СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Ирон литератур?йы урок "Калоты Хазби"

Категория: Прочее

Нажмите, чтобы узнать подробности

      Калоты Алыксандры фырт Хазби райгуырди 1921 азы Захъайы. Йæ сабибонтæ арвыста ам, йæ цахъхъæнтау цыди уæлыгæс, хосдзаутæн уыди дондзау. Бинонтæ 20-æм азты ралыгъдысты быдырмæ, æрбынат кодтой Къостайы хъæуы. Ам лæппу каст фæци авдазон скъола æмæ бацыд рабфакмæ. 1938 азы сси Калачы паддзахадон университеты студент, ахуыр кодта уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы факультеты. Иу семестры фæстæ раивта Цæгат Ирыстоны пединститутмæ. Фæстаг курсы студент уыд, афтæмæй 1941 азы августы ацыди хæстмæ. Афæдзы  бæрц ахуыр кодта Сталинграды облæсты Камышины танкистты скъолайы. Райста кæстæр лейтенанты цин. 1942 азы октябрæй фæстæмæ уыд хæцæг æфсады. Хъæбатыры мардæй фæмард 1943 азы 8 июлы.

Просмотр содержимого документа
«Ирон литератур?йы урок "Калоты Хазби"»

21 урок  Темæ: Калоты Хазби

21 урок

Темæ: Калоты Хазби

Бакæс фыссæджы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй  Калоты Алыксандры фырт Хазби райгуырди 1921 азы Захъайы. Йæ сабибонтæ арвыста ам, йæ цахъхъæнтау цыди уæлыгæс, хосдзаутæн уыди дондзау. Бинонтæ 20-æм азты ралыгъдысты быдырмæ, æрбынат кодтой Къостайы хъæуы. Ам лæппу каст фæци авдазон скъола æмæ бацыд рабфакмæ. 1938 азы сси Калачы паддзахадон университеты студент, ахуыр кодта уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы факультеты. Иу семестры фæстæ раивта Цæгат Ирыстоны пединститутмæ. Фæстаг курсы студент уыд, афтæмæй 1941 азы августы ацыди хæстмæ. Афæдзы бæрц ахуыр кодта Сталинграды облæсты Камышины танкистты скъолайы. Райста кæстæр лейтенанты цин. 1942 азы октябрæй фæстæмæ уыд хæцæг æфсады. Хъæбатыры мардæй фæмард 1943 азы 8 июлы.

Бакæс фыссæджы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй

Калоты Алыксандры фырт Хазби райгуырди 1921 азы Захъайы. Йæ сабибонтæ арвыста ам, йæ цахъхъæнтау цыди уæлыгæс, хосдзаутæн уыди дондзау. Бинонтæ 20-æм азты ралыгъдысты быдырмæ, æрбынат кодтой Къостайы хъæуы. Ам лæппу каст фæци авдазон скъола æмæ бацыд рабфакмæ. 1938 азы сси Калачы паддзахадон университеты студент, ахуыр кодта уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы факультеты. Иу семестры фæстæ раивта Цæгат Ирыстоны пединститутмæ. Фæстаг курсы студент уыд, афтæмæй 1941 азы августы ацыди хæстмæ. Афæдзы бæрц ахуыр кодта Сталинграды облæсты Камышины танкистты скъолайы. Райста кæстæр лейтенанты цин. 1942 азы октябрæй фæстæмæ уыд хæцæг æфсады. Хъæбатыры мардæй фæмард 1943 азы 8 июлы.

