ.

     2-аг амонæг.  Нæ фыдæлтæ нын ныууагътой хъæздыг культурæ æмæ рæсугъд æгъдæуттæ. Уыдонæн бахъахъхъæнæн ис æрмæстдæр æвзаджы руаджы. Уымæн æмæ нæ фыдæлтæ цыдæриддæр федтой æмæ базыдтой æнусты дæргъы, цыдæриддæр сфæлдыстой, уыдон фæлтæрæй фæлтæрмæ хæццæ кæнынц æрмæст æвзаджы фæрцы.

Зарæг «Мæ Ирыстон».

    1-аг амонæг.  Хуымæтæджы нæ хонынц адæм се взаг «мадæлон». Мадæлон æвзаг мады ад кæны. Йæ ном дæр йе уæлæ ис æмæ йæм куыдфæндыйы цæстæй кæсын нæ хъæуы, фæлæ йæ ныййарæг мадау уарзын æмæ авгау сæттынæй хъахъхъæнын хъæуы.

Æмдзæвгæ «Ирон æвзаг» - 4-æм кълас.

    2-аг амонæг.  Мадæлон æвзаг-æвзæгты сæр.  Нæ цард, нæ хъысмæт, нæ уарзт æмæ нæ амонд. Нæ уд дæр дæуыл лæууы, нæ цард дæр дæуæй цæуы, нæ фарн дæр дæуыл æнцайы.

      1-аг амонæг. Фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы, алы адæймаг уый æххæстæй не мбары, нæ зоны, мадæлон æвзагæн æмбал кæй нæй, æмæ цас рæсугъд зарджытæ æмæ æмдзæвгæтæ фыст æрцыд ирон æвзагыл, бирæтæ дзы тæлмацгонд æрцыдысты æндæр æвзæгтæм дæр, æмæ æппæты диссагдæр æмæ  уæздандæр хъуыдытæ ирон æвзагыл кæй райгуырынц.

 «Мадæлон æвзаг» - Хæбæлаты Роксанæ.

       2-аг амонæг. Алы адæймаг дæр хъуамæ уарза æмæ кад кæна йе ʼвзагæн. Мадæлон æвзаг, сыгъдæг намыс æмæ фæрнджын æгъдæуттæ уыдысты æмæ абон дæр сты нæ фыдæлты стырдæр , зынаргъдæр хæзнатæ.

Инсценировкæ «Рувас ӕмӕ халон».

Сценӕмӕ хонӕм 5-ӕм къласы скъоладзауты.

     1-аг амонæг.  Ирон æвзаг куы фæзæгъæм, уæд фыццаджыдæр нæ цæстытыл ауайы Абайты Васо. Зын банымайæн сты, Васо æвзагзонынадæн цы егъау хæрзты бацыд, уыдон. Йæ наукон куыстытæй иу иннæмæй ахадгæдæр, иу иннæмæй нæртондæр.

    2-аг амонæг.  Тынг бирæ лæггад бакодта ирон фарнæн æмæ ирон дзырдæн Абайты Васо. Уый фыста: «Ирон æвзаг у хъуыдыйы æмæ æнкъарæнты тæккæ лыстæгдæр æмæ уæздандæр фæзилæнтæ равдисынмæ чи арæхсы, ахæм æнаипп æмæ коммæгæс хотых».

     1-аг амонæг.  Мадæлон æвзаг - -дзыллæйы ахсджиагдæр тугдадзин. Мадæлон æвзаг уæле исгæ, бынæй ахадгæ къæбиц. Æвæрд дзы нæ дзыллæйы историон æмæ культурон бынтæ. Арвы аидæнау дзы зынынц нæ фыдæлты цин æмæ маст, нæ адæмы национ удыхъæд..

Æмдзæвгæ –«Ирон æвзаг! Мæ зынджы хай, мæ арт!»-

      2-аг амонæг.  Зæххы цъарыл ис бирæ æвзæгтæ æмæ дзы алы æвзаг у æнæхъæн дуне. Алы адæмæн дæр ис йæ царды сæйраг нысан у национ хæдбындурдзинад агурын.   Адæмы культурон хæдбындурдзинад æнцайы æртæ цæджындзыл – истрион, æвзаджы æмæ психологон факторыл. Æмæ кæд уыцы æртæйæ алкæцы дæр тынг ахсджиаг у, уæддæр дзы æвзаджы æууæлтæй вазыгджындæр нæй, уый дзыккубыдау йæхимæ райста иннæ дыууæ дæр.