 Калойы-фырт арф æмбæрста аивад æмæ литературæйы ахадындзинад. «Литературæ адæймаджы кæны сыгъдæгдæр æмæ уæздандæр, рæстмæ йын аразы йæ зондахаст», - зæгъы Хазби. Поэтмæ гæсгæ, адæймаг буц цардæн нæу, фæлæ кусынæн, йæ нысан – «хæрзиуæг æмæ амонды аргъуан» амайын, поэты хæс у пехуымпарау размæ кæсын, адæмы сæраппонд удæй арт цæгъдын. Хазби литературæйы бындур хоны æвзаг æмæ, чи фыссы, уыдонæй домы адæмы ’взаг ахуыр кæнын. Йæ кæстæртæн фæдзæхсы: «Мадæлон æвзаг чи нæ зоны, уый нæ зоны адæмы истори, адæмы культурæ».  Хазби уыд курдиатджын нывгæнæг, хъуыды кодта поэтикон фæлгонцтæй. Йæ рæстæджы ирон поэзийы Хазбийы æмдзæвгæ уыд æппæты нывæфтыддæр, йæ лирикæ уыд фæлгонцты аивад.

Калойы-фырт арф æмбæрста аивад æмæ литературæйы ахадындзинад. «Литературæ адæймаджы кæны сыгъдæгдæр æмæ уæздандæр, рæстмæ йын аразы йæ зондахаст», - зæгъы Хазби. Поэтмæ гæсгæ, адæймаг буц цардæн нæу, фæлæ кусынæн, йæ нысан – «хæрзиуæг æмæ амонды аргъуан» амайын, поэты хæс у пехуымпарау размæ кæсын, адæмы сæраппонд удæй арт цæгъдын. Хазби литературæйы бындур хоны æвзаг æмæ, чи фыссы, уыдонæй домы адæмы ’взаг ахуыр кæнын. Йæ кæстæртæн фæдзæхсы: «Мадæлон æвзаг чи нæ зоны, уый нæ зоны адæмы истори, адæмы культурæ».

Хазби уыд курдиатджын нывгæнæг, хъуыды кодта поэтикон фæлгонцтæй. Йæ рæстæджы ирон поэзийы Хазбийы æмдзæвгæ уыд æппæты нывæфтыддæр, йæ лирикæ уыд фæлгонцты аивад.

 Поэзийы сæйраг миниуæгыл Хазби нымайы ног хъуыдытæ ног хуызы дзурын. Йæ иу фыстæджы фыста: «Æз Хазби дæн æмæ Хазбийæ баззайдзынæн. Кадвæлгъау нæ дæн. Ногæй нырма ницы сарæзтон. Кæд мæм хорзæй исты ис, уæд, нæ поэттæ куыд нæ фыссынц, уымæ тырнынад. Ног формæтæ саразын мын нæ бантысдзæн, фæлæ мæ нæ фæнды зæронд формæтæй пайда кæнын дæр. Уадз æмдзæвгæ гæлиртæ дæр уæд, фæлæ хъуамæ уа оригиналон. Иударон ныхас чиныгкæсæгæн æнæуынон у».  Хазбийы поэзийы ахъазаг хай у интимон лирикæ. Уарзондзинад поэтæн у тыхджын æмæ бæрзонд æнкъарæн, зæрдæйы хорз æмæ уды рæсугъддзинад кæм зынынц, ахæм миниуæг. Поэт ыл дзуры кæм хъазгæйæ, кæм æрхæндæгæй, фæлæ æдзухдæр тавиц æмæ уæзданæй. Йæ лирикон герой арæх йæхи æвдисы хъал æмæ сæрыстыр лæппуйæ, фæлæ йæ ныфсджын дæрзæг ныхæсты фæлыстæй зыны уарзаг фæлмæн зæрдæ.

Поэзийы сæйраг миниуæгыл Хазби нымайы ног хъуыдытæ ног хуызы дзурын. Йæ иу фыстæджы фыста: «Æз Хазби дæн æмæ Хазбийæ баззайдзынæн. Кадвæлгъау нæ дæн. Ногæй нырма ницы сарæзтон. Кæд мæм хорзæй исты ис, уæд, нæ поэттæ куыд нæ фыссынц, уымæ тырнынад. Ног формæтæ саразын мын нæ бантысдзæн, фæлæ мæ нæ фæнды зæронд формæтæй пайда кæнын дæр. Уадз æмдзæвгæ гæлиртæ дæр уæд, фæлæ хъуамæ уа оригиналон. Иударон ныхас чиныгкæсæгæн æнæуынон у».