Сценкӕ «Дыууӕ дидинӕджы». Автор Гӕдиаты Ц.

Сценӕмӕ хонӕм 7-ӕм къласы ахуырдзауты.

Æмдзæвгæ «У иу æвзаг дæр а дунейæн фаг…».

     1-аг амонæг.  Мадæлон æвзаджы тыххæй дзургæйæ куыннæ хъуамæ рахиза нæ ныхас чиныгмæ! Чиныг у ахæм æвидигæ мигæнæн, æмæ нын æхцонæн сæтты нæ уды дойны, афтæмæй йæ æлутон къаддæр нæ кæны. Ирон мыхуырæй, ирон чиныгæй цæуынц удхъомысы хæрзтæ.

          2-аг амонæг. Æвæццæгæн, ахæм фыссæг , ахæм поэт нæй, райгуырæн бæстæмæ, мадæлон æвзагмæ йæ ахаст чи нæ равдыста. Сеппæтæн дæр уыдон сты сæ зарæджы сæр. Дзурынц сын сæ рæсугъддзинадыл, нывæндынц се стыр æнкъарæнтæ. Джыгкайты Шамилы æмдзæвгæ –«Дыууадæс дзырды» поэты æнкъарæнтæ фегом сты иунæг дзырдæй –хуртæ. «Ирон дзырдтæ мын хуртæ сты». Хуры руаджы ис зæххыл цард, æмæ, æмдзæвгæйы цы дыууадæс дзырды ис,(Цард, Арт, Мад, Бæркад, Фарн, Æфсарм, Хæлар, Æхсар, Сæрибар, Кад, Кард, Ирыстон), уыдон сты, цард цæмæй фидауы æмæ цæуыл лæууы, адæймаг лæджы ном хæссыны аккаг цæмæй у, уыдоны символтæ.                Афтæ дыууадæс дзырды руаджы поэт равдыста йæ адæмы характер æмæ царды нысан, йæ ахаст мадæлон  æвзагмæ.

Æмдзæвгæ «Дыууадæс дзырды».  4 кълас.

     1-аг амонæг.  Алы нацийæн дæр йæ мадæлон æвзаг у йæ зæрдæ, йæ уд. Адæм се взагæй куы фæиппæрд уой, уæд нымайæн ис афтæ, æмæ нацийæн йæ уд фесæфтис, наци нал ис. Хи æвзагыл аудын у алы нацийæн дæр йæ историон хæс.

    2-аг амонæг.  Алы адæймагыл дæр йæ фыдыбæстæйы раз хæс æвæрд куыд ис, афтæ йæ мадæлон æвзаджы раз дæр. Хъуамæ йыл дзура йæхæдæг дæр æмæ йыл уый дзурын сахуыр кæна йæ кæстæрты дæр. Алы адæймаджы уды дæр кæд ис йæ адæмы хуызист æмæ ныв, уæд уый фыццаджыдæр йæ мадæлон æвзаджы фæрцы.

Просмотр содержимого документа
«« Ирон æвзаг, мæ зынджы хай, мӕ арт!»»

« Ирон æвзаг, мæ зынджы хай, мӕ арт!»

Урочы нысан. Скъоладзаутӕн бамбарын кӕнын , мадӕлон ӕвзаг

хъуыдыкӕнынады, зонды райрӕзты сӕйрагдӕр хотых

кӕй у, уый.

Хъомыладон хӕс. Мадӕлон ӕвзаджы хъысмӕтыл сагъӕс-уый у алы

адӕймагӕн дӕр йе стырдӕр хӕс.

1.Æмдзæвгæ «Ирон æвзаг». Кæсы Азиты Катя.

Зарæг.

Бузныг .

Скачать

Рекомендуем курсы ПК и ППК для учителей

Вебинар для учителей

Свидетельство об участии БЕСПЛАТНО!