Хазбийы поэзийы ахъазаг хай у интимон лирикæ. Уарзондзинад поэтæн у тыхджын æмæ бæрзонд æнкъарæн, зæрдæйы хорз æмæ уды рæсугъддзинад кæм зынынц, ахæм миниуæг. Поэт ыл дзуры кæм хъазгæйæ, кæм æрхæндæгæй, фæлæ æдзухдæр тавиц æмæ уæзданæй. Йæ лирикон герой арæх йæхи æвдисы хъал æмæ сæрыстыр лæппуйæ, фæлæ йæ ныфсджын дæрзæг ныхæсты фæлыстæй зыны уарзаг фæлмæн зæрдæ.

 Хазбийы курдиатæн хицон у сагъæсты лирикæ. Поэт уыны царды хъулæттæ æмæ йæ быцæутæ. Хазби хистæр фæлтæры номæй дзуры: «Махæн сау дугæй лæварæн Тухæйнаг хъысмæт фæци». Хъысмæтæн ивæн ис æрмæст тохæй, æмæ поэт патетикон ныхасæй кад кæны революцийы хæстонтæн («Фæстаг фæдисонтæ»).  Ирон поэзийы ахъаззаг фæзынд уыдис Хазбийы хæстон лирикæ. «Хæст нæ поэзийы бауагъта лирикон уддзæф, фæарфдæр ис йæ эмоцион зæлынад, æрбаввахсдæр æй кодта адæм æмæ йæ хъайтармæ». Уыцы миниуджытæ Хазбийы лирикæйæн хицон уыдысты суанг йæ райдайæнæй.  Хазбийы лирикон курдиат æххæмтæй раргом ис йæ хæстон æмдзæвгæты. Уыдоны ис арф мидис, уыдон сты нывджын, нывтæ сты æнæнхъæлæджы фæзындтæ. Арæх дзы алы хуызы æмбæлы дыууæ фæлгонцы – туг æмæ хур, мæлæт æмæ царды символтæ. «Худы туджы ’ртæхты хуры тын» - уый пейзажы хай нæу, метафорæйæн ис символон ахаст, æвдисы цард, рухс æмæ сæрибары уæлахиз.

Хазбийы курдиатæн хицон у сагъæсты лирикæ. Поэт уыны царды хъулæттæ æмæ йæ быцæутæ. Хазби хистæр фæлтæры номæй дзуры: «Махæн сау дугæй лæварæн Тухæйнаг хъысмæт фæци». Хъысмæтæн ивæн ис æрмæст тохæй, æмæ поэт патетикон ныхасæй кад кæны революцийы хæстонтæн («Фæстаг фæдисонтæ»).

Ирон поэзийы ахъаззаг фæзынд уыдис Хазбийы хæстон лирикæ. «Хæст нæ поэзийы бауагъта лирикон уддзæф, фæарфдæр ис йæ эмоцион зæлынад, æрбаввахсдæр æй кодта адæм æмæ йæ хъайтармæ». Уыцы миниуджытæ Хазбийы лирикæйæн хицон уыдысты суанг йæ райдайæнæй.

Хазбийы лирикон курдиат æххæмтæй раргом ис йæ хæстон æмдзæвгæты. Уыдоны ис арф мидис, уыдон сты нывджын, нывтæ сты æнæнхъæлæджы фæзындтæ. Арæх дзы алы хуызы æмбæлы дыууæ фæлгонцы – туг æмæ хур, мæлæт æмæ царды символтæ. «Худы туджы ’ртæхты хуры тын» - уый пейзажы хай нæу, метафорæйæн ис символон ахаст, æвдисы цард, рухс æмæ сæрибары уæлахиз.